ЗОНУЙНАГ
АГЪАЗ – ГЪÆУАГÆ БИЙНОНТÆН
Сæ æфтуйæгтæ бустæги минкъий кæмæн æнцæ æма уомæ гæсгæ нæхъæртондзийнæдтæ ка æййафуй, уæхæн бийнонтæн нæ бæсти разамунди унаффæй агъазгонд цæуй. Уæхæн агъаз Цæгат Иристони нерæнгæ райстонцæ, аст анземæй ба æвддæс анзей уæнгæ кæбæл цæуй, уæхæн авд æма дууинсæй мин сувæллоней ниййергутæй. Æдеугурæй син бафистонцæ 2,5 миллиард соми.
Еци феддонти бæрцæ бæрæггонд цæуй ниййергути æфтуйæгтæмæ гæсгæ – фæууй фæццæруни минкъийдæр бæрцæн (Цæгат Иристони е æй 12528 соми) æ 50, 75, кенæ 100 проценти.
Феддонти есуни туххæй курдиадæ бадæттун æнгъезуй Уæрæсей Пенсион фонди æма Берæфункционалон центрти офистæмæ. Æма уæхæн курдиадæмæ гъæуама каст æрцæуа дæс косгæ боней дæргъи. Уæхæн феддонтæ есуни барæ кæмæн нæййес, еци бийнонтæн ба
гъæуама уой туххæй фегъосун кæнонцæ унаффæ рахæссуни фæсте еу бонмæ. Феддонтæ райсуни барæ ке ес, уонæн ба сæ гъæуама бафедонцæ фондз косгæ боней дæргъи.
КУЛЬТУРИ АРТДЗÆСТÆН – НÆУÆГ ФÆЛУСТ
Дигорай 1927 анзи си ци культури артдзæстæ байгон æй, еци 95-анздзуд бæстихай кæд цалцæггонд æрцæуй, уæддæр абони домæнтæн æнхæстæй дзуапп нæбал дæттуй. Æ зали ес æдеугурæй 220 бадæн бунати. Е ба, 10 мин адæймаги кæми цæруй, еци сахарæн унгæг æй. Паддзахадон программæ «2018-2025 æнзти культури райрæзт»-и фæлгæти, Дигорай Карл Маркси гъæунги бундор æвæрд æрцудæй нæуæг бæстихаййæн.
Культурон райрæзти нæуæг центри уодзæнæй еугур гæнæнтæ, кафунмæ, зарунмæ, фæндурæй цæгъдунмæ ка арæхсуй, æндæр искурдиади цæхæрæй ка фæххайгин æй, уонæн.
Аразгутæ куд зæгъунцæ, уотемæй объект араздзæнæнцæ дууæ радемæй, æма исцæттæ уодзæнæй 2023 анзи декабри. Проектмæ гæсгæ æ зали уодзæнæй 400 бадæн бунати, ами æрбунæттон уодзæнæй райони центрон библиотекæ дæр.