БÆГЪАТÆР ЦÆРГÆС
Советон Цæдеси Бæгъатæр Бицати Сергейи райгурдбæл исæнхæст æй 95 анзи
Евгъуд æноси 30-аг æнзти Советон Цæдеси авиацимæ нæ фæсевæд хъæбæр бæлдтæнцæ. Биццеутæ сæ фуни дæр, сæ сæнтти дæр уидтонцæ Чкалови æскъуæлхтдзийнадæ, уæларвмæ истæхун си фæндадтæй алкедæр. Æстдæсанздзуд лæхъуæн Бицати Сергей дæр хуæрзбон загъта Дигорай гъæууонхæдзарадон техникумæн æма æхе хузæн разæнгард фæсевæди хæццæ – æдеугурæй дууадæс лæхъуæни – фæскомцæдеси путевки хæццæ иссæй Орджоникидзей аэроклуби курсант.
Еци хабæртти фæдбæл Советон Цæдеси Бæгъатæр Василий Коняхин æ имисуйнæгти уотæ кой кодта: «Берæ адтан, фал алкæмæн дæ зæрди сосæгдзийнæдтæ нæ райхалдзæнæ, дигорайаг Бицати Сергейи хæццæ ба уайтæккæ дæр фæллимæн ан!..»
…Аэроклуби ахуртæ æнцон нæ адтæнцæ. Бон райдайидæ сæуми æхсæз сахаттебæл æма фæууидæ изæри еуæндæс сахаттебæл. Курсанттæ еугурæйдæр адтæнцæ кустуарзагæ, зæрдæргъæвд æма ахурмондаг. Хумæтæги цалдæремæй не ’ссæнцæ Советон Цæдеси Бæгъатæртæ, беретæ ба си райстонцæ тугъдон ордентæ æма майдантæ. 1941 анзи мартъий фæцæй сæ ахури анз. Сергей æнтæстгинæй равардта рауагъдони фæлварæнтæ æма æрвист æрцудæй Краснодари æфсæддон-авиацион тæхгути скъоламæ. Æ къуари хигъдмæ хаст æрцудæнцæ Орджоникидзей аэроклуби курсанттæй беретæ.
Устур Фидибæстон тугъд ку райдæдта, уæд Сергей ба адтæй Краснодармæ хæстæг сæрдигон лагери. Сергей æма е ’мбæлттæ уайтæккæ дæр рапорттæ балæвардтонцæ, цæмæй сæ фронтмæ рарветонцæ, фал син скъолай хецау загъта: «Ахур кæнетæ. Фидибæсти сумах хузæн тæхгутæ гъæуй!..»
Æфсæддон ахуртæ цæун райдæдтонцæ цубургонд программæмæ гæсгæ. Цæттæ кæнун сæ райдæдтонцæ фронтмæ. 1943 анзи уалдзæги равардтонцæ рауагъдонти фæлварæнтæ æма æзини курсант Бицати Сергейæн лæвæрд æрцудæй кæстæр лейтенанти цин. Æрвист æрцудæй Ленингради фронтмæ. Райдæдтонцæ нæуæг фæлварæн ахуртæ хуæдтæхгутæ ЯК-3 æма ЯК-9-бæл.
Сергей ахур кодта зæрдиагæй. Æхе цæттæ кодта фашистти нихмæ тохунмæ. Иссæй 845-аг дæрæнгæнæг полкки тæхæг. Зин æй еу æрмæги Бицати Сергейи æскъуæлхтдзийнæдтæбæл æрдзорун. Æримисæн си еуцалдæр… 1944 анзи 17 июли станицæ Черскаяйи æрæмбурд æнцæ фашистти тугъдон эшелонтæ фестæг æфсад æма танкити хæццæ. Сæ ниддæрæн кæнуни ихæс лæвæрд æрцудæй нæхе штурмовикти къуарæн. Сæ гъæуай кæнун ба фæдзæхст æрцудæй дууæ дæрæнгæнæг хуæдтæхæгемæн Бицати Сергейи разамундæй.
Сергей рауидта, нæ штурмовиктæмæ ке ‘рбахæстæг æнцæ немуцаг дæрæнгæнгутæ. Минкъий фæстæдæр Бицай-фурти арæхстгин архайдæй знаги «Фокке-Вульф» зæнхæ ’рдæмæ цæхæртæ калгæй рафардæг æй. Е ’мбал сержант Мостаков дæр æргæлста еу хуæдтæхæг. Сергейи балæбурд знагæн уотæ æнæнгъæлти фæцæй, уотæ раст рауадæй æ атакæ, æма ледзæги фæцæнцæ аллирдæмæти. Уотемæй Бицай-фурт æхебæл исардудта знаги тæхгути æма уомæй фадуат равардта нæхе штурмовиктæн сæ тугъдон ихæс исæнхæст кæнунæн. Сæхе аэродроммæ ку ’рбахæстæг æй Сергей, уæд ин полкки командир фегъосун кодта, штурмовикти экипажтæ си хъæбæр боз ке ‘нцæ æма ин æрветунцæ зæрдиуагон салам. Еци æскъуæлхтдзийнади туххæй Сергей райста «Сурх Турусай орден».
1945 анзи 16 феврали 2-аг Белоруссаг фронти æфсæдтæ басастонцæ знаги федар Скæсæн Пруссий æма рацудæнцæ Балтий денгизи билгæрæнттæмæ, Кенигсбергæй хонсардæр рауæн. Не ’сгаргутæ исбæрæг кодтонцæ, Данциги ’рдигæй ке ‘рбацæунцæ знаги фестæг æфсæдтæ æма танкитæ, уой. Уæлдæфон цæф никкæнунæн æрвист æрцудæнцæ штурмовиктæ, сæ гъæуай кæнун ба ихæсгонд æрцудæй лейтенант Бицати Сергейæн.
Зундгонд æфсæддон историк Мурити Дадо æ рæстæги бацæттæ кодта киунугæ «Осетии отважные сыны», æма уоми Бицати Сергейи туххæй мухургонд очерки уотæ финст æй: «Знæгтæмæ æрбахæстæг уогæй, лейтенант Бицай-фурт исæмбалдæй 18 хуæдтæхæгебæл. Знаги хуæдтæхгутæ дууæ къуари фæцæнцæ, цæмæй нæ дæрæнгæнгути еуварсмæ расайуонцæ æма штурмовикти фæндитæ фехалонцæ, фал Сергей базудта знаги хийнæдзийнадæ. Атакæн син фадуат нæ дæтгæй, Бицай-фурти дæсни маневрти фæрци исаразта мадзал штурмовиктæн сæ ихæслæвæрдтæ исæнхæст кæнунæн, никки ма знаги атакитæн нихкъуæрд дæтгæй æхуæдæг æргæлста знаги хуæдтæхæг. Штурмовикти активонæй гъæуайгæнгæй ма Сергейи къуар æргæлста никкидæр знаги дууæ хуæдтæхæги. Еци æскъуæлхтдзийнади туххæй Сергей райста «Сурх Турусай дуккаг орден».
Бицати Сергейи бæгъатæрдзийнадæн æ тугъдон разамунд бæрзонд аргъ кодтонцæ. Сурх Турусай орденхæссæг полкки службæ кодта, уой командир майор Дрекалов 1945 анзи 14 майи ци гæгъæди бацæттæ кодта уæлдæр командæкæнуйнади номбæл, уоми уотæ финста:
«263 тугъдон ратахтей туххæй æма æхуæдæг ци æхсæрдæс фашистон хуæдтæхæги æргæлста, еци архæйдтити ци тугъдон дæсниадæ æма æхсардзийнадæ равдиста, уой туххæй æй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном райсуни аккаг…»
Еци фæндæбæл исарази æй 2-аг Белоруссаг фронти командæгæнæг, Советон Цæдеси Маршæл Рокоссовский æма курдиади гæгъæдибæл 1945 анзи 18 майи бафинста: «Аккаг æй, цæмæй ин лæвæрд æрцæуа Советон Цæдеси Бæгъатæри ном…»
Советон Цæдеси Сæйраг Президиуми Указмæ гæсгæ 1945 анзи 18 августи лейтенант Бицати Владимири фурт Сергейæн лæвæрд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном, Ленини орден æма майдан.
Бæгъатæр тæхæги туххæй мæнæ куд финсуй Советон Цæдеси Бæгъатæр Виктор Коняхин: «Мæ зæрдæбæл дарун еу уæлдæфон тугъд. Æз ме ’мбæлтти хæццæ æрбаздахтæн уæлдæфон разведкæй. Фронти арæнмæ ку ’рбахæстæг ан, уæд фегъустон нæхе тæхæги фæдеси сигнал. Бæрæг адтæй, уæззау уавæри ке бахаудтæй, е. Ку ‘рбахъæрдтан фронти арæнмæ, уæд фæу-
уидтан, еунæг советон хуæдтæхæг-истребитель 12 знаги хуæдтæхæгей хæццæ куд тох кæнуй, уой. Бæрæг адтæй, нæ хуæдтæхæги тæрæг ке æй дæсни æма нифсгун пилот.
Е еци зин уавæри мадзал иссирдта айдагъ æхе багъæуай кæнунæн нæ, фал ма активон тохи лæбурдæн дæр. Еунæгæй дууадæсей нихмæ, – нæ цæстити рази æргæлста знаги хуæдтæхæг, кæци содзгæй зæнхæбæл исæмбалдæй.
Мах ма ме ’мбали хæццæ адтан уæлдæр, тæхгæ дæр кодтан тагъддæр, уомæ гæсгæ æвæстеуатæй бацудан тохи, фал ма уæддæр нæ фиццаг атаки æргæлстан еу «Фокке-Вульф». Знæгтæ ледзæги фæцæнцæ, фал ма си никкидæр еу æргæлстан. Нифсхаст тæхæги нæ рæнгъи æрлæуун кодтан, уотемæй æрбатахтан нæхе аэропортмæ. Машинæй рахезгæй рауидтон Сергейи æ медбилти ходгæй, устур арфитæ нин ракодта нæ агъази туххæй, æз ба цийнæ кодтон, еунæгæй дууадæсей нихмæ тохи ке нæ фæттарстæй, уобæл. Æнæмæнгæ, е адтæй мæ хæлар æмбал…»
РЕДАКЦИЙÆЙ: Еци тохи туххæй бабæй фæйнæ ордени райстонцæ дууæ тугъдон æрдхуарди, дууæ æмбæстаги.
Еци Укази размæ ба Сергейбæл æрцудæй æндæр цийни хабар: 1945 анзи 24 июни Бицай-фурт æрвист æрцудæй Мæскуй ци Уæлахези Парад арæзт æрцудæй, уордæмæ архайæгæй. Паради размæ 17 июни иристойнаг уарийæн лæвæрд æрцудæй 1941-1945 æнзти тугъди рæстæги Германибæл фæууæлахези фæдбæл майдан. Еци анз 5 июни ба хестæр лейтенанти цин….
Устур Фидибæстон тугъди фæсте Сергей идарддæр службæ кодта Советон Æфсади рæнгъити: эскадрилий командирæй, фæстæдæр ба нисангонд æрцудæй æфсæддон училищей ахургæнæн эскадрилий командирæй, цæттæ кодта æфсæддон тæхгути. Æ ахурдзаути ’хсæн, фæстæдæр космонавттæ ка иссæй, уонæй еу адтæй В.Ф. Быковский дæр.
Космонавт Быковский 1963 анзи 15 июни газет «Красная Звезда»-й финста: «Хъæбæр мæ фæндадтæй тæхун. Училищей ба нæ фæстеуат кодтонцæ – теори æма теори. Тæхунмæ нæ бауадзунмæ тагъд нæ кодтонцæ. Бацудтæн нæ командир, Советон Цæдеси Бæгъатæр хестæр лейтенант Бицай-фуртмæ.
– Кæд тæхæн?
– Федæни тæхæг гъæуама фæразон уа, – дзуапп равардта командир.
– Ци гæнæн адтæй: мæхе ниффедар кодтон.
Сæрди ба, нæ тæхтитæ цума фемæхстæнцæ, уоййау аллибон тæхгæ. Хуæруйнаг ракомидзаг кодтан æма бабæй – тæхгæ.
Лигъстæ кæнунбæл фæдтæн. Еуминкъий рæстæг уолæфт дæр нæ багъигæ даридæ. Бонигъæдæй пайда кæнун гъæуй, – цæхгæр дзуапп лæвардта Бицай-фурт. Фæразон гъæуама уай. Авиаци нæ уарзуй æгæр тæвдæ, æгæр уазал æма æгæр лæмæгъдзийнадæ.
Бицати Владимири фурт Сергей 1960 анзи майори цини æфсадæй рацудæй е ’нæнездзийнадæмæ гæсгæ. Цардæй Дзæуæгигъæуи. Дууинсæй анзи дæр ибæл нæма цудæй, уотемæй рахецæн æй æ уæлзæнхон цардæй. Æ фæсте байзадæнцæ æ уарзон бийнойнаг Мария, æ фурт æма æ кизгæ. Дигорай гъæунгтæй еу хæссуй Бицай-фурти ном. Ами, сахари астæу, Намуси Аллейи иннæ дигорайаг Бæгъатæрти æмрæнгъæ ин æвæрд ес бюст.
Бицай-фурти архивбæл косгæй мæмæ Мария равдиста æрдæг къарæ, Краснодари тæхгути скъолай курсанттæ 1941 анзи ист кæми адтæнцæ, уой. Æз цæмæдесæй кастæн еци къарæмæ æма мæмæ фæззиндтæй устур, радзорæн кæмæн нæййес, уæхæн сæрустурдзийнадæ æма куд нæ, кæд æма се ’хсæнæй рацудæнцæ Советон Цæдеси æртæ Бæгъатæри: Бицати Сергей, Коняхин Василий æма Бондарь Александр, æртемæй дæр не ‘мзæнхонтæ.
Кæд æма кæми иссирдтон еци хузи иннæ æрдæг? Нæ архивмæ æрбацудæй Нартихъти Олег, алагираг дохтир, уомæн æ фидæ адтæй тугъдон афицер, Уæлахези Паради архайæг. Æз имæ равдистон еци хузи æрдæг, кæцими ист æрцудæй Олеги фиди æнсувæри сорæт дæр, Бицай-фурти хæццæ еумæ.
– Е æй мæ хуæрз фиди æнсувæр, – загъта Олег æма æрбахаста еци хузæ æнæгъæнæй. Æцæгæйдæр, етæ адтæнцæ Краснодари æфсæддон скъолай курсанттæ 1941 анзи. Советон Цæдеси Бæгъатæрæй уæлдай ма хузи ес берæ иристойнæгтæ, сæ бæгъатæр тугъдон æскъуæлхтитæ нурма зундгонд кæмæн нæма ’нцæ, уæхæнттæ.
Зæдити Нодар
РЕДАКЦИЙÆЙ: Аци æрмæг нæ республики Паддзахадон архиви раздæри косæг Зæдити Нодар кæддæр раги бацæттæ кодта, æма ци тугъдонти кой кæнуй, уони нимайгæ дæр ракодта: Нартихъти В., Хъалабегти Н., Доййати У., Зæнгиати В., Хъалабегти Г., Сокати А., Фæрдзинти Т., Мамсурати А, æма æндæртæ.
Куд уинетæ, уотемæй сæ нæмттæ æнхæстæй амунд не ‘рцудæнцæ. Æвæдзи, уомæ гæсгæ автор æ уаци кæронбæттæни уотæ баханхæ кодта, гъома, бæлвурдæй ка ‘нцæ, куд рауадæй сæ цардвæндаг. Æма æрмæг ка бакæса, уонæй ракурдта – цардæгас ма си ка ‘й, уонæй дæр, уæдта сæ хæстæгутæй æма сæ лимæнтæй, сæ цардæй ка рахецæн æй, уони хæстæгутæй дæр, цæмæй ин уони карни туххæй бæлвурд хабæрттæ фегъосун кодтайуонцæ. Нæ зонæн, еске ин ести фегъосун кодта æви нæ – Зæдити Нодар æхуæдæг дæр, гъулæггагæн, цардæгас нæбал æй.
Фал, ка ‘й зонуй, еци хабæрттæ махмæ, нæ газети редакцимæ еске фегъосун кæндзæнæй…