ГЪÆУУОН ХÆДЗАРАДÆ
03.06.2023 | 21:44
«Россельхознадзор»-и регионалон хайади специалистти цæстдардæй Цæгат Иристонæй æфсергун хуари продукций 155,5 мин тонни æрвист æрцудæй фæсарæнтæмæ. Фари хæццæ рабаргæй, аци анз фæсарæнтæмæ ласæггаг хуари нимæдзæ зингæ фæффулдæр æй – 2022 анзи фондз мæйемæ æ еумæйаг бæрцæ адтæй 90,2 мин тонни. Куд иннæ æнзти, уотæ нур дæр амунд продукций зингæдæр хай æрвист цæуй Сомехмæ (79,6 мин тонни) æма Гурдзимæ (44,3 мин тонни). «Россельхознадзор»-и минæвари дзубандимæ гæсгæ, амунд бæститæбæл а уалдзæг бафтудæй никкидæр ма еу – гъæууонхæдзарадон продукци æрветун райдæдтонцæ Азербайджанмæ дæр.