ИЗОЛТÆБÆЛ ÆРЦÆУÆГ АМОНД
Фæззæг æ сабургай æрцæуæг минеугутæ райтигъта арвæй зæнхи астæу. Æрдзи федеуæг, уæлиуон уас-думгæ, хуаритауæгау, бæлæсти бор сифтæ рæдзæгъдуй фæлмæн зæнхæбæл, æхе фæйнердæмæ разелæ-базелæ кæнгæй. Сæумæ дæр нæбал æй, рæфтæ дæр нæма йæй, гъæуæй устурдæр ка ’й, горæтæй ба – минкъийдæр, уæхæн цæрæнуат Сахаригъæуи.
Адæн, дууердæмæ дæрæз-бæрæзгæнгæй, сæ абониккон цардиуаги æнхæст нæма бацудæнцæ, æзиниккон бон, изæр æма æхсæви миути агъодæй кæронмæ нæма суæгъдæ уогæй: еуетæ ма фунæй æнцæ, иннетæ – æрдæгфунæй, кадæртæ ба еугур игъал дæр рацæнцæ. Трамвайтæ кæд фиццæгти хузæн ахид нæбал цæунцæ Сахаригъæуи, уæддæр сæ ефстаг фæззинди ба сæ ном уæди рæстæгæй нур гъæрдæрæй дзорунцæ, уомæн æма исæрст дæр, цалцæггонд дæр фагæ нæбал æййафунцæ. Сæ дæгар-дугур æма цæлхътæлхъ зæрди гæбар-губур расайуй, фал адæймагæн сæ фæууиндæ уæддæр цидæр æхцæуæндзийнадæ раттуй. Берæ уарзонтæ иссæй, трамвайти цæугæй, фиццаг фембæлди уарзонтæ ка нæма адтæй, уонæй. Берæ бийнонтæ исæвзурстæй уоци æфсæн бæхи рагъбæл, беретæ равардтонцæ сæ уодтæ кæрæдземæн, беретæ иссердтонцæ сæ цардамонд уой фæрци. Æгириддæр ка некæд фембæлуниау адтæй, кенæ бийнонти сагъæс бакæнун æ зæрди къуми дæр кæмæн не ’фтудæй, уæхæнттæ дæр æнæнгъæлæги фæййеу уиуонцæ еци æфсæнбæхтæбæл цæугæй, ’ма син цубур рæстæги фæсте ба æндæр хуасæ нæбал уидæ, – сæ царди бонтæ хуарзæй дæр æма лæгъузæй дæр æностæмæ исбæттиуонцæ. Гъеуæхæн æнахур бийнойнуг рохсæй идзаг адтæнцæ советон хецион трамвайтæ. Нур кæд фæззæронд æнцæ, уæддæр еци хуæрзуодæй байзадæнцæ. Нуриккон, еци-еу маршрутбæл цæуæг цæрдæг «æрдæг-такситæ» неци ’нцæ уони рази. Цурддæр æзмæлунцæ æма адæни сæ бунæттæмæ цурддæр бахъæртун кæнунцæ, фал си медæгæй ба минкъий бунат ес, пассажиртæ сæ кæрæдземæ æгæр хæстæг бадунцæ, æма уони æфсæрмæй ескæци дууæ æвзонг уоди, кизгæ ’ма лæхъуæн, кæрæдземæ сæ тæлæнтæ хæсгæй дæр, нæ базонгæ унцæ, уотемæй фæйнердæмитæ еугур æндæ раунцæ. На-нæуа, æма кæрæдземæ ку исдзоронцæ, сæ дууей дæр ци дзубанди фæндуй, уой сæ еу ракъахгæй, уæдта сæмæ, æвзонгадæмæ хицæгæнæг хестæр адæн æма исæвзуруйнаг уарзтмæ соцъагæнæг æригæнттæ сæ гъостæ фæхъхъел кæнунцæ, сæ цæститæ ба си ниссадзунцæ. Уой лазæй и дууæ маргъи фесхъæтæг унцæ. Нигки ба ма син рæстæг дæр нæ рафагæ уй, уайтæккæ дæр сæ еу, хезгæ ин кæми фæууй, уордæмæ æрбахъæртуй рæуæгдæр «æрдæг-таксий» цурд цуди бæллахæй. Мадта, хъæбæр ахид бауæрти æнæбари фембæлд дæр æвзонг зæрдити уарзондзийнади цирен исæвзурун кæнуй, аци таксигондтити ба и бадæнтæ хецæн æнцæ ’ма си уоци хузи кæрæдзей балæдæрунæн дæр уæн нæййес. Уой, æма дин нæхе дзæбæх, хæларзæрдæ трамвайтæ, лæууæн бунæттæ кæми ес! Тъунсгæ дæр си кæнæ адæни уотемæй!
Мæнæ нур дæр, еу лæхъуæн, æргом фунæй уогæй, перилæбæл æ рахес къохи æнгулдзитæ никъкъипп кодта, раст, халон хусгæй æхе æ еу къахæй телбæл куд райауиндзуй, уоййау. Æ хуæст адтæй æхцабæл ниххуæцунæй федардæр, æндæра, Хуцауи дессаг, хаугæ куд нæ кодта!
Советон дзæбæхдзаманиккон, фал нуриккон тухрæвдзитæ сурх трамваййи расхуай-басхуай цудтитæй и лæхъуæн-лæг фестъæлфуй, æхе ма туххæй рауорамуй. Æ къохи æндагъд, цид, фæууæгъдæ уогæй, уазал, дæргъæмæ сагъд ауигъд æфсæйнаг хуæцæн – хæтæлбæл нæуæгæй фæццæггаг уй. Уæртæ, уонæй минкъий аддæр лæууæг–хуссæг пассажир дæр ма фунæй æй, кенæ ба… æхе уоцихузи ниййаразта, «мæнæ уин мæнмæ», зæгъгæ. Фал, æфсæнбæхи æмæзмæлд ниццæхъали, инерций закъон куд амонуй, уомæ гæсгæ, адæн еуæрдæмæ рауолæн кæнунцæ тæбæгъи дон фæкъкъолæ гæнæгау. Кæмæй зæгъун, еци лæхъуæн-лæг ба, егуремæй игъауги, иннердæмæ бахауидæ æма æ гурæ «æнæнгъæлæги» исæмбæлидæ, æ галеуæрдигæй лæууæг, æригон гурведауцæ силгоймагбæл. Берæ рæуонæ ’й нæ гъудæй, и кизгæ æхуæдæг дæр, трамваййи цъæхъалцуд куд амудта, уомæ гæсгæ лæхъуæни ’рдæмæ æрбахауидæ æма ймæ е дæр æхе фæббуцæу кæнидæ, транспорттæрæг «æнарæхст» зæронд уоси фуд æй, цид, фæккæнгæй, а къудуртæ ласуй, зæгъгæ. Æхемæ кæмæн æнцæ, уæхæн лæхъуæн æй: æ рахес фарсæй лæууæг фудуинд уосæбæл еу хатт цæмæннæ бахауй, е фæтæндæртæ æма фæлмæндæртæ ку æй?! Кенæ ба – æ фæсте лæууæг зæронд лæгбæл?! Гъеууомæ гæсгæ, хатдзæг искодтон: а æцæгæй ба игъал æй, барæй æхе уотæ скодта.
Хæсдзæф ци дууæ лæги лæудтæй, æвæдзи, ахургондтæ адтæнцæ, мæнмæ гæсгæ – физиктæ, уонæй сæ еу, и кæсæнцæститæгин, æхе нæбал бауорæдта ’ма е ’мбалмæ дзоруй:
– Уæртæ еци лæхъуæн ци æнтæстдзийнадæ æвдесуй, е къохти цæмæй бафтуйа, уомæн гъæуй испайда кæнун тæккæ минкъийдæр дууæ хъаури: еу – инерций тухи нихмæ бафæразун, бауорамун, иннæ ба ма – дæхе харзæй, дæхе хъаурæй фесхуайун дæ гурæ, дæ зæрдæ ци ’рдæмæ зæгъуй, еци ’рдæмæ. Фал ма си ес æртиккаг хъаурæ дæр – и силæстæги ракиудт бауорамун, ’ма уой ба нæ нимайун: бамбæлди æхцæуæндзийнади æууæл æй исафуй, нольмæ æргæлдзуй.
– Нæ уинис, æрдзон уарзти мондаг æрдзон-физикон тухи куд молуй! Уарзондзийнадæмæ мах ахурадæ нимади дæр нæй, е æхе закъонтæбæл цæруй.
– Растдæр зæгъгæй ба – æнæзакъонтæбæл. Уарзондзийнадæн бæлвурд бæрæг, финст фæткитæ нæййес. Дессаг æй, дууæ уоди, нæхе «физикон» æвзагæй ба «дууæ гури» сæхе кæрæдземæ куд тухгин ивазунцæ, е.
– Фæйнæхузи зарядти хæццæ дууæ гури… Æмхузæн зарядти хæццæ ба – кæрæдзей хæстæг нæ уадзунцæ, кæрæдзей æсхуайгæ кæнунцæ изолдæрмæ. Кæд æй трамвайти доги фæуд кæнуни рæстæги адæни рони туххæй тъунсунцæ, æма еугур дуйне дæр æрвхуз искæнунмæ гъавунцæ, уæддæр е физики закъонти нихмæ ’й. Е – царди мæлæт æй!
«Кæнгæ фунæй» лæхъуæнæн фулдæр уæзæ ци къахбæл уадæй, е ресун райдæдта æма æвеппайди æ сæри фæммедæг æй хуæздæр гъуди: е ’рдæгцъундæ цæститæ ирд фегон кодта, уотемæй, цубур рæстæгмæ æ зæрдæ кæмæ фехсайдта, еци рæсугъд, æвзонг силгоймаги рафарста:
– Хуарз кизгæ, ами нæ хезис? Нæ бунæттæ раййевæн, æз иннеми хезгæ кæнун… – Кизгæмæ æндæр куддæр райгъустæй фиццаг æма æ медбунати фесхъиудтæй, уæдта æхе ралæдæрдтæй:
– Ду дæр мама хезæ, æма сæ æййевæн, – зæгъгæ, лæхъуæнмæ нидæнгомауæй æ гъоси рæбунæй фæлмæн гъæлæсиуагæй исдзурдта, æ идзаг кæдзос цæститæй ба ма ин загъта къеххузæй, – гъæуама силгоймаг лæгбæл, нæфал лæг силгоймагбæл хауа. – Кæд ин æндæр ести дзурдта еци арф цæстити зæрдесгæ каст, уæддæр лæхъуæнæн ба æ федар бауæр фæззигон фæлмаст дидинæги сифау бабиз-биз кодта. – Кæд хезгæ кæнис, уæдта… – æма æ зæгъуйнаги кæрон æрдæгбæл раскъудæй.
Æригон нæлгоймаг, алцидæр – гъо, фал уæхæн дзуапп æнгъæл ба н’ адтæй. Æ зæрдæ ниццæлхъхъитæ кодта цалдæр хатти. Сæ бунæттæй, уотæ дзоргæй, куд феййивтонцæ, уой нæбал ралæдæрдтæнцæ сæ дууæ дæр. Уотемæй дууæ тегъи бацудæнцæ сурхæфхæлд трамваййи, фæйнæ дууæ адгинзæнгон æмбæлди ма бакæнгæй сæ кæрæдзебæл. Нура – кизгæ æхе инерций хуæдтахти нихмæ, цид, фæгъгъæддух кæнгæй, лæхъуæн ба – уой æмвæндагон хъаурæн ма, цид, фенхусгæнгæй. Цубур дзурдæй сæ, хемæлвасуни устур тухæ кæрæдземæ никки тухуастдæрæй ивазун байдæдта. Кадæр сæбæл цума фæлтæрæнтæ рауагъта, кæмæндæр æ гъар тунти уацари цума æнцæ, уотæ сæ æнгон бæттуй кæрæдземæ, сæ сæри хъанз син æгуппæг кæнуй. Уоци уавæри æфсæн бæхæй æмхизт ракодтонцæ, сæ цæсгæнттæй рохсгæнгæ сæ развæндаг.
Æнæ бадзоргæй, æмдзуд никкодтонцæ сахари астæуккаг фæззигон паркмæ, еци – уарзонуат кенæ – уадзадонæмæ. Æнæдзоргæй, еу уæгъдæ къелабæл къотæрти буни æнвæрстæ исбадтæнцæ, æма, æнæбари кæми æндзавдæнцæ сæ зæнгитæ, раст гъеууоци царциати адгин тæлмæбæл æ уæзæ æруагъта, еу зæронд бæрзæ бæласæй зелгæ рацæуæг, бор сифæ.
Еци сифæ адтæй бунтон уæззау, издий хузæн. Æвæдзи, хъæбæр берæ хори тунтæ уæдта уарундæнттæ фембурд кодта æхеми уалдзæгæй фæззæгмæ æма син сæ къæхтæ тухуаст ниндавта, æхцæуæн æндæвд, кæрæдземæ син сæ балхъивта, кæрæдзебæл сæ ниццæфсун кодта. Кизгæ лæхъуæнмæ фæрсæгау бакастæй, аци сифæ цихузæн æй, зæгъгæ.
– Цъæх, – цубур дзуапп равардта е, æма кизгæ аразийæй байзадæй, æгъа, æмхузæн цæстингас нæмæ ес, мæ бауæри æнахур уолæнтæй æй лæдæргæ кодтон, зæгъгæ.
Дзæвгæрттæ рæстæг бабæй цади донихъæзтæмæ фæккастæнцæ, уæдмæти ба сæ къæхти бунмæ еу сау халон æрцудæй æма сæмæ хæрдмæ кæсуй, æ хъуæлæг сæр дууердæмæ фæззелæ-фæззелæ кæнгæй. Кизгæ цæбæл рагъуди кодта, уой исдзорунмæ лæхъуæн фæрраздæр æй:
– А цæхæн маргъи муггаг æй?
– Зæрбатуг, – федарæй загъта кизгæ. Лæхъуæни зæрдæ барохс æй, æ цæсгон нийдзулд æй.
– Дæ пъаспъæрт дæ хæццæ ’й? – æмфарст ракодтонцæ кæрæдзей, уотемæй, паркæй исхизтæнцæ Донибилгæрони гъæунгæмæ. Уордигæй бараст æнцæ Сауцæстити гъæунгæмæ æма æнæхуайгæй бацудæнцæ Цардеугæнæн Галауанмæ. Сæ фæсте устур лæги хузæн сæрустурæй, листæг ахид къахдзæфæй цудæй сæ «зæрбатуг», æ гъæлæси еци бор сифæ хæсгæй.
Устур амондæнгъæлдзаути хæдзари ацибон адтæй еу къуар æнкъаййи уорс дарий киндздзон фæлустити æма уосгойрон сау хъæдавæ костюмти се ’вдесæнти хæццæ. Етæ сæ еугур дæр адтæнцæ еу бонбæл игурд, фæйнæхузти зæрдихаттити хæццæ.
Мах къуар меддуармæ ку бахизтæнцæ, уæд медæгæй ка ’дтæй, етæ æваст фæссабур æнцæ. Сæ бунæтти лæугæ байзадæнцæ, æнахур иуазгутæ æруингæй.
Хæдзари сæйраг архайдхæссæг – хуæрзгæнæг силгоймаг ба ма фиццаг уой исфæразта æма маргъбæл «усси, усси, сау халон», зæгъгæ, нигъгъæртæ ласта.
– Е сау халон нæй, е зæрбатуг æй, – еу цъухæй исдзорæгау, исдзурдтонцæ дууæ æрбацæуæги, – ма ’й сорæ!
Уой адæбæл, тæккæ уæдæйти дæр ма, цийнигъæр æма игъæлдзæг хъæлæба ка кодта, етæ еугурæй дæр къуру бæлæутау нигъгъос уогæй, сахæй кæсунцæ идарддæр ци уодзæнæймæ. Сæхе царди ахсгиагдæр гъуддаг дæр си æрбайронх æй.
Кизгæ æма лæхъуæн гъуддагхæссæг силгоймаги фингæбæл æривардтонцæ сæ пъаспъæрттæ, сæ кæрæдзей нæмттæмæ дæр не ’ркастæнцæ, уотемæй. Уиндгун, исæвгун силæстæг син цидæр гæгъæдитæ рарæвдзæ кодта, сæ къохтæ син æрæвæрун кодта, уæдта сæмæ дзоруй:
– Кæми ’нцæ уе ’вдесæнтæ ба?
Еци фарсти хæццæ халон хæрдмæ стъоли сæрмæ исппæррæст ласта. Лæмбунæгæй æ рахес къах гъуддагфедаргæнæн гæгъæдибæл æривардта мухури хузæн. Сифæ æ гъæлæсæй ратахтæй, ’ма е ба, дуккаг æвдесæн къох ци рауæн февæруй цæдесфедаргæнæн гæгъæдибæл, уоми æрæнцадæй. Халон æй æ циргъ къæботтæй ку фелваста, уæд гæгъæдибæл разиндтæй дууæ фæди: æхе къахи æма бор сифи фæдтæ.
Дуйней медæгæ Цардеугæнæн Галауанæй рæсугъддæр æма фæрнгундæр хæдзарæ нæййес… – æрмæстдæр имæ еунæг хатт ка бацæуй, уонæн. Фиди къæсæй дæр адгиндæр фæууй æвзарæн бони. Маргъ æма бæласи сифæ æвдесæнтæй кæмæн ниллæудтæнцæ, æрдзон æвдесæнтæй, амонди уæларвон баридаугутæ ке баеу кодтонцæ æнæнгъæлæги, уоци дууæ уодемæн тæссаг нæй ардæмæ дуккаг цуд æрбакæнунæй, сæ бастдзийнадæ æносон уодзæнæй, зæруаййи уæнгæ фæццæрдзæнæнцæ, кæрæдзей сугъдæг зæрдитæй уарзгæй, сæ еу нивæрзæн ба син ниллæудзæнæй æртиккаг, цардон æвдесæнæй. Еске уотæ дæр рагъуди кæндзæнæй, зæгъгæ, халон фудзæрдæ маргъ ку æй, фудкъах æма зин хабæрттæ хæссæг. Е дзубанди æй! Ка дин æй загъта, æма аци халон дæр уотиау æй? Кæцифæнди цæрæгой дæр, зайæгой дæр дæуæн, цæхæн æй æнгъæлай, раст гъеуæхæн æй. Нæуæг æнкъæйтти халонбæл ес зæрбатуги зæрдæ. Сифæ дæр зæронд нæй, фал æвзонг. Фиццагидæр сæбæл аци кизгæ ’ма лæхъуæн баууæндтæнцæ зæрдæбунæй æма син се ’ууæнкæ некæд фæссайдзæнцæ, гъæуай кæндзæнæнцæ æносон уарзт сæ царди фæстаг бонтæмæ. Маргъæн дæр, бæласи сифæн дæр æхцæуæн куд нæ уодзæнæй, хуарз æй ку бангъæлай, уæд. Уой фæсте ба, ке нæ рæдуис, уой бавдесун сæ куд нæ бафæнддзæнæй?! Ке фæндуй хуæрзгæнæг нæ ун, фæнди хъæрццигъа уа, фæнди ба æгомуг дор?! Æууæндун, уæхæн фæлдесонд уогæ дæр нæййес, кæд ес, уæдта æхецæн зиндæр æй.
Нæуæг æригон дууæ бийнойнаги Цардеугæнæн Галауанæй рацæугæй, еци комкоммæ бацудæнцæ лæхъуæни хæдзарæмæ. Кизгæ лæхъуæни уати фарсбæл ауигъд хузæ ку рауидта, уæд ибæл æ сæр разилдæй æма ма туххæйти исфæразта рафæрсун:
– Атæ ба дин ка ’нцæ?
– Айæ мæ фидæ, мæнæ е ба – æ уарзон.
Еци дзуапп фегъосгæй, силгоймаг ракуддæртæ ’й æма зир-зир кæнунмæ фæййагайдта. Лæхъуæн ибæл фæххуæстæй, æ хъури ’й ниттухта, ци кæни, мæ зæрдæ, зæгъгæ.
– Мæнæ ци æнамонд разиндтæн, – æ сæрбæл фæххуæстæй и кизгæ, æ гъæлæсидзаг богъ-богъæй никкудтæй. Тарст лæхъуæни хуссæни кæронбæл æхе æруагъта. Æ къæхтæбæл лæуунгъон нæбал адтæй. – Нæма исеу ан, уотемæй ба нин хецæнгæнгæ ’й, – уотæ ма исдзурдта, е ставд цæстисугтæ сæрфгæй.
– Ци кæнис, ци дин дæ уод хуæруй? – зæгъгæ, имæ лæхъуæн бæргæ ниуурдуг æй, фал и кизгæ, æ уйнаг амондæн цидæр æнахур тухгин фæттæрсгæй, нецибал дзурдта.
Тургъæрдæмæ игон адтæй къæразæ æма и халон æ сифи хæццæ тæрвазæбæл æрбадтæй. Хузæ ку рауидта, уæд базуртæ æ фæрстæбæл æрцагъта, уæдта æнцад ралæудтæй сæргубурæй еу усмæ. Усми фæсте сифи хæццæ батахтæй æма хузистбæл бамбалдæй уæдта ин уой æ фæсонти рацавта, уотемæй фæстæмæ фæттахтæй.
– Мадта мин æй кæд нæ зæгъис, уæдта æз радзорон… цубурæй… Мацæбæл тухсæ. Лæдæрун дæ, мæхемæ гæсгæ. Нæ нивæн е неци тæссаг æй.
Мæ фидæ уæлæ еци силгоймагбæл æхе мардта фур уарзтæй, уотемæй ин фескъæвди ’й. Еци бон, дан, еу сау халон фиццаг хатт æрбадтæй нæ колдуари сæрбæл. Къуæрей фæсте имæ силæстæг æрбанистадта, фенбæлун нæ гъæуй, зæгъгæ. Хуарз æй зудта, æма ин тæрсгæ кодта, æхецæн, дан, ести ку бакæна. Зæрдæсастæй имæ куд ниццудайдæ æма ’й уæдта е æхуæдæг иссердта:
– Еци æнамонд игурдæй тæккæ нур дæр рацæуинæ, фал дæу аккаг нæбал дæн. Ниббухсæ цифæндий зинæй дæр, бахезæ, æма мин кизгæ ку райгура, уæд æй дæуæй æндæр некæмæн ратдзæнæн…
Мæ фидæ зæгъунгъон неци ссæй, уотемæй сæргубурæй рандæй.
Æ зæрди еци загъд ниввардта, фал æ уарзон ба и лæги хæццæ æндæр бæстæмæ рандæй. Фæйхизта цалдæр анзи. Ку нецибал хабар си игъустæй, уæдта æхецæн загъта, бамæсайдта дуккаг хатт дæр, зæгъгæ.
Уæдмæти тугъд райдæдта. Мæ фидæн æ ниййергутæ сæ синхонти кизги, æгъдаугин бийнонтæй, æрхудтонцæ. Мæйæ рацардæнцæ. Мæ фидæ, дан, нæ уарзта мæ мади, зуст имæ дзурдта.
Уоци дууех зæрди хæццæ тугъдмæ рандæй. Фæстæмæ нæбал исæздахтæй. Дуккаг фудхабархæссæг дæр еци сау халон адтæй. Айсонггæй нæ хæццæ ка цæуй, еци халон ба, æвæдзи, уой бæдолæ æй. Цæмæй ма си тæрсун, ци мин ракодтонцæ, уомæй ма мин фуддæр ракæнунмæ гъавунцæ! Уæдта, уогæ дæр етæ ци гæнæг æнцæ? Æррæстæ, æвæдзи, размæ фулдæр уинунцæ махæй, æма сæ уой туххæн æфхуæрæн.
– Хузи æ хæццæ ка ’й, е мæ мадæ ’й, – туххæй фудти загъта æвзонг кизгæ. Кæрæдзей нæ уарзгæй фæццардæнцæ мæн ниййергутæ дæр. Мæн фидæ дæр тугъди фæммардæй. Мæ мадæ ба – дууæ анзей размæ. Æхе бахуардта æма адзали сæйгæ ку æрцæй, уæд мин, æ зæрди арф римæхстæй ке фæддардта, уони кæрæй-кæронмæ æрдзурдта.
Уæдта мæмæ уæлæ уæхæн хузæ равардта æма мин ниууойсиат кодта: «Цо дæ райгурæн бæстæмæ. Дæ амонд уоми ’й æма йбæл æмбæлдзæнæ. Мæн мæститæ дæр си исесæ. Киндзи æрцæудзæнæ, æрмæстдæр, уарзгæ ке кæнай, уомæ, дæ цардæй зиндонæ ма саразæ мæн хузæн. Амонд Фидибæсти агоргæ ’й!» Рацох æй æма ин æ зйан æ райгурæн зæнхæбæл исæмбæлун кодтон.
– Хатир мин бакæнæ, мæхе трамваййи уотæ æдзæсгон дард ке кодтон, уой туххæй. Ци мæбæл æрцудæй, уой нæ зонун… Фиццаг хатт…
– Мæнæн хъæбæрдæр æфсæрми гæнгæ ’й. Æз нæлгоймагмæ уоцихузи некæдма исдзурдтон мæ царди медæгæ. Дууæ анзи мæ хæдзарæй æндæмæ кæсгæ дæр нæ ракодтон. Нура… нура рацудтæн бæрæг гъудий хæццæ, – ести нæлгоймагæй мæ маст исесунмæ, кæмæйфæнди дæр, кудфæндиййæй дæр… Мæ мади маст, æ цард ин мæ фидæ ке сæнадæ кодта, уой маст… Нецибал мин си уæлдай адтæй, мæхе дæр фесафтайнæ, еске дæр, еугур лæгтæ дæр æнхузæн æнцæ, зæгъгæ. Атæ рауадæй…
– Е Хуцауæй арæзт адтæй. Уæдта нин етæ дæр, æвæдзи, уордигæй агъаз кæнунцæ. Дæу ниййергутæ дæр, мæн ниййергутæ дæр кæрæдзей хæццæ кæд лимæнæй нæ фæццардæнцæ, уæддæр сæ сувæллæнтти ба уойбæрцæбæл фулдæр уарзтонцæ. Уогæ мæн мадæн еунæг æмбал адтæй æ царди медæгæ, æма йбæл æ фæстаг бонти уæнгæ дæр æрхунæй мардæй, фæстугъд дæр ма ймæ берæ фенгъæлмæ кастæй, кæд ескуцæй разиннидæ, зæгъгæ. Фидæ ба уой номбæл еунæг финстæг дæр не ’сæрвиста тугъдæй. Кенæ – æхе ниййергути, кенæ – мæн номбæл.
– Мæнæн ба сауæнгæ иннердæмæ: фидæ ’й уарзта, мадæ ба – нæ… Махæн ба Хуцауи дзурдæй кæрæдзей уарзгæ ’й. Ехæнрезæ кæнун байдæдтон. Мæ цар æма мæ фиди ’хсæн цума ниддумд æй, уотæ ниддæн. Мæ уод никкуддæр æй. Рауай ардæмæ. Дæ хъури мæ ракæнæ.
Игон къæразæй гъар фæззигон уадусмæ æрбакалдта нæуæг бийнонти астъонæмæ гоцгæнагæ мæргъти алæмæттаг зар, цардмæ фæндараст кæнуни зар. Кизгæ ездонæй фестадæй, æма тасæ-уасæгæнгæй бацудæй къæрази размæ. Бай æхгæдта æма æхе ку разилдта, уæдмæ нивгунцæстæ лæхъуæн æ сæргъи балæудтæй. Нихъхъури кодтонцæ кæрæдзей. Уотемæй дзæвгарæ рæстæг фæцæнцæ, цалинмæ сæ уодти уарзти тунтæ кæрæдзей бауæрти нæ бацудæнцæ æма, ка си ке зæрдæ адтæй, уæлион æмкустгæнгæй, уой нæбал æртастонцæ, уæдмæ. Дууæ адæймагемæй рауадæй еу…
* * *
Бæнтти тумбул цалх рæстæг размæ зелгæ цудæй дæндаггай.
– Зилди 360 градуси ку ес, анзи ба еци нимæдзæй 5-6 бони фулдæр. Зæнхæ дæр хори алфанбулай анзмæ еу устур зилд кæнуй, – æма мæмæ хъæбæр рагæй нурмæ дæр дессаг кæсуй: зилди градустæ анзи зилди æмбæрцæ цæмæннæ ’нцæ? Минкъийдæр цæмæ ’нцæ, мæ лимæн? – фарста Сахаригъæуи астæуккаг парки, Терки дони билгæрæнттæ тезгъогæнгæй, еу курхон зæронд физик инней.
– Цæмæй цард фулдæр уа, уой туххæй.
– Ами дæр физики бæрæг бæлвурд закъонтæ нæ косунцæ. Еци къуар бони, дæ закъонти сæрти рахезгæй, уарзондзийнадæ æхецæн бафтудта…
Уотæ куд дзурдтонцæ, уоци рæстæги ба дæллæй уæлæмæ сæ комкоммæ исцудæнцæ рæстæмбес кари рохсцæсгон лæг æма хуæрзконд, гурведауцæ силгоймаг æртæ гъонбæл сувæллоней хæццæ. Кæсæнцæститæгин ахургонд сæ æнæнгъæлæги бауорæдта:
– Бахатир кæнтæ, хуарз адæн. Сумах, финддæс анзей размæ, трамваййи нæ базонгæ айтæ? Кæд уæ нæ фæндуй, уæд ма дзуапп кæнетæ.
Лæг æма силгоймагæн сæ дес баримæхсун сæ цæсгæнтти бон не ’ссæй, уотемæй, бабæй, алкæди хузæн еумæ исдзурдтонцæ:
– Гъо… æма…
– Ма тухсетæ. Мах дæр еци трамваййи цудан. Кæд, мах куд æнгъæлæн, уотæ нивгунæй цæретæ, уæд, зæронд лæгтæ ан, ’ма нæ бон æнæ зæрдæдзоргæй рамæлун æй…
– Хуæрззæруай кæнетæ, нæ сахар ма сумахæй ку федауй, – загъта син и лæг фæлмæн цъухæй. – Уæ наукон куститæй мах сæрустур ан!
– Æгæр нæ ма ’ппæлетæ, неци нин бантæстæй: нæдæр – бийнонти царди, нæдæр – ахуради. Тæккæ дессагдæр наукæ уарзондзийнадæ ’й, маха æ дæллæйти дæр не ’руадан, – æма, сæ къохтæ ракъуæргæй, сæ лæдзгутæбæл æнцайгæй, дууæ зæронд лæги сабургай донгæнттæ дæлæрдæмæ раевгъудæнцæ. Лæг æма уосæ ба ма еу усмæ сахæй лæугæ байзадæнцæ, уæдта, кæрæдземæ зæрдибунæй байдзулгæй, и силгоймаг фæрраздæр кодта æхе:
– Æвгъайуаг адтæнцæ аци дууæ устур лæги, уотæ æнæнивæй фæццæрунмæ. Сæ еугур хъауритæ дæр ахурадæн равардтонцæ. Уоститæ син ку адтайдæ, æма син уæддæр еу фæйнæ зундгин сувæллони ку исæнтæстайдæ…
– Бæргæ, бæргæ! – исарази æй лæг. – Фал айдагъ сæхуæдтæ дæр берæ фæлтæрти бæсти бахъйамæт кодтонцæ. Æрмæст, сæхе уодтæн ба неци уоййасæ фæцæнцæ.
– Нур, уарзондзийнадæ ка нæ бавзаруй, етæ кутемæй фæццæрунцæ?! – æд дзуапп фарста равардта силгоймаг, æма, уой лæдæргæй, æ цардæнбал нецибал исдзурдта, уотемæй сæ бунатæй фенкъустæнцæ. Еу минкъий исцудæнцæ уæлæмæ, дондзæуæни нихæрдæмæ, уæдта бабæй æрлæудтæнцæ, сæхе дæлæрдæмæ рахаттонцæ æма дууæ курхон физиккей фæсте дзæвгарæ фæккастæнцæ, цалинмæ етæ дони билгæрон бæлæсти аууон нæ фæцæнцæ, уæдмæ.
Сæ цори ба сæ сувæллæнттæ игъæлдзæгæй гъазтонцæ. Дон сур-сургæнгæ евгъудæй. Бæласиккон мæргътæ зæллаг зартæ исамадтонцæ.
– Мамæ, папæ, гъæйдæ, цæуæнти, – зæгъгæ, син сæ адгин бæдæлттæ сæ думæггæгтæ райвазиуонцæ, æма дууæ уарзон уоди, кæрæдзей къохтæбæл æрхуæцгæй, сæ над идарддæр радардтонцæ…
СКЪОДТАТИ Эльбрус