22 декабря 2024

«АДÆЙМАГ АЛКÆДДÆР ГЪÆУАМА РАСТ ГЪУДДÆГУТÆ КÆНА!..»

28.04.2021 | 21:46

Гулути Андрейи имисуйнæгтæ Цæголти Геуæргий туххæй

Цæголти Михали фурт Геуæргий æмдзæвгити æмбурдгонд «Осетинские мотивы» («Ирон мотивтæ») æз бакастæн Октябри революций агъоммæ, 1908-1909 æнзти. Геуæргий æмдзæвгитæ хъæбæр фæццудæнцæ мæ зæрдæмæ. Берети си базудтон, киунугæмæ æнæ кæсгæй дæр, раст радзорун. Уæлдай хъæбæрдæр мæ зæрдæмæ фæццудæй æ зундгонд æмдзæвгæ «На могиле Коста Хетагурова». Еци рæстæги æз ахур кодтон Æрæдони семинари, некæд адтæн Дзæуæгигъæуи (нур сахар Орджоникидзе), æма мæмæ уотæ кастæй, «Ирон мотивтæ»-йи автор, – поэт Цæголти Геуæрги, – æ фæууинунмæ ин хъæбæр кæмæ бæлдтæн, е, æвæдзи, Дзæуæгигъæуи цæруй, зæгъгæ.

Куд ма гъуди кæнун, уотемæй Геуæргий хæццæ базонгæ дæн 1915 анзи. Уæд адтæн Дзæуæгигъæуи æма фембалдтæн Æмбалти Цоцкобæл. Цоцкой зудтон, Æрæдони ку ахур кодтон, уæдæй фæстæмæ. Загътон ин, Цæголти Геуæргий фæууинун мæ хъæбæр фæндуй, зæгъгæ. Цоцкомæ хуарз фæккастæй мæ фæндон æма мин уотæ бакодта:

– Хуарз, тæккæ аци бон дæ æз фæххондзæнæн Цæголи-фуртмæ, æрлæуун дæ кæндзæнæн æ цæхæрцæстити рази! Фæххудта ма Геуæргий фатермæ, Цæголи-фурт уæд цардæй Малорождественская гъæунги (нур Ирон литератури музей кæми æй, уордæмæ хæстæг).

Геуæргий фатермæ ку бацудан Цоцкой хæццæ, уæд е исистадæй стъоли разæй æма нин райарфæ кодта. Цоцко мин загъта:

– Мæнæ дин, фæууинунмæ кæмæ бæлдтæ, е æхуæдæг – финсæг Цæголти Михали фурт Геуæрги.

Мæн ба исхудта æригон поэт, Хетæгкати Къостай номбæл газет «Терек»-и æмдзæвгæ «У могилы Коста», зæгъгæ, ка ниффинста, е.

Геуæрги кæми цардæй, еци уат адтæй унгæг æма мæгургомау арæзт. Берæ нæ фæцан Геуæргимæ, уайтæккæ дæр рацудан. Цæбæл дзубанди кодтан уæд, уой дæр нур хуарз нæбал гъуди кæнун. Айдагъдæр ма гъуди кæнун Геуæргий дзубанди, Къостай номбæл ци æмдзæвгæ ниффинстон «У могилы Коста», зæгъгæ, уой туххæй. «Де’мдзæвгæ дзæбæх финст æй, ес дæмæ ацъагъуæ æма дæхебæл фулдæр косæ», – загъта мин Геуæрги. Уæдæй фæстæмæ зудтон Геуæргий æма ибæл æмбалдтæн ахид.

Ку ибæл исæмбæлинæ, уæд мин берæ фæдздзоридæ, Октябри революций агъоммæ ци гъезæмæрттæ фæккодта æма ци уæззау цард бавзурста, уой туххæй. Дзурдта, Стъараполи дини семинарий Помяловскийи уадзимистæ ке кастæй, уой туххæй æй куд рацох кодтонцæ семинарийи 1-аг къласæй.

– Хъæбæр зин мин адтæй, мæ ахурæй мæ ке рахецæн кодтонцæ, фал уæддæр мæ къохи бафтудæй хуæдахурæй мæхе бацæттæ кæнун, астæуккаг ахурдзийнадæ райсун, – дзурдта Геуæрги.

Геуæргий дзубандитæмæ гæсгæ, е берæ фæккуста алли прогрессивон газеттæ æма журналти редакцити æмкосæгæй. Куста Дзæуæгигъæуи, Калаки, Петербурги, мухур кодта статьятæ, очерктæ, æмдзæвгитæ, фельетонтæ. Паддзахи ахæстдони дæр фæббадтæй æ финстити туххæй.

Геуæрги мин уотæ радзурдта: «Калаки ку цардтæн, уæд æрцудæй уæхæн цау: Дзиуиттæгтæ исаразтонцæ съезд (цæй фæдбæл арæзт адтæй съезд, уой æз нæбал гъуди кæнун – Г.А.). Съездмæ æрæмбурд æй берæ адæм алли сахартæй. Æз æрвист адтæн съездмæ газети редакций корреспондентæй, ниффинстон статья съезди кусти туххæй. Редакци æй рауагъта. Иннæ газеттæ съезди туххæй неци ниффинстонцæ. Æма дессаг адтæй! Газети тираж уайтæккæ фæххæлеу æй, æлхæнунмæ ’й нæбал ирдтонцæ газеткæсгутæ. Съезди ка архайдта, етæ мæбæл æрæмбурд æнцæ æма мин арфитæ кодтонцæ».

Аци хабар дæр Геуæрги æхуæдæг ракодта. Куд ма гъуди кæнун, уотемæй е революций агъоммæ уруссаг символисттæ-декадентти зингæдæртæй еуей – Федор Сологубæй загъта: «Бакастæн ин е ’мдзæвгитæ æма си неци балæдæрдтæн». Геуæрги рафинста æмдзæвгитæ æма сæ равдиста газети редактормæ, цума уомæ ба куд фæккæсдзæнæнцæ, зæгъгæ. Редактор сæ ку бакастæй æма е дæр, неци си лæдæрун, зæгъгæ, ку загъта, уæд ин Геуæрги уотæ бакодта: «Мадта си æз дæр неци лæдæрун, æма кæд уотæ ‘й, уæд мин ме статья ниммухур кæнетæ газети». Редактор базудта, уаци Федор Сологуби æмдзæвгитæ критикæгонд ке цæунцæ, уой æма нæбал исарази æй уац рауадзунбæл. Загъта: «Не ‘мдзæвгити уæддæр цидæр гъудитæ ес».

Геуæрги куд радзурдта, уотемæй Калаки адтæй еуминкъий хуæрæндонæ. Уордæмæ хуæрунмæ цудæнцæ æхцайæй æнхæст ка нæ адтæй, уæхæн адæм. Хуæрæндони еу къуми, стъолбæл, уарзонæй æвæрд адтæй деденгутæй фæлуст гурдзиаг зундгонд финсæг Александр Казбегий хузист. Хуæрæндони хецау неке уагъта стъоли размæ – а устур кадгин бунат æй, ами Александр Казбеги бадтæй, зæгъгæ.

Революций агъоммæ Геуæрги куста циуавæрдæр хъазахъаг журнали редакций Петербурги æма мизд иста хъæбæр минкъий, æхе æма æ бийнонти дарунæн дæр ин фагæ нæ кодта.

– Уотемæй, – дзурдта Геуæрги, – исфæндæ кодтон мæхе рамарун. Рацудтæн цæугæдон Невай билæмæ, ислæудтæн хедбæл æма фæккастæн донмæ. Хъæбæр зин адтæй дони мæхе багæлдзун æма уотемæй рамæлун. Раздахтæн фæстæмæ…

Геуæрги куд загъта, уотемæй революций агъоммæ, е æ уадзимистæ финсун æма мухур кæнун ку байдæдта, уæд разиндтæй уæхæн ирон «интеллигенттæ» дæр, кæцитæ дзурдтонцæ: «Ес нæмæ еу ирон поэт Хетæгкати Къоста. Е нин фагæ адтæй. Цæмæн нæ гъæуй æндæр поэт – циуавæрдæр Цæголи-фурт?»

– Дессаг мæмæ фæккастæнцæ уæхæн æнæзунд дзубандитæ, – загъта Геуæрги. Советон хецауади фиццаг æнзти еухатт Геуæргий хæццæ бадтæн Дзæуæгигъæуи бульвари. Æрбацудæй нæмæ Арсæгти Горга. Бафарста Геуæргий:

– Ести финсис, Геуæрги Михали фурт?

Е ин уотæ бакодта:

– Финсгæ бæргæ кæнун, фал мин мæ финститæ нæ мухур кæнунцæ.

– Ка сæ нæ мухур кæнуй?

– Журнал «Горский вестник»-и редакци.

– Мадта дæ финст мæнмæ радтæ, æз æй редакцимæ бахæсдзæнæн.

Æз куд зонун, уотемæй Геуæрги æ легендæ «Два пастуха» равардта Горгамæ æма ’й æнæгъæнæй рауагътонцæ «Горский вестник»-и.

Геуæрги ниффинста Серго Орджоникидзей номбæл æмдзæвгæ æма ’й равардта Къосирати Сæрмæтмæ, фæххæссæ, дан, æй редакцимæ. Гъæуама, дан, æй газети рауадзонцæ. Сæрмæт Геуæргийæн куд радзурдта, уотемæй редактор не ’сарази æй æмдзæвгæ ниммухур кæнунбæл, циуавæрдæр дзурд, дан, си нæ лæдæруй, уæдта, дан, цæмæдæр гæсгæ дзурд «правда» æмдзæвги æ зæрдæмæ нæ фæццудæй.

Геуæрги бафарста:

– Редактор ирон æй æви уруссаг?

Сæрмæт загъта, уруссаг, дан, æй.

– Мадта зæгъетæ редакторæн: е ’взаг хуарз нæ зонуй, уæдта нæмæ советон газет «Правда» дæр мухургонд цæуй, е алкæмæн дæр зундгонд æй, – загъта Геуæрги.

Геуæргий æмдзæвгити æмбурдгонд «Ирон мотивтæ»-йи 1907 анзи мухургонд æрцудæнцæ уæхæн æмдзæвгитæ:

 

… На повороте мы… Могучею

волною

Нас скоро вынесет к заветным

берегам,

Туда, где нет цепей, где подлою

пятою

Палач не осквернит свободу

дивный храм.

 

Фарстон Геуæргий:

– Паддзахи карз цензурæ куд рауагъта уæхæн революцион æмдзæвгитæ?

– Рауагъта сæ! Мæхуæдæг дæр дес фæккодтон, куд сæ рауагътонцæ, уобæл, – загъта Геуæрги.

Геуæргий хæццæ кустон Хуæнхон республики адæмон комиссариати. Номхигъд исаразтан, ирон æвзагмæ раййевун ци аййев уадзимистæ гъæуй, уонæн. Номхигъди адтæй Бичер-Стоуи зундгонд уадзимис «Хижина дяди Тома», зæгъгæ, уой дæр. Рохсади комиссариатæй еу бæрнон косæг нæ арази кодта киунугути номхигъдмæ еци уадзимис бахæссунбæл, киристон дини менеугутæбæл финст æй, зæгъгæ. Геуæргимæ уæхæн цæстингас раст нæ фæккастæй, – киунугæ «Хижина дяди Тома», дан, негрти сæ уæззау цардæй исуæгъдæ кæнунбæл дзоруй, æма, дан, æнæгъæнæ дуйнейæн дæр зундгонд æй. Ескæд, дан, æхуæдæг балæдæрдзæнæй æ рæдуд.

Еске Геуæргий поэт ку исхонидæ, уæд зæгъидæ:

Æз поэт нæ дæн, æз журналист, публицист дæн. Ме ’мдзæвгитæ дæр мæнæн журналистикæ, публицистикæ ‘нцæ.

Поэт Малити Геуæргий хæццæ цубур рæстæги адтан Ирцæдеси инструктортæ-практиканттæ. Рарвистонцæ мæ Ирцæдеси коопераций бухгалтерти хæццæ Æрхонки станици туканмæ ревизи кæнунмæ, равардтонцæ нин командировки æхца дæр, куд ма гъуди кæнун, уотемæй цалдæр миллиони (уæд æхца миллионгай лæвардтонцæ). Рандæ дæн Æрхонкæмæ. Бапъиростæ æлхæнун мæ багъудæй, лæвардтон æхца тукани хецаумæ. Е æхца райсун нецæй туххæй бакумдта æма мин равардта уотемæй бапъиростæ. Адтæн æригон инструктор æма хуарз нæма зудтон хинцæнтæбæл нимайун. Бухгалтертæ мин загътонцæ:

– Кæд нимайун хуарз нæ зонис, уæд цо Дзæуæгигъæумæ (æвæдзи сæ хъæбæр дæр нæ фæндæ адтæй, æз сæ хæццæ куд адтайнæ, е). Рацудтæн надмæ, æнгъæлмæ кастæн, Дзæуæгигъæумæ ка цæуй, уæхæнмæ. Берæ фæккастæн. Уалинмæ бæхуæрдунæй надбæл рацудæй Сикъой-фурт. Æрлæудтæй, исбадæ, зæгъгæ, мæмæ фæдздзурдта. Дзæуæгигъæумæ мæ исхъæртун кодта. Лæвардтон ин æхца, фал е, цитæ дзорис, Андрей, зæгъгæ, æ бæх æрцæфтæ кодта æма рандæ ’й. Мæ миллионтæ æнæгъæнæй мæхемæ байзадæнцæ. Бацудтæн Ирцæдеси къассирмæ. Загътон ин, Æрхонкæй ке раздахтæн, ке неци исхарз кодтон æма æхца фæстæмæ ке æрбахастон.

– Е дин цанæбæрæг зин гъуддаг æй, ниффинсæ, гъе уойбæрцæ исхарз кодтон, – загъта къассир, – æма цæйбæрцæ ниффинсай исхарз кодтон, зæгъгæ, уойбæрцæ райсдзæнæ.

– Неци исхарз кодтон æма æхца райсун мæ бон нæй, – загътон ин æз.

Е æхебæл исхуæстæй: мадта, дан, дæ куд фæндуй, уотæ. Æз имæ мæ миллионтæ балæвардтон æнæгъæнæй. Банимадта сæ къассæмæ фæстæмæ лæвæрд æхцабæл. Уотемæй ба мæ дзиппи еу къапекк дæр нæбал адтæй æма мæ бийнойнаги хæццæ нæ фатери æнæ ’хцайæй байзадан.

Аци даргъ хабар уой туххæй ракодтон, æма ’й уæд Цæголти Геуæргийæн радзурдтон. Æма мин уæд е уотæ загъта:

– Хуарз бакодтай, Андрей. Кæддæриддæр уотæ кæнун гъæуй. Адæймаг алкæддæр гъæуама раст гъуддæгутæ кæна!..

…Нур дæр ма мæ зæрдæбæл лæуунцæ, Цæголи-фурт, мæ хæццæ дзубанди кæнгæй ци гъудитæ загъта, уонæй еуæй-еуетæ:

***

Зæнхæбæл рæстдзийнадæй хуæздæр неци ес, æма адæймаг кæддæриддæр æма кæмидæриддæр гъæуама рæстдзийнадæбæл дзора.

***

Нæ Райгурæн бæсти цъетегун хуæнхтæ идардæй рæсугъд фæззиннунцæ, фал сæмæ уæлæмæ ку иссæуай, уæд хъæбæр уазал æма карз æнцæ.

***

Поэтæн силгоймаг уарзуни туххæй финсун уоййасæ пайда нæй, финсун гъæуй адæми зиндзийнæдти æма адæми цард фæххуæздæр кæнуни туххæй.

Финсæг уотæ ку гъуди кæна, мæ уадзимистæ мин гъæуама иннети уадзимистæй бæрзонддæр бунати æвæронцæ, зæгъгæ, – е финсæгæн хуарз æнкъарæн нæй.

***

Оригиналон финсæг исуон, зæгъгæ, уомæ туххæйти тундзун нæ гъæуй. Кæд искурдиадæгин финсæг дæ, уæд дæмæ оригиналондзийнадæ æхуæдæг æрцæудзæнæй.

***

Поэт иннæ искурдиадæгин поэтти æмдзæвгитæ æ зæрдæбæл ку бадара æма сæ, æнæ киунугæмæ кæсгæй, ку радзора, уæд еци поэтæн е æй æцæг поэти менеугутæй еу.

***

Еуæй-еу адæймаг зингæ æхсæнадон бунат ку фæййахæссуй, уæд дæлдæрти нæбал фæууинуй. Фал æй æ бунатæй ку исесунцæ, уæд дæлдæрти райдайун уинун.

***

Хетæгкати Къоста, гъай-гъай, устур поэт æй. Е ’мдзæвгитæ «Иссякла мысль», «Тяжело» мæ зæрдæмæ хъæбæр цудæнцæ, революций агъоммæ уæззау царди туххæй финст æнцæ, зæгъгæ. Фал ку базудтон, силгоймаг уарзуни фæдбæл финст æнцæ, уой, уæд мæ зæрдæмæ уотæ нæбал цудæнцæ.

***

Алли финсæгæн æ бон роман ниффинсун нæй. Ку ’й ниффинса, уæддæр ин нæ рауайдзæнæй. Роман ниффинсуни искурдиадæ кæмæ ес, æрмæст уæхæн финсæг ниффинсдзæнæй роман.

***

Устур финсгутæ ес æма минкъийдæр финсгутæ нæ гъæунцæ, зæгъгæ, уæхæн гъуди раст нæй: устурдæртæ æма минкъийдæртæ – алке дæр си æхердигонау равдесуй царди фæззелæнтæ.

***

Фæууй уотæ дæр: – финсæг ниффинсуй критикон статья æма ’й ниммухур кæнуй. Уæдта имæ уотæ кæсун байдайуй, цума е статьяй гъудитæ раст нæ адтæнцæ æма е статья фендæрхузон кæнуй. Уотемæй ба æ фиццаг финсти гъудитæ раст фæуунцæ.

***

Большевиктæ (коммунисттæ) раст нæ балæдæрдтæнцæ К. Маркси ахурадæ, зæгъгæ, ка фæззæгъуй, уæхæнттæ дæр разиннуй. Фал етæ дзæгъæл дзубандитæ ‘нцæ. Большевиктæ хъæбæр раст балæдæрдтæнцæ Маркси ахурадæ.

 

Æ рамæлунмæ хæстæг Геуæрги ниффинста агъазиау поэмæ «Здесь и там». Поэмæ адтæй финст уруссагау (æ уадзмистæ сæ еугурдæр уруссагау финст æнцæ; дигорон диалектбæл айдагъдæр еу æмдзæвгæ ниффинста – «Дацци, Дацци»). Æз бакастæн къохфинстæй Геуæргий фæстаг поэмæ.

Куд ма гъуди кæнун, уотемæй æ сæйраг гъуди адтæй уæхæн: советон адæми цард берæ хуæздæр æй Америки адæми цардæй. Поэмæ не ’рцудæй мухургонд. Ци фæцæй, е абони дæр бæрæг нæма ‘й.

Æ цард æма е ’хсæнади кусти туххæй Геуæрги ниффинста имисуйнæгтæ. Етæ абони дæр къохфинстæй лæуунцæ Цæгат Иристони наукон-æртасæн институти архиви.

Æвæдзи, ескæд мухури рацæудзæнæнцæ, æма киунугæкæсгутæ лæмбунæгæй базондзæнæнцæ зингæ финсæг Цæголти Геуæргий цард æма исфæлдистадон нади хабæрттæ.

1966 анз.