АДТÆЙ ФÆСЕВÆДÆН СÆ РАЗАМОНÆГ ДÆР ÆМА ГЪОМБÆЛГÆНÆГ ДÆР
Къари: (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ) бадунцæ: Касюкова Таисия – фæскомцæдеси обкоми секретарь, Гуæцæлти Валя – фæскомцæдеси Ирæфи райкоми фиццаг секретарь, Булацати Хазби – фæскомцæдеси обкоми фиццаг секретарь, Цæллагти Аллæ – фæскомцæдеси Алагири райкоми фиццаг секретарь, Бедойти Тамарæ – фæскомцæдеси Орджоникидзей райкоми фиццаг секретарь. Лæуунцæ: Дзиццойти Хасан – фæскомцæдеси обкоми оргархайди сæргълæууæг, Грицюта Александр – фæскомцæдеси Мæздæги райкоми фиццаг секретарь, Къозонти Мурат – фæскомцæдеси обкоми дуккаг секретарь, Хъалати Сашæ – фæскомцæдеси Дигори райкоми фиццаг секретарь, Лашманов Валентин – фæскомцæдеси Горæтгæрон райкоми фиццаг секретарь, Плахтий Сергей – фæскомцæдеси Орджоникидзей горкоми фиццаг секретарь, Фидарати Хъазбег – фæскомцæдеси Кирови райони фиццаг секретарь, Болиати Зелимхан – фæскомцæдеси Рахесфарси райкоми фиццаг секретарь, Ардасенти Георги – фæскомцæдеси Æрæдони райкоми фиццаг секретарь.
Къарæ ист æрцудæй 1961 анзи.
Мæнæ дæлдæр ци æрмæг бакæсдзинайтæ, уой мухур кæнæн цалдæр гъуддагемæ гæсгæ. Еуемæй си дзубанди цæуй, советон доги зундгонд фæскомцæдесон архайæг, филологон наукити доктор, Ленингради паддзахадон университети журналистики факультети раздæри декан Булацати Сергейи фурт Хазбийи туххæй, æма уой райгурдбæл дæс æма цуппаринсæй анзи ке исæнхæст æй (1932-1984), уомæ гæсгæ. Иннемæй ба, куд зонетæ, уотемæй аци анз Уæрæсей нæ бæсти Президенти унаффæй нимад æй æнæматериалон культурæ æма адæмон исфæлдистади Анзбæл, æма, уой фæдбæл нæ газети ци сæрмагонд æфтауæн уадзæн, уоми ин сæрмагондæй имисæн æ рохс ном. Уомæн æма журналистикæ, дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæ ‘нцæ нæ национ культури къабæзти ‘хсæн æмсæр къабазæ. Уомæн æвдесæн Булацай-фурти цардвæндаг æма исфæлдистадон архайд дæр.
АДÆЙМАГ ЦИТГИЙНАГ ФÆУУЙ Æ АРФИАГ ГЪУДДÆГУТÆЙ…
Булацати Сергейи фурт Хазби райгурдæй Ногири гъæуи 1932 анзи 4 майи. Цæйбæрцæдæр рæстæги фæсте бийнонтæ сæ цæрæнбунат раййивтонцæ Дзæуæгигъæумæ. Ами ахур кодта 30-аг астæуккаг скъолай, уой фæсте ба æнтæстгинæй каст фæцæй Ленингради Ленини æма Фæллойнадон Сурх Турусай ордентæхæссæг паддзахадон университети (уæд ма А.А. Жданови ном хаста) журналистики факультет. Æ дæснийадæбæл косунмæ ’й рарвистонцæ Липецки облæстмæ. Фиццаг анз куста Краснински райони газет «Краснинская правда»-йи хайади сæргълæууæгæй, уой фæсте ба – Липецки облæстон фæсевæдон газет «Ленинец»-и. Æртæ анзи си бакуста. Уæд е æнæмæнгæ гъуддаг адтæй. Уоми æхе равдиста дæсни журналистæй æма æхсæнадон архайæгæй. Уой туххæй бæрзонд цæстиварди адтæй, уарзтонцæ ‘й æма ин кодтонцæ кадæ.
Цæйбæрцæдæр рæстæги фæсте исæздахтæй Цæгат Иристонмæ æма косун райдæдта газет «Молодой коммунист»-и. Уайтæккæ ибæл сæ цæстæ æрæвардтонцæ республики разамонæг косгутæ æма ‘й байагурдтонцæ косунмæ фæскомцæдеси Цæгат Иристони обкоми аппаратмæ. Æма æхе бавдиста куд фæсевæди раздзæуæги менеугутæй æнхæст, æригæнтти æхсæн куст райаразунмæ арæхстгин, сæ хæццæ дзубанди кæнунмæ дæсни, нæуæг арфиаг гъуддæгутæмæ сæ разæнгардгæнæг, фæлмæнзæрдæ, кустуарзагæ. Æма ин хестæртæ дæр аккаг аргъ куд нæ искодтайуонцæ æ еци ацъагъуитæмæ гæсгæ – цубур рæстæги фæсте æй куд фæсевæди уарзон æмбал æма искурдиадæгин раздзæуæг, уотæ равзурстонцæ ФÆЛКЦ-и Цæгат Иристони обкоми фиццаг секретарæй. Æ еузæрдиуон куст хуарзæрдæмæ фæззиндтæй куд фæскомцæдеси облæстон комитети, уотæ нæ республики еугур фæскомцæдесон организацити архайдбæл, еугур республики фæсевæди цардбæл. Бæрзондæй-бæрзонддæр кодта æ кадæ, æ ном. Уомæн æма адтæй искурдиадæгин, фæсевæдбæл рæстуодæй ауодагæ, дæсни гъомбæлгæнæг, арæхстгин, кустбæл æновуд, рæстзæрдæй домагæ разамонæг.
Куд фæсевæди раздзæуæг, уотæ æ дæсни архайди туххæй берæ дæнцитæ æрхæссæн ес, фал уони нимайунæн нин фадуат дæр нæййес, уæдта нæ абони дзубанди дæр æндæр фарстай фæдбæл æй – разамонæг адæми размæ æ ихæс куд лæдæруй æма уомæ гæсгæ гъæуама куд æнхæст кæна æ сæйрагдæр ихæс, гъома, адæми цардиуаги фарстатæмæ лæмбунæг ун, гæнæн æма амал ци ес, уомæй сæ гъæугæ хузи аразун.
Уомæ гæсгæ ба æримисдзинан Булацати Сергей фæскомцæдеси Цæгат Иристони обкоми фиццаг секретарь ку адтæй, æ уæди кусти хабæрттæй цалдæр.
…Хазби æ косæнуати цидæртæ архайдта, уотемæй имæ дуар кадæр æрбахуаста.
– Æнгъезуй уæмæ? – æфсæрмигæнгæй æрбакастæй хуæрзæригон биццеу.
– Медæмæ, – дзуапп равардта Хазби, æма ин æ къохæй райамудта, хæстæгдæр рацо æма исбадæ, зæгъгæ.
Биццеу цалдæр къахдзæфи бакодта æма бабæй æрлæудтæй. Хазби балæдæрдтæй, цæбæлдæр ке тухсуй уой, фал æй зæгъун ба ке нæ фæразуй. Цæмæй æй фæрразæнгарддæр кæна, уой туххæй бадæнæй исистадæй, æ къох ин райста, къелабæл æй исбадун кодта æма, цума рагæй зонгæ адтæнцæ, уой хузæн æй бафарста:
– Ци хабæрттæ дæмæ ес?
Биццеу фæннифсгундæр æй, æма сæрæй-бунмæ æ хабæрттæ ракодта…
Руслани (уотæ хундтæй биццеу) мадæ дуккаг хатт лæгмæ ‘рцудæй. Цардæнцæ Астæуккаг Азий. Æ мади лæги хæццæ нæ федудтонцæ. Аллибон – хилтæ. Истухстæй. Æ бон ку нæбал адтæй, уæд сæ хæдзарæй рацудæй. Иссудæй Иристонмæ. Æнгъæл адтæй, Орджоникидзей (нури Дзæуæгигъæу уæди рæстæгути уотæ хундтæй – Ред.) æй æ хæстæгутæ байуазæг кæндзæнæнцæ. Фæррæдудæй. Уазал цæстæй имæ ракастæнцæ. Æма бабæй уордигæй дæр рацудæй. Цалдæр æхсæви вагзали фæцæй. Идарддæр уотемæй цæрæн ке нæййес, уой бæргæ лæдæрдтæй, фал ци кæна?.. Кадæр æй фæскомцæдеси обкоммæ исаразта – фæййагъаз, дан, дин кæндзæнæнцæ, зæгъгæ…
Хазби арф ниууолæфтæй. Ка ’й зонуй, æма еци сахат æ цæститæбæл рауадæнцæ æхе сабийбонтæ. Ниййергути рæвдуд нæ бавзурста. Æртæ анзи ибæл æнхæст нæма цудæй, уотемæй рамардæй æ мадæ. Гъомбæл кодта аллирауæнти. Цъухи фæлмæн дзурд дæр имæ ке некæд неке искодта, зæрдтагон рæвдудæй æнæхай ке адтæй, е еудадзугдæр æ зæрдæбæл лæууй. Уæдта си, æвæдзи, æгириддæр некæд феронх уодзæнæй…
Æнæдзоргæй уати хецау æма æ иуазæг дзæвгарæ ралæудтæнцæ. Уæдта Хазби æнай-æнойти фегъæлдзæгхуз æй.
– Тæрсгæ ма кæнæ!.. Фæййагъаз дин кæндзинан…
Телефонæй цалдæр рауæнемæ радзурдта. Фæстагмæ ке хæццæ дзубанди кодта, уой дзуаппæй аразийæй байзадæй. Сæ дзубанди ку фæцæй, уæд Хазби исистадæй æма Русланмæ дзоруй:
– Цæуæн. Сахæттæгæнæн заводи мин зæрдæ байвардтонцæ…
Игъæлдзæгæй рацудæнцæ директори уатæй.
– Раздæр бал ракосдзæнæ ахургæнуйнагæй, – Руслани усхъæбæл æ къох æрæвардта Хазби. – Æцæг мæ куд некæд фæкъкъæндзæстуг кæнай, уотæ. Мæнæ дин æхца. Бафеддзæнæ си æмдзæрæни аргъ. Атæ ба дин хуæрунæн. Цалинмæ мизд есай, уæдмæ дин фагæ ‘нцæ.
Æ УСТУРДÆР ЦИЙНÆ УИДÆ, Æ ХУАРЗ КУ ФÆРРÆСТМÆ УИДÆ…
Биццеу фурæфсæрмийæй ци фæцайдæ, уой нæбал зудта. Ци дессаги хуарз адæймаг æй, зæгъгæ, дестæ кодта Хазбибæл – абони ’й бафæсмардта, уотемæй ибæл куд хъæбæр тухсуй – куст ин иссирдта, æмдзæрæни цæрдзæнæй, никки ба ма ин æхе æхцатæ дæр равардта.
– Райсæ, райсæ, кенæдта мæн дæр цæун гъæуй, – æ гъудитæй æй «фæййервæзун» кодтонцæ Хазбийи нифсдæттæг загъд.
Руслан, «нæ», зæгъгæ, цалдæр хатти бæргæ бакодта, кæд æй еци æхцати сæр æнæмæнгæ гъудæй, уæддæр, фал æй Хазби исарази кодта.
Рацудæй дзæвгарæ рæстæг. Еу бон Хазбийи косæнуатмæ æрбацудæй Руслан. Нæуæг костюм ибæл. Хазби æй ку рауидта, уæд æ цæсгон цийни уолæнтæй ниррохс æй. Лæхъуæнæн æ къох еуцæйдæрбæрцæдæр рæстæг нæбал исуагъта.
– Кæдæй-уæдæй ма дæ фæууидтон, – загъта Хазби. – Куд æнцæ хабæрттæ?
Æма бабæй Руслан ракодта æ хабæрттæ, аци хатт зингæ зæрдрохсдæрæй. Заводи косгутæ имæ фиццаг бонæй фæстæмæ сæ цæстæ дардтонцæ. Лæхъуæн зæрдæргъæвд разиндтæй æма кустбæл уайтæккæдæр фæццалх æй. Нур æхуæдæг иннетæй лæгъуздæр нæ арæхсуй. Раздæр дæр бæргæ æрбацудайдæ Хазбимæ, фал, цалинмæ ахургæнуйнаг адтæй, уæдмæ ‘й нæ фæндадтæй æ хæццæ фембæлун. Гъæуама ’й е дæсни косæгæй фæууина. Абони фиццаг мизд райста. Æвддæсанздзуд лæхъуæн æхецæн æхе харзæй нæуæг дзаумæуттæ балхæдта æма æ хуæрзгæнæгмæ æрбацудæй арфæ кæнунмæ.
– Ци хуарздзийнадæ дин фæууон, уой нæ зонун, – фурæфсæрмийæй æ цæсгон ниссурх æй, уотемæй загъта Руслан.
Хазби ин æ еци дзубанди фæууорæдта:
– Косун ке райдæдтай æма дæ де ’мбæлттæ ке æстаунцæ (Хазби заводмæ телефонæй ахид бадзоридæ, уæ нæуæг косæг куд æй, зæгъгæ, рафæрсидæ), уомæй хуæздæр мæ неци гъæуй.
ХУÆРЗГÆНÆГÆН Æ АМОНД – ЕСКÆМÆН ФÆЙЙАГЪАЗ КÆНУН
Адæймагæн фæййагъаз кæнун, тухст уавæри æ фарсмæ æрбалæуун, æ сагъæстæ ин балæдæрун – етæ адтæнцæ, Булацати Хазбийи уодиконди хуæрзæригонæй фæстæмæ ка ниффедар æй æма æ царди еугур фæззелæнти дæр федарæй хуæст кæбæл адтæй, æ еци менеугутæ. Уонæбæл æ зæрдæ некæд раййивта скъолай дæр, Ленингради паддзахадон университети дæр, Липецки æма Иристони фæсевæдон газетти косгæй, фæскомцæдеси Цæгат Иристони обкоми фиццаг секретарь уогæй, Ленингради паддзахадон университети аспирантури ахур кæнгæй, фæстæдæр ба си ахургæнæгæй дæр æма бæрнон бунæтти дæр косгæй.
Еу рæстæг Хазби хъæбæр фæссæйгæ ’й. Æртæ мæйей бæрцæ фæцæй сæйгæдони. Цудæнцæ имæ хæстæгутæ, зонгитæ. Хабар байгъустæй Дзæуæгигъæуи 30-аг скъоламæ дæр. Куд нæ адтайдæ гъулæг ахургæнгутæн, сæ раздæри хуæздæр скъоладзаутæй еу тухст уавæри ке æй, уой фегъосун. Æма имæ æрбацудæнцæ сæйгæфæрсæг.
– Александрæ Агафонова æма Мария Назарова къæсæрæй ку ’рбакастæнцæ, – имиста уой фæсте Хазби, – уæд фурцийнæй мæ цæстисугтæ æркалдæнцæ. Мæ нез дæр ми феронх æй…
Еци бон берæ кедæрти æримистонцæ. Цæмæдæр гæсгæ сæ зæрдæбæл æрлæудтæй скъолай хими æма биологий ахургæнæг Елизаветæ Куропаткина. Хуарз адæймаг адтæй. Нуртæккæ Дзæуæгигъæуи музыкалон-драмон театри алливарс ци бæлæстæ ес, уони бунати раздæр хæмпæлтæ задæй. Елизавети бафæндадтæй уоми бæлæстæ ниййаразун. Кæцæйдæр æрхаста берæ талатæ. Мах сæ, имиста Хазби, зонгæ дæр нæ бакодтан æма сæ нæ ахургæнæги фæндонмæ гæсгæ ниййаразтан не скъолай дæллаг фарс. Нур си цæййасæ бæлæстæ исирæзтæй!.. Сæ буни даргъ къелатæ, парки хузæн. Елизаветæ нæбал æй, фал æ фæд ба арфиагæй зæнхæбæл байзадæй.
Булаци-фурт фæсевæди хæццæ косгæй, æ хуæрзæгъдаудзийнадæ ци берæ арфиаг гъуддæгутæй бавдиста, уонæй ма нæ фæндуй еуей кой ракæнун. Цæветтонгæ, æ кустмæ имæ æрбацудæй еу мæздæггаг лæг æма ин хъæбæр тухстхузæй рахабар кодта, мæ кизгæ, дан, баптистти хæццæ фæллимæн æй.
Хазби рандæй Мæздæгмæ, Ленæ кæми цардæй, уордæмæ. Кизгæн æ бакастбæл бæрæг адтæй, æ зæрдæ кæдзос ке æй, е. Айдагъдæр имæ над иссерун гъæуй. Ку нæ дæбæл баууæнда, уæд дæ сугъзæринттæ дони бакæлдзæнæнцæ. Кизгæ неци баримахста. Гъо, æцæгæйдæр баптист æй, æ мади хуæрæ ‘й базонгæ кодта еци дингæнгути хæццæ. Цæуй ибæл æстдæс анзи, базарадон техникуми фæсаууонмæ ахур кæнуй. Æ фæлварæнти рæстæг фусунуат æ мади хуæрæмæ фæккæнуй. Е ба баптист æй. Ахид имæ ‘рбацæунцæ æ æмдингæнгутæ.
Ленæн æ мадæ æрæги рамардæй. Æхемæ игъосунбæл ку фæууй, уæд æй æ мади хуæрæ æхемæ хæстæгдæр æрбакæнуй. Цума æнæбари рауайуй, уотæ ин æ рази баптистти киунугутæ ниууадзуй. Кизгæ сæ кæсун райдайуй.
Уотемæй-уотемæй силгоймаг Лени зæрдæ æрсаста. Сæ аргъауæнмæ ‘й æ хæццæ хонун райдæдта. Фæстагмæ кизгæ федарæй æрлæудтæй баптистти надбæл. Гъе уомæ гæсгæ еци рæстæг иссудæй æ фидæ фæскомцæдеси обкоммæ дæр.
… Хазби кизги хæццæ дзубанди кæнуй аллихузон фарстатæбæл; литературæбæл, аййевадæбæл, хузæкæнунадæбæл. Кизгæ хъæбæр зæрдæргъæвд разиндтæй. Зонуй, лæдæруй алцидæр. Фал æ надæй фæккиудтæй, фæскомцæдеси хигъдæй æхе исесун кодта. Æ хæццæ берæ бакосун гъæудзæнæй. Къуар хатти ма ‘рцудæй Булаци-фурт Мæздæгмæ, къуар хатти ма дзубанди кодта Лени хæццæ.
Уалинмæ æрхъæрттæнцæ паддзахадон фæлварæнтæ. Лени хабæрттæ зундгонд адтæнцæ техникуми дæр. Хазби байархайдта, цæмæй ин еци гъуддаг ахургæнгутæй дæр æма ахургæнуйнæгтæй дæр æ цæстæмæ маке бадара. Фæлварæнтæ равардта. Диплом ку райста, уæдта Хазби нæуæгæй æ хæццæ фембалдæй æма ин загъта:
– Мæздæгмæ мабал рандæ уо.
– Мадта ами кæми цæрдзæнæн? Уæдта мин куст ка ратдзæнæй?
– Кæд дæ фæндуй, уæд дæ æз универмаги ниввæрун кæндзæнæн кусти.
– Бæргæ мæ фæндуй, фал…
– Æз дин дзурд дæттун.
Уой размæ Хазби Лени дзæуæгигъæуккаг хæстæгути хæццæ бадзубанди кодта, цæмæй Ленæ уонæмæ æрфусун кæна. Лени мади хуæрæмæ ба фæдздзурдта æма ин балæдæрун кодта, æригон кизги фесинмæ надбæл ку ардауа, уæд си дзуапп ке байагордзæнæнцæ. Силгоймаг зæрдæ байвардта, æхсæвеуат кæнунмæ ‘й ке некæдбал æрбахондзæнæй.
– Айдагъдæр еу гъуддаг мæ зæрдæмæ нæ цæуй, – загъта Хазби Ленæн. – Æз бацæудзæнæн универмаги директормæ фæскомцæдесони туххæй. Ду ба баптист дæ. Рагъуди кæнæ уобæл. Дзуапп ди уайсахатбæл нæ агорун. Кæд фæстæмæ фæскомцæдеси рæнгъитæмæ бацæудзæнæ, уæд мин æй фегъосун кæнæ.
Рацудæй цалдæр бони. Ленæ иссудæй Хазбимæ. Æ дзубанди адтæй цубур:
– Арази дæн.
Ленæ косун райдæдта. Æ гæгъæдитæ фæстæмæ балæвардта фæскомцæдеси райкоммæ æма хигъди ниллæудтæй. Фæстæдæр иссæй кустуати фæскомцæдесон комитети иуонг, æнтæстгинæй фæсаууонмæ каст фæцæй базаради институт. Еудзурдæй, æрлæудтæй æцæг надбæл.
Гъе уæхæн хабæрттæй æцæг раздзæуæг æма разамонæг ниууадзуй дзилли зæрдити арфиаг фæд. Гъе æй адæймаги сæрбæл тох кæнуни æцæг æвдесæн. Æма еци менеуæг ба Булацати Хазби æвдиста æ царди алли къахдзæфæй дæр.
НИФСХАСТ ÆМА РАЗÆНГАРД АДТÆЙ Æ УОДИКОНДИ ХЪАУРÆЙ
Булацати Хазби идарддæр дæр, зæгъæн, ку рацудайдæ æхсæнадон-политикон архайди надбæл, уæд, федарæй зæгъун æнгъезуй, берæ ин бантæстайдæ, зингæ бæрзæндтæмæ си исхизтайдæ. Фал махмæ, Иристони, куд фæууй, уотæ рауадæй ай хабар дæр – искурдиадæгин лæхъуæн е ’нтæстгин архайдæй, дзиллæ си боз ке ’нцæ, уомæй «гъар бунæттæмæ» гъавгутæ ’й хъор кæнун байдæдтонцæ. Æма, гæнæн цæмæй адтæй, уомæй ин цæлхдортæ аразтонцæ. Уой хæццæ ба ма Хазби, рæстзæрдæ уогæй, фæливд миутæ кæнун æ сæрмæ нæ хаста, нæбæзгæй нæбæзгæ зæгъидæ, хуарзæй ба – хуарз. Æма уæди рæстæгути ба нифсгунæй æргом дзорун æнцон нæ адтæй. Фал Хазби тæрсагитæй нæ адтæй.
Уой фæдбæл е ’мгъæуккаг æма æрдхуард, зундгонд æхсæнадон архайæг, публицист æма финсæг Хъесати Валоди æ имисуйнæгти финста: «Республики партион-хæдзарадон активи æмбурдти, партий æма фæскомцæдеси обкомти пленумти, конференцити Хазби ку радзоридæ, уæд, цума кæцæйдæр кæдзос уæлдæф æрбадумидæ, уотæ мæмæ кастæй. Сæрустурæй, æдæрсгæй дзурдта нæ республики фæсевæди уавæрти туххæй, сæ цард æма син сæ кусти гъæуагæдзийнæдтæ райеуварс кæнуни мадзæлтти туххæй. Æргом критикæ кодта, хæдзарадон æма разамонæг косгутæй фæсевæдмæ æ гъос ка нæ дардта, уони. Æ арф гъуди раздзубандитæмæ ин ахид игъустон, уомæн æма еци рæстæги кустон ахургæнæгæй, культури министради, партий Горæтгæрон райкоми. Мах ма ин тæрсгæ дæр кодтан, æгæр нифсхастæй дзоруй, æма ’й ку исесонцæ æ кустæй, зæгъгæ…»
Цидæр адтæй, уæддæр Булаци-фуртæн æ æдæрсгæ æма æргом дзурд хъазарбæл ислæудтæнцæ – æригон искурдиадæгин косæг æ зæрди незæй сæйгæдонæмæ бахаудтæй: æ бунатæн си ка тарстæй, етæ ин æнæгъæуаги маст кодтонцæ. Æ дæсниадæмæ гæсгæ кусти бунат ку фæззиндтæй нæ республики – Паддзахадон рауагъдади комитети сæрдари бунат (кæддæр еци бунати æ фидæ куста), уæд имæ партий обкоми секретартæй еу бацудæй сæйгæдонæмæ æма ’й фæрсуй, ке нин байамондзæнæ еци бунатмæ, зæгъгæ. Кæд цæфæй нæ мæлис, уæд дин е ба – рæхуст. Хазби бангъалдта, æма ин зæгъдзæнæй, еци бунатмæ дæ æрветæн, фал æй фудæнæнгæнæгау нæуæг сагъæси багæлста обкоми секретарь. Балæдæрдтæй Хазби, Иристони ин ирæзти надбæл идарддæр цæуæн ке нæбал ес, уой. Æма уæд æ размæ исæвардта нæуæг ихæс – æхсæнадон кусти надæй ахури, зонадон кусти надмæ рахезун.
Æма еци надбæл рацæугæй дæр ин агъазиау гъуддæгутæ исаразун бантæстæй. Ленингради æхуæдæг каст ке фæцæй, еци университети бацудæй ахур кæнунмæ журналистики факультети аспирантурæмæ. Каст æй фæцæй æма æнтæстгинæй багъæуай кодта историон наукити кандидати диссертаци зингæ ирон рохситауæг, публицист, критик Дзасохти Гигой цард æма исфæлдистади туххæй. Æ диссертаци хундтæй «Осетинский публицист-революционер Г.И. Дзасохов».
Историон наукити кандидат Булацати Хазби косун райдæдта Цæгат Иристони наукон-æртасæн институти хестæр наукон косæгæй. Фал журналистики историй туххæй устур дессаги хуарз зонундзийнæдтæ ке равдиста æма æ дæсни искурдиади фæрци арф фæд ке ниууагъта Ленингради университети, уой туххæй æй байагурдтонцæ фæстæмæ еци университетмæ ахургæнæги куст кæнунмæ. Рандæй æма си райдæдта косун ахургæнæгæй журналистики факультети, иссæй хестæр ахургæнæг, доцент. Æнтæстгинæй кодта наукон æма æхсæнадон куститæ. Адтæй журналистики факультети декани хуæдæййевæг, 1976 анзæй фæстæмæ ба куста журналистики кафедри сæргълæууæгæй. Уæхæн игъустгонд университети е бæрнон бунат адтæй, уæлдайдæр æрцæуæг лæгæн.
ИРИСТОНИ КАДИ СÆРБÆЛТАУ РÆСТЗÆРДÆЙ ХЪИАМÆТ КОДТА
Никки фулдæртæ ма бæргæ бантæстайдæ Булацати номдзуд Хазбийæн, фал алци уомæй аразгæ нæ рауадæй. Алцæмæйдæр тухгиндæр разиндтæй æгъатир адзал… Æгъатир нез ин æгæр фæццубуртæ кодта æ цардвæндаг, нæ ин равардта æ бæлдитæ æнхæстæй исæнхæст кæнуни фадуат – æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй, дууадæс æма дууинсæй анзи ибæл цудæй, уотемæй. Хъæбæр ибæл фæхъхъонц кодтонцæ Ленингради цæрæг иристойнæгтæ. Сæхе харзæй æй исæмбæлун кодтонцæ æ райгурæн Иристонбæл.
Берæ дзиллæ æрæмбурд æнцæ Дзæуæгигъæуи Коцойти Арсени гъæунгæмæ Хазбийæн гъигæзæрдæй фæстаг фæндараст зæгъунмæ. Хъæбæр ристзæрдæй ибæл фæхъхъонц кодтонцæ æ хæстæгутæ æма хеуæнттæ, ке хæццæ куста, æ берæ æрдхуæрдтæ, æ хуæрзауодундзийнадæй ка фæххайгин, етæ дæр…
Æ æносон бунат ин иссæй æ фидиуæзæг – æ уарзон Иристони зæнхæ. Æ кадгин ном, æ берæ наукон куститæ, æ киунугутæ ба ин байзадæнцæ æносон циртдзæвæнæн.
***
Булацати Хазбийи кой абони ракодтан уомæн, æма, еуемæй, гъæуама иронхи ма уонцæ æма нæ дзиллæ, уæлдайдæр ба кæстæртæ гъæуама зононцæ, Иристони кадæ æма намусбæл рæстуодæй æма еузæрдиуонæй ка хъазауат кодта, уони рохс нæмттæ, иннемæй ба, нуриккон разамонгутæ зононцæ, æцæг адæмуарзон ка адтæй, еци адæймæгути уодиконд æма сæ фæнзонцæ. Уотæ ку уа, уæд нæ абони цардиуаги хабæрттæ дæр æнтæстгиндæр уодзæнæнцæ.