21 ноября 2024

«АЦИ КИУНУГÆЙ ФЕДАР БУНДОР ИСАМАДТА КЪОСТА ИРОН ЛИТЕРАТУРÆН!..»

19.10.2024 | 14:09

Хетæгкати Къостай æма Байти Гаппой рахастдзийнæдтæ берæ рæстæгути æвдист цудæнцæ се ’хсæн нихмæлæуди хузæн, кадæртæ ба Гаппой Къостайæн знаггадæгæнæгæй дæр ма исаразтонцæ. Ка ’й зонуй, уæхæн цæстингасæн «агъазгæнæг» фæцæй, Къоста кæддæр Гаппомæ ци тингун финстæг ниффинста, е дæр. Уæ зæрдæбæл уин æй æрлæуун кæндзинан.

 

«ДЗОРУН, МÆ МАСТ ТУХХÆЙТИ УОРАМГÆЙ…»

Байти Гаппомæ

1899 анзи 19 июль

БАЙТИ Гаппо (галеуæрдигæй фиццаг) æма Къоста иуазæгуати Цæликкатæмæ.

Кæсай, Гаппо, дæумæ, ка ’й зонуй, æма е хуæрз минкъий гъуддаг кæсуй, фал уомæй ду, нæ дууей ’хсæн ци хуарз зæрди рахаст ес, уой фехалдзæнæ. Æз дин еу хатт æма дууæ хатти нæ загътон зæрдиагæй, цæмæй, ме ’мдзæвгитæ мухури уадзгæй, мæ къохфинститæ æгириддæр маци хузи æййевай, куд æнцæ, раст сæ уотемæй уадзай, сауæнгæ сæ орфографий уæнгæ дæр.

Æз ескæци дзурд ку фæффинсун, уæд æй æндæр хузи нæ, фал уотæ фæффинсун зонгæ-зонун, æз ибæл мæ сæр берæ фæххуастон, æма барæ нæ дæттун нæдæр дæуæн, нæдæр æндæр ескæмæн ме ’вастæй уони æндæрхузæнттæ кæнунæн, уæлдайдæр ба æмдзæвгитæ, еунæг мур дæр уæлдай кенæ гъæуагæ кæми ма уа, уæдта алли дамугъа дæр автори иснисангонд бунати кæми æвæрд ес, уоми. Æмдзæвгæ газети уадзимис нæй, еу ескæци тæрсагæ æма нецилæдæрагæ редактор, куд æй бафæндæуа, уотæ ке ниххæнхитæ кæнуй.

Æз дин лигъстæ кодтон, цæмæй мин киунугæ рауадзуни размæ фæууинун кодтайсæ фæстаг корректурæ. Ду уой нæ бакодтай, уогæ зингæнæн дæр адтæй. Фал мæ курдиадæ – къохфинст куддæриддæр æй, раст æй уотæ ниууадзун, – уой гъæуама исæнхæст кодтайсæ, æма æз ку зудтайнæ, мæ орфографи мин уотæ æнæфсæрмæй исæндæрхузæнттæ кæндзæнæ æма еуæй-еу дзурдтæ ба æндæр дзурдтæй раййевдзæнæ, уой, уæд, ард дин хуæрун, мæ къохфинст дæумæ раттунбæл неци хузи исарази адтайнæ… Мæ киунугæ райсунмæ æз æнгъæлмæ кастæн хъæбæр цийнæгæнгæй, фал мин ду еци цийнæ фенадæ кодтай. Нуртæккæ дæр ма мин фадуат ку уидæ, уæд æрæмбурд кæнинæ киунуги еугур экземпляртæ дæр æма, сæ фæд дæр куд некæмибал байзайа, уотæ сæ басодзинæ.

Æз куд финсун, е раст ке æй, уобæл дзорун мæ бон æй алкæддæр, æма дæуæн дæр æма, мæ орфографибæл арази ка нæй, уонæн сæ еугуремæн дæр æнгъизтæй мæ орфографий ме ’вастæй æййевуни размæ мæн баууæндун кæнун, ду куд финсис, уотæ æнæмæнгæ раст æй, е. Æз ба дæу, бахатир кæнæ, фал ирон æвзаги æгъдауæй нæ нимайун нæдæр Пушкинбæл, нæдæр Гротбæл. Уомæ гæсгæ мæмæ аци рауæн дæ миуæ фудракæнди хузæн кæсуй юридикон æгъдауæй дæр æма æфсарми æгъдауæй дæр, адæймаг дзуапп ке туххæй фæддæттуй, уæхæн, æма кæд мæнæн мæ зæрдæ нæ комуй дæуæн уотæ бакæнун, уæд е æй, нуриуæнгæ нæ кæрæдземæ ци хуарз зæрдæ дардтан, айдагъдæр уой фæрци, æндæра мин ду æцæгæлон адæймаг ку уисæ, уæд æз алцидæр бакодтайнæ, цæмæй ду киунугæ нæуæгæй рауагътайсæ, уой туххæй.

Уони дин æз дзорун зæрдиагæй, мæ маст туххæйти уорамгæй. Æз мæ дзурдтæй базар некæд кодтон, мæ финститæй еу рæнгъæн дæр æхца некæд некæмæй райстон. Æма финсгæ дæр, финсон æма мухур кæнон, зæгъгæ, уæхæн зундæй нæ кæнун, берæ кадæртæ куд кæнунцæ, уотæ. – Нæ! Уæхæн финстæн мæ æ кадæ дæр нæ гъæуй æма æ пайда дæр…

Æз финсун уой, æма мæ рист зæрди мæ бон уорамун ке нæбал фæффæразун, æма кæд æз, мæ «хæлæрттæ» мæ ку нæбал фæууадзунцæ, уæд сæ коммæ бакæсун æма син сæ евгед бакæнун мæ еци сагъæстæ, уæд уонæй дæр домун, цæмæй кæд сæ лæдæргæ нæ кæнунцæ, мæ гъудитæбæл æма мæ зæрди рахастбæл нæ арази кæнунцæ, уæддæр сæ æз куд ниффинстон, уомæ гъæуама кæсонцæ ездон, кадæ кæнуни цæстингасæй, ма сæ æййевонцæ сæхемæ гæсгæ æма сæ уотемæй ма ’вдесонцæ, цума мæ уадзимистæ æнцæ, уотæ.

Æз газеттæмæ ци статьятæ ниффинсун, сауæнгæ мин уони ку фендæрхузæнттæ кæнунцæ, уæддæр фурмæстæй гъæлай хузæн ку исун, уой туххæй æз гæвзукмæ æрцудтæн, газет «Северный Кавказ»-и хæццæ мæхе исбæтгæй æма ’й 11 майи фæсте бустæгидæр ниууадзгæй… Дæ геппи уагъд киунуги ме ’мдзæвгитæй, æгириддæр æвнæлд кæмæ не ’рцудæй, уæхæнттæ байзадæй айдагъдæр «Тæхуды», «Рувас æмæ зыгъарæг» æма «Зымæг». Зонæ, цæйбæрцæ дæбæл æууæндтæн, уомæн æ 99% ке фесафтай, фал, ка ’й зонуй, муггагмæ нæ, æндæр ба бустæги лæгъуз уидæ. Бангъæлмæ кæсдзинан.

Къоста

* * *

Калоти Геуæрги Гаппой туххæй æ уаци куд зæгъуй, уотемæй Къоста кæд æма хаттæй-хатт бустæги æнæбунати истингун уидæ Гаппомæ, мæстæйдзаг уайдзæфтæ ин ракæнидæ, уæддæр ибæл Гаппой зæрдæ æгириддæр некæд фæххудтæй, лæдæрдтæй ин æ зæрдихатт. Еци зæрдихатт ба уæхæн адтæй, æма цийфæнди зæрдихудтити фæсте дæр Къоста уæддæр некæд фехалдта æ лимæндзийнадæ Гаппой хæццæ. Гаппо ба ибæл алкæддæр адтæй æновуд, ауодудта ибæл, тухстæй æ зиндзийнæдтæй, цийнæ ин кодта æ лæгдзийнæдтæбæл. Уомæн æвдесæн мæнæ абони ке мухур кæнæн, еци дууæ уаци. Куд нимад цæуй, уотемæй сæ ниффинста Гаппо.

 

«ИРОН ФÆНДУР» РАЦУДÆЙ

Еу бон, тухст сахатти пеллон зингау бабæй æ цæститæ иссугъдæнцæ!.. Барохс æй æ бæгъатæр унгæг зæрдæ…

Æнгон æхгæд сау арвæй имæ хори тунæ æ уарзон Иристонæй æрбакастæй…

Æ рази лæудтæй, цæхæртæ калгæ, æ кади туруса, ирон киунугæ: «Къоста. Ирон фæндур». Æ уоди кусти æнæмæлгæ нисайнаг, ирон ковæндони.

Дзæгъæлæй изадæнцæ иристойнæгтæн сæ хуæнхтæ гъæунги неуæг седзæри хузæн!.. Гъист зæрдихалæн сагъæс.

Уæ, нæ хæхтæ, нæ бæстæ,

Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!..*

(* – Мамсурати Темурболати дзурдтæ)

Къоста ниллæудтæй Ири астæу раст лæгæн æма загъта муггагæй-муггагмæ сагъæссаг дзурдтæ, фарни дзубандитæ æ сугъзæрийнæ киунуги:

«Ныууадзут, Ир, хæлды ныхæстæ – чырыстон-пысылмон, Тега-Куыртта, æлдар-кæвдæсард, чысайнаг-туайлаг, дыгурон-къуыдарон…»

1895 анзи райгъустæй æнæгъæнæ Иристонбæл æ дессаги зар:

Цæйут, æфсымæртау

Радтæм нæ къухтæ

Абон кæрæдзимæ,

Иры лæппутæ!..

Скæнæм нæ тырыса

Дзыллæйы номæй,

Рухсмæ æнæзивæг

Цомут æнгомæй!..

Райгъал кодта мæрдхустæй аци киунугæ æнæгъæнæ Иристон, уомæн æма дзилли зæрди уедæгтæмæ багъардтонцæ е ’гæрон сагъæси кæуни æма дзилли сагъæси дзурдтæ!..

Аци киунугæй федар бундор исамадта Къоста ирон литературæн.

Устур æхсари уарт равардта ирон финсæгæн…

Культурон дзиллити астæумæ ирон адæми бакодта.

 

НÆ ЕУНÆГИ КÆРОН

Мæгур æфхуæрд лæгæн æ гъастæн, раст лæгæн æ мастæн æрцудæй сагъæссаг кæрон…

Нæуæгбони бони 1900 анзи Къостабæл Кавкази сæрдарæй тел исæмбалдæй: Каханови гъаст мæнгæ разиндтæй, иссæребарæ дæ!..

1900 анзи мартъий тухамæлттæй ма исхаста е ’стæгдар Гуммæ… Нæбал æй базудтан. Сау мегъæ æрæхгæдта æ рæсугъд цæстити зинг… Æгомуг адтæй сугъзæрийнæ гъæлæс… Уæззау, тухст зæрдæ хурфи никкалдæй!..

Фуднези нисантæ бæрæг адтæнцæ. Æ зунд æхе барæ нæбал адтæй. Æхуæдæг æй, мæгур, нæ лæдæрдтæй…

Цæбæлдæрти ма бæргæ архайун райдæдта. Æ зæнхæ Лаби æрбауæйæ кодта, Дзæуæгигъæуи Иригъæуи зæнхæ ралхæдта, хæдзарæ уоми исамадта; тургъæй зиндтæнцæ нæ хуæнхтæ æма будуртæ…

«Ку мæлон, уæд сæмæ ардигæй салам æрветдзæнæн!..» – дзурдта ходгæй…

Нез æ сосæг сау куст кодта. Еу бон лæг æрхаудтæй, æ хъауритæ расастæнцæ. 1903 анзи ’й æ хуæрæ Ольгæ фæлласта сæ хæдзарæмæ Лабæмæ… Хуссæнæй нæбал раистадæй…

Сæйгæфæрсæг адæмæн дзурдта айдагъдæр дууæ загъди: «Ме ’нсувæртæ, кæрæдзей уарзгæй цæретæ!..»

19 мартъий 1906 анзи Иристонбæл исæмбалдæй цубур сау уац: «Къоста рамардæй. Ольгæ». Æ мард ин исластонцæ Дзæуæгигъæумæ æма ’й уоми Ирон аргъауæни тургъи банигæдтонцæ… Мардæн устур æгъдау равардтонцæ алли дзиллитæ… Кади деденгутæй ингæн нæбал зиндтæй…

Беретæ рæсугъд дзубандитæ загътонцæ æ цардбæл æма æ гъуддæгутæбæл. Бакастæй дессаги гъарæнгæ уруссагау поэт Цæголти Геуæрги, иронау – Кадати биццеу. Ерастийæй исæрвиста сау додгæ гъарæнгæ поэт Гурдзибети Блашка.

Рахæлеу æнцæ адæмтæ…

Содзаггаг марди сæрмæ хуастонцæ сæ реу Иристони мадтæлтæ, бундзарæй тудтонцæ сæ сæри гъунтæ. Æдзард седзæр Еунæги гъарæнгæ кодтонцæ…

Рохсаг уо, нæ Хорзæрийнæ!..

 

Тбау УАЦИЛЛАТИ, 1922 анз, Берлин.