Æ ЗÆРДИ ГЪАР УÆЛÆБÆЛ НИУУАГЪТА…
Номдзуд уруссаг философ Иван Ильин кæддæр уотæ финста: «Дæ адæми æцæгæй ку уарзай, уæд ин гъæуама цæстæмæмиутæ ма кæнай, æ аййеппитæ ин ма римæхсай, фал сæбæл гъæуама рæстзæрдæй, æхсаргинæй дзорай…» Уæхæн гъуддаг кæнунгъон ба æй, æхуæдæг уодæй æма цардигъдауæй федар ка ’й, уæхæн адæймаг, æма уæхæн адæймагæй нæ дзиллæ абони дæр ма имисунцæ Хачирти Хъансауи фурт Анзори, философон наукити доктори, Цæгат æма Хонсар Иристони науки æскъуæлхт архайæг, Уæрæсей зонадон наукити академий иуонг-уацхæссæги рохс ном. Абони ’й мах уомæ гæсгæ имисæн, æма 1 апърели æ райгурдбæл исæнхæст æй финддæс æма цуппаринсæй анзи (1929-2006).
Уæхæн лæгтæ æстæнмæ игурунцæ. Ку райгурунцæ, уæдта исунцæ, ци адæми ’хсæн фæззиннунцæ, уонæн надамонæг стъалу, хиццаг зундæй дæр, æгъдауæй дæр, уиндæй дæр. Хачирти Хъансауи фурт Анзор дæр æ зæнхон царди уони хæццæ адтæй. Рæсугъд – æ уодигъæдæ, рæсугъд – æ гуриконд, рæсугъд – æ гъудитæ, æ рацуд æма бацуд. Еуæрдигæй дæр, иннердигæй дæр имæ бакæсæ, дæлæмæ дæр æма ’й уæлæмæ дæр рабарæ – еугурæй дæр нæртон, нæрæмон лæг!
Цидæр æнахур рохс си калдæй, адæймаги æ бакаст æхемæ æлваста, худта æй æ фæдбæл, æ цъухи дзурд ин æхцæуæндзийнадæ хаста, гъудитæбæл æй æфтудта. Ка ’й зудта, æ цæнхæ æма кæрдзин ке хæццæ дууех кодта, етæ ’й нимадтонцæ зæнхон идауæгбæл, адтæй син раздзæуæг, зундамонæг, кæбæл æууæндтæнцæ, уæхæн курухон лæг. Лескени гъæуæй ци дзурддзæугæ, ахургонд адæм рацудæй, уонæн адтæй сæ тæккæ номдзуддæр, сæ тæккæ уиндгундæр, сæ тæккæ зундгиндæр. Анзор æ мади губунæй рахаста киунугæбæл æновуд, æ тæлæнтæ хаста сувæллонæй дæр ахурмæ. Гъæуи скъола каст фæцæй æма Кæсæг-Балхъари университетмæ фæлварæнтæ равардта. Æ зонундзийнæдтæ уотæ арф, уотæ берæ адтæнцæ æма ахургæнгути æхемæ æркæсун кодта. Æ лимæн, еу къурси ке хæццæ адтæй, е, Мæрзойти Сергей, журналист æма æхсæнади косæг, абони æримисуй: «Анзорбæл дес кодтон алкæддæр. Сæумæй, цит, библиотекæмæ кæсæн залмæ бацæуидæ æма изæрмæ уоми фæууидæ. Æнæхуæргæй куд бухстæй, е мæмæ дессаг кæсидæ. Еухатт ин гъазгæй уотæ бакодтон: «Хъансауи фурт, дæ ахсæн дæмæ стонгæй неци исдзоруй?» Дзуапп равардта: «Исдзоруй. Уотæ фæззæгъуй, ци тæмæссаг киунугæ кæсис, уой каст фæууо, æз дæмæ бангъæлмæ кæсдзæнæн». Æма ’й цалинмæ библиотеки косæг рарветидæ, цо, нур æнафонæй, зæгъгæ, уæдмæ нæ рандæ уидæ библиотекæй».
Уой фæсте ахургонд ку иссæй, æ ном Иристони ку райгъустæй, æ наукон куститæ, æ публицистон уацти хæццæ ин ку базонгæ æнцæ адæм, философий наукити доктори ном ку райста, профессори номæй имæ дзорун ку райдæдтонцæ, уæддæр уотæ тулавастæй байзадæй, цæмæй фулдæр бакæса, фулдæр базонунбæл æ уод гъардта. Уомæй айдагъ философий ахурадæмæ нæ бæлдтæй, фал æ равналæнтæ дзæвгарæ урухдæр адтæнцæ – нарти кадæнгитæ, ирон адæми æгъдæуттæ, не ’взаг, нæ культурæ. Алли рауæнмæ дæр е ’вæрæн бахаста, алкæмæ дæр æ дзурд фæхъхъæрдтæй. Фæстагмæ ба литератури кустмæ дæр бавналдта. Мухури фæззиндтæнцæ æ радзурдтæ æма новеллитæ, æ критикон уацтæ царди ахсгиаг фарстатæбæл, æ очерктæ ирон ахургæндтæбæл.
Æ фæсмæрдæ ци киунугæ рацудæй «Быть человеком», зæгъгæ, уоми æ фæсдзурди финсæг, аййевадæртасæг Дзантиати Анатолий уотæ финсуй: «Иристони Хачирти Анзор баст æй устур ахургонд-философи æма зундгонд æхсæнади косæги номи хæццæ. Е бæрæг æй æ киунугутæй нæ историй, культури, ирон цардæвæрди туххæй ке ниффинста, еци фæллæнттæй. Уæлдай хъæбæрдæр Анзор Хъансауи фурт тухсуй маддæлон æвзаги хъисмæтбæл, зæрдристæй дзоруй уой исæфтбæл æма цæмæй ма фесæфа, уомæн ци исаразун гъæуй, еци фарстатæбæл. Уой æной æ литературон фиццаг фæлварæнтæй дæр зæрдæ барохс æй. Æ финст æй фæлтæрдгин финсæгау, бæлвурд, адæймаги психологи бустæги хуарз ка зонуй, уæхæн литературæбæл».
Æцæгæйдæр, Анзори къохдзæф аллирауæн дæр байзадæй, Дигорон театр ку райгурдæй Иристони, уæд ин бунат нæ ирдтонцæ æма Темирати Давид фембалдæй Хачирти Анзори хæццæ, Анзор ба бацудæй гъæууонхæдзарадон институти ректор Басати Барисмæ, ракурдта, цæмæй дигорон театрæн институти бунат искæна. Барис байгъуста е ’мкосæгмæ, театр исиуазæг кодта æма æртæ анзей бæрцæ адтæй æ фусун. Дигоргоми Задæлески Нанай ном исбæрзонд кæнуни туххæй æ бæрнæхсти бацудæй Хачирти Анзор. Хуæнхбæсти гъудитæ, цæргути сагъæстæ царди рауагъта нæ номдзуд профессор: Задæлески Нанай бунат иссæй музей, базилдæнцæ имæ, исрæсугъд ин кодтонцæ æ алфамбулай æма имæ алли анз дæр Иристони адæм æ бони æрцæунцæ, фæкковунцæ Хуцаумæ, иссерунцæ, ирон адæм ка фæййервæзун кодта, еци Нанай ном.
Анзор ци адæми ’хсæн цардæй, уоми нимад адтæй æцæг лæгбæл. Агъазмæ имæ æхе ка бахатидæ, уомæн æ уавæр куд амудта, уотæ ’й исаразидæ. Нæ республики президенти агъазгæнæгæй ку куста, уæддæр æ фæрци Иристонæн берæ хуарздзийнæдтæ арæзт æрцудæй.
Анзор не ’хсæнæй ку фæгъгъудæй, уæд адæм арви æрцæфау фæцæнцæ. Уæхæн зундæй идзаг, уæхæн уиндгун лæг фæгъгъудæй Иристони дзиллæй… Фал уæддæр нæ адæми зæрдити байзадæй æ изæди хузæн сорæт, æ зæрди гъар ба ниууагъта уæлæбæл.
ÆГЪУЗАРТИ Саукуй (1943-2013), финсæг, публицист
НИЙЙЕРГУТИ ФАРНÆ – СÆ ЦÆУÆТÆН НИФСДÆТТÆГ!..
Философон наукити доктор, профессор, Цæгат æма Хонсар Иристони наукити æскъуæлхт архайæг, Уæрæсей зонунадон наукити академий иуонг-уацхæссæг, Хачирти Хъансауи фурт Анзори райгурдбæл 1 апърели исæнхæст æй 95 анзи.
Хачирти Анзор райгурдæй Цæгат Иристони Ирæфи райони Лескени гъæуи 1929 анзи. Астæуккаг скъола каст фæууни фæсте, 1951 анзи æ ахур раизолдæр кодта Кæсæг-Балхъари паддзахадон институти. Уой фæсте, 1956 анзи иссæй Мæскуй Владимир Ленини номбæл педагогон институти аспирантури аспирант. Æнтæстгинæй багъæуай кодта наукити кандидати диссертаци.
Хачирти Хъансауи фурт Анзорæн æ фæллойнадон над райдæдта Хæзнидони гъæуи астæуккаг скъолай ахургæнæгæй косгæй. Уой фæсте ба куста Цæгат Иристони партион скъолай ахургæнæгæй. Фæстæдæр, 1957 анзи Хуæнхон гъæууон-хæдзарадон институти философибæл лекцитæ кастæй студенттæн. 1981 анзи ба Хачири-фурт багъæуай кодта философон наукити доктори ном. 1984 анзи ба ин лæвæрд æрцудæй профессори цитгин ном. Берæ зонундзийнæдтæ æма имæ дессаги организаторон дæсниадæ ке адтæй, уомæ гæсгæ æртæ æма инсæйанздзудæй нисангонд æрцудæй Хуæнхон гъæууон-хæдзаради институти философий кафедри разамонæгæй. 1994 анзи ба иссæй Цæгат Иристони Президенти размæ культури сæрдари хуæдæййевæг.
Хачирти Хъансауи фурт Анзор æй 200 наукон кустей автор. Æ наукон-æртасæн кусти медæгæ тæккæ ахсгиагдæрбæл нимад æй æртæтомон æмбурдгонд «Аланика».
Куд æхсæнадон архайæг, уотæ хъазауатонæй архайдта, Иристони зундгонд историон хъайтар-силгоймаг «Задæлески Нана»-й рагон ковæндонæ исцалцæг кæнуни гъуддаги. Æма ин бантæстæй. Хачири-фурти хъæппæресæй Дигоргоми арæзт æрцудæй «Задæлески Нана»-й номбæл Хæдзарæ-музей.
Хачирти Анзор устур байвæрæн бахаста паддзахадон Дигорон театри фæззиндмæ дæр (1993 анзи). Активонæй архайда театри царди, æригон коллективæн агъаз кодта сæ нæхъæртондзийнæдтæ еуварс кæнуни гъуддаги.