АДÆМ СИ КОДТОНЦÆ СÆ КАРЗДÆР СОМИ!..
Тæкъоти Симон райгурдæй Киристонгъæуи (абони – горæт Дигора) 1876 анзи майи 27-аг бони. Æ ниййергутæ адтæнцæ хумæтæг зæнхкосгутæ.
Æ сабийбонтæ Симон рарвиста æ райгурæн гъæуи æма уидта, гъæубæсти медæгæ къласон нихмæлæуддзийнадæ карзæй-карздæр куд кодта, дзиллити куд дехтæ кодта, уой. Еци дзамани Киристонгъæуи цардиуагæн æ фæткæмæ арфæй-арфдæр хъæртун райдæдта капиталистон рахастдзийнæдтæ. Гъæуи мæгур æма рæстæмбесцæрæг адæми æлхъивтонцæ еунæг паддзахи хецауеуæггæнгутæ, баделиатæ æма гъæздуг хъазахъæгтæ нæ, фал ма гъæууон буржуази дæр.
Рæстæг куд цæуй, уотæ зундæй хайгин кæнуй…
Демократон интеллигенций минæвæрттæ сæ сæргъи, уотемæй зæнхкосæг дзиллитæ еу хатт æма дууæ хатти нæ исистадæнцæ тохмæ се ’фхуæргути нихмæ. Еци тох уæлдай карздæр адтæй XIX-аг æноси 80-90-аг æнзти.
Киристонгъæуи гъæууон скъола Симон каст фæцæй 1889 анзи. Уой фæсте бацудæй Æрæдони æхсæзанзон скъоламæ æма си фæййахур кодта цуппар анзи. Скъолайæй æй рацох кодтонцæ, архимандритмæ карзæй ке исдзурдта, уой туххæй. Фæстæмæ æрæздахтæй Киристонгъæумæ æма 1894 анзи цалдæр мæйей дæргъи адæми сувæллæнтти ахур кодта сæ хæдзæртти.
Æндæр гæнæн ин нæ адтæй æма бацудæй тугъдон службæмæ. 1894 – 1896 æнзти службæ кодта 82-аг фестæг полкки Грознай. 1896 анзи бацудæй Калаки юнкерти скъоламæ æма ’й каст фæцæй 1898 анзи. Равардтонцæ ин подпоручикки цин æма ’й рарвистонцæ Ташкенти батальонмæ. Уоми баслужбæ кодта 1902 анзи уæнгæ. Æфсади службæмæ æ зæрдæ нæ ирадæй. Бæлдтæй уæлдæр ахургонддзийнадæ райсунмæ. Æхебæл хъæбæр архайдта. 1902 анзи Тæкъой-фурт æфсадæй рацудæй æма Ташкенти гимнази фæууни фæдбæл фæлварæнтæ равардта, уæдта профессор В.Ф. Миллери агъазæй бацудæй Мæскуй университети юридикон факультетмæ. Университет каст нæ фæцæй, уомæн æма имæ 1904 анзи фæдздзурдтонцæ æфсадмæ Япони хæццæ тугъд ке райдæдта, уой туххæй. Фал æй тугъдмæ нæ рарвистонцæ. Еци рæстæги бæсти революцион змæлд ке искарз æй, уомæ гæсгæ паддзахи хецауадæ не ’ндиудта, революцион зундирахаст кæмæ адтæй, еци студентти æфсадмæ æрветун æма сæ исуæгъдæ кодта тугъдон службæй.
Университетмæ фæстæмæ бацудæй 1906 анзи сентябри æма ’й каст фæцæй 1907 анзи. Университет каст фæууни фæсте райдæдта адвокати куст кæнун Дзæуæгигъæуи.
Фал æ сæйрагдæр тухтæ Симон аразта революцион куст кæнунмæ. Революцион змæлдмæ бацудæй 1902 анзи, Терки облæсти еугурей разæй социал-демократон змæлд ку фæззиндтæй, уæд. Социалистон ахурадæ æма косгути змæлдмæ е ’ргом здахун райдæдта никки раздæр. «Терки облæсти революцион змæлди туххæй», зæгъгæ, ци фæллойнæ ниффинста, уоми уой туххæй Симон зæгъуй, социалистон змæлди хæццæ базонгæ дæн 1897 анзи, Калаки юнкерти скъолай ку ахур кодтон, уæд, зæгъгæ. Еци рæстæги Калаки ахургæнгутæ цæттæгæнæн институти ахур кодта е ’нсувæр Филипп, æма е минкъий зонгæ адтæй социалистон литератури хæццæ, хæстæг лæудтæй Гурдзий социал-демократон змæлдмæ. (Амæй идарддæр дæр цитатитæ хæсдзинан Тæкъоти Симони аци кустæй).
Æ зундирахастмæ ин революцион гъудитæ бауадзунæн фæййагъаз æнцæ, Ташкентмæ æрвист революционерти хæццæ ке ‘мбалдæй, е, уæлдайдæр ба социал-демократ, марксист Шендриков. Ами Симон æхе хæстæг ласта, гимназий хестæр къласи ахургæнуйнæгтæй революцион зундирахаст кæмæ адтæй, уонæмæ, уонæй дæр еуæй-еуетæмæ. Атæ ин сосæггай кæсунмæ лæвардтонцæ революцион литературæ.
Фал ин уæддæр еугуремæй хъæбæрдæр фæййагъаз æнцæ Ташкенти раззагдæр косгутæ. Уони хæццæ базонгæ ‘й Кокити Савви фæрци. Саввæ æма Симон еу гъæуæй адтæнцæ. Саввæ адтæй Хетæгкати Къостай хуарз æрдхуард. Ташкентмæ ба æрвист æрцудæй Терки облæсти хецау, инæлар Каханови дзурдмæ гæсгæ, Къостай хæццæ Дзæуæгигъæуи Ольгинскийи силгоймæгти скъола исæхгæнуни нихмæ карзæй ке ‘рлæудтæй, уой туххæй. Симон косгути хæццæ ахид ке дзубанди кодта, е фæййагъаз æй, сæ тох цæбæл æй, уой арфдæр балæдæрунæн.
1902 анзи Тæкъоти Симон бацудæй Уæрæсей косгути социал-демократон партий (УКСДП-й) рæнгъитæмæ. Еци анзи июни кæрони исуæгъдæ ‘й тугъдон службæй æма æрæздахтæй Цæгат Иристонмæ. Ами уайтæккæдæр æхе исбаста Дзæуæгигъæуи æма ирон устур гъæути (Киристонгъæуи, Алагири, Бæтæхъойгъæуи, Ольгинскийи, Æрæдони æма æндæр рауæнти) ци революцион къуæрттæ адтæй, уони хæццæ.
Мæскуй университети Симон нæуæгæй ахур кæнун райдæдта 1902 анзи сентябри. Уоми никки хъæбæрдæр исфедар æй æ революцион зундирахаст. «Ами æз уайтæккæдæр бахаудтæн студентти сосæг къуæрттæмæ, – финста Симон, – кæми ахур кодтан политикон партити программитæ… Анзи дæргъи æз арфдæр ахур кодтон марксистон зонундзийнæдтæ». Къуари ма адтæнцæ Хъесати Геуæрги. Цæликкати Ахмæт (фæстæдæр Ахмæт гадзирахаттæй рацудæй революцибæл), Хъанухъуати Хаджиморат, стъараполаг студенттæ æма ма цалдæр адæймаги Уæрæсей æндæр сахартæй.
1903 анзи сæрди, каникулти дзамани Симон иссудæй Киристонгъæумæ. Уæдмæ ами адтæй федар революцион къуар. Каникулти рæстæги Симон революцион куст кодта еунæг Киристонгъæуи фæллойнæгæнгути хæццæ нæ, фал Терки облæсти хуæнхаг адæми, уæдта хъазахъæгти æма Дзæуæгигъæуи косгути ‘хсæн дæр. Симон сосæггай зилдæй гъæутæбæл æма Дзæуæгигъæуи округи станицитæбæл. Дзæуæгигъæуи фæллойнæгæнгути ‘хсæн парахат кодта социал-демократон къуæртти прокламацитæ, уæхæн куст æнхæст кæнунмæ ма худта сахари скъолати хестæр кълæсти ахургæнуйнæгти дæр.
Симони агъазæй ма революцион къуæрттæ уæд арæзт æрцудæй Заманхъули, Хумæллæги, Елхотти, Алагири, Æрæдони, Хедигъоси, Нæуæггъæуи, Дæллаггъæуи, уæдта станицитæ Змейски æма Николаевскийи. Уæлдай устурдæр къуар исаразун ин бантæстæй Бæтæхъой гъæуи – адтæй си 70 адæймагей бæрцæ. Æ исаразгутæй еу адтæй ахургæнæг Собити А.
Алагири къуар исаразта Саухалти Х., кæций Симон нимадта «Иристони тæккæ активондæр революционертæй еуебæл».
Æфсадæй ку исуæгъдæ ‘й, уæд 1905 анзи райдайæни Тæкъой-фурт иссудæй Иристонмæ æма уайтæккæдæр райдæдта революцион куст кæнун.
Революцийæн æ тæккæ райдайæнæй фæстæмæ революцион куст рахизтæй къуæртти арæнтæй. Киристонгъæуи зæнхкосгутæ 1905 анзи ци исистад исаразтонцæ, уой кой кæнгæй, Симон финста: «Хецаудзийнадæ адтæй мах къохти. Нæ къуæрттæ аллибон дæр Дигори ихалдтонцæ баделиати зæнхгинти «бартæ». Баделиатæ æмрезæгæй ризтæнцæ, хъæбæрдæр ба уомæн, æма Дигори ци аграрон змæлд рапарахат æй, уомæн агъаз кæнун райдæдтонцæ Иристони иннæ гъæутæ дæр. Зæгъæн, Æрæдони цæргутæ, Нæсхъидати Сослæнбег сæ сæргъи, уотемæй сурх турусати хæццæ рацудæнцæ Дигори адæмæн, помещикти гъæдæ ка цагъта, уонæн агъаз кæнунмæ.
УКСДП-й Центрон Комитети амундмæ гæсгæ 1905 анзи сæрди гæрзефтонг исистадмæ цæттæ кæнуни рæстæг Тæкъоти Симон устур куст бакодта Георгиевскийи тугъдон скъладæй тохæнгæрзтæ æма гилдзитæ исамал кæнунбæл Апшерони полкки æфсæддонти хæццæ, бæхгин ирон дивизий хæццæ, Ростови исистад цæттæгæнæг комитети хæццæ æма æндæрти хæццæ бастдзийнадæ исаразунбæл.
Большевикти разамундæй Мæскуй косгутæ ку исистадæнцæ, уæд уой хуæдфæсте æрлæудтæй фарста райарæзти фарстатæмæ æркæсуни УКСДП-й Терк-Дагестани комитет. Кæд комитети иуонгтæ æмзунд нæ адтæнцæ, меньшевикти еу хай (Цæликкати А. æма æндæртæ) кæд исистад исаразуни нихмæ адтæнцæ, уæддæр комитет баунаффæ кодта Дзæуæгигъæуи хецаудзийнадæ байсуни туххæй исистад исаразун. Иристони революцион тухти командæгæнæгæй æвæрд æрцудæй Тæкъоти Симон. Е тугъдон тухтæ æрæмбурд кæнуни туххæй æрцудæй Иристони Терки галеуфарси æма рахесфарси гъæутæмæ.
Фал еумæйаг исистадæй неци рауадæй. Уомæн адтæй дууæ анхосæги: еуæрдигæй е, æма цæмæй зæнхкосæг дзиллитæ ма рандæ уонцæ Дзæуæгигъæуи косгутæн æма æфсæддонтæн фæййагъаз кæнунмæ, уой туххæй сæ бунæттон хецауеуæггæнгутæ сæ агентти фæрци ардудтонцæ тукæнтти, гъæздугутæ æма чиновникти хæдзæртти мулк давунмæ; иннердигæй ба меньшевиктæ – еци мæнгæ революционертæ адæми фæндонæн къæхкъуæрæнтæ аразтонцæ. Хецаудзийнади нихмæ ма исистадæй ирон дивизион, фал еунæгæй æ бон неци бакæнун бацæй.
Симон æхе байаууон кодта паддзахи куйсортæй. Цæйбæрцæдæр рæстæг æхе римахста Дзæуæгигъæуи, Киристонгъæуи, Даргъ-Къохи дæр, фæстæдæр ба рандæй Сибирмæ. Цалдæр мæйей дæргъи римæхст адтæй Маньчжурий станцæ Тобойти Александрмæ, фал æй уоми дæр агорун райдæдтонцæ æма уой ку базудта, уæд рандæй Владивостокмæ. Ами еуминкъий ракуста Сучански æфсæнвæндæгтæбæл, уæдта 1906 анхзи фæззæги Мæскумæ æрбацудæй.
1907 анзи Дзæуæгигъæумæ исæздахтæй æма майи мæйæй декабри уæнгæ куста тæрхондони лæгæн агъазгæнæгæй. Еци бунати косгæй берæ революционертæн байагъаз кодта Симон, – нæ син бауагъта тæрхон искæнун. Уæдмæ Дзæуæгигъæуи революцион организацитæ еугурæйдæр дæрæнгонд æрцудæнцæ, революционертæй ма сæрæгас ка байзадæй, уонæй ба беретæ Терки крайæй рандæнцæ.
УКСДП-й Терк-Дагестани комитети нæуæг иуонгти хæццæ еумæ Симон райдæдта революцион куст кæнун. Æхе исбаста Пятигорски æма Грознай социал-демократон организацити хæццæ. Зæрдиагæй архайдта къуæртти куст нæуæгæй къæхтæбæл исæвæрунбæл. Беретæ си косун райдæдтонцæ куд Дзæуæгигъæуи, уотæ Иристони еуцалдæр гъæуеми дæр.
1907 анзи декабри Симони æрахæстонцæ æма ’й бакодтонцæ Дзæуæгигъæуи ахæстдони, уæдта æй 1908 анзи майи рарвистонцæ Оренбургмæ, уордигæй ба Владивостокмæ. Уоми фæцæй 1910 анзи мартъий уæнгæ. Исæздахтæй Дзæуæгигъæумæ æма бабæй райдæдта сосæггай революцион куст кæнун.
Еци рæстæги туххæй Симон æхуæдæг уотæ финсуй: «1910-1914 æнзти адтан æнæхъаурæ паддзахи хецаудзийнади нихмæ тохи. Хецæн бунæттæ кæрæдзей хæццæ баст нæ адтæнцæ. Революционертæн æнæсцохæй тæрхон кодтонцæ тугъдон тæрхондæнтти æма тæрхондони палати. Адæм сæхемæ игъосунбæл фæцæнцæ. Мах кодтан уæлæнгай, листæг революцион куст. Бафæлладан. Ме ’мбæлтти хæццæ мах кустан ирон адæми ‘хсæн, уомæн æма сæ сæ къохтæмæ æрбайстонцæ национал-либералтæ. Мах нæхемæ райстан ирон рауагъдади æхсæнади правлени æма æ алливарс æрбатумбул ан. Бавзурстан газет «Владикавказский листок» уадзун, фал си неци рауадæй. Зудтан, фæллойнæгæнæг адæм нæ фарс ке ‘нцæ, фал политикон уавæри аккаг лозунг нæ ирдтан. Мах зудтан, революцион змæлд, косæг къласи медæгæ ке тухгин кæнуй, уой, фал махмæ косгутæ æгæр минкъий адтæй».
Тæкъоти Симон сосæг куст кодта большевикти хæццæ. Еумæ ахæстдæнтти æма æрвистити гъезæмарæ кодта уони хæццæ, фал политикон æма тактикон фарстатæмæ æмхузон цæстингасæй нæ кастæнцæ. Ами ибæл фæззиндтæй, меньшевикти ‘рдæмæ здæхт ке адтæй, е. «Бафæлладан», «Нæ ирдтан лозунг», «Перспективитæ нæмæ нæ адтæй»… Бæрæг куд æй, уотемæй большевиктæмæ уæхæн уоди рахастдзийнадæ некæд адтæй.
Симон меньшевиктæй еуварс рацæуни надбæл къахдзæфтæ кæнун райдæдта фиццаг империалистон тугъди æнзти. Партий медæгæ еумæ ке хæццæ адтæй, сосæг куст ке хæццæ кодта, уонæй берети хæццæ идейон æгъдауæй рахецæн æй. Фиццагидæр тугъдмæ ци цæстингас дардтонцæ, уомæ гæсгæ. Фал мешьшевиктæй бустæги нæ рахецæн æй, байеу æй интернационалист-меньшевикти хæццæ. Уæд нæма лæдæрдтæй тугъди æма революций туххæй ленинон теори æма тактикæ.
Рæстдзийнадæ кæми ес, рæстаг цард дæр уоми ес…
Феврали революций фæсте ма Тæкъоти Симон адтæй паддзахи æфсади, фал æй уæддæр Иристони адæм равзурстонцæ Дзæуæгигъæуи округи «Граждайнаг æнхæстгæнæг комитети» сæрдарæй. Комитет официалон æгъдауæй адтæй буржуазон Рæстæгмæ хецауади оргæн. Еци бунат байахæста 1917 анзи майи, æфсадæй ку исуæгъдæ ‘й, уæд. Еци рæстæги ма исæвзурдæй «Еугонд хуæнхаг адæми цæдеси» буржуазон-националистон ЦК. Уордæмæ бацудæнцæ хуæнхаг адæми гъæздугути, буржуазий æма афицерти минæвæрттæ. «Цæдеси» минæвæрттæ адтæнцæ пусулмон динбæл федар хуæст æма Турки ‘рдæмæ здæхт зундирахастбæл. «Цæдеси» ЦК æ къохтæмæ æрбайста, уæд ка исæвзурдæй, Цæгат Кавкази адæмти еци «националон советти» сæ еугурей дæр, ирон адæми советæй фæстæмæ.
«Национ округти комитеттæ сæ еугурдæр, – финста Тæкъоти Симон, – æнæуæлдай дзубандийæй æнхæст кодтонцæ Хуæнхаг адæми центрон комитети амунддзийнæдтæ, Иристони комитетбæл райдæдтонцæ æмпурститæ аразун. Фал, уæддæр сæ бардзурдтæй еу дæр мах æнхæст нæ кодтан. Араббаг æвзагбæл финстæй нæмæ ци гæгъæдитæ æрæрвистонцæ, уони мах æвæстеуатæй нискъудтæ кодтан нæ косгути цæстити рази». Округи комитети иуонгтæй æртæ адтæнцæ, «Хуæнхаг адæми цæдеси» фарс ка адтæй, Иристони националистон интеллигенций минæвæрттæ сæ арм кæбæл дардтонцæ, уæхæнттæ. «Фал æз комитети сæрдар ке адтæн, – финсуй е идарддæр, – уой фæрци нæ бон адтæй нæхе фæндæ кæнун. Мах ба уобæл архайдтан, цæмæй Иристони адæм фæййервæзун кæнæн контрреволюций дзæмбутæй æма сæ æрбатумбул кæнун косгути æма æфсæддонти депутатти Совети алфамбулай».
Фал зæгъун гъæуй уой, æма еци дзамани Дзæуæгигъæуи Совет революцион надбæл федарæй нæма цудæй, уомæн æма æ сæргъи адтæнцæ эсертæ æма меньшевиктæ.
Тæкъоти Симон адтæй, «Иристони хуæнхаг цæдеси хæццæ» байеу кæнуни нихмæ карз тох ка кодта, уонæй еу. Кæд Тæкъой-фурт æма е ’мзæрдиуонтæ (Гарданти М., Гæдиати Ц. æма æнд.) бацудæнцæ Рæстæгмæ хецауади оргæни косунмæ, уæддæр большевиктæ пайда кодтонцæ, етæ хуæнхаг-хъазахъаг реакций нихмæ ке тох кодтонцæ, уомæй, æма сæ æздахтонцæ сæхе ’рдæмæ…
Иннæ революционерти хæццæ еумæ Тæкъоти Симон устур куст бакодта «Гъæддаг дивизи», уæдта ирон фестæг бригадæ æма ирон полкки тугъдон æгъдауæй ислæмæгъ кæнунбæл Терки облæстмæ ку иссудæнцæ, уæд, се фсæддонти ба син адæми фарс фæккæнунбæл. Хъæбæрдæр ба бакустонцæ уобæл, цæмæй еци æфсæддон хæйттæ фæххецæн уонцæ «Терк – Дагестани хецауадæй». Тæкъоти Симон хъæбæр агъаз кодта «Революцион-демократон парти «Кермен» аразгутæн, уæдта партийæн æхецæн дæр æ революцион куст парахат кæнуни дзамани. «Хуæнхаг хецауади» позицитæ рæстæгмæ ке фæффедар æнцæ, уой кой кæнгæй, Симон зæрдигъæлдзæгæй уотæ дзурдта: «Фал мах тухтæ дæр фулдæр кодтонцæ. «Кермени» парти кодта бонæй-бонмæ федардæр. Парахат кодта æ организацион куст гъæути. Минкъий къуæрттæ ин адтæй ирон тугъдон хæйтти дæр».
Æ революцион кустæй бæрæг куд æй, уотемæй Тæкъой-фурт, кæд большевикти партий рæнгъити нæма адтæй, уæддæр æнгон баст адтæй Терки облæсти большевикти разамонгути хæццæ – Сергей Мирони фурт Кирови, Мамия Орахелашвилий, Юрий Фигатнери, Мамсурати Сахангерийи, Ной Буачидзей, Рæмонти Евгенийи, Яков Маркуси, Цæголти Геуæргий, Шакро Палавандашвилий æма иннети хæццæ.
1917 анзи декабри 30-аг бони афицерти бандæ ниддæрæн кодта Дзæуæгигъæуи косгути æма æфсæддонти депутатти Совет æма æрахæста æ разамонгути: М. Орахелашвили, Н. Буачидзе æма иннети. Æхæст æмбæлтти исуæгъдæ кæнунбæл тагъд æма æхсаргинæй ка архайдта, уонæй еу адтæй Тæкъоти Симон дæр. Иннæ революционерти хæццæ еци æхсæвæ фæдеси ракодта керменистти æма Ирон бæхгин полкки æфсæддонтæ, æма исуæгъдæ кодтонцæ ахæст æмбæлтти.
Рæстæгмæ Дзæуæгигъæуи ка фæууæлахез æй, еци контрреволюцион бандитæ ниддæрæн кæнуни туххæй большевиктæ цæттæ кодтонцæ сæ тухтæ. Зæрдиагæй сæ хæццæ архайдта Симон дæр. Киристонгъæуи е Къесати Хъæлæмурзæ æма иннети хæццæ керменисттæй исаразта отряд 500 адæймагемæй æма сæ искодта Дзæуæгигъæумæ. Отряд бæлвурд агъаз фæцæй, контрреволюцион «Хуæнхаг хецауадæ» нацити ‘хсæн Дзæуæгигъæуи 1918 анзи январи зин бæнтти ци тугъдон арт бандзарунмæ гъавта, е цæмæй урух ма фæххæлеу адтайдæ, уомæн.
Аци гъуддаги уæлдай устур агъаз фæцæй Терки облæсти адæмти съезд, Мæздæги ка байгон æй, е. Хъазахъи гъæздугутæ æма реакцион афицертæ гъавтонцæ Цæцæн æма Мæхъæли нихмæ æргом тугъд раседуни туххæй съездæй испайда кæнунмæ. Фал сæ пълантæй неци рауадæй. Съезд рандæй «социалистон блокки» фæдбæл. Блоккæн разамунд лæвардтонцæ большевиктæ, сæ сæргъи Киров æма Буачидзе, уотемæй. Съезди Симон большевикти хæццæ еумæ устур арæхстгинæй архайдта хъазахъаг контрреволюций фудвæндитæ хормæ рахæссунбæл æма фæллойнæгæнæг хъазахъæгти æма хуæнхаг фæллойнæгæнæг адæми кæрæдземæ æрхæстæг кæнунбæл.
(Уодзæнæй ма).
Хуæнхон АССР-и Бундорæвæрæни съезди Президиуми иуонгтæ (рахесæрдигæй галеуæрдæмæ): дуккаг – М. Энеев, æртиккаг – Бетал Калмыков, цуппæрæймаг – Сергей Киров, фæндзæймаг – Тæкъоти Симон, æстæймаг – Æвзурæгти Марк; иннетæ ба бæрæг нæ ‘нцæ.