27 декабря 2024

ÆРТИНДÆС БОНИ КУТЕМÆЙ ФÆДДУНД ÆНЦÆ…

28.01.2023 | 13:34

Фондз æма фондзинсæй анзей размæ – 1918 анзи 24 январи – УСФСР (Уæрæсей Советон Федеративон Социалистон Республики)  Адæмон Комиссарти Совет рахаста унаффæ, цæмæй Уæрæсей республикæ рахеза нигулæн-европаг къæлиндармæ. Уой фæдбæл дзиллон-хабархæссæг фæрæзнити рæстæгæй-рæстæгмæ æрмæгутæ фæззиннуй, уонæмæ гæсгæ бацæттæ кодтан, мæнæ дæлдæр ке мухур кæнæн, еци уац.

 

 

ФУДФУНИ ХУЗÆН

Уæ медзæрди рагъуди кæнайтæ: 31 январи æхсæвæ бафунæй айтæ, иннæ бон сæумæй ба ку райгъал айтæ, уæд æнгъæл адтайтæ, 1 февраль ралæудтæй, зæгъгæ, фал телевизорæй игъосетæ: «Абони æй 14 февраль, рæстæггай уардзæнæй…»

Æрра гъудитæ? Фудфун? Сæ еу дæр нæ æма иннæ дæр. Мадта, баруагæс уи уæд, Уæрæсей кæддæр гъе уæхæн хабар æрцудæй. 1918 анзи 31 январи фæсте 1 февраль нæ ралæудтæй, фал… 14 февраль.

Гъуддаг уой медæги адтæй, æма раст фондз æма фондзинсæй анзей агъоммæ УСФСР-и Адæмон Комиссарти Совет рахаста унаффæ, нигулæн-европаг къæлиндармæ цæмæй рахезæн, уой фæдбæл. Уæдæй фæстæмæ, уой размæ цаутæ æма хабæрттæ ци æнзти æма бæнтти ’рцудæнцæ, уони кой кæнгæй, фæббæлвурд кæнæн: «нæуæг нимадмæ гæсгæ» кенæ «зæронд нимадмæ гæсгæ», зæгъгæ.

 

«КУЛЬТУРОН ÆГЪДАУÆЙ РАЙРÆЗТ АДÆМИХÆТТИТÆБÆЛ НÆХЕ БАЙЕУ КОДТАН!..»

Зундгонд куд æй, уотемæй 1918 анзи 31 январи размæ Уæрæсе цардæй, юлиайнаг ке хонунцæ, еци къæлиндармæ гæсгæ, Европи паддзахæдти фулдæр хай ба сауæнгæ 1582 анзæй фæстæмæ архайдта григорианскаг къæлиндармæ гæсгæ.  Се ’хсæн хецæндзийнадæ сæдæ анзей дæргъци фулдæр кодта еу суткæ æма XX æноси райдайæнмæ исхъæрттæй 13 бонемæ. Раст ку зæгъæн, уæд уæрæсейæгти цардбæл еци хецæндзийнадæ фуддæр æрдæмæ уоййасæбæл  нæ фæззиндтæй, айдагъдæр фæсарæйнаг гъуддæгути фæдбæл гæгъæдити бæлвурд бæнттæ æвæрд цудæнцæ дууæ хузи. Уомæ гæсгæ ба уотæ рауайидæ, æма Европæй нæмæ, зæгъæн, анзи райдайæни æрвист гæгъæдитæ, исæмбæлиуонцæ уой размæ анзи кæрони. Фал адæймаг алцæбæл дæр исахур уй.

Советон пропагандисттæ евгъуд æноси 20-аг æнзти куд финстонцæ, уотемæй: «Анзнимади еци æййивддзийнадæ советон хецаудзийнадæ адæмти историй фæббæлвурд кодта, уруссаг адæми капитали фудхуæрæнадæ æма хецауеуæггадæй ке исуæгъдæ кодта, уой… Уæдæй фæстæмæ Советон республикæ хаст æрцудæй еугур дуйней культурон адæмихæттити нимæдзæмæ».

 

ДМИТРИЙ МЕНДЕЛЕЕВИ ÆРТИККАГ АРХАЙД

Къæлиндар баййевуни фарстамæ тæккæ фиццаг хатт каст цудæй 1830 анзи. Григорианаг къæлиндари нимадмæ рахезуни фарс адтæй Уæрæсей наукити Академи. Еци фарстабæл буцæутæ цудæнцæ дæсгай æнзтæ. Паддзæхтæ нæ тагъд кодтонцæ еци бæрнон гъуддагмæ ’ркæсунмæ, уæрæсейаг рæстæгнимади туххæй бæрнон унаффæ рахæссунмæ. Гъуддаг размæ ку нæ цудæй, уæдта еци ихæс æхемæ 1893 анзи райста Уæрæсей астрономион æхсæнадæ. Къæлиндар раййевуни фæдбæл арæзт сæрмагонд къамиси иуонгти номхигъдмæ хаст æрцудæй Д.И. Менделеев дæр. Уотемæй, номдзуд химик айдагъ периодикон системæ æма уруссаг водки формулæ не ’ргъуди кодта, фал ма зæрдиагæй архайдта нæуæг къæлиндармæ рахезуни гъуддаги дæр. «Нуртæккæ ци юлиайнаг къæлиндарбæл цæрæн, е раст нæй, – нимадта Д.И. Менделеев, – григориайнаг дæр бустæги раст нæй. Уомæ гæсгæ ба нæ гъæуй исбæлвурд кæнун, никки æнхæстдæр дзуапп ка дæтта нуриккон науки домæнтæн, уæхæн нимадмæ рахезуни мадзал…»

«Къæлиндари къамис» куста 1911 анзи уæнгæ, фал сæ унаффитæ уотид гæгъæдибæл байзайиуонцæ. Айдагъдæр большевиктæн, сæ разæнгарддзийнадæ аци гъуддаги дæр бавдесгæй, бантæстæй 1918 анз æнæгъæнæ 13 боней бæрцæ фæццубурдæр кæнун.

Еци реформæ неци уоййасæбæл тингундзийнадæ расайдта æхсæнадон цардиуаги.

Реформитæй æнаразийæй байзадæй æма нерæнгæ дæр ма ’й уруссаг киристон дзиуарæ, гъома, зæрдхъурмæ кодта зæронд фæткæбæл, уомæ гæсгæ нæ, фал æй нæ фæндадтæй æ еудадзугон фæткитæ æма æгъдæуттæ æнхæст кæнуни рæстæгутæ нæуæг нимадмæ гæсгæ æнхуæрсун. «Большевикти рахаст унаффитæмæ кæсун гъæуй уæлæнгай цæстингасæй, уомæн æма хъор дарунцæ дини уагæвæрдтитæ», – уæхæн адтæй сæ гъуди диникустгæнгутæн.

Æма, æцæгæйдæр, киристон дин нæ райста еци декрети фæткæ. Ци нæ син фæккодтонцæ Уæрæсей æдасдзийнадæ гъæуайгæнæг оргæнтæ, уæддæр, куд сæ æнхæст кодтонцæ, уотемæй байзадæнцæ. Уомæ гæсгæ ба абони уæнгæ дини бæрæгбæнттæ æнхæстгонд цæунцæ дугай нимæдзтæмæ гæсгæ.

Октябри революци ба кæд 25 октябри æрцудæй, уæддæр ин æ бæрæгбон ба нæуæг анзнимади декретмæ гæсгæ бæрæг кæнун райдæдтонцæ ноябри.

МÆ НАНА ÆМА ПОЭТ ПУШКИН

Уæрæсей цæргутæ, адтæй нæ адтæй, уæддæр исахур æнцæ нæуæг къæлиндарбæл. Мæ нана райгурдæй къæлиндари реформæ ку фæззиндтæй, уой размæ, æма æ райгурæн бон финст æрцудæй 26 майи, фал уæддæрæ райгурæн бон ба фæббæрæг кæнуй 20 июни. Цитгин уруссаг поэт А.С. Пушкин дæр райгурдæй 1799 анзи 26 майи. 1918 анзи фæсте, уой райгурæн бон дæр бæрæг кодтонцæ 8 июни, æртиндæс бони ма ибæл бафтаугæй. Фал 1923 анзи ба Советон хецауадæ нæуæгæй унаффæ рахаста юлиайнаг æма григориайнаг къæлиндарти ’хсæн ци хецæндзийнадæ ес, уой исбæлвурд кæнун. Уотемæй еци хецæндзийнадæ рауадæй еуæндæс бони. Уомæ гæсгæ ба А.С. Пушкини райгурæн бон хаст æрцудæй 6 июньмæ. Фал игургæ ба уæддæр майи ракодта…

Уой фудæй историон хабæрттæй берæ кæцидæртæ ниххæлæмулитæ æнцæ. Еуæй-еу ахургæнæн киунугути бакæсæн ес, зæгъæн, Бородиной тугъд æрцудæй 8 сентябри, иннæ киунугути ба еци бон нимад цæуй Куликови тугъди бонбæл.

Нæ нæуæг бæрæгбон – адæмон еудзийнади Бон – бæрæггонд цæуй 4 ноябри, ци цаумæ гæсгæ ’й иснисан кодтонцæ, еци бонбæл – 1612 анзи 22 октябрьбæл – кæнгæфтуд æртиндæс бони бакæнгæй. Уотемæй ба XVII æноси (кæцими анзнимæдти хузти æхсæн хецæндзийнадæ адтæй дæс бони) хорнигулæйнаг хронисттæ (цаутæ æма хабæрттæ финсгутæ) Мæскуй исуæгъди бонбæл нимайунцæ 1 ноябрь.

Еци раййевитæ-баййевитæ пайдахæссæг ку уиуонцæ… Мадта уæд советон Уæрæсей цæргутæ ба 1918 анзи кутемæйти исарæхстæнцæ, феврали ци æртиндæс бони фесавдæнцæ, уонæми син ци гъуддæгутæ æма хемæрайст ихæстæ нисангонд адтæй, уони исаразунмæ?

Хъæбæр æнцонтæй. Адæмон Комиссарти Совет рахаста унаффæ, цæмæй «уой размæ къæлиндармæ гæсгæ 1 æма 14 феврали æхсæнмæ, куд бадзубандигонд, уотæ закъонмæ гæсгæ дæр, ци хемæрайст ихæсти рæстæгутæ нисангонд адтæнцæ, етæ æнхæстгонд цæуæнтæ 14 æма 27 феврали ’хсæн, алке нисангонд рæстæгбæл æртиндæс бони æфтаугæй. Раздæри къæлиндармæ гæсгæ 1918 анзи 14 февралæй 1 июли уæнгæ ци хемæрайст ихæсти рæстæг нисангонд адтæй, уони æнхæст кæнуни æмгъудтæ ба бæрæггонд æрцæуæнтæ бадзубандигæнгути æмунаффæмæ гæсгæ, æнхæстгонд æрцæуæнтæ æртиндæс бони фæстæдæр – æмгъудмæ…»

Сæ кусти фæдбæл мизди еу хай (аванс) 1918 анзи фæллойнæгæнгутæй беретæ кæд æма алли мæйи 15-аг бони райсиуонцæ, уæд нур ба си фæффудевгед æнцæ. Адæмон Комиссарти Совети бадзурдæй гъæуама еугуремæн дæр  лæвæрд æрцудайдæ «23 февраля 1918 г. получаемую ежемесячную сумму за вычетом 13/30 оной».

Нæкæси, «фесæвд 13 боней гъуддаг» нерæнгæ дæр ма рæстæгæй-рæстæгмæ исдзурдтаг уй. Сауæнгæ Паддзахадон Думи депутатон къуæрттæй исдзурдтонцæ, цæмæй раздæхæн раздæриккон уæрæсейаг къæлиндармæ. Еци фæндæ уогæ, ка ’й зонуй, уоййасæбæл дзурдтаг дæр цæмæн фæккæса, кæд æма нæ бæсти нури рæстæгути берæ историон цаутæ æма хабæртти фæдбæл цæйбæрцæбæл æнæлæдæрд æййивддзийнæдтæ æнхæстгонд æрцудæй, уой нимайгæй.

Бæргæ сæбæл арази уианæ, еци раййевитæ-баййевитæ пайдахæссæг ку уиуонцæ, уæд…

Еудзурдæй, дуйней адæмихæттити культурæ баййафтан.