ÆМБÆСТОНТИ ЕУДЗИЙНАДÆ – ФАРНÆХÆССÆГ
Цæгат Иристони декабри фиццаг бæнтти кадгин уавæрти æрæзт æрцудæй Еугурдуйнеуон форум «Æмбæстаг адæмти еудзийнадæ – дуйней сабурдзийнади бундор». Æ сæйраг нисанеуæг ба иссæй нæ республики аци анзи ахсгиаг цаутæ – Республикæ Цæгат Иристони автономий 100 анзи, Иристон Уæрæсей хæццæ байеу уни 250 анзи, Дзæуæгигъæуи равзурди 240 анзи æма ирон литературон æвзаги бундорæвæрæг Хетæгкати Къостай райгурди 165 анзей – кадæн.
Аци фембæлдмæ æрæмбурд æнцæ не ‘мзæнхонтæ Уæрæсей алли рауæнтæй, уомæй уæлдай ба ма фæсарæнтæй дæр – Туркæй, Сирийæй, Бельгийæй, Нидерландтæй, Казахстанæй, Гурдзийæй, Италийæй æма æндæр бæститæй.
Форум байгон кодта Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Æма уой архайгутæн зæрдиагæй райарфæ кæнгæй, загъта:
– Æхцæуæн мин æй, не ‘мбæстонтæ, алли рауæнти цæргæй, сæ фидиуæзæги хæццæ сæ еудзийнадæ ке нæ исафунцæ, æновуд ибæл ке ‘нцæ, цийнæдзийнади дæр æма зин рæстæгути дæр кæрæдзей фарсмæ ке ‘рбалæуунцæ, е. Нæ адæми æгъдау, нæ адæми культурæ æма нæ маддæлон æвзаг уоми дæр сæрустурæй цитгин кæнетæ, æма уæ цæрæнбон берæ уæд! Арфæ уин кæнун! Форум æрбамбурд кодта нæ хуæртæ æма не ‘нсувæрти, нæ фидтæлти зæнхи хæццæ бастдзийнадæ федар кæнун ке фæндуй, уони. Е æй нæ еумæйаг ахсгиаг гъуддаг. Мæнæй æруагæс кæнуй, ци ахсгиаг фарстатæбæл дзубанди кæндзинан, ци фæндитæ æма нисантæ рахæссæн аци форуми, етæ, Иристони хæццæ баст ка ‘й, еци адæми еудзийнадæн ке фæййагъаз уодзæнæнцæ.
Мах ан берæнацион, æма берæ динтæ бунат кæми иссирдтонцæ, уæхæн республикæ, æма нæ алли адæмти хæццæ дæр фæндуй хæларæй цæрун.
Æ радзубандий ма Сергей Меняйло уотæ дæр баханхæ кодта:
– Мæ дзубанди райдæдтон ирон æвзагбæл, уæдта рахизтæн уруссаг æвзагмæ. Мæ зæрдæбæл æрбалæудтæй уæхæн гъуддаг. Кæддæр фембалдтæн зундгонд дагестайнаг поэт Расул Гамзатови хæццæ. Е загъта уæхæн дессаги загъд: «Æнæ уруссаг æвзагæй æз адтайнæ айдагъдæр еу коми поэт…» Е уобæл дзоруй, æма мах Уæрæсей цæрæн æма дууæ æвзаги дæр нæ республики ‘нцæ паддзахадон.
Форуми рæстæг æ архайгутæ æрдзурдтонцæ не ‘мзæнхонти ‘хсæн уæрæсейаг уодварнон хæзнатæ парахат кæнуни гъуддагбæл, нæ историон бунтæ багъæуай кæнунбæл, æхсæнадон гъудибæл рæстадæй архайуни гъуддаги дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæн ци ахедундзийнадæ ес, уобæл æма ма берæ æндæр ахсгиаг фарстати фæдбæл.