26 декабря 2024

УОЛӔФГӔ БА – БЕРЛИНИ

08.07.2022 | 15:00

Иван РОСЛЫЙ (1902-1980) Советон Цæдеси Бæгъатæр, инæлар-лейтенант

Фæссехуар нигулæнæй æрбайгъустæй хуæдтæхгути гув-гув. Истребительтæ сæ гъæуай кодтонцæ, уотемæй æрбахæстæг æнцæ знаги бомбæгæлдзгути цалдæр къуари. 40 кенæ 50 «юнкерси» сæ «уаргъ» æрæсхустонцæ еци къагъдбæл. Хуæдтæхгутæй еу уойбæрцæ ба 34-аг бригади дуккаг батальони тохæнтæ «бахумæ» кодтонцæ.

Знаг ами дæр бабæй еузæрдиуон разиндтæй æ уарзон тактикæбæл: авиаци райдайуй гъуддаг, танкитæ ‘й фæуунцæ. Бомбæгæлдзгутæ зæнхи æмвæзадæбæл искодтонцæ къагъд, бахъор кодтонцæ нæ федæрттæ, ракæдзос кодтонцæ над танкитæн.

Мæ кæсæн бунатæй æз уидтон, танкити устур къуар нæ раззаг тохæнтæмæ куд балæгæрста æма бæрзæндæ 608,2 куд байста, уой. Ами цудæй карз тох. Гитлеронтæй фæгъгъудæй æхсæз машини, фал иннетæ цудæнцæ искæсæнмæ, цалинмæ сæбæл минкъий фæстæдæр ка лæудтæй, бригади еци артиллерион дивизион нæ ралæудтæй, уæдмæ. Танкитæ ниллæудтæнцæ.

Фæстагмæ тугъд сабур кæнун байдæдта. Уæддæр бæрæг адтæй: абони нæ нихмæ æрлæудтæй танкон дивизитæй еуей раззаг къуар, знаги сæйраг тухти нимпурст райдайдзæнæй исон.

Уотæ гъуди кодта Ворожищев дæр. Телефонæй мæмæ æрбадзурдта:

– Абони деденгутæ, гагатæ исон уодзæнæй, æмбал инæлар.

62-аг денгизон бригади фронти дæр знаг нимпурста нæ тохæн рауæнтæмæ, æцæг æнæ авиаци æма танкитæй.

Куддæриддæр æнгъæл адтан, уотæ рауадæй: 2 ноябри сæумæй гитлеронтæ мæ нихмæ багæлстонцæ, цидæриддæр тухтæ сæмæ адтæй, уони. Сæ авиаци æма артиллери дзæбæх ку «бакустонцæ», уæд Ворожищеви бригади тохæн рауæнтæмæ æрбалæгарстонцæ 100 танкемæй фулдæр. Фал бæгъатæртæ лæудтæнцæ раздæри хузæн æнæфæккеугæ. Кæд æма знаги танкитæн кæмидæрти æрбампурсун бантæстæй, хестæр лейтенант Сараеви батальон куд рауадæй, уотæ, уæддæр цудæнцæ мæрдтæбæл, æгæстæ лæудтæнцæ сæ бунæтти, гитлеронти цавтонцæ фæрсæрдигæй, фестæг æфсæддонтæн нæ лæвардтонцæ танкити хæццæ байеу уни фадуат.

Сæйраг цæф æхебæл æруадзæг 34-аг бригади размæ лæудтæй бæрнон ихæс: фиццагидæр, знаги Орджоникидземæ нæ уадзун, дуккагæй ба Суаргом бустæгидæр исæхгæнун.

Уой лæдæргæй, æз 2 ноябри сæумæраги, цалинмæ ма бастдзийнадæ нивæбæл адтæй, уæдмæ телефонæй бафарстон Ворожищеви, багъæуаги сахаттæн имæ ци тухтæ адтæй, æзинæ уони багъæуай кæнун æ бон бацæй æви нæ, уомæй.

– Бацæй, – дзуапп равардта комбриг. – Денгизонти автоматчикти батальонбæл фæстæмæ хуæцдзæнæн кæронмæ. Знаг нин нæ тохæн рауæнтæ ку ‘рбатона, уæд батальон исæхгæндзæнæй Суаргом. Мæлгæ дæр уоми ракæндзинан.

Знаги нимпурстæн бафæраздзæнæй, уобæл гурусхæн Александр Василийи фуртæн бундор адтæй: тухтæ имæ байзадæй минкъий, мæнæн ба ин фæййагъаз кæнун мæ бон нецæмæй адтæй. Багъæуаги сахаттæн ци минкъий тухтæбæл фæстæмæ хуæстæн, етæ æнгъæлмæ кастæнцæ сæхе сахатмæ. Æма уалинмæ еци сахат ралæудтæй.

Карз тохи фæсте знаги танкитæ басастонцæ 34-аг фестæг бригади хъаурæ Дæллаг Саниба байсгæй, етæ æрбахæстæг æнцæ Гизæлмæ. Ами 15 сахаттебæл рауадæй, нæ адæми æмбесонди бæгъатæрдзийнадæ нæуæгæй кæми разиндтæй, уæхæн тугъд. Мæ фæлгæсæн бунатæй алцидæр зиндтæй хъæбæр хуарз. Куддæр фашистон танкитæ Гизæлдони бацудæнцæ, уотæ сæбæл зинг никкалдта, багъæуаги сахаттæн ке дардтан æма корпуси штаб ка гъæуай кодта, еци 54-аг зенитон артиллерион батарей. Уайтæкки иссугъдæнцæ дууæ раззаг тугъдон машини. Уæдта ма нæмгутæ исæмбалдæнцæ никкидæр дууебæл. Знаг ниллæудтæй.

40 минуттей фæсте батарейбæл сæхе æруагътонцæ дæс хуæдтæхæги. Фал сæмæ уæдмæ зенитчиктæ фæййаразтонцæ сæ дзармадзантæ. Хуæдтæхгутæ нæма фæййаууон æнцæ, уотæ бабæй нæуæгæй размæ рампурстонцæ танкитæ.

Тухтæ æмхузон кæми адтæнцæ: хъæбæр берæ æфсæдтæ исаразта знаг Орджоникидзе байсунмæ. Мæ гъæуайгæнæн бунатæй æз хуарз уидтон Дзиуаригъæуæй Гизæли уæнгæ унгæг уадздзаг; зæнхæ нæ зиндтæй знаги тугъдон техникæй – танкитæй, аллихузон машинттæй.

Гизæл байсгæй, немуцаг танкитæ изæрмæ балæудтæнцæ сахар Орджоникидзей тæккæ бунмæ.

Сахар Орджоникидзе æма Арвикоми над гъæуай кодтонцæ Медгъуддæгути Адæмон Комиссаради дивизи æма къуар æндæр хаййи, уони хæццæ арæнгъæуайгæнгутæ дæр. Ами хецауæй нисангонд æрцудæй Медгъуддæгути Адæмон Комиссаради дивизий командир инæлар-майор В.И. Киселев.

Ноябри райдайæнмæ еци дивизий хæйттæ саперти æма бунæттон цæргути агъазæй арæзт фæцæнцæ гъæуайгæнæн фæрæзнитæ Орджоникидзей алфамбулай æма Арвикоми надбæл. Еци район адтæй Фæскавказмæ колдуари хузæн æма ‘й исфедар кæнунмæ æздæхт цудæй сæрмагонд æргом.

Æнцайæн пункттæ æма нихмæлæууæн бунæттæ арæзт адтæнцæ, аллирдæмæ дæр си æхсæн куд адтайдæ, уотæ. Берæ си адтæй танкити нихмæ цæлхдортæ, сахармæ бацæуæнти æвæрд адтæй минитæ. Батальони нихмæлæууæн бунæттæ арæзт æрцудæнцæ Орджоникидзей сауæнгæ Арвикоми æфцæги уæнгæ. Уæлдай фулдæр федæрттæ адтæй Гæмæх хонхбæл æма Арвикоми.

Еугур еци хабæрттæ мин фæдздзурдта инæлар Масленников, 31 октябри нæмæ Гизæлмæ ку бацудæй, уæд. Мæ хæццæ сабур æма æргом дзубанди ку кодта, еци бон Медгъуддæгути Адæмон Комиссаради дивизийæн бантæстæй, сахари к               æрон ин ци тохæн рауæнтæ цæттæгонд адтæй, уони байахæссун, нуртæккæ ба си уомæй дууæ бони фæстæдæр гъæйттæй истухгин æй тугъд. Дивизий тугъдонтæ æвдистонцæ устур бæгъатæрдзийнадæ. Знаги зæрди адтæй еци-еу цæфæй сахармæ байервæзун, фал исæмбалдæй тухгин нихкъуæрдбæл æма æрлæудтæй.

Мæ гъæуайгæнæн бунат æз ниууагътон, знаги танкитæ Гизæл ку байахæстонцæ, мах кæбæл адтан, еци бæрзонд 722,7-мæ ба немуцаг автоматчиктæ ку исцæйбурдæнцæ, айдагъдæр уæд. Штаби машинтти минкъий колонни къохи нæбал бафтудæй Гизæлæй Орджоникидземæ сæйраг надмæ райервæзун – байахæста ‘й знаг. Нæ амондæн, мах иссирдтан, Гæмæх хонхи бунти нæ нисанмæ ка ракодта, æндæр уæхæн над. Сахармæ ма нæ минкъий ку гъудæй, уæд фæззилдан цæгат-нигулæнмæ æма уайтæкки æрбахъæрттан Æрхонкæмæ.

Еу минкъий хæдзари æрфусун кæнгæй, корпуси штаб нæуæгæй бавналдта æ кустмæ. Гъудæй æвæстеуатæй хæйтти хæццæ бастдзийнадæ исаразун, сæ уавæр æма син сæ бунæттæ базонун.

Корпуси штаби хецау дæлболкъон Глонти æхебæл æрæвардта еци кусти сæйраг уæзæ. Æ амунддзийнæдтæмæ гæсгæ бастдзийнадæ аразунбæл косун байдæдтонцæ майор Михаил Антони фурт Дурнов æма бастдзийнади батальони командир капитан Яков Никифори фурт Анашкин. Хæйтти штабтæмæ рандæнцæ оперативон хайади хецауи агъазгæнгутæ капитантæ Павел Михаили фурт Мурашко æма Тимофей Николайи фурт Дроздов.

Дууæ сахаттей бæрцæмæ хæйтти хæццæ бастдзийнадæ адтæй цæттæ. Сæ командири æма, тугъди будурæй ка ‘рбаздахтæй, штаби еци косгути дзуæппитæмæ байгъосгæй, æз хуарз балæдæрдтæн, корпуси тохæн рауæнти ци уавæр исæвзурдæй, уой.

13-аг æма 23-аг танкон дивизитæ, румынæгти 2-аг хуæнхон-фестæг дивизи, полк «Бранденбург» æма берæ æндæр хæйттæ æрбамбурд кæнгæй, гитлеронтæ «къæразгæ æрбакъæрт» кодтонцæ мах лæууæн бунæтти – Фиййагдонæй Дзиуаригъæуи ‘хсæн, размæ балæгарстонцæ 18 километри æма 2 ноябри изæрмæ бахæстæг æнцæ Орджоникидземæ. Уоми сæ бауорæдта Медгъуддæгути Адæмон Комиссаради дивизи. Ци тæлмæ æрбатудтонцæ, е сауæнгæ Дзиуаригъæуæй Орджоникидземæ адтæй æдеугурæй цуппар километри уæрхæн, косæн картæбæл зиндтæй æфсæдтæй идзаг голлаги хузæн.

Уæхæн арф операци аразгæй, немуцæгтæ сæ зæрдæ дардтонцæ, 9-аг æфсади хæйттæ уодаист фæууодзæнæнцæ, æртумбул сæбæл уодзинан æма сæ бундзагъд никкæндзинан. Фондзинсæй хуæдтæхæги кæмæн агъаз кодтонцæ, фондзинсæй уæхæн танки сæйраг цæф æрцудæнцæ 34-аг бригади гъæуайгæнæнти тæккæ астæубæл. Хестæр лейтенант Сараев кæмæн командæ кодта, еци дуккаг батальонбæл æрцудæй устур зиантæ. Устур зиантæ æрцудæй 3-аг æма 4-аг батальонтæбæл дæр. Бригади тохæн рауæнтæ раст цума агъазиау кардæй еске дууæ дехи фæккодта, уотæ фæххецæн æнцæ.

Фал цъеувæдес неке иссæй. Æгасæй кадæриддæр байзадæй, етæ тох кодтонцæ идарддæр. Бригадæн агъазмæ тагъд кодтонцæ иннæ хæйттæ, ахæстонцæ тохæн бунæттæ знаги дæрæн кæнунæн.

Майрæмадаги исæвзурдæй «Ворожищеви къуар», бацудæнцæ имæ автоматчикти батальон, 2-аг æма 4-аг батальонти байзайæггæгтæ, цалдæр миномети æма ма 337-аг танкæхсæн дивизионæй æма бригади артиллерион дивизионæй æнæгъæнæй ци дæс дзармадзани байзадæй, етæ. Майрæмадаги цæгатварс æрфедар уогæй, «Ворожищеви къуар» нур æнхæст кодта хъæбæр ахсгиаг ихæс – гъæуай кодта Суаргоммæ бацæуæнтæ.

Уодзæнæй ма.

***

Ка ‘й зонуй, еске уотæ дæр бафæрсдзæнæй, гъома, æгæр ахид нæ мухур кæнæн тугъдон æрмæгутæ? Æма нæ дзуапп æй: гъæуй, цæмæй никки фулдæр уонцæ уæхæн æрмæгутæ нæ еугур мухури фæрæзнити дæр. Уомæн æма фæстугъд цал æма цал нæуæг фæлтæри фæззиндтæй, æма уонæн ба сæ зингæдæр хай Устур Фидибæстон тугъди хабæртти æцæгдзийнадæ, куд гъæуама уа, уотæ бæлвурдæй æма æнхæстæй нæ зонунцæ нæ нихмæ знаггадæ аразгутæ (куд нæхемæ Уæрæсей, уотæ фæсарæнти дæр) æма еци хабæрттæ сæхе пайдайæн усхъуммитæ кæнунцæ. Сæ еци гириззаг миути фæдбæл æрмæг кæсетæ на газети абони номери 6-7-аг фæрстæбæл.