21 ноября 2024

«ДÆ УАДЗИМИС МÆГУРГОРБÆЛ ЗÆРДÆРЕСГÆЙ УÆД ДЗУРДТАЙ…»

11.03.2023 | 22:11

ГУРДЖИБЕТИ Блашкай фидæ Майрæнсау æ хестæр фурт Аслæнгерийи хæццæ.

Берæ уарзта æ райгурæн бæстæ. Патриотизми мотивтæ æргом æнцæ финсæгæн æ пъисмоти дæр. Уæрæсе æма Япони ’хсæн тугъд ку райдæдта, уæд Блашка цæттæ адтæй цæунмæ Уæрæсей паддзахади арæнтæ багъæуай кæнунмæ. Устур лиагъæбæл нимадта æндæрбæстон Японий тухгæнгутæн сæр æркъолæ кæнун æма уонæн лæггадæ кæнун.

Блашка литературон сорæттæ исаразунмæ адтæй дæсни. «Сахи рæсугъд»-и Æвдеуи сорæт фæлгонцгонд цæуй, цæститæбæл ка рагъазуй, уæхæн хузи:

Къупури – æ хъæстæ,
Æ цæсгом – сæмпæл;
Æ гурæ – дорфæрстæ,
Æ закъæ – хæмпæл…

Гурджибети Блашкайæн е ’взаги гъæздугадæ ’й адæмон. Арæхстгай пайда кодта фольклорон хæзнатæй, уордигæй райста тематикон æгъдауæй æ дууæ кадæнги дæр – «Сахи рæсугъд» æма «Æрдхуæрдтæ», уæдта е ’мдзæвгитæ «Басилтæ», «Буркудзау», «Фус æма Сæгъæ» æма æндæртæ. Цæмæй æ комеди «Æдули», æ гъудимæ гæсгæ, циргъдæр æма тухгиндæр рауадайдæ, уой туххæй финсæг æ уадзимиси персонажти диалогтæмæ бахаста берæ адæмон æмбесæндтæ, зæгъæн: «Хæрæг бæхи не ’ййафуй», «Ходаги халæ игъæндагæ», «Æ кæрдбадзи ди мæ кардæ», «Ке кой кæнай – къæсæрмæ», «Æфсæрми нæбал фæккæнуй цæгæр, ку байгон уа æ сæр».

Гурджибети Блашкай финститæ агъаз кæнунцæ евгъуд дзамани цард арфдæр базонунмæ æма исахур кæнунмæ.

1965 анз, август.

Аци анз (1965 анзи – Ред.), июни мæйи, æртинсæй анзи исæнхæст æй зингæ ирон поэт Гурджибети Блашка тугъди бæгъатæрæй ку фæммард æй, уобæл. Уой фæдбæл мæн фæндуй еу къуар дзурди зæгъун.

Раги æрцудæй еци æверхъау гъуддаг – 1905 анзи. Уæд мæбæл цудæй 12-13 анзи. Идард Хорискæсæнæй исластонцæ Гурджибети Блашкай мард. Блашка адтæй афицер, байсавдæй уруссаг-япойнаг тугъди. Куд дзурдтонцæ, уотемæй æй исластонцæ тугъди будурæй цинкæй конд кири. Исластонцæ ’й Прохладныйи станцæ Ерастимæ, уордигæй ба æ райгурæн гъæу Мусгъæумæ. Марди фæсте цудæй хъæбæр берæ адæм – нæлгоймæгтæ, силгоймæгтæ, сувæллæнттæ, сæ уарзон поэти фæндараст кодтонцæ æ фæстаг надбæл. Æз дæр сувæллæнтти хæццæ цудтæн поэти марди фæсте. Рацудан, нæ дууæ гъæуей æхсæн ци цирт-дзæвæн ес, «Цагъди мæрдтæ», зæгъгæ, уой уæнгæ, уæдта, мах, сувæллæнттæ раздахтан нæ гъæумæ фæстæмæ.

Сувæллон ма адтæн еци рæстæги, фал зудтон Блашкай поэтикон уадзимис-тæ. Бакастæн ин æ киунугутæ «Дигорон уаджимистæ», «Æдули», «Сахи рæсугъд». Фæстæдæр, семинари ку ахур кодтон, уæд еу къуар ахургæнуйнагей хæццæ исаразтан Мусгъæуи скъолай азгъунсти гъазтизæр. Исæвардтан си Блашкай комеди «Æдули». Гъазтизæрмæ æрцудæнцæ хъæбæр берæ адæм æма арфитæ ракодтонцæ комеди равдесгутæн.

Хетæгкати Къоста æма Гурджибети Блашкай уадзимистæ мæ зæрдæмæ хъæбæр фæццудæнцæ. Кастæн сæ, сувæллон ма ку адтæн, уæддæр. Мæхуæдæг дæр, Къоста æма Блашкай финститæ фæнзгæй, æмдзæвгитæ финсун байдæдтон, кæд мæ финститæ лæмæгъ адтæнцæ æма мин сæ лæмæгъдзийнадæ неке амудта, уæддæр. Уæлдай уарзт кодтон Блашкай æмдзæвгитæ «Абæрег» æма «Мæлæг æфсæддон». Аци æмдзæвгитæ ку кастæн, уæд мæ цæс-титæбæл уадæнцæ тæрегъæддаг хузтæ: абæрег еунæгæй, адæмæй хецæнæй куд цардæй æма куд берæ уарзта е ’мбали – е ’нæ сайд бæхи – саулохи. Блашкай «Мæлæг æфсæддон» дæр хъæбæр фæццудæй мæ зæрдæмæ. Æмдзæвги поэт финсуй, цæф æфсæддон æнæ фæккæсæгæй, еунæгæй куд мардæй тугъди будури, уой туххæй. Аци æмдзæвгæн адæм исаразтонцæ рæсугъд мелоди æма ‘й зардтонцæ революций агъоммæ, фæззарунцæ ’й нур дæр.

Кæд Блашкайæн еуæй-еу уадзимисти либералон-буржуазон дузæрдугдзийнæдтæ ес («Сæребари манифест», «Хъазахъмæ»), уæддæр зæгъдзинан, прогрессивон, демократон идейитæ фулдæр æнцæ æ финстити. Æ уадзимистæ агъаз æнцæ евгъуд рæстæги цард хуæздæр балæдæрунæн.

Блашка уарзта фæллойнæгæнæг адæми æма ’й хъæбæр фæндадтæй, етæ сæребарæй æма амондгунæй куд цæронцæ, е. Æ уадзимисти поэт æвдиста мæгур адæми зин цард паддзахи уæззау дзамани. Æ зæрдæ ристæй фæллойнæгæнгути зин-дзийнæдтæбæл («Мæгургор», «Саудари бон», «Мæгур уосгор»).

Æ хуæздæр æмдзæвгитæй еу – «Къоста» – Блашка ниффинста Хетæгкати Къос-тай номбæл. Поэт финста:

Ка дин не ’скæндзæнæй кадæ,
Ка дин нæ ратдзæнæй æгъдау?
Ка сдзурдта, ниййергæй нæ мадæ,
Адæммæ йе ’взагæй дæуау?

Аци æмдзæвгæй бæрæг æй, Блашка куд бæрзонд бунати æвардта Къостай æма ин куд устур аргъ кодта æ поэтикон æма æхсæнадон кустæн.

ГУРДЖИБЕТИ Блашка æ мадæ Гузай (Тускъати кизгæ) хæццæ.

Цæгат Иристони финсгутæ, искурдиадæгин поэт æма тугъдон лæг Гурджибети Блашкай ном нимайгæй, 1955 анзи, æ фæммарди дæс æма дууинсæй анзи исæнхæсти фæдбæл, рандæнцæ æ райгурæн гъæу, нигæд кæми æй, уордæмæ – Мусгъæумæ – æма уоми æ циртбæл исæвардтонцæ деденгутæ, гъæууон клуби исаразтонцæ литературон изæр, радзурдтонцæ Блашкай исфæлдистади туххæй, бакастæнцæ æмдзæвгитæ. Еци финсгутæ адтæнцæ Цæгæрати Максим (Цæгат Иристони финсгути Цæдеси сæрдар), Хъусати Дмитрий, Плити Харитон, Балати Тембол, Бритъиати Созурухъо, Хъайтухъти Геор æма иннетæ. Уоми нæ хæццæ адтæнцæ филологон наукити кандидат Хæдарцати Азæ æма Гурджибети Блашкайæн æ кизгæ – Саламти Сатæг. Литературон изæрмæ æрцудæнцæ берæ адæм æма хъæбæр фæййарфитæ кодтонцæ Блашкай ном иссеруни туххæй литературон изæр исаразгутæн.

Гурджибети Блашка адтæй, Устур Октябри революций агъоммæ ка куста нæ национ аййевадон литературæ исаразунбæл, еци хестæр финсгутæй. Куд зонæн, уотемæй Блашкайæй раздæр аййевадон уадзимистæ неке финста дигорон диалектбæл, кæд, ка ’й зонуй, еске финста, уæддæр æ финститæ некæми фæззиндтæнцæ мухури Блашкай киунугутæй раздæр. Уомæ гæсгæ мах нимайæн Блашкай, дигорон диалектбæл раздæр финсун ка райдæдта, еци поэтбæл. Блашка адтæй паддзахи уæззау рæстæги фæллойнæгæнæг адæми зиндзийнæдтæ æма гъезæмарæ цард ка равдиста æ уадзимисти, еци хестæр финсгутæй æма ин æ рохс ном мах некæд феронх кæндзинан.

Мæ аци имисуйнæгти хæццæ ма мухур кæнун ме ’мдзæвгæ – Мусгъæуи уогæй, Гурджибети Блашкай номбæл ци литературон изæр исаразтан, уоми ке бакастæн, уой («Гурджибети Блашкайæн»).

ГУРДЖИБЕТИ БЛАШКАЙÆН

Раги адтæй йеци рæстæг:
И сау мегътæ, зилдæгæй,
Æрæмбарзтонцæ нæ бæстæ,
Мæстгун уогæй, тузмæгæй.

Нæ адæми нин æзнæгтæ
Æфхуардтонцæ æгæрон,
Æфтудтонцæ ’й гъезæмæртти,
Æнхæст кæнгæй сæ фæндон.

 Зинтæ бухсæн нæбал адтæй,
Искарз æй бунтон æлдар.
Уæхæн доги нæ фæндадтæй
Йеунæгей дæр ун цагъар.

 Дæ уадзимис мæгургорбæл
Зæрдæресгæй уæд дзурдтай,
Реуигонæй, къæбæргорæй
Уой дæ финсти æвдистай.

 И раст уоди – Батæрази –
Базонун кодтай махæн,
Адтæ уомæй ду арази,
Адгин фæцæй дæ зæрдæн.

 Раевгъудæй и сау рæстæг,
Æндæр æй нæ цард бунтон:
Сæребарæ ’й нæ рохс бæстæ,
Царди уагæ – нæ фæндон.

 Фал Блашкайæн æ хузæнтти, –
Зин уавæрти ка финста, –
Нæ финсгути – нæ уарзæнтти,
Рохс адæмæн ка хаста, –

 Алли хатт дæр имисдзинан,
Сæ кой æдзох кæндзинан,
Нæ арфæ син æрветдзинан,
Рохсаг уонæн зæгъдзинан.

 1965 анз.

ГУЛУТИ Андрей (1892-1980), Цæгат Иристони адæмон поэт