Ӕ НӔРГӔ ЗАР АБОНИ ДӔР ИГЪУСУЙ
- ИМИСУЙНӔГТИ БАЗУРТӔБӔЛ
Лидæ, сувæллон æ гъæбеси, уотемæй лæудтæй къæразги рази æма æндæмæ кастæй. Æ сæри хецаумæ ин дууæ мæйей размæ Сурх Æфсади рæнгъитæмæ фæдздзурдтонцæ æма нур аци бон, тугъди будурмæ рандæ уни агъоммæ, гъæуама фæззинна. Лиди къæразги разæй æ къах нæбал хæссуй…
Изæрмелтæ, æхсæви ‘сгаргути хузæн, хæдзæрттæмæ, аууон рауæнтæмæ гъузун райдæдтайуонцæ, уотæ силгоймаг гъæунги рауидта æригон æфсæддони. Лидæ Хъазбеги æвеппайди фæсмæргæ дæр нæ ракодта – æфсæддон дарæси æй фиццаг хатт фæууидта. Хъазбег бадгæ дæр нæма æркодта, уотæ дуар кадæр æрбахуаста æма медæмæ æрбахизтæй сæ синхаг Ардасенти Хадзибатæр.
– Хæдзарæ æмрезæги ку нирризтæй, уæд æй уайтæккæ балæдæрдтæн – нæ бæлццон фæззиндтæй, – исдзурдта ходгæй Хадзибатæр æма Хъазбеги æ хъури никкодта.
Лидæ еци æнæнгъæлæги фембæлд ку æримисуй, уæд бахауй имисуйнæгти уацари. Æ цæститæбæл рауайуй, Хъазбегти Хъазбеги хæццæ сæ цард кæд байеу кодтонцæ, еци бон. 1937 анзи 27 июли адтæй сæ киндзæхсæвæр. Фал фæззæги нæуæг киндзæ æ лæгбæл фæггурусхæ æй. Цæветтонгæ, Хъазбег уæд ахур кодта аспирантури æма имæ æхца цанæбæрæг адтайдæ, фал си уæддæр алли мæйæ дæр кæмæндæр æрвиста. Лидæ æрмæтъæл æй. Хъазбег ба къæрцгъос адтæй алцæмæ дæр, уайтæккæ бафеппайдта æ бийнойнаги уавæр æма ‘й еу хатт бафарста:
– А фæстаг рæстæг дæ кеми нæ дæ. Ци кæнис, уой мин зæгъæ?
– Æз æгириддæр неци, кæд кæнис, уæд ду, – нæбал имæ фæллæудтæй Лидæ. – Æхца ку райсис, уæд си алли хатт кæмæн ферветис?
– О, мæнæ царцати дессæгтæ! – ниххудтæй æ гъæлæси дзаг Хъазбег. – Бийнонти цард, æвæдзи, уотемæй фехæлуй. Не ’рвадтæлти биццеу Гадзой ку зонис, Ленингради ахур кæнуй. Еунæг æй. Мадæ æма ин фидæ нæййес. Зин сахатти адæймаги фарсмæ балæуун – ци ма уа уомæй хуæздæр.
Хъазбегтæ цардæнцæ Дзæуæгигъæуи, Советти гъæунги, алли изæр дæр сæмæ уидæ берæ иуазгутæ, уæлдай ахиддæр ба – Ардасенти Хадзибатæр, Плити Грис, Боцити Барон, Хъазбегти Гадзо. Сæ хæдзари дуæрттæ алкæддæр игон адтæнцæ, литератури фиццаг къахдзæфтæ ка кодта, уонæн дæр. Хъазбег сæмæ лæмбунæг байгъосидæ æма син сæ уадзимисти туххæй зæгъидæ æ гъуди. Уæгъдæ рæстæг ин ку фæууидæ, уæд рандæ уидæ Дигоргоммæ.
– Алли хуцаубони хонхмæ цæунæй фæллайгæ нæ кæнис? – бафарста æй еууæхæни Лидæ.
– Никки идарддæр ма ку уидæ Дигоргом, уæддæр нæ зийнадæ кæнинæ. Æз Дигоргоми райгурдтæн…
Хъазбег хъæбæр æновуд адтæй бийнонтæбæл, фæлмæн фидæ адтæй сувæллæнттæн, фал сæ фудаг миутæ кæнун ба нæ уагъта. Адтæй игъæлдзæг, хуарз гъазта пианинобæл, балалайкæй, фæндурæй.
Лидæ ма дес кодта еу гъуддагбæл. Лæгæн алкæд æ куст æхе фæндон кæми фæццæуй, еуæй-еу хатт мæстгун дæр куд нæ рауй, мадта е ’нæнездзийнадæ дæр алкæд нивæбæл кæми фæууй. Фал Хъазбег некæд дзурдта æ зиндзийнæдти туххæй, нæ уарзта гъаст кæнун.
– Неци кæнун, ма тухсæ. Кустмæ мин æнæ цæуæн нæййес, – зæгъидæ, сæйгæ ку уидæ, уæддæр.
Еухатт ба Хъазбег фæскуст мæтъæлæй æрбацудæй, е адтæй 1966 анзи декабри райдайæни.
– Ци уой зонис, уосай, – загъта сабургай, – гъæйдæ отпуск райсæ æма Мæскумæ рандæ уæн. Æз ба дин Мæску бавдесон.
Рандæнцæ Мæскумæ. Хъазбег Лиди фиццаг фæххудта Сурх фæзæмæ. Берæ фæцæнцæ уоми. Фæууидтонцæ Кремль, Ленини Мавзолей.
Лидæ нæ феронх кодта, Хъазбег ин уæд ци дзурдтæ загъта, уони: «Дæ зæрдæбæл бадарæ аци сахат. Сурх фæзæ ‘й нæ планети центр, Кремли стъалутæ рохс кæнунцæ дуйней еугур рæстзæрдæ адæмтæн…»
Еци балций фæсте ма Хъазбег рацардæй дууæ къуæрей, æвеппайди рамардæй 54-анздзудæй.
- ФИЦЦАГ КЪАХДЗӔФ
Поэт æма драматург, прозаик æма критик Хъазбегти Темболати фурт Хъазбег райгурдæй 1912 анзи 18 июни Киристонгъæуи. Сувæллон ма адтæй, уотæ рамардæй æ фидæ. Æ мадæ Баринæ еунæгæй райдæдта дууæ сувæллони гъомбæл кæнун.
1921 анзæй 1927 анзи уæнгæ Хъазбег ахур кодта скъолай, 1928 анзи ба косун райдæдта фæскомцæдесонти хæццæ Дигори зилди комитети.
Адæймагæн æ сабийдогæ ци ниууадзуй æ зæрди, уони хæссунæн рæуæг фæууй, имисунæн – адгин. «Мæ сувæллони бонти хъæбæр берæ уарзтон аргъæуттæмæ игъосун, уони хъæбæр рæсугъд дзурдта Хъазбегти Дрис æма нæ синхæгти уосæ Къодоти Дайи. 1928 анзи ме ’мбæлттæ Хъагъæрмæзти Къостан æма Абайти Инал æмдзæвгитæ финсун райдæдтонцæ. Уони фæнзгæй æз дæр ниффинстон мæ фиццаг поэтикон фæлтæрæнтæ.
Кастæн, ахур кодтон Хетæгкати Къоста æма Багъæрати Созури исфæлдистадæ. Мæ фиццаг финстити фиццаг аргъгæнæг адтæй мæ ахургæнæг Лолати Геуæрги, мæ идарддæри литературон кусти ба мин агъаз кодта Гарданти Михал. Еци анз мин райдæдтонцæ мухур кæнун мæ финститæ дæр. Ме ’мдзæвгитæ мухури ку фæууидтон, уæд мæ иуæнгти æнахур хъаурæ бацудæй», – финста фæстæдæр Хъазбегти Хъазбег.
1929 анзи Хъазбеги-фурт ахурмæ бацудæй Дзæуæгигъæуи æфсæнвæндаги техникуммæ. Техникуми ахур кæнгæй, Хъазбегæн финсуни рæстæг нæбал адтæй æма тухсун райдæдта. Æндæр над æлваста æхемæ лæхъуæни æма бацудæй хуæнхон педагогон институти ирон æвзаг æма литератури хайадæмæ.
1938 анзи Хъазбеги-фурт æнтæстгинæй каст фæцæй Цæгат Иристони наукон-æртасæн институти аспирантурæ æма косун райдæдта педагогон институти, кастæй лекцитæ ирон литератури истори æма адæмон исфæлдистади фарстатæбæл.
1928 анзи Хъазбег ниммухур кодта æ фиццаг æмдзæвгитæ, уæд ибæл цудæй æхсæрдæс анзи. Æ фиццаг киунугæ «Нæуæг царди хæтæл» ба мухурæй рацудæй 1932 анзи. «Сумахæн, сурх турусай буни фæлтæрд, Фæскомцæдес!» – еци дзурдтæ равзурста эпиграфæн æ киунугæн æригон поэт. Е зардта Ленинбæл, колхозон цардбæл, Октябрбæл:
«Нæрунцæ фидтæлон
къæдзæхтæ,
Косæг си царди дуар садзуй».
Раздæр æ зæнхи гæппæл гали цари асæй уæлдай кæмæн нæ адтæй, уомæн Октябрь равардта адæймаги бартæ, равардта ин сæребарæ æма зæнхæ.
Поэти зæрдæ ‘й е ‘мидзаг рохс æнкъарæнтæй. Дæнцæнæн райсæн еу строфа æмдзæвгæ «МТС»-æй.
«Гъей, мæ фæндур, æрмин
цæгъдæ
Зæрдиуагæй мæ фæндон,
Нæуæг цардæн æ олæнтæ
Ку цæунцæ зинг – æндон».
Поэти фиццаг фæлварæнтæй дæр рабæрæг æй, ке агурдта æхе гъæлæс, æхе темитæ, æхе аййевадон хуарæнтæ. Æмдзæвгæ «Сæумæ» æй хъæбæр цубур, фал нин нæ цæститæбæл рауайун кæнуй ирд поэтикон нивæ:
Æркалдæй халасæ
Æхсинцъи сæрæй,
Райгъал æй бæласæ
Рохс хори тунтæй.
Ке зæгъун æй гъæуй, Хъазбеги фиццаг киунугæ æнæлазæ исхонæн нæййес. Еуæй-еу хатт бахауй риторики уацари, не ’сарæхсуй уоди рæбуйнæгтæ равдесунмæ, æгæр хумæтæг рауайунцæ æ фæлгонцтæ.
1938 анзи рацудæй Хъазбегти Хъазбеги иннæ киунугæ «Амондгун догæ». Ами райхалдæй поэти искурдиадæ, фæуурухдæр æй æ дуйнеуинунадæ, фæббæрзонддæр æй æ уадзимисти аййевадон æмвæзадæ. Æ аййевадон фæрæзнитæй еу æй æ контрастон мадзал. Зæронд дзаман рабаруй нæуæг социалистон дуйней хæццæ.
Уартæ Гизæлдон къæбурти
«Хори» рохс тунтæ уафуй.
Алли рауæн дæр нæ бæсти
Ленинон зæрдæ косуй.
Хъазбеги дуккаг киунугæ ес исхонæн гимн нæуæг цардæн, нæуæг адæймагæн:
Гъæздуг – дæ фæзтæ,
Дæ берекет.
Мæнæн мæ зæрдæ –
Дæ кусти седт.
Бафеппайуни аккаг ма æй æндæр уæхæн фæззелæн дæр – автор æ гъос дардта дуйнейи ци цаутæ цудæй, уонæмæ дæр. 1937 анзи поэт финста:
«Дæнгæл уæцъæф, цъаммар
фашизм
Ферхæцдзæнæ дæ рондзæй!
Зонæ, зонæ, мах хори нифс
Тохи бони болат æй!
Хъазбеги публицистикон поэзи хайгин адтæй социалистон рæстдзийнадæй, адтæй ин устур ахедундзийнадæ, куд æхсæнадон гъомбæлади устур агитаций æма пропаганди мадзалæн. Поэти публицистикон поэзий традицитæ ирддæрæй разиндтæнцæ æ тугъдон æмдзæвгити.
III. ТОХИ БОНТӔ
Устур Фидибæстон тугъд…Исистадæй мæлæтдзаг тохмæ Иристон дæр. Æ хъæболтæ, кæрдбадзи кард куд ниввæрай, уотæ ниввардтонцæ сæ зæрдити æнæуинондзийнадæ немуцаг лæгхуартæмæ. Мæлæтæй нæ тæрсгæй, уæлахез ка хæстæгдæр кодта, уони хæццæ адтæй Хъазбегти Хъазбег. Топп æма пъеройæй тухта знаги нихмæ. Гвардий хестæр лейтенант Хъазбегти Хъазбегæн æ тугъдон æскъуæлхтдзийнæдти туххæй лæвæрд æрцудæй Фидибæсти тугъди I æма II къæпхæнти ордентæ, Сурх Стъалуй орден, фондз майдани. Хъазбег тугъдæй æ хæццæ исласта рейхстаги дуæрттæй еуей дæгъæл.
«В бой за Родину!» – уотæ хундтæй, Хъазбег ци æфсæддон газети куста, е. Берæ уадзимистæ, очерктæ, æмдзæвгитæ ниммухур кодта поэт. Газети ахид цудæнцæ æ гравюритæ дæр, сæ алкæций дæр исхонæн адтæй минкъий плакат. 1944 анзи 13 апърели газет искодта хатдзæгтæ, хуæздæр очерк, хузæ, уадзимис, æмдзæвгæ ниффинсунбæл ци конкурс цудæй, уомæн. Æфсæддон хаййи командир арфæ ракодта Хъазбеги фуртæн. Е байахæста конкурси фиццаг бунæттæй еуей.
Хъазбег газети косгæй, е ’мбæлтти разæнгард кодта Райгурæн бæсти размæ сæ ихæс бафедунмæ. Æхуæдæг дæр адтæй тугъди цæхæри, бацæуидæ знаги нихмæ лæгæй-лæгмæ нимпурсти, тæккæ тæссагдæр рауæнти уогæй, æмбурд кодта æрмæг.
Сæрмагонд коййи аккаг æнцæ, Хъазбеги-фурт тугъди рæстæг ци æмдзæвгитæ ниффинста, етæ. «Мы фашистов разобьем!», «Отомсти, боец!», «Вперед, на Запад!», «Шли отряды», поэмæ «Клятва» æма æндæртæ. Фал поэт уæддæр тугъдон темæбæл æ хуæздæр уадзимистæ ниффинста ирон æвзагбæл. Тугъди фæсте етæ мухури рацудæнцæ хецæн киунугæ «Тохы бонтæ», зæгъгæ, уæхæн сæргонди хæццæ. Мæнæ куд зæгъуй æ еу æмдзæвги:
«Дæ фурт уæлахезæй дæ цори
Æрбастдзæнæй рæуæг!
Зонетæ, десгæнгæ исдзордзæнæ:
«Дæ хелтæ – уорс… къæсхур…»
Мæнæй дзуаппи хай райсдзæнæ:
«Нæ тох адтæй устур!»
Тугъд тугъд æй. Берæ сахъигурдтитæбæл баталингæ ‘й сæ дуйне, фал сæ цард дзæгъæли нæ равардтонцæ – багъæуай кодтонцæ сæребарæ æма уалдзæг, Фидизæнхæ æма федæн. Æмдзæвгæ «Ме ’фсæддон тæфирфæси» Хъазбегæн æ бон бацæй зæрдхъурмæ дзурдтæ иссерун. Æмдзæвгæ фæууй уæхæн дзурдтæй:
Мабал хезæ, æна, дæ хъæболи,
Сау ингæни иссердта æ уат.
Ма дзиназæ – дæ фурт устур
тохи
Бæгъатæрбæл æрцудæй нимад!..
1965 анзи Хъазбегти Хъазбег Уæлахези бони æ имисуйнæгти финста:
«…Цалдæр дзурди тугъди фæстаг бæнтти туххæй. Берлини гарнизон тухта бæгъатæрæй. Рейхстаг сугъдæй. 30 апърели æ сæрмæ исфеллаудта Уæлахези туруса.
2 майи немуцаг æфсæдтæ æрæвардтонцæ сæ гæрзтæ. Фарæстæймаг майи ба бæрæг кодтан Уæлахези бон. Е адтæй æнæферонхгæнгæ бон. Дзармадзанти бæсти игъустæй музыкæ, нæ цийнæн кæрон нæ адтæй. Советон æфсæддонтæ рæсугъд рæнгъитæй цудæнцæ Берлини гъæунгти, Бранденбурги зундгонд колдуари рæзти. Æма немуцæгтæ дес кодтонцæ: «Атæ, Геббельси пропагандæ уотæ кæмæй дзурдта, адæймаги фид хуæрунцæ, зæгъгæ, еци коммунисттæ ‘нцæ».
Мæ зæрдæбæл лæууй уæхæн цау. Хестæр лейтенант Семенови хæццæ цудан гъæунги. Рауидтан немуцаг зæронд лæги. Фудхуз, æ къæхтæ ма туххæй иста. Исæнæхъаурæ ‘й æ фурстонгæй. Семенов байгон кодта æ хурдзин, исиста си æ хуæруйнаги хай (паек) æма загъта: «Гъа, бахуæрæ, кенæдта судæй рамæлдзæнæ». Советон æфсæддони рæсугъд уодигъæдæ бæрæг кодта устур æма минкъий гъуддæгутæй…»
- ФИНСТӔГУТӔ ТУГЪДӔЙ
Финстæг – уоди минкъий айдæнæ, фæууинæн си фæууй æ ниффинсæги меддуйне. Берæ финстæгутæ ниффинста, тугъди будурти уогæй, Хъазбегти Хъазбег. Сæ фулдæр хай, ке зæгъун æй гъæуй, æнцæ Лиди номбæл.
Хъазбеги финстæгутæй кæцифæнди бакæсæ, æма уой фæсте дæхе уотæ æнкъардзæнæ, цума дæ реумæ фæлмæн рохс бакалдæй. Æ поэзий хузæн, уонæми дæр æгириддæр нæ фæззиннуй пессимизми тæвагæ. Мадта æртæ хатти адтæй цæфтæ дæр, дзæбæх æй кодтонцæ æфсæддон госпитæли, фал еци рæстæг ци финстæгутæ исæрвиста, етæ дæр иннети хузæн æнцæ игъæлдзæг, гиризгæнæн дзурдтæ æма юморæй се ’мидзаг. «Хъазбегæй есун игъæлдзæг финстæгутæ, бæлахи лæг æй – тугъдæн æ тæккæ цæхæри фæууй, уæддæр æ зæрдæ гъазун фæййагоруй æма ма уомæй мæнмæ дæр нифс бауадзуй», – уотæ финста Лидæмæ Гадзо.
Хъазбеги финстæгутæ цийни зæрбатуги хузæн тахтæнцæ Иристони алли гъæутæмæ, Дзæуæгигъæумæ, Мæскумæ, Алма-Атамæ, Одессæмæ, Грознамæ. Тугъди будури уогæй дæр æ зæрдæ дзурдта алцæмæ дæр, неке иронх кодта…
Цæй туххæй ба нæ финста Хъазбег æ финстæгути. Хъæбæр зин ин адтæй Боцити Барони æма Коцойти Арсени зиани хабар. Алкæддæр фарста æ синхæгти, æ хæстæгути туххæй. Æ фурт Эльбрусæн фæдзахста, цæмæй е ’ргом æздаха хузæ кæнунмæ, цæмæй е ’ссудмæ зона цæгъдун ести музыкалон инструментбæл, исахур кæна Къостай æмдзæвгитæ. Хъазбег цийнæ кæнуй Иристони фæллойнæгæнгути æнтæстдзийнæдтæбæл, е ’мбæстæгти, æ хæлæртти æскъуæлхтдзийнæдтæбæл.
Мæнæ цалдæр Хъазбеги финстæгутæй:
Лидæ!
Æзинæ изæрæй æрбаздахтæн тугъди гулфæнæй. Ами нуртæккæ хъæбæр «тæвдæ» æй, не ’фсæддон хæйттæ цæунцæ размæ. Знæгтæй беретæ сæхе дæттунцæ уацари.
Иссирдтон рæстæг æма финсун дæумæ, Иристонмæ финстæг ке фæффинсун, айдагъ уомæй дæр зæрдæ барохс уй.
Æз мæхе царди туххæй нæ бацæун фрицти нæмгути бунмæ, фал ке уарзун, уони, райгурæн бæсти, федæни сæраппонд. Саламтæ райсетæ мæ тугъдон æмбæлттæ Бойко, Власенко æма Бурцевæй. Мæ номæй зæрдиаг саламтæ раттетæ зонгитæ æма хæстæгутæн.
***
Мæ хъазар Лидæ!
Райсæ мин мæ салам Польши зæнхæй! Дæн саг сæгути хузæн. Аллибон хорнигулæн æрдæмæ рацæун 30-50 километри. Мæнмæ уотæ кæсуй, цума Берлинмæ цæйбæрцæбæл хæстæгдæр кæнæн, уойбæрцæ мæмæ нæ хæдзарæ хæстæгдæр æй.
Гадзо æма Хæмици-фуртæй есун финстæгутæ æма хъисмæтæй арази дæн – æгайтима мæ дессаги æмбæлттæ сæрæгас æнцæ.
Польшæ Сурх Æфсадбæл æмбæлуй куд æ ервæзунгæнæгбæл. Ести горæт кенæ гъæумæ ку бацæуæн, уæд лæгтæ, уоститæ, фæсевæд нæ размæ рауайунцæ, фæггæлдзунцæ нæмæ аллихузи деденгутæ.
Лидæ, мæ финстæги хæццæ дæмæ æрветун нæ газети номер дæр, ес си мæ гравюрæ линолеумбæл. Уони хæццæ ес, нæ арæнбæл ке æртудтонцæ æма иссор кодтонцæ, уæхæн деденгутæ. Мæнмæ гæсгæ дин еугурæйдæр етæ æхцæуæн уодзæнæнцæ.
Уотемæй хуæрзбон кæнетæ.
Мæ хъури дæ кæнун.
24.07.1944 анз.
***
Дæ бон хуарз, Лидæ!
Абони райстон дæ финстæг. Хъæбæр цæмæдесæй æй бакастæн. Уæлдай æхцæуæндæр ба мин е адтæй, æма нæмæ раздæри хузæн иуазгутæ ахид ке фæууй.
Мæнæн неци æй, айдагъдæр мæ рахес фарс фæццæф æй.
Епхити Тæтæрийæй финстæг райстон æма ин уайтæккæ дзуапп равардтон.
Абони ма финстæг райстон Бесати Тазейæй. Хъæбæр арфиагæй си байзадтæн, æримистан нæ евгъуд бæнттæ – нæ лимæндзийнади æма литературон кусти райдайæн.
Берлинæй ан 70 километри изолдæр. Мæнмæ гæсгæ, тагъд рæстæги нимпурсдзинан фашистон Германий лæгæтмæ.
Дæ къох дин мæ реумæ æлхъевун. 1945 анзи феврали 11-аг бон.
***
Хъазбег æ финстæгути хæццæ ахид исæрветидæ къартæ дæр. Лидæ 1945 анзи майи кæрони ци къарæ райста, уомæн æ фæсте адтæй финст: «Лидæ! Салам дин Берлинæй. Мæнæ дин Рейхстаги зундгонд, фал пурхæгонд колоннитæ, фашистон фудгæнгути æма сæркъуæрти лæгæтæй. Арфæ дин кæнун агъазиау уæлахездзийнади бони!»
- ЦАРДИ НИСАН
Зæнхæбæл лæг цæрунæн райгуруй. Дуккаг дуйнеуон тугъди ци дууæсæдæ миллион адæймаги бацарæфтуд æнцæ, уонæй алкедæр цæрун фæндæ адтæй.
Æма мах гъæуама цæрæн, аразæн, уарзæн уони, еци дууæсæдæ миллионей бæсти дæр! Уæхæн адтæй Хъазбегти Хъазбеги гъуди. Е уотæ цардæй æхуæдæг, цума ин æдзард тугъдонтæ æ алли гъуддаг дæр сæ кæдзос уодти тæразæбæл барунцæ.
Фæстугъд Хъазбеги-фурт косун райдæдта ахургæнæгæй. Финста æмдзæвгитæ, кадæнгитæ, критикон уацтæ. Финсæгæн æ къохи бафтудæй берæ адæмон зартæ æма аргъæуттæ æрæмбурд кæнун, исаразта ирон зарти æмбурдгонд.
1960 анзи мухури рацудæй Хъазбеги-фурти поэмити киунугæ «Фæлтæрти намус». Фæстæдæр сæ ленинградаг поэт Шошин ратæлмац кодта уруссаг æвзагмæ.
Поэмитæ æнцæ цуппар. Хъазбеги-фурти ирд искурдиади фæрци цæститæбæл рауайунцæ Иристони сахъ хъæболтæ, бæгъатæр Бæтæг æма Зæлинæй райдайа – етæ тухтонцæ мангойлаг тухгæнгути нихмæ – æма нæ рæстæги хъайтар танкист Тъохи уæнгæ. Поэти дзурд æвдесуй адæми цæсгон историй фæззелæнти. Уодигъæди хуæздæр менеугути, аргъ кæмæн нæййес, уæхæн хæзнати хузæн фидæ дæттуй æ фуртмæ, еу фæлтæр – иннæ фæлтæрмæ… Уадзимисти хъайтартæ цæрунцæ адæми гъигæ æма цийнæй, зин сахат бацæунцæ уодуæлдай тохи се ’фхуæргути нихмæ. Æнæуинон син æнцæ цагъайрадæ, фидтæлтиккон талингæ æгъдæуттæ, мæнгарддзийнадæ.
«Нæййес цардæн бундор
æнцони,
Амонд – зинтæн сæ фурт».
Амондгун адтæй Хъазбегти Хъазбег. Е фæразта зинти нихмæ тохун, хайгин адтæй адæми хуарзæнхæй. Мæнæ си куд зæгъуй филологон наукити кандидат, доцент Калоти Геуæрги:
«Хъазбегæн æхецæй рæсугъддæр адæймаг нæ адтæй. Рæстдзийнадæ æвардта еугуремæй бæрзонддæр, уомæ гæсгæ цийфæнди уавæри дæр адтæй æргомдзурд, æнæхийнæ. Хъæбæр берæ æмбæлттæ адтæй Хъазбегæн, куд хестæртæ, уотæ кæстæртæй дæр. Ескæмæн агъаз ку багъæуидæ, уæд еугуремæй раздæр æ уæлгъос балæууидæ Хъазбеги-фурт. Сауæнгæ ма хумæтæг зонгитæ хайгин адтæнцæ æ уоди гъарæй. Хъаурæгин адæймæгутæ, дан, алкæддæр хумæтæг фæуунцæ. Хъæбæр хумæтæг адтæй Хъазбег дæр. Уарзта æмдзæвгитæ кæсун, кастæй сæ аййевæй, уæлдайдæр ба дигорон диалектбæл.
Райгурæн бæсти устур патриот уогæй, ахид фембæлидæ фæсевæди минæвæртти хæццæ. Радзоридæ син тугъдон хабæрттæ.
Хъазбег хъæбæр берæ рæстæг æма хъауритæ равардта литературæ пропагандæ кæнуни гъуддагæн, ахид цудæй гъæутæмæ, кустуæттæмæ, кастæй лекцитæ ирон литератури историй туххæй. Хъазбеги-фуртбæл берæ дзорæн ес, уомæн æма ин берæ бантæстæй».
Хъазбегти Хъазбеги ном абони дæр нæ иронх кæнуй æ ахургæнуйнæгтæй. Ирон литератури Хетæгкати Къостай номбæл музейи наукон косæг Джиккайти Дунетхан уотæ дзурдта:
«Дессаги лектор адтæй Хъазбег. Æ къохи гæгъæдий сифæ дæр нæ адтæй, уотемæй дзурдта æма дзурдта, лæг имæ игъосунæй не ’фсастæй.
Æма ‘й айдагъ уой туххæй нæ уарзтонцæ студенттæ – кафунмæ, зарунмæ æй неке рамулдтайдæ. Абони дæр ма мæ цæститæбæл уайуй, 1 Майи, бæрæгбони демонстраций рæстæг Хъайтухъти Геуæргий хæццæ ци кафт кодтонцæ, е.
Хъазбег нæ хæццæ цардæй хъæбæр хæларæй, аргъ ин кодтан æ дзурдæн. Уæлдай фулдæр æ гъос дардта, æмдзæвгитæ ка финста, уонæмæ. Æригон поэттæ имæ бацæуиуонцæ æ хæдзарæмæ дæр, адтæй хъæбæр иуазæгуарзон…»
Уотæ фæззæгъунцæ, лæгæн, дан, дууæ мæлæти ес. Фиццаг, æ зæрдæ косунæй ку банцайуй, уæд. Дуккаг ба – адæм æй ку феронх кæнунцæ, уæд. Æма дуккаг мæлæт нæййес Хъазбегæн – ирон адæм сæ зæрдæбæл дардзæнæнцæ сæ хъæболи ном.