26 декабря 2024

«МАХ ЕУМÆ ИСБАСТА ЦАРД-КУРЕС…»

10.08.2024 | 23:21

Æмбалвæндæ æма æмбалеуæг кæнун Мамсурати Дæбейæн, куд фæззæгъунцæ, æ тоги адтæй, сауæнгæ æ сабийдоги дæр ин табуйаг адтæнцæ еци менеугутæ. Æ рагон æмдзæвгитæй еуеми е ’мгæртти туххæй уотæ финста: «Мах иумæ сбаста цард-куырис – // Нæ тох, нæ цин æмæ нæ куысты…»

Еци æмзунд-æмвæндæдзийнади менеуæг Дæбейæн адтæй æ уодиконди æ цæргæ-цæрæнбæнтти. Уæхæн уаргъ хæссун адæймагæн æнцон нæй, фал Дæбейæн ба е æгириддæр уæззау нæ адтæй, уомæн æма ин е æхецæн дæр æма æ алфамбулай адæмæн дæр зæрдæхцæуæндзийнадæ хаста, уомæй адтæй амондгун æма цийнæйдзаг.

Мамсурати Дæбе цæйбæрцæбæл  рæстуодæй аразта æ цардиуагæ, е бæрæг адтæй айдагъ уомæй дæр, æма ин куд æмхузон зæрдтагонæй кадæ кодтонцæ е ’мгустгæнæг исфæлдистадон дзиллæ дæр. Уой туххæй ахид æримисиуонцæ, хуарз æй ка зудта кенæ еумæ ке хæццæ куста, еци финсгутæ. Уонæй кедæрти зæгъуйнæгтæ мухур кæнæн абони. Аци къари ба уинетæ Дæбей Цæгат Иристони финсгути къуари хæццæ.Бадунцæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): ЧЕХОЙТИ Сæрæби, ТУАТИ Дауит, МАМСУРАТИ Дæбе, БАЛАТИ Тембол, ХЪАЙТУХЪТИ Геор. Дуккаг рæнгъи: АГЪНАТИ Æхсарæ, БОГАЗТИ Умар, ÆЛХЪАЦАТИ Дебола, ЦÆГÆРАТИ Максим, ДАРЧИТИ Дауит, АРДАСЕНТИ Хадзибатæр. Æртиккаг рæнгъи: Тимофей ЕФИМЦОВ, ГАДЖИТИ Геор, ДОЙЙАТИ Сахангерий, ЦИРИХАТИ Михал, ЦÆРУКЪАТИ Александр.

АРФИАГÆЙ  СИ БАЙЗАДТÆН

Уæд фарæстæймаг къласи ахур кодтон. Рарвистонцæ мæ æригон финсгути республикон æмбурдмæ. Уоми нæ финсгути хестæр фæлтæрæй беретæ радзубанди кодтонцæ. Радзурдта си Дæбе дæр. Мæн туххæй ци загъта, уой гъуди кæнун дзурдæй-дзурдмæ. Нæ литератури, зæгъуй, фæззиннунцæ силгоймаг поэттæ, фал уайтæккæ фæццидæр унцæ. Зинæ дæр, миййаг, уони хузæн ку бакæна…

Уотæ мæмæ кæсуй, цума Дæбе уæд æ еци радзубандийæй мæбæл устур ихæс исæвардта. Куд нæ фæууй мæ царди, ме ’сфæлдистадон надбæл зиндзийнæдтæ, фал мин уæхæн рæстæги Дæбей дзубандитæ раст цума надамонæг рохс иссодзунцæ, нифси дзæнгæргутæ цума мæ уæлгъос ниццæгъдунцæ, ма ниууадзæ дæ куст-фудæбонæ «иннети хузæн», зæгъгæ.

Еци бонæй фæстæмæ Дæбе еудадзугдæр æ цæстæ дардта ме ’сфæлдистадæмæ. Еу бон мæ æ хуарз æмгари хузæн фæххудта сæхемæ, базонгæ мæ кодта æ бийнойнаг Пуцири (Алимæти) хæццæ, растудта мæ мæ финститæй, кæд си растауйнагæй уоййасæ неци адтæй, уæддæр.

Уæдæй фæстæмæ, гъæуæй сахармæ исуайгæй, кæддæриддæр бацæуинæ Дæбейетæмæ. Е мин аргъауæнмæ цæуæгау адтæй. Зулун цæстæй мæмæ некæд неке ракастæй аци хæдзари. Иуазæгуарзагæ адтæй Дæбе, æцæг ирон лæг. Советти гъæунги, финсгути Хæдзарæ ке худтонцæ, уоми ин дуккаг уæладзуги адтæй дууæ уати, се ’хсæн – дуар. Финсгæ медæггаг уати кодта. Æндаг уати бæрæгастæу ба адтæй устур тумбул стъол уорс æмбæрзæни хæццæ. Еци стъоли уæлгъос фулдæр хатт баййафинæ айдагъ нæхе финсгути нæ, фал æндæр адæмихæттити финсгути дæр: Гурдзийæй, Дагестанæй, Цæцæн-Мæхъæлæй, Мæскуйæй.

Дæбе ести ку архайдтайдæ, уæддæр æ куст фæууадзидæ, цума имæ уæларвæй æрхаудтæн, уой хузæн мæ исбоц кæнидæ. Рацæуидæ æма мæбæл зæрдиагæй бацийнæ кæнидæ.

Дæс къласи каст ку фæдтæн, уæд мин уотæ:

– Зинæ, дæу Мæскуй Литературон институтмæ бацæун гъæуй, е дин хуарз фæййагъаз уодзæнæй де ’сфæлдистадон надбæл.

Литературон институтмæ бацæуни туххæй ба уæдиккон уагæвæрдмæ гæсгæ гъæуама раздæр рарвистайсæ дæ уадзимистæ – исфæлдистадон конкурсмæ. Искæнун мæ гъудæй дæлрæнгъон тæлмацтæ уруссаг æвзагмæ. Мæхе бон уойбæрцæ нæ адтæй, кæмæндæрти загътон, фал неке райевдалдæй мæнæн фæййагъаз кæнунмæ. Мæ «гъаст» ракодтон Дæбейæн, хæдзари æй сæйгæй баййафтон уати æ хуссæни хъанæй, уотемæй.

– Æма е ба куд æй? – батухстæй Дæбе. – Де ’мдзæвгитæ дæхемæ ’нцæ?

– Мæхемæ.

– Мадта уартæ къела мæ размæ рахæссæ…

Æмдзæвгæ райста, æ хуссæнæй къеламæ рагубур кодта, уотемæй мин дæлрæнгъонтæ кæнун райдæдта. Дуккаг бон цæттæ адтæнцæ. Пуцир ба сæ машинкæй ниммухур кодта.

Еци рæстæги финсгути Цæдеси правлений сæрдар Цæгæрати Максим рандæй уолæфунмæ æма æ бæсти ниууагъта Дæбей. Дæбе ку фæдздзæбæх æй, уæд мин тагъд-тагъдæй мæ гæгъæдитæ рацæттæ кодта…

Цæйбæрцæдæр рæстæги фæсте институтæй иссудæй, исфæлдистадон конкурси рацудтæ æма фæлварæнтæ дæттунмæ рацо, зæгъгæ, финст кæми адтæй, уæхæн гæгъæди. Гъуддаг уотæ ке рауадæй, уобæл Дæбе, мæнмæ гæсгæ, мæнæн мæхецæй хъæбæрдæр цийнæ кодта.

Е адтæй 1957 анзи. Фæлварæнтæ дæттунмæ ку цудтæн, уæд, ци ’й римæхсон, хъæбæр æвадуат адтæн. Поездмæ билет цæмæй балхæдтайнæ, е дæр мæмæ нæ адтæй… Фал адæм хуарз æнцæ. Мæ мадæ мин синхæгтæй кæмæй – туман, кæмæй – фондз соми райста æма рандæ дæн ахур кæнунмæ…

Каникулти алкæддæр бабæрæг кæнинæ Дæбейети. Уидтон æй, еу хаттæй иннæ хатмæ хъæбæрдæр æй тухсун кодта е ’нæнездзийнади уавæр…

Гъулæггагæн, раги фæгъгъудæй не ’хсæнæй. Æ мæлæт берæ фæккайдта нæ литературæй, нæ финсгути ’хсæн разагъди лæги фарнæй.

Мæ литературон карни туххæй арфиаг дæн Дæбейæй, æ нифсæвæрæн дзубандитæй.

ХОСТИХЪОТИ Зинæ (1937-1995),  поэт, публицист

 

АГЪАЗИАУ  АДТÆЙ  Æ ИСФÆЛДИСТАДОН ХЪАУРÆ

Финсæг ци уадзимистæ ниффинста, циуавæр сорæттæ исаразта, литературæмæ ци менеугутæ бахаста, уонæмæ гæсгæ ин фæббæрæг кæнунцæ æ ахедундзийнадæ. Еци хузи ку кæсæн Мамсурати Дæбей исфæлдистадæмæ, уæд рабæрæг уодзæнæй, æцæг устур финсæг ке æй, арф фæд ке ниууагъта нæ ирон советон литератури, берæ ’й ке фæгъгъæздугдæр кодта, е.

Дæбе литературон куст кæнун райдæдта инсæйæймаг æнзти дуккаг æмбеси. Еци рæстæг æй нæ советон финсгутæй беретæн се ’сфæлдистадон нади райдайæн. Уæд литературæмæ исфæлдистадон кустмæ æрбацудæй нæуæг доги хор ке барæвдудта æма исразæнгард кодта, уæхæн æригон финсгути фæлтæр. Уони хæццæ адтæй Мамсурати Дæбе дæр.

Дæбей ка зудта, æ фиццаг уадзимистæ ин ка бакастæй, етæ дузæрдуг нæ кодтонцæ устур исфæлдистадон хъаурæ имæ ке ес уобæл, æ зæрдæ финсæги искурдиади зинги гъæстæ ке æй æма еци зингæй устур арт ке иссодздзæнæй, уой.

*  *  *

Дæбейæн сауæнгæ æ фиццаг уадзимистæй дæр ирдæй рабæрæг æй, куд финсæг, уотæ е бæлвурдæй ке аразуй, цæститæбæл ка уайуй, адæймаг ке уинуй, уæхæн хузтæ æма сорæттæ. Дæбе æ хотухтæй, гъома, аййевадон мадзæлттæй уотæ хуарз арæхсуй, æма æ уадзимистæй алкæмæн дæр æ сæйраг еугæнæг гъуди æнхæстæй æма лæдæрдæй равдесун, æ эстетикон-идейон нисанеуæг, æ хъайтартæй алкедæр хехузонæй бавдесун ин уоййасæбæл бантæсуй, æма ибæл киунугæкæсæг æнæгурусхæй баууæндуй, æ аййевадон дзурд ин æ зæрдæмæ хæстæг райсуй æма си нæбал феронх кæнуй.

Дæбей уадзимисти, æ сорæтти ’хсæн устур бунат ахæссуй хъаурæгин æма кæдзосзæрдæ адæймаг. Кæд еуæй-еу хатт еци хъайтартæбæл фæууæлахез унцæ фудзæрдæгинтæ æма хахургæнгутæ («Залдуз» æма æндæртæ) кенæ къласон знæгтæ («Фыццаг къахдзæф»), уæддæр уони архайд æма нисанеуæг æй ахсгиаг, уомæн æма етæ адтæнцæ царди рæсугъддзийнадæ аразгутæ, адтæнцæ, фæстæдæр Дæбе æнхæстдæрæй ци фæнзуйнаг сорæттæ исаразта, уони фидтæлтæ æма мадтæлтæ.

*  *  *

Дæбей исфæлдистади хуарз менеугутæй ма еу е æй, æма адæймаги зæрдирохс тунтæ ке агоруй, адæймаги æхсарæ, кадæ æма намус бæрзонд ке æвæруй. Еци гъуддаг фæззиндтæй Дæбейæн æ драмити дæр – «Фæтæг бæгъатыр», «Бæтæйы фырттæ», «Чермен» æма æндæртæбæл. Аци драмити фæнзуйнаг сорæттæ ’нцæ бæгъатæр æма сæрустур, некæци зиндзийнæдти рази æркъолæ кæнунцæ сæ сæртæ. Етæ æвдесунцæ адæми хуæздæр менеугутæ æма сæ адæм дæр уомæн уотæ берæ уарзтонцæ, театри æвæрд ку цудæнцæ, уæд.

АРДАСЕНТИ Хадзибатæр  (1911-1968), поэт, литературон æртасæг

 

РАКОДТА  МИН ЗÆРДТАГОН  ЛÆВАР

Уæхæнæй зудтан алкæддæр Дæбей. Æвæдзи, финсæги туххæй мæ имисуйнæгтæ ескæд бæлвурддæрæй ниффинсдзæнæн. Нур ба мæ фæндуй ракæнун айдагъдæр еу хабар. Еууæхæни мæбæл нæ сахари сæйраг гъæунги рамбалдæй – Ленини цирти бакомкоммæ. Зæрдиагæй мæбæл бацийнæ кодта, рафарста мæ хабæрттæй. Æз уæд литератури фиццаг къахдзæфтæ кодтон, Дæбе ба номдзуд финсæгбæл нимад адтæй. Еци бон Ленини фæзи исаразтонцæ киунугути базар. Дæбе стъолбæл æ цæстæ радардта, уæдта уотæ бакодта:

– Æхсар, рацæуай мæ фæдбæл.

Цæй туххæй мæмæ дзоруй, уой æвеппайди нæ балæдæрдтæн. Бахудта мæ киунугути размæ, æма мин загъта:

– Равзарæ дæхецæн ести киунугæ.

Æз нифсæрмитæ дæн, «нæ гъæуй», зæгъгæ, имæ лигъстæтæгæнгæ дзорун. Уæд Дæбе стъолæй исиста А. Куприни уацаути
æма радзурдти устур киунугæ, æхца ин бафиста æма ин æ кæдзос сифæбæл ниффинста: «Хъазар Æхсарæн. Дæбе. 30/III– 65.»

Мæ хед мæ къæхти бунæй ракалдæй, уотемæй райстон киунугæ… Аци хабар æримисгæй, зæрдæбæл æрбалæууй нæ рагфидтæлти зундгин загъд: «Адæймаги зæрдæ балхæнунæн берæ нæ гъæуй!..» Дæбе мин еци киунугæ ку балæвар кодта, уæдæй нурмæ рацудæй дæсгай æнзтæ, фал еци ирд бон мæ цæститæбæл рагъазуй нури хузæн. Дæбей лæвар абони дæр æй мæ библиотеки…

ХЪОДЗАТИ Æхсар (1937-2021), Цæгат Иристони адæмон поэт

 

«Я  СЧАСТЛИВ,  ЧТО РОДИЛСЯ  И  ЖИЛ ИМЕННО  В  ЭТИ  ГОДЫ!..»

Каждая литература – принадлежит ли она большому народу или малому – развивается параллельно с развитием общества, как бы прослеживая его развитие на различных этапах и отражая в отдельных типах и характерах с их индивидуальными и национальными особенностями, рисуя их отношения с окружающим миром, то есть с обществом. Именно таковы герои рассказов Мамсурова. В их словах, в их поведении автору удалось выразить черты, присущие всему осетинскому народу, который вместе с другими народами Советского Союза живет и трудится в социалистическом обществе.

Литературная и общественная деятельность Дабе Мамсурова завоевали ему высокий авторитет и среди читателей Осетии, и среди осетинских писателей. Долгие годы он был депутатом Верховного Совета СОАССР и руководителем Союза писателей Северной Осетии.

*  *  *

Мы познакомились с Дабе Мамсуровым летом 1947 года. Помню, как под вечер приехал он с друзьями к нам на дачу неподалеку от города Орджоникидзе, где в то лето жили мы всей семьей.

Накрыт стол под старой магнолией, одуряюще пахнут белые маслянистые цветы. Над черепичной крышей, далеко на горизонте, розовеет длинная цепь Кавказских гор, блестит алмазная грань вершины Казбека. В тот вечер всего лишь два года отделяло нас от миновавших битв Отечественной войны. Неподалеку от тех мест, где мы сейчас так мирно беседовали, был остановлен враг. Тысячи и тысячи сыновей и дочерей Осетии вместе со всем советским народом героически сражались против немецко-фашистских захватчиков, проявляли безмерно высокую отвагу и мужество во имя свободы и независимости Отчизны…

Дабе Мамсуров по состоянию здоровья не мог воевать с оружием в руках. Но его страстные статьи и очерки, произведения «Мстители» и «Он погиб в плену» (повесть о бойце-осетине, который тяжело раненным был взят в плен и там, в тылу врага, героически организовывал сопротивление) с волнением читались и звали к бою.

Дабе Мамсуров сидел во главе стола, светловолосый и светлоглазый, и, как все мы, наслаждался мирным вечером. Может быть, никогда, как в те первые послевоенные годы, люди с такой остротой не ощущали, какая это радость – закатное солнце, зелень деревьев, прохладный горный ветер, все то, что обозначается коротким и счастливым словом мир.

Запомнилось, как Дабе сказал:

– Иногда мне кажется, что я прожил не одну жизнь, а десять. Было ли оно, тяжелое детство, вечный страх унижений и голода? Как стремительно стало меняться все вокруг на моих глазах после Октября! А фашисты думали, что нас можно победить, то есть отбросить назад, во мрак и темноту. Мы, родившиеся на грани двух эпох и ставшие свидетелями невиданных преобразований, обязаны рассказать о том, что пережито. Как быстро идет время! Скоро подрастут люди, которые станут воспринимать окружающее как нечто само собой разумеющееся. Они должны знать, какой ценой завоеван наш сегодняшний день, должны помнить о том, как жили их деды и прадеды… Я счастлив, что родился и жил именно в эти годы!..

Он сдержал свое слово. Последний раз мы виделись с Дабе Мамсуровым незадолго до его смерти. Он с трудом поднялся с постели и пересел в кресло, как всегда подтянутый, в белоснежной рубашке, только страшно исхудавший. Придирчивым взглядом гос-теприимного хозяина оглядел стол и, улыбаясь, привычно произнес:

– Посмотрим, что приготовила нам наша Шатана!

И тут же заговорил о работе, о романе «Поэма о героях», над которым работал до последних дней, считая его главным делом своей жизни.

– Все, что было лучшего в моей душе, я постарался вложить в этот роман, – говорил Дабе. – Госка, вдова, мать двух сыновей, будущих большевиков Гаппо и Батырбека, как много в ней черт моей матери! Мать, Осетия, Родина, что есть у меня дороже?..

Он грустно оглядел папки, аккуратно сложенные на журнальном столике:

– Кажется, приходит время подводить итоги… Что ж, сделано немало, но как о многом нужно еще написать!

Да, он мог бы написать еще очень многое, но и то, что сделано Дабе Мамсуровым, навсегда оставит достойный след в многонациональной советской литературе…

Лидия ЛИБЕДИНСКАЯ (1921-2006), писательница, переводчица.

*  *  *

От редакции. Большинство произведений Дабе Мамсурова в свое время были изданы в Москве, переведенные на русский язык самыми известными переводчиками страны. В их числе были супруги Юрий и Лидия Либединские, кстати они вместе с Н.Стальским переводили и самое выдающееся прозведение Дабе – его трилогию «Поэма о героях». Следует отметить и то, что Либединских и Дабе связывала не только совместная творческая работа, но и самые искренние дружеские отношения.