ÆМА БЕРЛИНÆН Æ БÆРÆГАСТÆУ Æ СÆРМÆ НИССАГЪТОНЦÆ СУРХ ТУРУСА!..
Номдзуд тугъдон Махъоти Амурхани фурт Алихани туххæй мæ мæ радзубанди фæндуй райдайун, æ рæстæги æй бæрзонд хуæрзеуæгæй исхуарзæнхæгин кæнуни туххæй ин ци сæрмагонд гæгъæди бацæттæ кодтонцæ, уомæй еуцалдæр рæнгъи æрхæссунæй:
«Махъоти Амурхани фурт Алихан. Æ тугъдон цин – майор. 295-аг фестæг æфсæддон дивизий 1042 полкки командири хуæдæййевæг. Ирон. Большевикти партий иуонг. 1943 анзи 31 мартъий Кубани бунмæ, уæдта цæугæдон Днестри сæрти хезгæй, Молдавий, уой фæсте Берлини бунмæ фæццæф æй. Амæй размæ ин лæвæрд æрцудæй хуæрзеугутæ: Ленини, Сурх Турусай, Фидибæсти Устур тугъди фиццаг къæпхæни, Александр Невскийи ордентæ æма майдантæ. Æй Цæгат Иристони Ирæфи райони Чиколай цæрæг. Аци гъуддаги гæгъæдитæй ба æвдист цæуй, цæмæй ин лæвæрд æрцæуа Советон Цæдеси Бæгъатæри ном».
МАХЪОТИ Амурхани фурт Алихан райгурдæй 1922 анзи 17 июли Чиколай хумæтæг зæнхкосæги бийнонти. Гъæууон скъолай аст къласи каст фæууогæй, куста колхози бухгалтерæй. Советон Æфсадмæ имæ фæдздзурдтонцæ 1941 анзи январи. Орджоникидзей тугъдон фестæгæфсæддон училище 1942 анзи каст фæууогæй æрвист æрцудæй фронтмæ. Батальони сæргъи уогæй, бавдиста устур æфсæддон дæсниадæ, е ’мтохгæнгути хæццæ æнтæстгинæй æнхæст кодтонцæ сæ размæ æвæрд ихæстæ.
Уæлдай хъæбæрдæр ба Махъой-фурт фескъуæлхтæй Берлин байсунбæл тугъдтити рæстæг, æма ин уой туххæй исаккаг кодтонцæ Советон Цæдеси Бæгъатæри ном – еци цитгин ном ин лæвæрд æрцудæй 1946 анзи 15 майи.
Æфсади рæнгъити фæцæй 1956 анзи уæнгæ. Уой фæсте ба иссудæй æ райгурæн Иристонмæ, куста аллихузон хæдзарадон къабæзти разамонæгæй.
Æ тугъдон æскъуæлхтдзийнæдти туххæй хуарзæнхæгонд æрцудæй Ленини дууæ орденемæй, Сурх Турусай, Александр Невскийи, Фидибæсти тугъди (I къæпхæни) ордентæй, берæ майдантæй. Æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй 1981 анзи 27 мартъий, нигæд æй Чиколай æфсæддон уæлмæрдти – уоми нигæд æнцæ, Алиханæн Устур Фидибæстион тугъди рæстæг æ райгурæн зæнхæбæл немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ тугъдтити æ тугъдон æмбæлттæй ка фæммард æй, етæ, æма уомæ гæсгæ æхуæдæг ниууосиат кодта, гъома, уоми мæ байвæрдзинайтæ, ме ‘мтохгæнгути фарсмæ æй мæнæн дæр мæ æносон бунат.
Нæ Иристони номдзуд бæгъатæри ном æносон кадæ æма намусæй цæруй æ уарзон дзилли зæрдити, нæ абони цардарæзти. Æ номбæл ес гъæунгæ Чиколай, æ ном хæссуй, кæддæр æхуæдæг кæми ахур кодта, Чиколай еци скъола, æ фарсбæл æвæрд æрцудæй мемориалон мраморон фæйнæг. Уæхæн фæйнæг æвæрд æй, Дзæуæгигъæуи ци хæдзари цардæй (Бутырини гъæунгæ, 8), уой фарсбæл дæр.
Еци хабæрттæ финстонцæ, немуцаг-фашистон æрдонгти бустæги ниддæрæн кæнунмæ ма нимад рæстæг ку байзадæй, уæд. Нур еци гæгъæдитæбæл рæстæг æ фæд ниууагъта æма бор-борид иссæнцæ, фал сæмæ уæддæр ку ‘ркæсай, уæд зæрдæбæл бæлвурдæй-бæлвурддæрæй æрбалæуунцæ еци тугъдон дзаманти цаутæ. Раст цума мæнæ нуртæккæ дзоруй, уоййау гъостæбæл рауайунцæ Еугурцæдесон радиой номдзуд диктор Юрий Левитан еудадзуг ке игъосун кодта, еци хабæрттæ æма цаутæ.
Уонæн сæ тæккæ ахсгиагдæр ба, æвæдзи, иссæй, 1945 анзи 2 майи Совинформбюрой номæй ци хабар фегъосун кодта, е: «Белоруссий фиццаг фронти æфсæдтæ Украини фиццаг фронти комкоммæ агъазæй, карз тугъдтити фæсте, ниппурхæ кодтонцæ фашистон Германий тугъдон хæйтти, æма абони, 2 майи, байахæстонцæ Германий сæйраг сахар Берлин – империализм æма тугъдæндзаргути хуккойнæ, сахар ка гъæуай кодта, еци немуцаг гарнизон æ къохтæ исдардта бони æртæ сахаттебæл æма æхе уацари равардта»…
Алкæмæн дæр æхцæуæн куд нæ адтайдæ, 1418 бони æма æхсæви ци тогкалæн карз тох цудæй, уой кæрон фегъосун! Советон адæм бахуæстæнцæ еугур дуйней цифуддæр знаг – фашизми хъурбæл. Æргом æй ку зæгъон, уæд еу адæймагæй мæнæн еци уæлахездзийнади хабар уæлдай æхцæуæндæр адтæй. Уомæн, æма имæ хаст æрцудæй мах номдзуд Херсойнаг еугонд æфсæддон хаййи рæнгъон тугъдонтæ æма афицерти агъазиау байвæрд дæр. Еугондæн Советон хецауадæ хумæтæги нæ исаккаг кодта Ленини, Сурх Турусай æма Суворови дуккаг къæпхæни ордентæ. Еци æфсæддон хаййи тох кæнгæй лейтенант Махъоти Алихан исирæзтæй майори уæнгæ, лæвæрд ин æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном.
Махъой-фурти тугъдон над, зæгъун æнгъезуй, райдæдта немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ Кавкази уорссæр хуæнхти тугъдтити æма цифуддæр знаги дæрæн кæнгæй, сауæнгæ Берлини уæнгæ бахъæрттæй. Мах æфсæддон хаймæ ку ‘рбафтудæй, уæд ибæл инсæй анземæй æндæр нæма цудæй. Е ба адтæй 1942 анзи нæ дивизи Нальчикки рæбун, цæугæдон Баксани рази фашистти нихмæ карз тох ку кодта, уæд. Куддæр æрбацудæй, уотæ ’й пулеметæй æхсæг роти командирæй исæвардтонцæ. Ка ’й зонуй, куд нæуæг фæззиннæг адæймаг, уæдта имæ тугъдон фæлтæрддзийнадæ дæр уоййасæбæл ке нæма адтæй, уомæ гæсгæ ибæл æ уæлдæр командиртæ сæ зæрдæ дæр æнхæст дæр нæ дардтайуонцæ, фал еуцæйбæрцæдæр рæстæги фæсте рабæрæг æй æ сæрæндзийнадæ. Æ дæлбарон пулеметæй æхсгутæ, цæвæгæй кæрдæгау, дæрæн кодтонцæ фашистти, етæ Орджоникидземæ, Грознамæ æма Бакуй нефтцъирæнтæмæ, Фæскавказмæ еци лæборæги ку тундзтæнцæ, уæд.
Цал æма цал хатти фæййагъаз кодта æ дæлбаронти хæццæ иннæ æфсæддон хæйттæн! Мæ зæрдæбæл ма абони хузæн лæууй, Кæсæг-Балхъари гъæутæ нин уадзгæ ку рауадæнцæ, еци зæрдрист гъуддаг. Уогæ æндæр гæнæн дæр нин нæ адтæй – знаг, гъулæггагæн, уæди рæстæги адтæй тухгиндæр. Мадта нæбæл Иристони зæнхæбæл дæр, зæгъæн, Дигоргоммæ бацæуæнмæ хæстæг гъæу Æхсæрисæри алфамбулай дæр хуæздæр бон нæ адтæй.
Уогæ еци фудрæстæг берæ нæ рахаста, цидæр адтæй, уæддæр Сурх Æфсадæн æнтæсун байдæдта знаги дæрæн кæнун, Цæгат Иристони зæнхæй æй фæстæмæ сорун. Гъе уотемæй 1942 анзи 31 декабри уæгъдæгонд æрцудæй Алихани райгурæн гъæу Чикола дæр. Уой фæсте не ’фсæдтæ знаги ратардтонцæ Нальчиккæй, Ессентукийæй, Черкескæй, Армавирæй æма æндæр рауæнтæй.
Махъой-фурт 1944 анзи рагуалдзæги нисангонд æрцудæй фестæг æфсæддон батальони командирæй. Уæдмæ æ зонундзийнадæ дæр æма æ арæхстдзийнадæ дæр дзæвгарæ фæффулдæр æнцæ. Уæлдай бæлвурдæрæй е рабæрæг æй берæ ахсгиаг тугъдон гъуддæгути рæстæг. Зæгъæн, цæугæдон Днепри сæрти бахезуни тугъдтити рæстæг. Аци цæугæдон тæккæ урухдæр кæми ’й, уобæлти æ иннæ фарсмæ гъудæй бахезун Махъой-фурти е ‘фсæддонти хæццæ. Æма еци ихæс исæнхæст кæнун кæд уæззауæй-уæззаудæр адтæй, уæддæр син бантæстæй.
Уой фæсте знаги къохтæй уæгъдæгонд æрцудæнцæ украинаг сахартæ Херсон, Николаев, Очаков æма Одессæ. Æмпурстонцæ Советон Молдавий сæйраг сахар Кишинев исуæгъдæ кæнунмæ, Польшæн сæребарæдзийнадæ ‘рхæссунмæ. Уотемæй бахъæрттæнцæ сауæнгæ Германий уæнгæ, æма 1945 анзи 29 январи уой зæнхæбæл фиццагидæр ка ‘рлæудтæй, уони хæццæ адтæнцæ Алихани тугъдонтæ дæр. Бæгъатæр командир æ зæрдæбæл бадардта, сахар Кюстрин фашистти къохтæй байсуни рæстæг. Еци сахар ба гитлеронтæ худтонцæ «Берлинмæ байервæзуни дæгъæл». Уобæлти гъæуама нимпурстайуонцæ Белоруссий фиццаг фронти æфсæдтæ Берлинмæ.
…1945 анз, апърели мæйи фæстаг бонтæ. Унтер-ден-Линден, зæгъгæ, хуннуй Берлини астæуккаг гъæунгтæй еу. Махъой-фуртæн бардзурд лæвæрд адтæй, еци гъæунги Æхцауадзæн азгъунст («Монетный двор») байахæссун. Æ батальони æфсæддонтæ, сæ цардбæл нæ ауæрдгæй, сæхе гæлстонцæ тохи артмæ. Цæфсунцæ берæуæладзугон хæдзæрттæ, бæстæ хъуæцæй нæ зиннуй. Агъазгæнæг некæцирдигæй ес.
Еци уавæри старшина Рощинæн бардзурд лæвæрд æрцудæй батальонæн хуаллаг æма тохæнгæрзтæ баласуни туххæй. Æ уодæй арт фæццагъта, фал ин еци бардзурд исæнхæст кæнун нæ бантæстæй æгæр æзмæнст уавæрти фудæй. Полкки командири гъæуайгæнæн риндзæмæ бацудæнцæ æма син уоми уотæ ку зæгъиуонцæ:
– Полкки хæццæ телефонæй бастдзийнадæ нæбал ес. Махъой-фурт ба уартæ еци хæдзари… Содзгæ ка кæнуй, еци дууеми нæ, фал æртиккаги æй æ батальон. Ести амалæй сæмæ бахъæртун гъæуй…
Еци загъд кæд бардзурди хузи загъд адтæй, уæддæр си карздзийнадæ ба нæ адтæй, уомæн æма полкки разамунд æй лæдæрдтæнцæ, куд зин уодзæнæй еци ихæс исæнхæст кæнун.
– Уæхе гъæуай кæнетæ, кенæ ба уæ уæрццити цагъд никкæндзæнæнцæ, – айдагъдæр ма уотæ рафæдзахста старшинайæн полкки комиссар Гордеев.
Рощин æфсæддонти хæццæ амунд хæдзари бацæуæнмæ багъузтæнцæ. Уоми син фегъосун кодтонцæ, идарддæр цæун тæссаг ке ’й, уой. Ци над син байамудтонцæ, уобæлти æндæр хæдзарæмæ бацудæнцæ – еуминкъий рауолæфонцæ æма уавæртæмæ æркæститæ кæнонцæ. Гъæунги дууердигæй дæр дорти цæндитæй æзмæлæн нæййес.
Комкоммæ – Унтер-ден-Линден, зæгъгæ, гъæунгæ. Раст цума бонигон адтæй, уоййау рохс. Фашисттæ толгæндæй æнæсцохæй æхсунцæ. Не ‘фсæддонти ба гъæунги сæрти бахезун гъудæй. Старшина Рощин æхе фæгъгъæддухдæр кодта, батъæбæрт кодта æма игон дуарбæл азгъунсти фæммедæг æй. Кедæр федар къохтæ ин æ усхъитæ райахæстонцæ. Кæсуй æма дин майор ходæндзастæй æ рази лæууй.
– Ледзун тагъддæр æма цурддæр гъæуй, – загъта Алихан. – Æцæг дæ сæрæй азгъунсти фарс куд нæ батонай, уотæ.
Рощин фефсæрми æй, расурх æй. Гæрр, батальони командирмæ уотæ фæккастæй æма тæрсгæ фæккодтон?
– Æмбал майор, – Махъой-фуртмæ дзоруй. – Тохæнгæрзти гилдзитæ æма хуæруйнæгтæ уартæ еци хæдзари бацæуæни ‘нцæ.
– Мæнæ аци толгæндæмæ сæ ‘рбахъæртун кæнун гъæуй. Æцæг æндæр гъæунгæбæл. Содзгæ ци хæдзарæ кæнуй, уомæн æ еувæрсти рандæ уодзинайтæ. Тургътæбæл еу-34 метри бауайдзинайтæ, уæдта гъæунгæбæл – мах азгъунстмæ.
Цалдæр минутти фæсте æфсæддонтæн гъар хуæруйнаг æрбаластонцæ: фиди цумуйнаг, макъаронтæ царвбæл фунхæй æма цай. Цæйбæрцæдæр рæстæг рацудæй, уотæ Махъой-фурт сæ рази февзурдæй. Ротити командиртæ дæр æ хæццæ. Батальонæн бардзурд лæвæрд æрцудæй, никкидæр ма еу хæдзарæ байахæссун, фашисттæ уæлдай хъæбæрдæр кæцæй æхстонцæ, уой. Ихæслæвæрд æнхæст кæнуни размæ батальони командир старшинамæ фæдздзурдта:
– Цæуæнай, Григорий, æма махуонтæ куд архайдзæнæнцæ, уой фæууинай.
Старшина, батальони командири фæдбæл фæцæйцæугæй, десæй рамардæй: сахатти размæ адæм æма аллихузон техникæй æзмæлæн кæми нæ адтæй, еци гъæунгæ раревæд æй.
Æ дæллаг фарс, содзгæ ци хæдзарæ кодта, уоми хæстæг лæудтæнцæ цуппар уæззау танки. Сæ еугурей разæй ка адтæй, уомæн пили фиййи хузæн æзмалдæй æ дзармадзан. Æ рахесæрдигæй ба – болат æндонæй æхгæд дууæ хуæдтолги. Сæ хурфи бадæг фашисттæ сæхе æрцæттæ кодтонцæ тох исаразунмæ. Артиллеристтæ ластонцæ дзармадзантæ, дууæ гъæунги кæрæдзей сæрти кæми рахизтæнцæ, уони тегътæмæ. Машинтти матортæ æма тохæнгæрзти къæр-къæрæй бæстæ байдзаг æй.
Батальони командири гъæуайгæнæн риндзæй хæрдмæ истахтæй сурх ракетæ. Танкитæ, хуæдтолгæ дзармадзантæ тæхгæ æхстæй ралæудтæнцæ, знаг ци хæдзари баримахста æхе, уобæл. Нимад минуттæ рацудайдæ, уотæ еци азгъунст иссугъдæй, æ хурфæй сатæгсау цæун райдæдта хъуæцæ. Уæддæр фашисттæ сæхе æнцонтæй нæ лæвардтонцæ, ратæрун сæ гъудæй пъадвалæй. Уæдмæ бардзурди командæ райгъустæй:
– Еугурæйдæр римæхсæн рауæнмæ!
Уой фегъосгæй старшина Рощин батъæбæрт кодта, батальони штаб кæми адтæй, еци азгъунстмæ. Адæм сæхе æфсæнбетон фарсмæ нилхъивтонцæ. Бастдзийнади æфсæддонтæй имæ еу ходгæй дзоруй:
– Дæхе гъæуай кæнæ, старшина, нуртæккæ бабæй гъуддæгутæ уодзæнæй!
Куддæр уотæ исдзурдта, уотæ азгъунст базмалдæй, раст цума зæнхæзмæлди рæстæги. Райгъустæнцæ тухгин исрæмугъдтити гъæртæ.
– Адæми фæрразæнгард кæнун гъæуй æндиудæй нимпурстмæ. Гвардионти минометтæ хъæбæр хуарз искустонцæ, – загъта батальони штаби хецау капитан Воробьев.
Батальони командир искомандæ кодта:
– Размæ!
Æфсæддонтæ фæггæппитæ кодтонцæ æма, «Ура!» гъæргæнгæ, рампурстонцæ размæ. Фашисттæ сæхецæн æхсæн риндзитæ ниййахæстонцæ берæуæладзугон хæдзари. Цалдæр минуттей размæ дæр ма сæхемæ хæстæг бацæун нæ уагътонцæ. Нур цума еци хæдзари æгириддæр æзмæлæг нæбал адтæй, уоййау æгуппæгæй лæудтæй. Æ алливарс ци азгъунститæ адтæй, уонæй ба фашисттæ æнæсцохæй æхстонцæ. Уотæ адтæй, цалинмæ Херсони Сурх Турусай æма Суворови дуккаг къæпхæни орденхæссæг полктæ Берлини сæйраг гъæунгæ уæгъдæ кодтонцæ, уæдмæ. Фиццаг майи сæумæраги 295-аг фестæг æфсæддон дивизийæн бантæстæй, Бранденбургские ворота ке хонунцæ, уонæмæ нимпурсун æма си сæ сæрмæ ниссагътонцæ Сурх туруса.
Нæ Фидибæсти разамунд устур аргъ искодтонцæ еци тугъдон хаййи бæгъатæрдзийнадæн – æ турусабæл ма фæззиндтæй Ленини орден дæр æма майдантæ. Æртемæн ба си равардтонцæ Советон Цæдеси Бæгъатæри ном. Уони хæццæ адтæй Махъоти Амурхани фурт Алихан дæр.
Иван СВИРИДОВ,
болкъон, 295-аг фестæг æфсæддон дивизий штаби раздæри хецау.