ÆНОВУД ФÆЛЛОЙНИ ФÆРЦИ ÆНТÆСУНЦÆ ЕС-БЕСТÆ
Аци къуæрей райдайæни Уæрæсей Президент Владимир Путинæн косæг фембæлд адтæй Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйлой хæццæ. Фембæлди архайгутæ гъуддагонæй æрдзубанди кодтонцæ нæ республики абони социалон-экономикон уавæри æма æ идарддæри райрæзти фарстатæбæл.
Фембæлди райдайæни Сергей Меняйло Уæрæсей Президентæн райарфæ кодта, сæ амæй размæ фембæлдтити рæстæг Цæгат Иристон-Аланий идарддæри социалон-экономикон райрæзти фæдбæл федералон министрадтæ æма ведомствитæн ци сæрмагонд амунддзийнæдтæ равардта, етæ цæйбæрцæбæл ахедгæ рауадæнцæ, уой туххæй.
– Еугур еци гъуддæгутæбæл ахедгæ куст цæуй, куд федералон структурити, уотæ республики Хецауади æмвæзадæбæл дæр. Уотемæй бæлвурд фæтки бундорбæл еци амунддзийнæдтæ æнхæстгонд цæунцæ, – баханхæ кодта региони разамонæг.
Æ радзубандий Сергей Меняйло ма фегъосун кодта, фæстаг æртæ анзей дæргъи ахсгиаг объектти цалцæг æма арæзтадæбæл ци куст цудæй, уой туххæй. Æ загъдмæ гæсгæ, дзуаппон рæстæгмæ цалцæг æма арæзтади проекттæмæ бахастонцæ 700 объектæй фулдæр. Уомæй уæлдай, устур æргом æздæхт цæуй вазуггин инвестицион проекттæ æнхæст кæнунмæ. Еци нисанæн нуриуæнгæ дехгонд æрцудæй зæнхи æртинсæй хаййи – уоми æрбунæттон уодзæнæнцæ нæуæг кустуæттæ. Еумæ райсгæй, еугур еци инвестицион проектти аргъ исхъæртдзæнæй цуппаринсæй миллиард сомемæ. Уонæй: 2022 анзи хигъдмæ – цуппар æма инсæй миллиарди, 2023 анзи – дууадæс æма инсæй миллиарди æма аци анзи – дууинсæй миллиард сомей бæрцæ.
Райрæзти проекттæбæл дзоргæй, Сергей Меняйло куд байамудта, уотемæй ахедгæ куст цæуй Беслæни идарддæри социалон-экономикон ирæзти программæбæл дæр. Федералон Хецауадæ ци программæ исфедар кодта, уой бундорбæл Беслæни æнхæстгонд цæунцæ фараст æма дууинсæй аллихузон цалцæггæнæн æма арæзтадон мадзали. Еци мадзæлттæн сæ еумæйаг аргъ æй аст миллиард сомей бæрцæ. Республики разамонæги дзубандимæ гæсгæ, амунд программи уагæвæрдтæ анзи кæронмæ æнхæстгонд æрцæудзæнæнцæ.
Туристон-рекреацион комплекс «Мамисон», Дзæуæгигъæуи еувæрсти нади арæзтади æртиккаг къæпхæн, контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-и гъомус, нæуæг рæзæдæнттæ – аци æма иннæ проекттæбæл дæр дзубанди рауадæй фембæлди.
Идарддæр æргом æздæхт æрцудæй сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæ æма сæ бийнонтæн агъази фарстатæмæ.
Сергей Меняйло куд фегъосун кодта, уотемæй еудадзугон цæстдард цæуй, сæрмагонд æфсæддон операций ка архайуй, еци службæгæнгутæ æма бархеуонтæн еугурвæрсуг агъазмæ. Еци нисанбæл нуриуæнгæ республикæ исхарз кодта 1,5 миллиард сомемæй фулдæр (еци фæрæзнитæ æрбафтудæнцæ æнæбюджетон игурæнтæй). Республики разамонæги дзубандимæ гæсгæ, еугур исæвзургæ фарстати фæдбæл дæр регион æнгон æмархайд кæнуй Уæрæсей Федераций гъæуайкæнуйнади министрадæ æма æндæр федералон ведомствити хæццæ.
– Сæрмагонд æфсæддон операций ка архайуй, – загъта Сергей Меняйло, – еугур еци службæгæнгутæ æма бархеуонти бийнонтæн исаразтан социалон паспорттæ (еци гæгъæдий бундорбæл амунд къуари адæм есунцæ аллихузон уæлæнхасæн агъаз æма социалон лæггæдтæ). «Фидибæстæ гъæуайгæнгути» фонди цæгатиристойнаг хайади республики Фæллойнæ æма социалон ирæзти министрадæ æма иннæ ведомствити минæвæрттæ ахид бабæрæг кæнунцæ еци бийнонти, бæлвурдæй син зонунцæ сæ уавæртæ, ауодунцæ сæбæл.
Региони разамонæги игъосункæнуйнагмæ гæсгæ, сæрмагонд æфсæддон операций тæлми ка ’й, еци иристойнæгти номбæл республикæ еудадзугдæр æрветуй гуманитарон агъаз, гъæугæ фæрæзнитæ. Абони уæнгæ бал æфсæддон операций тæлмæмæ æрвист æрцудæй аллихузон уæзæгти 1,5 мин тоннемæй фулдæр. Дууæ къуæремæ еу хатт ба уордæмæ ласдзæнæнцæ 20-30 тонни бæрцæ ниуазуни дон…
Зундгонд куд æй, уотемæй Цæгат Иристон æмцегадæ кæнуй Запорожьей облæсти Черниговскаг районбæл. Уой фæдбæл æ радзубандий нæ республики разамонæг загъта:
– Еци районæн агъази программæ арæзт æрцудæй æртæ анземæн. Уой бундорбæл куст цæуй ахсгиаг социалон объектти цалцæг æма райарæзтбæл. 2022 анзи куститæ афойнадæбæл æнхæстгонд æрцудæнцæ, 2023 анзи пълантæбæл дæр ахедгæ архайд цæуй.
Фембæлди рæстæг ма дзубандий цудæй донæфсесади хизæгти модернизаций, рæвдауæндæнттæ, скъолатæ æма æндæр социалон косæндæнтти цалцæг æма арæзтади фарстатæбæл дæр.