21 декабря 2024

ТОТОЙТИ ХЪАЗБЕГИ КАДÆН «КАФÆ, ИРÆФ!..»

28.05.2022 | 16:03

ТОТОЙТИ Хъазбег (рахесæрдигæй дуккаг) æма БАЙТИ Альбинæ (разæй рахесæрдигæй цуппæрæймаг) нæ номдзуд кафти ансамбли коллективи хæццæ гастролти ранæхстæр уни размæ.

Æцæг аййевадæ æносон æй, фæлтæрæй-фæлтæрмæ цæруй æ кадæ, дзилли ’хсæн æй æ уæлтæмон искурдиадæй ка исцитгин кæнуй, уой рохс номи хæццæ… Гъеууотæ рауадæй нæ номдзуд кафæг Тотойти Афæхъой фурт Хъазбеги карнæ дæр. Кæд, гъулæггагæн, æгæр раги фæххецæн æй æ уæлзæнхон цардæй, уæддæр нерæнгæ дæр ма нин цардæгас æй – адæми зæрдити сæ имисуйнæгти… Куд нæ национ кафти аййевади аристократ, уотæ…

«…Каждое поколение танцоров приносит и привносит свое ощущение танца, свой «строительный материал»… Он шел, вскинув руки, как скальный монолит, и был эффектен своей неэффективностью, скромной сдержанностью, всем тем, чем по-настоящему красив горец и под грузом ноши, и на скакуне…», – уотæ Тотойти Хъазбеги туххæй финста зундгонд поэт, публицист, киноаййевади архайæг Гудиати Гермæн æ киунугæ «Вершины»-йи.

Хъазбег, гъулæггагæн, кæд берæ нæ рацардæй, уæддæр æнæ ирисхъæ ба нæ адтæй. Е ’гъдау æма æ кадæ уоййасæбæл цитгийнаг адтæнцæ дзилли ‘хсæн, æма, ци ’й римæхсæн, беретæ уой аккаг нæ исунцæ. Уомæ гæсгæ нæ ибæл исустурзæрдæ ‘нцæ æ уарзон Иристони æ лимæнтæ, е ’мкосгутæ, уотид æ коййæй ка зудта, етæ дæр.

Хъазбег райгурдæй Чиколай 1938 анзи 24 майи. Æ фидæ Тотойти Хадзимурзи фурт Афæхъо æ рæстæги адтæй зарагæ. Гъæубæсти медæгæ нимад лæг адтæй, æ берæ лæгдзийнæдти хæццæ уой дæр зæгъун гъæуй, æма дессаги дæсни кодта нæ адæмон зартæ. Архайдта Финляндий, уæдта Устур Фидибæстон тугъдтити. Æ царди кæронмæ æновудæй фæффæллойнæ кодта гъæууонхæдзарадон къабази – куста  Будтути Мухай номбæл æма «Большевик»-и колхозти.

Хъазбегмæ æрдзæй рахæсгæ курдиадæ ке адтæй кафунмæ, уой æнæ æрæстæфгæ нæ фæцæнцæ æ ахургæнгутæ. Бакодтонцæ ‘й хехъæппæресадон къуармæ. Республикон фестивальтæй еуеми чиколайаг лæхъуæнбæл сæ цæстæ æрæвардтонцæ жюрий иуонгтæ æма хунд æрцудæй кафæгæй Цæгат Иристони зартæгæнгути æма кафгути паддзахадон ансамбльмæ, кæци фæстæдæр иссæй адæмон кафти ансамбль «Алан». Хъазбег си ци кæфтити архайдта, уонæй алкæцидæр æ архайдæй дессаги ирд исфедауидæ, уæлдайдæр ба номдзуд «Хонгæ».

Абони дæр ма нæ адæми астæуккаг æма хестæр фæлтæрæй беретæ гъуди кæнунцæ, Хъазбег куд аййев федудта кафгути рæнгъи, уой. Æ искурдиадæ уæлдай æнхæстæй рабæрæг æй 1956 анзи Мæскуй фæсевæди æма студентти Еугур дуйнеуон фестивали рæстæг. Ами райста уæлахези бæрæггæнæнтæ – лауреати ном æма сæрмагонд майдан. Ци кафт равдистонцæ Байти Альбини хæццæ, е ба адтæй гурдзиаг киндзхунди кафт «Картули».

Еци Еугур дуйнеуон фестивали фæсте Хъазбег æрвист æрцудæй ахур кæнунмæ Мæскуй паддзахадон театралон институти режиссерон факультетмæ. Ахур ку фæцæй, уæд нæуæгæй исæздахтæй æ райгурæн Иристонмæ. Райдæдта бабæй косун ансамбль «Алан»-и. Гастрольти уогæй, аци исфæлдистадон коллектив æ дæсниадæ бавдиста 28 паддзахадеми, мингай адæмти базонгæ кодта Иристони национ хореографион аййевади хæццæ æма ин алкæмидæр уидæ кадæ æма цитæ. Цидæр исаразта, цидæр бавдиста рæсугъддзийнадæй, етæ æнæгъæнæй дæр адтæнцæ Иристони ном исбæрзонд кæнуни æма æ кади сæрбæлтау.

«Алан»-и кафгæй, Хъазбег еци-еу рæстæги фæсаууонмæ каст фæцæй Цæгат Иристони паддзахадон университети историон факультет æма райста ахургæнæги дæсниадæ дæр. Фал уæддæр нæ исустурзæрдæ ’й аййевадæбæл. Разамунд дæттун райдæдта ансамбль «Алан»-и сувæллæнтти кафгути коллективæн. Еу æма дууæ æригон адæймаги нæ бацæттæ кодта нæ республики номдзуддæр ансамбльтæн. Кафгæй дæр æма аййевадон разамонæгæй косгæй дæр адтæй æхе надбæл цæуæг, æхе исфæлдистадон фæрæзнитæй пайдагæнæг. Æма æ еци зундирахасти фæрци ин минкъий нæ бантæстæй.

Алкæмæн дæр уарзон æй æ райгурæн гъæу. Æрæздахтæй сахарæй æ райгурæн гъæубæстæмæ Тотойти Хъазбег дæр. Уой разамундæй цубур рæстæгмæ Чиколай культури Хæдзари куст базмалдæй, æ къæрæзгитæй рохс æнафæнттæмæ кæлидæ. Чиколай гъæунгти ахиддæр игъусун райдæдта фæндури цагъд æма доулий азæлд. Чиколай кафгутæ кæдæй-уæдæй уæлахези хæццæ æздæхун райдæдтонцæ республикон фестивальтæ æма æркæститæй. Æрхаудтæй сæмæ фæсарæнмæ фæццæуни барæ дæр. Тотойти Хъазбег фæсевæди айдагъ кафунбæл нæ ахур кодта, фал фиццагидæр син адтæй гъомбæлгæнæг, æновуд сæ кодта фидтæлтиккон æгъдаубæл. Уотæ зæгъагæ адтæй: «Раздæр бал æфсармæ, уой фæсте ба – дæсниадæ!..» Ци фæсевæди хæццæ косгæ ин рауадæй, уони хуæрзæгъдаубæл ниббæттун базудта, раст надæй сæ фæснадмæ фæккеун нæ рауагъта, кæрæдзебæл сæ хуæртæ æма æнсувæрти хузæн исбаста. Æ уод еу къимбуси бастæй фæддардта сæ хæццæ. Дигорон литератури классик Малити Геуæргий загъдау, адтæй сæ рохсмæ хонæг.

Уомæн æвдесæн, абони ин ци кадæгонд цæуй, уæлдайдæр ба æ райгурæн гъæубæсти.

Чиколай гъæуи Культури хæдзари цалдæр анзей дæргъи арæзт цæуй Тотойти Хъазбеги имисæн фестиваль «Танцуй, Ираф!..»

Æрæги бабæй еци мадзал ами арæзт æрцудæй æхсæзæймаг хатт. Сæ дæсниадæ си бавдистонцæ берæ гъæути культури артдзæстити хехъæппæресадон кафгути къуæрттæ, иуазæг ба си адтæй Æрæдони райони Культури хæдзари ансамбль. Æдеугурæй си архайдтонцæ 250 адæймаги.

Ирæфи райони культури Управлений сæргълæууæг Зехъети Хетæг куд баханхæ кодта, уотемæй еци мадзалмæ хехъæппæресадон артисттæн сæхе хъæбæр дзæбæх бацæттæ кодтонцæ, сæ аййевадæ берæвæрсугæй бавдесун сæ бæргæ фæндадтæй, фал фестивали уагæвæрдмæ гæсгæ, номерти нимæдзæ минкъий адтæй. Æхцæуæн е æй, æма исфæлдистадон къуæртти дæсниадæ ке ирæзуй – уой баханхæ кодтонцæ жюрий иуонгтæ дæр, уæдта сæмæ ка кастæй, еци адæм дæр.

Фестивали Гран-при равардтонцæ Ирæфи райони культури Галауани кафгути къуарæн, дууæ фиццаг бунати бадех кодтонцæ сувæллæнтти ансамбль «Хæрес» (æ разамонæг Хъæцмæзти Батраз) æма ансамбль «Фарн» (æ разамонæг Бетрозти Ленæ). Фестивальмæ æрбацæуæг адæми приз райста Лескени культури Хæдзари къуар «Сайданæ» (æ разамонæг Темурти Эльбрус). Куд дæснидæр кафæгæн, уотæ сæрмагонд приз лæвæрд æрцудæй Дзадзати Рамазанæн («Ирæф», Чикола).

Æригон балетмейстр Дзагурти Алани разамунди фæрци, хъæбæр хуарзæй æхе бавдиста Æхсæрисæри культури Хæдзари кафгути æнсамбль.

Фестиваль куд исбæрæг кодта, уотемæй зæрдæдарæн ес, æма кæцидæр къуæрттæ никки æновуддæрæй ку архайуонцæ сæхебæл, уæд исирæздзæнæнцæ профессионалон сцени уæнгæ æма син æрдзæф кæндзæнæнцæ айдагъ Иристони нæ, фал Уæрæсей дæр, гæнæн ес, æма æндæр паддзахæдти дзиллитæ дæр, Тотойти Хъазбегæн куд, уотæ. Кæмæндæр ба ке зæгъун гъæуй, ка ’й зонуй, никки, хъæбæрдæр.

Ирæзæд сæ дæсниадæ, райгъусæд сæ ном идæрдтæбæл!