30 декабря 2024

«РАГОН АЛАНИ – КАВКАЗИ КИРИСТОНДЗИЙНАДИ ИГУРÆН…»

23.09.2022 | 11:27

Юрий Чайка

Уæхæн гъуди Уæрæсей Федераций Президенти æнхæстбаргин минæвар Цæгат-Кавказаг федералон округи Юрий Чайка баханхæ кодта, Аланибæл дзиуарæ бафтаунбæл 1100 анзи исæнхæсти фæдбæл æрæги Дзæуæгигъæуи ци сæрмагонд æмбурд арæзт æрцудæй, уоми.

Æ загъдмæ гæсгæ, рагон Алайнаг паддзахадæ ’й, Кавкази зæнхæбæл киристондзийнадæ кæцæй парахат кодта, уæхæн игурæн рауæн. Æма арфиаг æй, абони аланти байзæддæгтæ сæ фидтæлти уодварни хæзнатæ ке гъæуай кæнунцæ, еузæрдиуонæй сæбæл æновуд æнцæ.

 

Сергей Меняйлойæн равдист «Аргъауæнмæ над»-и туххæй дзоруй Национ музейи разамонæг Цуцити Аслан.

Æ гъудимæ гæсгæ:

– Аланибæл дзиуарæ бафтауни 1100 анзи юбилей киристон æхсæнадæн устур ахедундзийнадæ кæмæн ес, уæхæн бæрæгбон æй. Алайнаг паддзахади политики фæрци æ зæнхæбæл райдæдта аргъауæнти арæзтадæ недзаманти. Уæд фæззиндтæнцæ рагон амайгутæ æма регионтæ ирæзтæнцæ, культурæ æма рохсади центри хузи.

Юрий Чайка ма баханхæ кодта, уотемæй Аланибæл дзиуарæ бафтауни 1100 анзей фæдбæл нисангонд кадгин мадзæлттæн сæ агъазиаудæртæбæл нимад цæунцæ рагон киристон объектти реставрацион куститæ, культурон-рохсадон акцитæ, равдиститæ, графикон æма видео æрмæгутæ Аланти рагон паддзахади киристондзийнади историй туххæй.

Нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло еци æмбурди куд фегъосун кодта, уотемæй бæрæгбони кадæн нисангонд фондз æма инсæй мадзалемæй нуриуæнгæ æнхæстгонд æрцудæнцæ цуппæрдæс: анзи дæргъи никкидæр ма æнхæстгонд æрцæудзæнæнцæ иннæ еуæндæс мадзали дæр. Се ’хсæн: наукон конференцитæ, Национ музейи еудадзуг экспозицион равдиститæ аразун, уæдта нæ культурон бунтæмæ ка хауй, еци объекттæ реставраци кæнуни гъуддæгутæ.

Уагъд æрцудæнцæ почти зæрдæбæлдарæн маркæ, æфсæйнаг æхца.

Бæрæгбони мадзæлттæ арæзт æрцæудзæнæнцæ айдагъ Цæгат Иристони нæ, фал Мæскуй, Санкт-Петербурги æма нæ бæсти æндæр рауæнти дæр.

АРГЪАУÆНМÆ НАДБÆЛ ЦÆУГÆЙ – РÆСТВÆНДАГ!..

Аланибæл дзиуарæ бафтауни кадæн Цæгат Иристони Национ музейи арæзт æрцудæй къарти равдист «Аргъауæнмæ над».

Æ байгон кæнуни мадзали архайдта нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло æма æ радзубандий куд баханхæ кодта, уотемæй Иристони зæнхæбæл цæрæг дзиллæ киристон дин ке райстонцæ, е иссæй агъазиау историон цау. Æма уой лæдæргæй, гъæуама бæрнонæй гъæуай кæнæн нæ адæми уодварни хæзнатæ, сæ бундорбæл аразæн нæ цардарæзти гъуддæгутæ:

– Уæрæсей Президент загъта ахсгиаг гъуди: гъæуама нæ уедæгтæмæ раздæхæн. Нæ истори, не ’гъдæуттæ, нæ цардиуагон фæткитæ ку æййевæн, уæд нæ исонибон ци бундортæбæл исаразæн ес, етæ нин фесæфдзæнæнцæ… Уæрæсе æй берæнацион бæстæ, алли адæмихатт дæр бæрæг дарунцæ æ хуæдхуздзийнадæй. Аци равдист гъæуама фæстаг ма исуа, 24-25 сентябри фæсте дæр сæ гъæуама кæнæн республики дæр æма бæсти æндæр рауæнти дæр. Адæмæн гъæуама радзорæн нæ историй, рæсугъд культури, гъæздуг уодварни хæзнати туххæй.

Равдист ку байгон æй, уæд æрбацæуæг адæм æрзилдæнцæ залбæл, фæууидтонцæ равдисти хузтæ.

Фæууинæн си ес дууæсæдæ кустемæй фулдæр.

«АЛАЙНАГ КИУНУГÆДОНÆ» – ÆНОСТИ ÆЦÆГГАДИ ÆВДЕСÆН

Аланибæл дзиуарæ бафтауни 1100 анзи исæнхæсти фæдбæл ци берæ аллихузон мадзæлттæ нисангонд æрцудæй, уонæй еу адтæй сæрмагонд «Алайнаг киунугæдонæ» бацæттæ кæнун. Æма еци агъазиау гъуддаг æнтæстгинæй исæнхæст кæнун. Уой фæдбæл æрæги Цæгат Иристони Тæбæхсæути Балой номбæл паддзахадон академион театри арæзт æрцудæй цитгингæнæн  мадзал. Уой игон кæнуни рæстæг нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло æ радзубандий зæрдиагæй райарфæ кодта «Алайнаг киунугæдонæ» исаразгутæн æма загъта:

– Ауæхæн дессаги фæрæзнæ нæмæ ке фæззиндтæй, е ахсгиаг гъуддаг æй, уомæн æма «Алайнаг киунугæдонæ»-йæн ес æгæрон агъазиау зонадон, рохситауæн, гъомбæладон ахедундзийнадæ. Киунугутæ ’нцæ аллихузон – наукон-популярон, наукон-æртасæн æма аййевадон. Етæ бæлвурдæй æвдесунцæ нæ райгурæн бæсти, нæ адæми цардарæзти евгъуд рæстæгути æнæмæнгæ зонуйнаг хабæрттæ æма цаутæ, киристон дини ахедундзийнадæ не ’хсæнади, Иристон Уæрæсей хæццæ байеу кæнуни гъуддаги. Киристон дини фæрци Уæрæсе æма Иристони паддзахæдти медастæу рахастдзийнæдтæн æвæрд æрцудæй æностæмæ федарæй-федардæр бундор. Æма махæн, абони цæрæг дзиллæн, нæ ихæс æй багъæуай кæнун æма байамонун нæ Фидибæсти истори, уой рæстдзийнадæ нæ кæстæртæн.

Сæрмагондæй байамонун гъæуй уой, æма аци ахсгиаг гъуддаг арæзт æрцудæй нæ республики мухури æма дзиллон коммуникацити Комитет æма рауагъдадæ «Ир»-и хъæппæресæй. Зæгъун гъæуй уой дæр, æма «Алайнаг киунугæдонæ» ци æвддæс киунугемæй арæзт æй, уонæбæл ма рæхги бафтуйдзæнæй еума киунугæ, хуннуй «Моление о чаше», æ ниффинсæг æй Сæлбити Тамерлан.

«Алайнаг киунугæдонæ»-йи туххæй дзоргæй Алайнаг епископ Герасим загъта:

– Аци киунугутæ ’нцæ уæлдай цæмæдесагдæр, уомæн æма син ес устур ахедундзийнадæ. Æвдесунцæ киристон дини рохситауæн куст, æнцæ аллихузон финсгути хъæппæресæй финст. Гъулæггагæн, сæ тираж устур нæй, фал мæ зæрдæ дарун, тагъд рæстæги уой фæффулдæр кæнунбæл архайд ке ’рцæудзæнæй, уобæл.

Мадзали архайæг дзилли зæрдитæ сæ аййевадæй барохс кодтонцæ Мариинаг театри Цæгат Иристони филиали артисттæ æма музыканттæ, республики Паддзахадон филармоний зартæгæнæг нæлгоймæгти къуар, Хонсар Иристонæй аййевади минæвæрттæ дæр бацæттæ кодтонцæ кадгин бæрæгбони концертон программæ. Æвдист ма си æрцудæй «Алайнаг киунугæдонæ»-йи алли киунуги туххæй дæр цубур кинонивтæ.

ЭРМИТАЖИ БÆНТТÆ – ИРИСТОНИ

Аланибæл дзиуарæ бафтауни1100 анзей кадæн Цæгат Иристони арæзт æрцæудзæнæнцæ Уæрæсей Паддзахадон Эрмитажи бæнттæ. Æ генералон директор Михаил Пиотровский уотæ зæгъуй:

– Хъæбæр зæрдæхцæуæнæй игон кæнæн Цæгат Иристони ауæхæн культурон æма рохситауæн мадзал – Эрмитажи бæнттæ. Нæ музейæн Кавказ æй ахсгиаг бунат, æма уой бавдесунæн ба нин заманай равгæ иссæнцæ, Аланибæл дзиуарæ бафтауни 1100 анзей фæдбæл ци берæ аллихузон мадзæлттæ арæзт цæуй, етæ – уонæми архайгæй байархайдзинан, Эрмитаж ци æй, уой берæвæрсугæй республики дзиллæн бавдесунбæл.

Нæкæси, уой фæдбæл уодзæнæй, Михаил Пиотровский Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон университети ЮНЕСКО-йи зали 24 сентябри ци лекци бакæсдзæнæй, е дæр.

Программи сæйраг цау исуодзæнæй равдист «Алайнаг паддзахади хæзнатæ. Паддзахадон Эрмитажи æмбурдгæндтæй». Æвдист си цæудзæнæй фондз экспонати, Аланий истори æма культури циртдзæвæнтæ. Рагондæр си æй хъазар авгин къос, сугъзæрийнæ цъарæй конд зайæгой-геометрион орнаменти хæццæ. Æвæрд æй дууæ фарсей ’хсæн.

Аци дзаумау нæ доги размæ III-II æности искодтонцæ мисийраг зæрингурдтæ, æртасгутæ ба ’й иссирдтонцæ Мæздæгмæ хæстæг. Баст æй сæрмæтаг зундгонд лæгти байвæруни æгъдауи хæццæ. Равдист искæндзæнæнцæ музейти æхсæн проект «Алайнаг паддзахади хæзнатæ»-йи фæлгæти. Е байгон уодзæнæй аци анз, декабри, уæдмæ кæронмæ рахъæртдзæнæнцæ Аланибæл дзиуарæ бафтауни 1100 анзи исæнхæст уни фæдбæл нисангонд мадзæлттæ.

Национ музейи Эрмитажи бæнтти кадæн косдзæнæй лекторий, паддзахадон музейи косгутæ лекцитæ бакæсдзæнæнцæ Эрмитажи археологон æрмæг æма астæуккаг æности хъумаци хæццæ куд косунцæ, ирайнаг æвзæгтæбæл дзорæг кавказаг æма Астæуккаг Азий адæмти бастдзийнæдти туххæй, рагон хъобайнаг, скифаг, сæрмæтаг, алайнаг культуритæ æма византийаг киристон коллекцити туххæй.

Сувæллæнттæн æма студенттæн Национ музейи бацæуни фадуат уодзæнæй нимæдзон фæрæзнити фæрци Эрмитажмæ бахъæртунмæ, рагон хузæкæнуйнади æма Юпитери залтæмæ бацæунæн. Формат 360-и фæрци фæууинæн уодзæнæй кинонивæ «Эрмитаж. Историй ранигъулд». Сæйраг роли си рагъазта Константин Хабенский.

Ке бафæндæуа, уонæн равдесдзæнæнцæ музейи агъазиау æмбурдгæндти туххæй кинонивæ.

Бæрæгбони мадзæлтти фæрци гъæуама Цæгат Иристон æма Паддзахадон Эрмитаж бафинсонцæ æмгустади бадзурд дæр.