26 декабря 2024

УОЛӔФГӔ БА – БЕРЛИНИ

22.07.2022 | 12:48

Идарддæр.

Райдайæн 24-27-аг номерти.

Иван Рослый (1902-1980) Советон Цæдеси Бæгъатæр, инæлар-лейтенант

Хъобангоммæ бахезæнтæ æрæхгæнгæй æма идарддæр Гæмæх хонхбæл тохи бацудæй 276-аг фестæг дивизи.

Еу хатт ма ‘й зæрдæбæл æрлæуун кæнон: сахар Орджоникидзе гъæуай кодта Медгъуддæгути Адæмон Комиссаради дивизи. Ногирмæ æрбахъæрттæнцæ 10-аг гвардион фестæг корпуси хæйттæ.

Цæгатæрдигæй нæ гъæуайкæнуйнади равгитæ адтæнцæ зингæ лæмæгъдæр. Ами, знаг ку æрбампурста, уæд таги галеу фæрсти, Æрхонкæй хонсарæрдæмæ, тохæрвонгæй лæудтæнцæ 981-аг гвардион артполк, багъæуаги сахатти 6-аг гвардион минометон батарейæ, 47-аг танкитæхсæг хецæн дивизион æма 54-аг пулеметон батальон. Уони рæфти фæстæмæ рагæлстонцæ, Æрхонкæ байахæссунмæ ка гъавта, еци немуцаг фестæг æфсæдти æма танкити къуар.

Куд исбæрæг кодтон, уотемæй Гизæлæй Æрхонкæмæ над гъæуайгонд нæ цæуй, зудтон æндæр гъуддаг дæр: гитлеронтæ æхсæвæ тохун нæ уарзунцæ. Уой хæццæ ба се ‘ргом æздæхт æй Орджоникидземæ. Гизæлæй, æвæдзи, сæхе цæттæ кодтонцæ аци сахармæ нимпурстмæ, еци гъуддаг син сæйрагдæр адтæй, уомæ гæсгæ ба иннæ ихæстæ фæффæстæдæр кодтонцæ. Цидæр адтæй, уæддæр над æрæхгæнунбæл байархайун фæстæтæрæгæнæн нæ адтæй.

– Куд нин кæнгæ ‘й, Наум Бариси фурт? Бафарстон артиллерий хецауи.

Лифшиц дзуапп уайсахат на равардта. Еуцæйбæрцæдæр рагъуди кæнгæй, загъта æ унаффæ: 62-аг денгизон бригади артиллерион дивизионæй еу батарейæ, уæдта танкитæхсæг дивизион æнæгъæнæй райсæн æма сæ еци надбæл æрæвæрæн.

– Бонæрдæмæ нин æфсад еститæ æрбагæлдздзæнæй, – фæцæй æ дзубанди артиллерий хецау.

– Артиллерийæй фæстæмæ ма 62-аг бригадæй райсун гъæуй, багъæуаги сахаттæн ке даруй, еци фестæг батальон, ами хæстæг, Æрхонки бунмæ лæууй, – Лившици дзубандибæл ма бафтудта Глонти.

– Гъай-гъай, раст зæгъетæ, – исарази дæн æз Лившиц æма Глонтий хæццæ. – Фал еци тухтæ фагæ нæ уодзæнæнцæ. Командæгæнæгæй корун багъæудзæнæй тæккæ минкъийдæр дууæ танкитæхсæг полкки.

Минкъий фæстæдæр мæмæ æрбацудæй оперативон штаби хецау майор Никитæ Власи фурт Минаев. Æ къохти адтæй, æфсади штабæн ке хæста, еци картæ. Знаг ци зæнхæ байахæста, е бæзгин хурст адтæй цъæх къариндасæй. Е мин ме ‘ргом æхердæмæ раздахта æма æз дæр, циркуль райсгæй, «цæун» байдæдтон еци рауæнтæбæл, исбарстон син сæ дæргъæ. Рауадæй дууинсæй километри. Рагъуди кодтон, Орджоникидзе ниццæвуни туххæй сæйраг тухтæ Гизæли æрбамбурд кæнгæй, знагæн нæййес, ке ниуурух кодта, æ еци фронти кæрæнттæ зæрдæдаргæ багъæуай кæнуни фадуат. Етæ ‘нцæ лæмæгъ æма син ес батонæн.

Уавæр лæмбунæг рартасуни фæсте ци хатдзæгтæмæ æрцудтæн, уони туххæй зæгъунвæндæ искодтон 9-аг æфсади командæгæнæгæн. Майор Минаеви уомæ æрветгæй æз бафæдзахстон, цæмæй инæлар Коротеевмæ æхе бахата æма куд гæнæн ес, уотæ тагъддæр корпусæн ратта дууæ-æртæ танкитæхсæг полкки Гизæлæй цæгатæрдæмæ знаги нæдтæ æрæхгæнуни туххæй. Уомæй идарддæр ма цæмæй корпусæн тухтæ бафтауа Æрхонкæй Майрæмадаг æрдæмæ знаги тухтæ кæрæдземæй фæххецæн кæнуни цæф никкæнуни туххæй.

Бастдзийнади афицер куддæр рараст æй, уотæ нæмæ æрбалæудтæй æфсæдти цæгатаг къуари штаби минæвар инæлар майор Дашевский. Дзубандий рæстæг æ гъос æрдардта, гитлеронти ниццæвуни туххæй нæ фæндæмæ. Берæ нæ бадзебæл æй. Фæндадтæй æй разамундæн уавæр тагъддæр балæдæрун кæнун æма нæ фæнди фарс рахуæцун.

– Берæ аразгæ уодзæнæй – загъта Дашевский, – болкъон Ворожищеви къуарæй, Майрæмадаг æма Суаргом нæ раттунæй.

Еци фарста мæнæн дæр æнцойнæ нæбал лæвардта, фал æз æууæндтæн бригади командир Ворожищеви принципиалондзийнадæ æма фæразондзийнадæбæл, æ тугъдон курдиадæбæл.

Адæймаги базонуни туххæй, дан, æ хæццæ цæнхи пут бахуæрун гъæуй. Фронти адтæй бустæги æндæр фæткæ. 34-аг бригади командири туххæй æз мæ сæр къуæрди равардтайнæ, кæд цалдæр боней размæ базонгæ ан, уæддæр.

Ворожищеви къуари – Суаргом гъæуайгæнгути туххæй ниффинсæн ес æнæгъæнæ киунугæ. Корпусæй фæххецæн уогæй, е раздæри хузæн æнхæст кодта еци операций тæккæ ахсгиагдæр ихæстæй еу. Цалдæр бони фæд-фæди ами нæ банцадæнцæ карз тугъдтитæ. Суаргоммæ байервæзунбæл сæ бицъинæг тудтонцæ румынæгти 2-аг хуæнхон-фестæг дивизи, немуцаг полк «Бранденбург». Етæ еунæг нæ адтæнцæ, агъаз син кодтонцæ авиаци, артиллери, 60 танкей бæрцæ.

Æхсæвæ 3 ноябри Ворожищеви къуарбæл бафтудæнцæ Сараеви батальони байзайæггæгтæ, лейтенант Карибский сæ сæргъи, уотемæй. Ка ‘рбацудæй, етæ нæуæгæй æрлæудтæнцæ тугъдонти рæнгъи, байахæстонцæ, ци бунæттæ син байамудтонцæ, уони. Уæлдай лæмбунæгдæр, тæккæ тæссагдæр рауæнти æрæвардтонцæ пулеметтæ. Балæдæрун кодтонцæ: ардигæй цæуæн ес айдагъдæр размæ. Фæстæмæ над нæййес.

11-аг гвардион фестæг корпуси размæ ци уавæр исæвзурдæй, уæдта инæлар Дашевский æма майор Минаев мах фæндитæ ке балæдæрун кодтонцæ, уонæмæ сæ гъос æрдардта разамунд: 3 ноябри нæмæ Æрхонкæмæ æрбацудæй æфсæдти къуари командæгæнæг.

– Ци уавæр уæмæ исæвзурдæй, уой зонун, – загъта Масленников куддæр медæмæ æрбахизтæй, уотæ. – Уой бæсти мин æмбал Рослый дæ фæндæ райхалæ.

Æз радзурдтон мæ гъудитæ знаги тохæн рауæнтæй еу – Æрхонкæй Майрæмадаг æрдæмæ ниццæвуни туххæй. Мæ дзубанди фæдтæн, уотемæй:

– Корпусæн артиллери æма танкитæй ку фæййагъаз кæнайтæ, уæд æнтæстдзийнадæбæл зæрдæдарæн ес.

Масленников расагъæс кодта æма загъта:

– Æма ци кæнуй, æмбал Рослый, дæ фæндæ мæгурау нæй. Нуртæккæ Ногирмæ æрбацæуй 10-аг фестæг корпус, сумахæн агъазмæ тагъд кæнунцæ фондз танкæхсæг артиллерион полкки. Уотæ нимайæн, æма машинæ искуста.

Дуккаг бон корпусмæ æрбацудæй Фæскавкази фронти командæгæнæг æфсади инæлар Иван Владимири фурт Тюленев. Æ хæццæ адтæй фронти штаби оперативон управлений косæг болкъон Константин Кирилли фурт Белоконов, уой хæццæ академий еумæ ахур кодтан.

Лæмбунæг мæмæ байгъосгæй, Тюленев загъта:

– Знаг фæммедæг æй сумах æхгæнунвæндæ ке кæнетæ, еци къæппæги. Æмбæлгæ гъуддаг. Агъаз ба уин бакæндзинан. Еуминкъий æнæдзоргæй ралæудтæй, уæдта рафарста:

– Æма немуц Гизæлæй цæгатмæ ку ниццæвонцæ, Æрхонкæ ку байахæссонцæ æма 9-аг æфсади къилдунтæ æнсæндгæй ку рацæуонцæ, уомæй нæ тæрсис?

– Нæ, æмбал командæгæнæг, уомæн нур гæнæн нæбал ес, – федарæй загътон æз. – Инæлар Масленников корпусæн æрбарвиста фондз танкæхсæг артиллерион полкки æма си зæрдæдаргæй æрæхгæдтон еци над.

Иван Владимири фурт адтæй æ хуарз зæрди æма ракурдта цай…

Сæумæй 5 ноябри корпус райста 9-аг æфсади комæндæгæнæги бардзурд. Еци документ иссæй Гизæли тугъди пълани бундор.

Гизæли операцийæн разамунд барæгонд æрцудæй 9-аг æфсади командæнæг Константин Апполони фурт Коротеевæн, сæйраг тухтæ ба си адтæнцæ 10-аг æма 11-аг гвардион корпустæ, 2-аг, 52-аг, 63-аг æма 5-аг танкон гвардион бригадитæ, 9-аг æфсади артиллери æма 4-аг уæлдæфон æфсади авиаци.

Еци ихæсти фиццаг бони туххæй Советон Цæдеси Маршæл А.А. Гречкой киунугæ «Кавказбæл тох»-и загъд ес: «Рæфти 10-аг гвардион корпус 4-аг гвардион фестæг бригади тухти хæццæ 52-аг æма 2-аг танкон бригадити хæццæ еумæ нимпурста Гизæлмæ, фал знаги танкити контратакæн нæ бафæразта æма фæстæмæ æ бунатмæ раздахтæй. Фал уæддæр 11-аг гвардион фестæг корпуси æнтæстгин размæцуди фæрци знагбæл æнхæстæй æртухсунмæ берæ нæбал гъудæй».

11-аг гвардион фестæг корпуси æфсæдтæ размæ æмпурсун райдæдтонцæ 6 ноябри 9 сахатти æма 30 минуттебæл, 57-аг фестæг бригадæ 15-аг танкон бригади хæццæ еумæ æмпурста Дзиуаригъæу æрдæмæ. Райдайæни дууæ бригадей гъуддæгутæ дæр цудæнцæ хуарз. Фал нигулæнæй æрбахъæрттæй танкити устур къуар æма сæ æруорæдта нисанмæ æрдæг надбæл, ци нæ фæккодтан размæмпурст истухгин кæнунæн, фал нин си неци рауадæй. Дзиуаригъæу къохи нæ бафтудæй, бригадитæ сæ ихæс нæ исæнхæст кодтонцæ. Уой хигъд нигулæн æрдигæй цæф не ‘руагътонцæ сæ синхæнттæбæл – 10-аг гвардион фестæг æма 69-аг танкон бригадитæбæл, равардтонцæ син скæсæн æрдæмæ парахат архайдæн фадуат.

Мах корпусмæ ба нæуæгæй конд ка ‘рцудæй, еци 10-аг гвардион фестæг бригади размæмпурст цудæй æнтæстгинæй. 63-аг танкон бригадæ, 98-аг гвардион минометон полк, 52-аг минометон дивизион æма син 66-аг гвардион уæззау артиллерион полк агъаз кодтонцæ, уотемæй æ хæйттæ æвеппайди нимпурстонцæ 370,3 бæрзæндæмæ, ниддæрæн кодтонцæ, сæ нихмæ лæуунвæндæ ка искодта, еци гитлеронти, æма æрбахъæрттæнцæ Майрæмадагмæ. Уоми байеу æнцæ Ворожищеви къуари хæццæ. Болкъон Сергей Михаили фурт Бушеви бригади тухгин цæф исæмбалдæй нисанбæл.

(Уодзæнæй ма).