21 декабря 2024

АМБРОЗИ – АДÆМИ ГЪЕЗÆМАРÆГÆНÆГ

12.08.2023 | 22:24

Мæнæ дæлдæр ци æрмæг мухур кæнæн, уомæн уæхæн уæлсæргонд – «Фæдеси гъæр!» ке равардтан, уой фæдбæл кадæртæ, ка ‘й зонуй, бадестæ кæндзæнæнцæ: «Уанцон нæй – фæдеси гъæр!.. Уанæбæрæг ци ‘рцудæй?..»

Æцæгæйдæр, дæлæ цидæр хъилма кæрдæг кедæрти хъор кæнуй, æма уой фæдбæл фæдестæ кæнæн?.. Уотæ ка сагъæс кæнуй, етæ хъæбæр рæдуйунцæ. Еци хъилма кæрдæг – амбрози – хъæбæр берети уотид хъор нæ, фал син хъæбæр гъезæмæрттæ æвзарун кæнуй. Нæ бон æй уотæ зæгъун дæр, æма уой фудæй равзургæ уавæр хъæбæр сагъæссаг исуй не ‘хсæнадæн æнæгъæнæйдæр. Еузагъдæй, исуй агъазиау социалон-экономикон сæринез. Уомæн æма еци хъилма кæрдæги фудæй ка фæссæйгæ уй, етæ гъезæмарæ кæнунцæ, æнхæстæй косунгъон нæбал фæуунцæ, æма кустадæ къулумпитæгонд цæуй. Уомæ гæсгæ ба аци фарстамæ уæлæнгай цæстингасæй кæсун æгириддæр не ‘нгъезуй.

Амбрози фиццагидæр фæззиндтæй Цæгат Америки, фæстæдæр ба ниппурхæ ‘й берæ æндæр бæститæбæл дæр. Æма нуртæккæ кæмидæриддæр ирæзуй, уоми алкæмидæр нимад æй карантинон, гъома, тæссаг, адæймагæн зæранхæссæг  зайæгойбæл.

Цæмæн ку фæрсайтæ, уæд æ деденæг калуни рæстæг æ ругæ аллергион нез – поллинозæй, берæ адæймæгути ке гъезæмарæ кæнуй, уой туххæй. Адæймаг уомæй хъæбæр фехснирсуй, гъостæ æма фий рахгæнунцæ, цæстисугтæ фæккæлунцæ, сæр фæрресуй, фулдæр хатт бауæри тæвдæ уæлæмæ исхезуй. Уомæй уæлдай амброзий ругæй сæйгæ кæнунцæ  астмæй, æндæр уæззау незтæй.

Нæ республики æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министради нин куд радзурдтонцæ, уотемæй поллинозæй сæйгити бæрæггæнæнтæ (100 мин цæрæги хигъдмæ) кæд Цæгат Иристони дæлдæр æнцæ Цæгат Кавкази федералон зилди медæги иннæ регионти хæццæ рабаргæй,  уæддæр рæстæмбес нимадæй 30 проценти фулдæр æнцæ, Уæрæсей рæстæмбес нимадæй цæйбæрцæ ‘нцæ, уомæй. Специалисттæ фæстаг рæстæг фæдеси дзæнгæргутæ цæгъдунцæ: кæд æрæги дæр ма амброзий деденгути ругæ хъор кодта хестæр адæми, уæд нур ба диагноз «поллиноз» ниввæрунцæ минкъий сувæллæнттæн дæр.

Цума уотæ цæмæн æй? Сæйраг фудхæссæгбæл специалисттæ нимайунцæ амброзий хæццæ – зайæгойти ‘хсæн тæккæ карздæр незæвзурунгæнæги. Уомæн æма е дзенети рауæн иссирдта нæ республики бæркадгин зæнхæбæл. Куд зонæн, уотемæй амбрози æ буни фæккæнуй хумтæ, рæзæдæнттæ, æма уомæй бæлвурд минкъийдæр фæууй гъæууонхæдзарадон культурити тиллæг. Еу сезонмæ е гектарæй дон бацъируй 900 тонни.

Раздæри æнзти амброзий хæццæ тох кæнунмæ устур æргом здæхт цудæй. Хецаудзийнади бунæттон оргæнтæ унаффæ рахæссиуонцæ аци тæссаг зайæгойти нихмæ мадзæлттæ исаразуни туххæй. Санитарон службитæ ба организацити минæвæртти хæццæ бæрæг кодтонцæ уавæр, æма, амбрози кунæггонд кæми нæ цудæй, еци кустуæтти разамонгутæ æма хе хæдзарæдти хецæутти бафхуæриуонцæ бæрзонд иварæй.

Гъулæггагæн, нур уæхæн архайдæн æ кой, æ гъæр дæр нæбал ес, æма амбрози кæми нæ фæззиннуй, еу уæхæн бунат дæр нæййес. Зæрдæбæл дарун гъæуй уой дæр, æма амброзий нихмæ афойнадæбæл гъæугæ мадзæлттæ æнхæстгонд ку нæ цæуа, уæд æ искунæг кæнун хъæбæр исзин уй. Уомæ гæсгæ еци тох райдайун фæгъгъæуй рагацау.

Афойнадæбæл дæрæнгонд ку не ‘рцæуй, уæд деденæг калун райдайуй июли дуккаг æмбесæй сауæнгæ æрæгвæззæгмæ. Еу зайæгой ба тæккæ фулдæр раттуй 100 мин муггаги, æма кæд дуккаг анз сæ фулдæр хай не ‘рзайуй, уæддæр сæ цардгъондзийнадæ гъæуайгонд æрцæуй 40 анзей бæрцæ рæстæги.

Ке зæгъун æй гъæуй, амбрози фесафунæн ахсгиаг хуасæ ‘й химион бауæргъæдтæй (гербицидтæй) бапурф кæнун, цæмæй æ кой, æ гъæр мабал уа зæнхæбæл. Фал нуртæкки царди уæхæн мадзал æй хъæбæр хъазар, фæрæзнитæ ба нæййес. Уомæ гæсгæ аци зайæгой  кунæг кæнунæн хуæздæр мадзал æй бундзарæй æй искунæг кæнун, сæрди æма ‘й фæззæги мæйти уæлæмæ искæсун нæ уадзун. Бунæттон хеунаффæйади администрацити разамонгутæ гъæуама иронх ма кæнонцæ уой, æма комкоммæ ихæсгин ке ‘нцæ еци зайæгой бундоронæй фесафуни фæдбæл гъæугæ мадзæлттæ æвæстеуатæй æма æнæгъæнæйдæр æнхæст кæнунæй, уæдта си уой туххæй карз дзуапп агурд гъæуама цæуа. Уомæн æма дзубанди цæуй ахсгиагæй-ахсгиагдæр фарстабæл – адæми æнæнездзийнадæ багъæуай кæнунбæл. Æма еци гъуддаги фæдбæл æ комкоммæ ихæстæ æнхæст кæнунмæ ка нæ гъавуй, еци косæг ба æ еци хевастдзийнадæбæл гъæуама дзуапп дæтта æ бæрнон бунатæй. Æгæр æй фæккарз кодтан нæ загъд? Мадтæ æндæр хузи куд гъæуама дзурдæуа, адæми æнæнездзийнадæ дæр æма паддзахади экономикон æдасдзийнадæ дæр нимади кæмæ нæй, уæхæн «бæрнон косгути» туххæй?!.

Æрмæг бацæттæ кодта ГÆТИЙТИ Светланæ