Æ УОДИКОНД − ÆХСАРГИН, ÆХСАРГИН АДТÆЙ Æ ТОХ ДÆР!..
ИРЫСТОН
Нæ уарзæм нæ бæстæ, ныууагътам нæ хох,
Кæмдæрты дзæгъæлзад, дзæгъæлмард кæнæм,
Фæкодтам нæхи ’гъдау, нæхи ’взаг бынрох,
Кæмдæрты сылæмгад кæрдзынтæ хæрæм.
Урс сынтау, сæфдзæни нæ мыггаг, нæ кой,
Исчи-ма зæгъдзæни: уæдæсты кæддæр.
Агурæм кæмдæрты нæ удæн æнцой,
Нæхицæй ыскæнæм искæмæн кæсдæр.
Ирон лæг, дæ бæстæ сагъæстæй хъæрзы,
Ныууагътай сидзæрæй дæ гуырæн бæстæ;
Чидæр дын дæ тугæй рувæстæ хæссы,
Фæлыгътæ кæдæмдæр кæрдзынты фæстæ.
Æгъдау дæ ныббаста, нал дын ис гæнæн,
Æрду дæр дæ бон нæу, æнцад лæу фысау!
Раджы дын ыскодта Хинæйдзаг кæлæн,
Йæхи дæм равдыста, сауæрфыг чызгау…
Сау хæхты, сау хъæдты уæгъд удтæ, сынтау.
Нæ зыдтой цагъарад, нæ зыдтой æлдар.
Æгъдау дæ ныббаста, мауал кæс сырдау, –
Бацагур дæхицæн зондхæссæг æмгар.
Амондæй цух уыдтæ раджы дæр бæргæ,
Нæ зыдтай рæстæгæн йæ фæстаг бæллон;
Домбайау, фæхаттæ сау хъæдты, нæргæ,
Æгъдау дын ныббаста дæ фæстаг кæрон.
Ныр дæр ма зоныс, куыд сæфы дæ кой,
Цаддонау, лæдæрсы денджызмæ дæ уд…
Нал арыс дæ бæстыл хорызад кæфой,
-Æркæс-иу дæ митæм, дæхиуыл фæхуд.
Нæ сæфы иу боныл дзыллæтæй мыггаг,
Иутæ иннæтæм æнцад лæдæрсынц…
Ирыстон, базон æй, дæ сæфты хъуыддаг, –
Дæ зæнæг кæмæндæр сæхи фæдзæхсынц.
Абон дæм хорз кæсы минæстæ кæнын,
Райсом дæм æркæсдзæн ыстыр маст, хъæрзын…
Хуыздæр у дæ бæстыл райгуырын, мæлын,
Мæлæт у искæмæн тæбæгътæ сæрфын.
Ма ныууадз иудадзыг дæ зæнæг дзæгъæл,
Ма бауадз сабиты мыдадзау, тайын;
Исчи дыл æркалдзæн сызгъæрин цæхæр,
Ма баком, Ирыстон, искæмæн сайын!..
БÆРЗÆФЦÆГÆЙ Хъуди коммæ никкæсæни, поствæндаг бæттæнтохæгау къæдзæ-мæд-зтæ кæми райдайуй, уоми ирон бæлццæнттæй алкæддæр фегъ-осдзæнæ коми дæллаг фахсмæ амонгæй: «Уартæ Ганис – Секъ-ай гъæу… Азау æма Тайморази цирт…» Аллихатт мæ зæрдæбæл æрлæуунцæ, радзурди кæрон, æносон циртдзæвæни хузæн ци дзурдтæ ес, етæ: «Таймораз æма Азауи циртбæл устур сибулдзæ бæласæ абони дæр дзиназуй Ганиси уæлмæрдти».
Ганиси уæлмæрдтæй дзæв-гарæ дæлдæр лæууй æндæр циртдзæвæн дæр, зæронд ихæлд мæсуг, æлдари мæсуг, фал уой некебал зонуй, феронх æй ходуйнаги игаки хузæн. Уоми цар-дæй, уоми фæммард æй адæми къохæй Арагуй Еристау æлдар. Зæрдæбæл æрлæуунцæ Секъай дзурдтæ: «Æнай-æнойти кæрдтæ фескъот кодтонцæ, мæсуги фæр-стæ ферттивтонцæ æма æлдарæй иуонг-иуонгбæл нæбал райзадæй, галауани астæу цъæх фæзæ-бæл æ тог райвулдæй. Адæм сæ кæрдтæ расæрфтонцæ æма рандæнцæ. Айдагъдæр ма игъустæй æлдари мæсугæй æ уоси гъарæн-гитæ. Уæдæй фæстæмæ Арагуй еристау æлдари хæдзарæ фед-зæрæг æй, айдагъ ма си мæргътæ ахæстдæнттæ кæнунцæ».
Дууæ хузи, дууæ символи, нæ финсæги зæрдихатт æма дуйнелæдæрундзийнади дууæ бæрзонд менеуæги æвдесæг. Еу рауæн лæууй бæрзонд, къабаз-гин сибулдзæ æносон цардау, æведуйгæ кади зарау æма нур дæр дзиназуй æма заруй цæрун-гъæуагæ Азау æма Тайморази рæсугъд цард æма æскъуæлхт мæлæтбæл. Иннæ рауæн къæй дортæ рæдзæгъдæй лæуунцæ, ходуйнаги æвдесæнау, æма мæ-сугфарси топпуадзæнти мæргъ-тæ астъæнттæ кæнунцæ.
Уотæ ’й Секъай аййевадæ. Е æргом æвдесуй кæддæриддæр æ хæран дæр æма æ уарзондзийнадæ дæр. Æвдесгæ ба сæ уотæ аййев æма тухгин кæнуй æма, кæд берæ рæстæгутæ райевгъу-дæй, Арагуй уолæнтау, Таймораз æма Азауи, уæдта Еристау æл-дари таурæхътæбæл, уæддæр ма абони дæр сæ еуети уарзæн Секъай уарзтæй, иннетæмæ хæс-сæн Секъай хæран. Е ба ’й тæк-кæ бæллеццагдæр фæндæ алли финсæгæн дæр. Е æй финсæгæн æ искурдиади æма æ адæмонд-зийнади критери, æнæмæнгæ æв-десæн. Дзурд дæр ибæл нæййес, Секъай фæсте ирон литературæ размæ цудæй, æййивтонцæ æма æййевунцæ нæ прози, уæдта нæ поэзий аййевади æууæлтæ дæр, царди хæццæ еумæ гъæздугдæр æма вазуггиндæр кæнунцæ. Фал цæйбæрцæфæнди ку исирæза нæ национ аййевадæ, уæддæр Секъай уадзимистæ уодзæнæн-цæ цардæгас æма уарзон ирон дзиллæн, адæймагæн æ рагуалд-зæг куд æнцон фæууй цæрæн-бонтæмæ, уотæ.
Секъа – нæ аййев прози тухгин æма бæрзонд райдайæн, æведуйгæ оригиналон поэт, дæс-ни публицист. Абайти Васо куд зæгъуй, уотемæй Къостай фæсте æй «нæ финсгутæй сæ еугуре-мæй адæмондæр финсæг».
Дзæвгарæ бунтæ ниууагъта Секъа ирон национ аййевадæн, фал нуртæккæ сæ еугуребæл дзоруни фадуат нæййес нæ газети фарсбæл. Секъай цард æма аййевадæ берæ дзоруйнæгтæ сайунцæ сæ фæдбæл. Уони туххæй дзурд цæуй æма никкидæр цæудзæнæй. Фал нуртæккæ, Секъай кади ном имисгæй, ка ’й зонуй, фиццаги-фиццагидæр, дзорун гъæуй æ аййевади фæн-зуйнагдæр менеугутæбæл, нæ абони литератури ирæзтæн тæк-кæ агъазиаудæр ка ’й, уонæбæл.
Секъай исфæлдистади мене-угутæй мæнмæ тæккæ агъазиау-дæр, тухгиндæр æма фæнзуйнаг-дæр кæсуй бæрзонд, тохгæнæг, хъайтар характертæ хузæ кæ-нуни аййевадæ.
Зундгонд æй алкæмæндæр, Секъай доги нæ адæм ци национ æма социалон æфхуæрд æййаф-тонцæ, е. Зундгонд æй е дæр, æма еци æфхуæрди нихмæ исд-зорун, Секъайæн æхе загъдау, «цæттæ мæлæт» ке адтæй.
Устур лæгдзийнадæ гъудæй еци доги нихмæ исдзорунæн нæ, фал æ уорамунæн дæр. Æно-сти æфхуæрд адæймаги зæрди лæгдзийнадæ ке кунæг кæнуй, е дæр бæлвурд æй, фал Секъа уæддæр æ адæми национ харак-терæй равзурста зари сæйрагæн лæгдзийнадæ, æфхуæрди них-мæ тохи нифс ка дæттуй, сæре-барæ æма лæги намуси туххæй «цæттæ мæлæтæй» дæр ка нæ тæрсуй, еци лæгдзийнадæ. Уæ-хæн лæгдзийнадæ ба нæ адæми уодигъæди сæйраг менеуæг ке адтæй æности дæргъи, уобæл Секъа дузæрдуг некæд кодта.
Секъай тæккæ арфдæр, тæк-
кæ зæрдиагдæр, тæккæ бæллеццагдæр фæндæ адтæй сæребарæ, адæми сæребарæ национ æма социалон æфхуæрдæй. Фал еци æфхуæрдæй фæййервæзун, еци сæребарæ иссерунæн адтæй ай-дагъдæр еунæг фæрæзнæ – сæру-æлдай тох. Еци унгæг тох ба домд-та æгæрон лæгдзийнадæ. Уæхæн æй Секъай исфæлдистади æма дуйнелæдæрунади бундорондæр медлогикæ, идейон-эстетикон мæ-суг. Гъе уой туххæй мæмæ кæсуй Секъа лæгдзийнади кадæггæнæг.
Скъоладзауи карæй фæстæ-мæ лæуунцæ нæ зæрдæбæл Секъай исфæлдесгæ хъайтар фæлгонцтæ: Азау æма Таймо-раз, Айссæ, Дауита æма Ахмæт, Тугъан æма Марине, Зæлда æма Хъази, Диса æма Сафиат, Садул-лæ æма Манидзæ, Джиргол æма Гурдзихан, Тамар æма Хъазара, Хъуди Цæппо æма е ’мбæлттæ, курухон лæгтæ Дзанайти Тохти æма Рубайти Мистъала…
Æндæр æма æндæртæ ’нцæ, æдеугурæй уодæгас фæлгонцтæ карæй, уодигъæдæй, зундæй, дзурдарæхстæй, фал сæ еугу-ремæн дæр еумæйаг æнцæ уæ-хæн менеугутæ: лæгдзийнадæ, сæребарæуарзон, лæги боц ном тæккæ бæрзонддæр дарун. Секъ-айæн айдагъ æ эпикон уадзими-сти нæ, фал æ лирики дæр аци менеугутæ æнцæ сæйраг. Секъа æ адæми национ уодигъæдæй рартаста аци менеугутæ куд тæк-кæ бундорондæр, æма æ кади зар нивæнстæй уонæбæл.
Секъа бæгъатæр лæг æма нифсхаст поэт адтæй. Зæнхкосæг – е хъæбæр хуарз зудта, хуæн-хаг адæм куд хъæбæр тухсунцæ æнæ зæнхæ æма æдзохдæр «æ гъарæнги» дæр зæнхи кой кодта, æ публицистики дæр, фиццаги-фиццагдæр, зæнхæ æрагурдта адæмæн. Адæмæн æууæнки лæг, е паддзахи хецауадæмæ (Паддза-хадон Думæ) æвзурстити рæстæ-ги раргом кодта хецæутти сайæн миутæ сауæнгæ паддзахи уæнгæ.
Секъай уодигъæди берæ фæнзуйнаг менеугутæн сæ сæй-рагдæртæй еу адтæй лæгдзийна-дæ. Нæ бон æй федарæй уотæ зæгъун, æма Секъа нифсхаст адтæй, куд царди хабæртти, уотæ исфæлдистади дæр, æхуæдæг æхсаргин уогæй, адтæй æхсари кадæгæнæг…
НАФИ.
1965 анз.
РЕДАКЦИЙÆЙ: Гæдиати Секъай уадзимистæмæ лæм-бунæг ку æркæсæн, уæд си бæлвурдæй рартасдзинан сæ еумæйаггæнæг гъуди. Растдæр зæгъгæй ба – æ зæрдта-гон бæлдæ: кæдимайди ба нæ Иристони цардарæзти алци-дæр уа райдзаст æма федау-цæ, цæмæй тæккæ хиццагдæр хузи уа нæ размæцуди алли гъуддаг дæр, цæмæй бæрзонд цæстиварди уæн иннæ адæм-ти æхсæн. Е ’мдзæвгитæй еуеми хумæтæги нæ бабæлд-тæй: «Кæд мах туххæй дæр еске хуарз зæгъидæ…»
Никки ма уой дæр зæгъун гъæуй, æма Секъа æ рæстæги нæ адæми цардиуаги цæй фæд-бæл гъенцъун кодта, уонæй берæ цидæртæ абони дæр ма нин сагъæссаг æнцæ. Уомæн æвдесæн æнцæ æ новеллитæй абони ке мухур кæнæн, етæ.
Гæдиати Секъа зæрдристæй финста: «Медæггагон лæгъуз æгъдæут-тæ хъæбæрдæр исцубур кодтонцæ ирон адæми æма ма сæ никкидæр цубур кæнунцæ. Цæветтонгæ, кæрæдзей медæгæ буцæутæ кизгæ-скъæфæнтæ, марунтæ, тогесæнтæ æнæгъдау хиститæ, бадæнтæ, догътæ… Еудзурдæй, бæрæгбæнттæн сæ фулдæр ирон адæмæн хистгæнæн бæнттæ иссæнцæ.