26 декабря 2024

БÆРÆГБОН – ЦИЙНÆХÆССÆГ, РАЗÆНГАРДГÆНÆГ…

05.10.2024 | 22:43

Бæрæгбон алкæддæр федудта æма федаугæ дæр кæндзæнæй арфитæй. Никки æхцæуæндæр ба фæууй, зæрди къумæй ци кæдзос æма нифсдæттæг арфитæ исхауй, уонæмæ игъосун, уæлдайдæр ба, еци дзурдтæ, дæ уодæй фулдæр ци райгурæн бæстæ уарзис, уой хæццæ баст ку уонцæ, уæд.

Цæгат Иристон алкæддæр æ дуæрттæ игонæй дардта еугур адæмихæттити минæвæрттæн дæр. Еугур дзиллитæ дæр нин адтæнцæ æмхузон уарзон, уомæ гæсгæ ба сæмæ нæ рахаст дæр адтæй цæстуарзон, æнсувæртау сæ аккаг кодтан нæхецæн æма сæ идарддæр дæр кæндзинан. Уобæл некæд фæффæсмон кодтан æма абони дæр нæ фæсмон кæнæн. Етæ дæр нæмæ уæхæн уарзон цæстæй кастæнцæ.

Аци анз, Цæгат Иристонæн хуæдбарæдзийнадæ лæвæрд ку ’рцудæй, уобæл 100 анзи исæнхæст æй, Иристон Уæрæсей хæццæ ку байеу æй, уобæл ба 250 анзи ке æнхæст кæнуй, уой фæдбæл ба нæ фæндуй, дæс æма дууинсæй анзей размæ еугур дуйней дæр игъустгонд поэт Расул Гамзатов, профессор, экономикон наукити доктор Цæголти Николай, зундгонд советон поэттæ æма тæлмацгæнгутæ Лев Озеров æма Всеволод Рождественский ци зæрдибунæй цæугæ арфитæ ракодтонцæ, уони нæ абони фæлтæри размæ рахæссун. Уадзæ æма зононцæ, советон доги еугур адæмихæттитæ дæр куд хæларæй цардæнцæ, сæ кæрæдзей æнтæститæбæл куд цийнæ кодтонцæ, сæ зин дæр æма цийнæ дæр куд еумæйаг адтæнцæ, уой.

 

Расул ГАМЗАТОВ (1923-2003), Дагестани адæмон поэт

ДÆ НАД РОХСДÆР ÆМА УРУХДÆР УÆД!..

Сабий ма ку адтæн, уæд фегъустон хуæнхаг мæгур лæги карни туххæй мæтъæл радзурд. Еци хуæнхаг мæгур лæг дууинсæй анзей дæргъи аразта хæдзарæ æма рамардæй, аразт æй нæбал фæцæй, уотемæй. Фал намусгин минкъий Иристон еци дууинсæй анземæ исаразта хæлардзийнади æма æнсувæрдзийнади хъæбæр хуарз æма рæсугъд хæдзарæ. Еци хæдзарæн æ рохс къæрæзгитæ арæзт æнцæ устур дуйнемæ, хори тунтæмæ æма адæмти хæлардзийнадæмæ. Еци урух æма кæрдзиндæттон хæдзари цæрунцæ сæ фидтæлти намусгин фæдонтæ æма идарддæр хъæртун кæнунцæ сæ бæгъатæр фидтæлти истори. Етæ ’нцæ хъаурæгин нæлгоймæгтæ æма рæсугъд силгоймæгтæ, тугъдонтæ æма фæллойнæгæнгутæ – коммунизм зæрдиагæй ка аразуй, уæхæнттæ. Еци хæдзарæ идзаг æй цард æма музыкæй, амондгун сувæллæнтти ходунæй æма зæрæндти намусæй. Уоми æносмæ æрфедар æнцæ устур уарзондзийнадæ æма устур бæллецтæ.

Æнсувæрон уарзондзийнади хæццæ уин арфæ кæнгæй, æз кæддæриддæр гъуди кæнун æнсувæрон Иристонбæл, уой фурттæ æма кизгуттæбæл, ме ’нсувæртæбæл – цитгин Къостай фæдонтæбæл.

Мæ райгурæн хуæнхти тæккæ вазуггиндæр æма тæккæ ахсгиагдæр гъуддæгутæ кæддæриддæр фæдзахстонцæ дууинсæйанздзуд тугъдонтæн, уомæн æма уонæмæ ес фæлтæрддзийнадæ, хъаурæ æма нифс.

Дууинсæй анзи! Е æй тæккæ хуæздæр карæ хуæнхаг лæгæн. Æнæгъæнæ адæмæн ба е æй æ рагуалдзæг.

Нуртæккæ Иристон æй бæхгини хузæн. Е цæттæ ’й идарддæр е ’стур надбæл цæунмæ, уарзондзийнади, æскъуæлхтдзийнæдти æма намуси надбæл цæунмæ. Æма æз дæр дагестайнаг хуæнхти цъоппæй зæрдибунæй зæгъун: рæствæндаг уо, рæсугъд Иристон! Ду абони хъæбæрдæр фесхустай дæ бæхи, æма кæсис, ци устур над рацудтæ, уомæ. Æма нуртæккæ ци надбæл цæуис, е ’й никки рохсдæр æма урухдæр. Хъæбæрдæр базмæлун кæнæ дæ бæхи. Рæствæндаг уо!

Уæхе Расул Гамзатов.

 

ЦÆГОЛТИ Николай (1904-1985), экономикон наукити доктор, профессор

ÆРУАГÆС МИ КÆНУЙ, Æ РАЙРÆЗТИ НАДБÆЛ ÆЙ ЦÆГАТ ИРИСТОН

Абони, еугур бæстæ дæр Цæгат Иристони автономий 50 анзи æма, Уæрæсей хæццæ барвæндонæй ку байеу æй, уой 200 анзи юбилей ку бæрæг кæнуй, уæд адæймаги сæри берæ гъудитæ æвзуруй. Фал си æз айдагъдæр еу цалдæрей кой искæндзæнæн. Абони æнтæстдзийнæдтæ уони фæрци ’нцæ æма кадгин бæрæгбони сæ кой куд не ’скæнæн.

Иристон Уæрæсей хæццæ ку байеу æй, уæд е иссæй ирон адæмæн уруссаг культури хæццæ зонгæ кæнун ку райдæдтонцæ, уой райдайæн. Иристони сабургай, фал еудадзуг ирæзун райдæдта косæг кълас, интеллигенци. Интеллигенци адæммæ хаста прогрессивон гъудитæ, хормæ калдта капитализми æцæг цæсгон. Иристони косæг дзилли социалон-къласон хелæдæрундзийнади ирæзтæн адтæй размæ схуайæг тухæ. Гъе, уомæ гæсгæ ирон адæм фиццаг уруссаг революций рæстæг бæгъатæрæй исистадæнцæ хуæдхуæцæг паддзахи нихмæ.

Феврали революций фæсте Иристони фæллойнæгæнгутæ никки хъæбæрдæр æрбангом æнцæ большевикти партий алливарс. Еци рæстæг ин Владикавкази разамунд лæвардтонцæ С.М. Киров, М. Орехелашвили æма иннетæ. Иристони фæззиндтæй революцион-демократон къуар «Кермен». Е хъæбæр зæрдиагæй исæмбалдæй Октябри революцибæл, Кирови æрвист ирон лæгтæ – большевикти разамундæй иссæнцæ агъазиау федар æма большевикти революцион тохбæл еузæрдиуон къуар. Устур агъаз фæцæй Иристони æма Терки зилди советон хецауадæ æрфедар кæнуни гъуддагæн. Æ разамонгути нæмттæ некæд феронх уодзæнæнцæ ирон адæмæй. Беретæ си бæгъатæрæй фæммард æнцæ сæребарæбæл тохи рæстæг.

Ке фæнди кой си искæнæн – еугурæй дæр адтæнцæ Ленини партий хъæболтæ, æ ахургæнуйнæгтæ. Етæ ахур кодтонцæ Мæскуй, уæдта Уæрæсей центри уæлдæр скъолати. Уоми син фадуат адтæй уруссаг косæг кълас, æ партий хæццæ хуарз базонгæ унæн. Æма цæттæ революционертæй æрцудæнцæ Иристонмæ. Ракодтонцæ ’й Ленини амунд надмæ.

Иристони хъæболтæй Октябри революций размæ Уæрæсей берæ ахур кодта. Уæрæсей бахсистæнцæ революцион тохи. Уруссаг æвзаг иссæй сæ дуккаг маддæлон. Ирон æвзаг æма литератури бундорæвæрæг Къоста ба ибæл ниффинста алæмæти уадзимистæ. Етæ, сæрустурæй хаст æрцудæнцæ уруссаг литератури хæзнадонæмæ. Сæ социалон гъудимæ гæсгæ иссæнцæ Уæрæсей революцион-демократон аййевадон литератури нæуæг къæпхæн.

Уæрæсей ахургонддзийнадæ ка райста, æ культури тæвагæ, æ адæми революцион тухæ хуарзæрдæмæ кæбæл фæззиндтæй, уæхæн ирæнттæ берæ ’нцæ. Æз сæ еугурей кой нæ кæндзæнæн. Фæндуй мæ зæгъун, мæ фидæ æма мæ фиди æнсувæр дæр Мæскуй университети юридикон факультет каст ке фæцæнцæ, уой. Ме ’нсувæр, зингзæрдæ революционер Цæголти Геуæрги Александри фурт ахур кодта Мæскуй университети. Е феврали революций размæ иссæй большевикти партий иуонг. Мæ фидæ, е ’нсувæр ци университети ахур кодтонцæ, уоми æз инсæй анземæ хæстæг дæн политикон экономики кафедри сæргълæууæг.

Мæскуй университетмæ мæ фæндаг æй, большевикти парти Ленинон национ политикæ царди рауадзунбæл ци устур куст бакодта, уомæн æвдесæн. Революций фæсте еугай ирæнттæ нæ, фал дæсгай, сæдæгай, мингай æригон лæхъуæнтæ æма кизгуттæ уæлдæр ахургонддзийнадæ райстонцæ Мæскуй, Ленингради æма нæ бæсти иннæ сахарти. Беретæ си иссæнцæ ахургæндтæ, науки, аййевади, культури, хæдзарадон, паддзахадон æма партион кусти ахæссунцæ бæрнон бунæттæ.

Экономики, филологий, медицини æма иннæ наукити ирон ахургæндти нæмттæ зундгонд æнцæ сауæнгæ фæсарæнти дæр. Аййевадæ æма театри дæснитæ сæхецæн устур кадæ скодтонцæ Советон Цæдеси.

Ирон интеллигенци исахур кодта нуриккон культури æнтæститæ. Е нæ, фал ма имæ æ бон хæссун æй нæуæгдзийнæдтæ дæр. Зин ранимайæн æнцæ, культури, аййевади æма науки ирæзти устур бунат ка ахæссуй, еци ирæнтти нæмттæ. Фал æхцæуæнæй зæгъдзæнæн мæскуйæгтæ Абайти Васо, Дзарасти Солтан, Исати Мæхæмæти туххæй. Тæбæхсæути Балой хæццæ фембæлд мæскуйæгтæн фæууй устур дзоруйнаг гъуддаг. Дирижер Дударати Вероникæ ’й дирижерон аййевади зундгонд архайæг, Тауасити Сослæнбеги скульптуритæ бæрзондæй кæсунцæ айдагъ Орджоникидзей нæ, фал нæ Цæдеси иннæ сахарти дæр.

Берети нæмтти туххæй ма ес зæгъæн, фал гъуддаг уой медæгæ нæй. Сæйрагдæр æй, уруссаг культурæ ке исахур кодтонцæ, уой фæрци сæ къохи ке бафтудæнцæ дуйнеуон культури сосæгдзийнæдтæ базонун, иссæнцæ е ’сфæлдистадон косгутæ.

Советон адæмти хæлардзийнадæн агъаззаги æвдесæн æнцæ ирон адæм. Нуртæккæ Иристон бæсти алли рауæнтæмæ, айдагъ æ хъæболти ахур кæнунмæ не ’рветуй, фал æхемæ дæр ес уæлдæр скъолатæ. Етæ цæттæ кæнунцæ дæсни специалистти кадртæ. Сæ гъомбæлгæнуйнæгтæ æнтæстгинæй косунцæ Советон Цæдеси республикити, крайти æма облæстити.

Абони Иристон æвдесæн æй социалистон революций æнтæститæн, Ленинон национ политики уæлахезæн, устур уруссаг адæми хæлардзийнадæн. Е хæларæй цæрун зонуй минкъий адæмихæттити хæццæ дæр.

Иристони хъæболтæй беретæ Советон Цæдеси номæй фæййархайунцæ фæсарæнти дæр. Кадæ ин кæнунцæ.

Мæхе туххæй ку зæгъон, уæд æз устур ихæсгин дæн ирон адæмæй. Уарзун æй, фурт æ мади куд уарзуй, уотæ. Фал минкъий ихæсгин нæ дæн Мæскуйæй дæр. Экономики теорий æрфити ниххезунæн мин фадуæттæ е исаразта, балæдæрун мин кодта марксизм-ленинизми устур ахурадæ, исахур мæ кодта политикон экономики ’сфæлдистадон куст кæнун.

Мæ ахур райдæдтон Владикавкази, каст ба фæдтæн Мæскуй Адæмон хæдзарадон институт. Уоми ци зонундзийнæдтæ райстон, уони фæрци дæс æма дууинсæй анзей размæ мæ бон бацæй Хуæнхон педагогон институти (нури ЦИПУ) ахургæнæгæй косун. Дууæ анзей фæсте мæ партий обком рарвиста Æхсæнадон наукити наукон-æртасæн институти Уæрæсей Ассоциаций экономики институти аспирантурæмæ. Устур зæрдиагæй мæбæл исæмбалдæнцæ. Аспирантурæ каст ку фæдтæн, уæд кустон Воронежи Пъланон институти политикон экономики кафедри сæргълæууæгæй. Уой фæсте ба ахургонд æма профессори бунæттæ ахæстон бæсти зундгонддæр уæлдæр скъолати – ССР Цæдеси Госплани Экономикон æртасæн институти, ССР Цæдеси наукити Академий Экономики институти, Адæмон Хæдзаради институти, Мæскуй Паддзахадон Университети.

Æвæдзи, мæ цард дæр хуарз æвдесæн æй нæ адæмти хæлардзийнадæн. Советон Цæдеси адæмтæ æмхузонæй, æмхъаурæй архайунцæ коммунизми арæзтади, СЦКП-йи XXIV съезд син сæ размæ ци агъазиау пълан æрæвардта, уой царди рауадзунбæл.

Ирон адæмæн ес, æ кадгин бæрæгбони цæбæл цийнæ кæна, е. Ци дууæ юбилейи бæрæг кæнуй, етæ æ царди устур бунат æрахæстонцæ. Æнæ уонæй нæ адтайдæ абони деденæгкалгæ Иристон – агъазиау промышленности, гъæууон хæдзаради, культури æма науки Иристон.

СЦКП-йи разамундæй никки устурдæр къахдзæфтæ ракæндзæнæй Цæгат Иристони Советон Социалистон республикæ Ленини амунд надбæл, никки устурдæр æнтæстдзийнæдтæ бафтуйдзæнæй æ къохи. Уомæн æма ци надбæл цæуй, е ирæзти фæндаг æй!

 

Лев ОЗЕРОВ (1914-1996), поэт, тæлмацгæнæг

РÆСУГЪД БÆРÆГБÆНТТÆЙ ЗÆРДИРАЙ УОТÆ!..

– Ирон поэзий хæццæ фиццагидæр кæми базонгæ дæ?

– Тугъди размæ адтæй е, – Мæскуй истори, философий æма литератури институти ахур кæнгæй, æмдзæрæни базонгæ дæн Епхити Тæтæри, Плити Грис æма Хъайтухъти Геори хæццæ. Етæ мин кастæнцæ сæхе финст уадзимистæ, дзурдтонцæ мин ирон литератури, ирон адæми æгъдæутти туххæй, зонгæ мæ кодтонцæ адæмон сфæлдистади зарти хæццæ. Епхити Тæтæри æма Хъайтухъти Геори дзубандитæй Иристони туххæй берæ базудтон. Етæ мæ исразæнгард кодтонцæ иронау финст æмдзæвгитæ уруссаг киунугæкæсгути базонгæ кæнун æма си еуминкъий ратæлмац кодтон. Фал дзубандитæй ке бауарзтон, еци Иристони мæн фæндадтæй мæхе цæститæй фæууинун, æ адæми хæццæ фæдздзубанди кæнун. Æма мæ къохи бафтудæй. Мæнæй абони дæр иронх нæ ’нцæ кадгин хестæрти хæццæ, раззагдæр косгути хæццæ, зæнхи кадæ бæрзонддæргæнгути хæццæ, цурд фæсевæди хæццæ, хуæдæфсармæ силгоймæгти хæццæ, легендарон спортсменти хæццæ, искурдиадæгин шахматистти хæццæ ци зæрдибун дзубанди фæккодтан, етæ. Абони ма мæ цæститæбæл уайунцæ æрдзи рæсугъд нивтæ, мæ цæститæбæл рауайунцæ уорс закъæгин зæрæндти æма фæсевæди зартæ, сауцæстæ кизгутти фæндури зæлтæ. Козбауи хузæн мин ма балæдæрæ мæ дзубанди, фал Иристон мæ зæрди ниххизтæй æма ма си уой фæсте цалдæр хатти адтæн. Аци цуди архайдтон, ци æййивддзийнæдтæ си æрцудæй, иннæ адæмтæй игъаугидæр имæ ци нæуæгдзийнадæ ес, уони фæууинун. Уомæн æма æнæ уони зонгæй, тæлмацгæнæн нæййес. Тæлмацти ба еци хуарæнтæ, еци менеугутæ æнæмæнгæ гъæунцæ.

Раздæр æнзти тæлмац кодтон Хетæгкати Къостай æма Нигери æмдзæвгитæ. Фал Иристони хæццæ, æ аййевадæ æма культури хæццæ хæстæгдæр ку базонгæ дæн, уæд нæуæгæй æркастæн мæ тæлмацтæмæ æма сæ фæллæмбунæгдæр кодтон.

– Киунугæкæсæг зонуй, Хетæгкати Къостай уадзимистæ Мæскуй уагъд ке цæунцæ, уой. Фиццаг том бал райста. Уоми мухургонд æнцæ дæ тæлмацтæ дæр. Уонæй зæгъис?

– Гъо. Еци киунугæн æз нæуæгæй ратæлмац кодтон поэти лирикон æмдзæвгитæ æма поэмæ «Ка дæ?»

– Иннæ ирон поэтти уадзимистæ ба?

– Уони, раздæр ку загътон, уотæ рагæй тæлмац кæнун. Беретæ си рацудæнцæ центрон журналти æма газетти. Мæ зæрди ес сæ бамбурд кæнун æма сæ антологий хузи киунуги рауадзун. Етæ ’нцæ ирон поэзий алли кари минæвæрттæ. Сæ финстмæ æма карнæмæ гæсгæ аллихузи ’нцæ, фал ирон литератури цæсгон æнхæстæй равдесдзæнæнцæ.

– Лев Адольфи фурт, дзурд дæр ибæл нæййес, ду нуртæккæ нæуæг уадзимистæбæл ке косис, е. Ирон темити хæццæ баст ка ’й, уæхæнттæ дæр си, æвæдзи, ес?

– Киунугæкæсгутæ, æнгъæлдæн, зонгæ ’нцæ мæ киунугæ «Ирон тетрад»-и хæццæ. Е рацудæй киунугæуадзæн «Ир»-и фарæ. Ес си лирикæ æма минкъий эпос, æмдзæвгитæ «Къостай фæнзгæй» æма Нарти кадæнгитæн ке исистон æма кæбæл бакустон, Ацæмæз æма Агунди номи хæццæ баст ка æй, уæхæн уадзимис.

Мæ тæлмацтæй еци киунугæмæ ка нæ бахаудтæй, уони мухур кæнун Мæскуй æма Ленингради журналти æма газетти. Бахæссун сæ мæ киунугутæмæ. Æрæги мин «Аййевадон литератури рауагъдади» ци киунугæ рацудæй, уордæмæ бахастон, Иристони туххæй ци æмдзæвгитæ ниффинстон, уонæй дзæвгарæ. Уæхæн фæндæ мæмæ ес идарддæр дæр. Тæлмацгонд фæдтæн цалдæр нæуæг æмдзæвги. Æнгъæл дæн, æма етæ мухури фæззиндзæнæнцæ, Иристони автономий 50 анзи æма, Уæрæсей хæццæ барвæндонæй ку байеу æй, уой 200 анзи бæрæгбон. Мæ косæн стъолбæл æй, Къостай туххæй ци статья ниффинстон, е. Е æвдесæн æй, Къостамæ абони уруссаг еугурцæдесон киунугæкæсæг циуавæр цæстингас даруй, е. Мæнмæ уотæ кæсуй, æма Къостабæл айдагъ уруссаг поэзий тæвагæ нæ фæззиндтæй, фал Къостай исфæлдистадæ фæззиндтæй æма зиннуй ССР Цæдеси адæмти поэзибæл дæр.

– Къостайæн Мæскуй ци киунугутæ цæунцæ, уони туххæй ци зæгъис?

– Етæ цæттæгонд цæунцæ хъæбæр лæмбунæг æма, æнгъæл дæн, уодзæнæнцæ хуарз лæвар бæсти еугур киунугæкæсгутæн. Къоста æй Шевченко, Абай, Туманян, Райнис æма æнсувæрон æндæр республикити поэтти æнсувæр. Уруссаг финсгутæй хæстæгдæр лæууй Некрасовмæ. Куд загътон, уотæ бал рацудæй Къостай уадзимисти фиццаг том. Æй рæсугъд фæлгонцгонд, хаст имæ æрцудæнцæ поэтæн æхе конд нивтæ дæр. Рагъуди кæнун гъæуй Къостай киунугæ «Скъолай библиотекæ», «Поэти библиотекæ», зæгъгæ, уæхæн киунугутæй рауадзунбæл.

Лев Озеров бæрæгбони саламтæ лæвардта Иристони фæллойнæгæнгутæн æрветгæй гæгъæдибæл, уой дæр кæдзос иронау ниффинста: «Мæ ирон хæлæрттæ, рæсугъд бæрæгбæнттæ уæбæл цæуæд алкæддæр! Нæ хæлардзийнадæ кæнæд никки федардæр!»

 

Всеволод РОЖДЕСТВЕНСКИЙ (1895-1977), поэт, тæлмацгæнæг

ИРИСТОН, Æ АДÆМ, Æ ÆРДЗÆ МÆ УСТУР ДЕСИ БАФТУДТОНЦÆ!..

– Уæд мæбæл цудайдæ цуппæрдæс анзи. Мæ ниййергути хæццæ рабалци кодтон Уæллагири комбæл. Уой размæ Орджоникидзей фæцан цалдæр бони. Фулдæр цудан фестæгæй æма нин е фадуат лæвардта æрдзи нивтæмæ лæмбунæгдæр кæсунæн, æ адæми хæццæ хæстæгдæр зонгæ кæнунæн. Уой фæсте ма Иристони адтæн цалдæр хатти. Орджоникидзейæй уæлдай хуарз багъуди кодтон Алагир, Тæмискъ, Унал, Мизур, Цъæй… Еци балцити фæсте Иристони туххæй ниффинстон æмдзæвгити цикл. Мухургонд æрцудæнцæ мæ киунугути дæр. Уонæй еу хуннуй «Цъæй».

Эхх, мæ райгуырæн куы уаид

Ацы æрдхæрæны ком:

Дурты ’хсæн фыцгæйæ уайы

Фæзмæ митæмхæццæ дон.

Ардæм æрсыты æртæры

Хур йæ пиллоны рæстæг –

Æмæ адджынæн ысдæрынц

Ихы лæгъз уазал фæрстæ.

Базонин – цы кæнын хъæуы:

Иууыл уаид æрдз мæ бар,

Æмæ цъититы цур нæууыл

Скæнин диссаджы хæдзар.

Уаин æз цырддзаст, рæстдзæвин,

Ацæуин-иу хъæуæй дард,

Чъиуджын къæцæлтæ æрцæгъдин

Æмæ-иу сæ скæнин арт.

Цъиутимæ тъæллангæй зарин,

Сырдтæй физонæг кæнин.

Арв мæ чыргъæдмæ куыд калид

Ирд стъалытæ, уый уынин.

Ирон адæм, æрдзæ мæн уæхæн цæмæдеси бафтудтонцæ, æмæ мин Хетæгкати Къостай æмдзæвгитæ ратæлмац кæнуни туххæй рауагъдади ку загътонцæ, уæд исарази дæн устур æхцæуæнæй. Къостай æмдзæвгитæ ку тæлмац кодтон, уæд мæ цæстити рази нæуæгæй æма нæуæгæй æрлæудтæнцæ Иристони æрдзи нивтæ, æ адæм.

Иристони поэтти хæццæ, æ культурæ æма аййевади хæццæ æз идарддæр зонгæ кодтон Ленингради. Цæветтонгæ, ме ’ригон æнзти æз фæллимæн дæн æригон ахургонд Абайти Васой хæццæ. Еци хæлардзийнадæ не ’хсæн абони уæнгæ дæр нæ фесавдæй.

Ме ’мдзæвгитæй еу «Цуанон Васо», зæгъгæ, дæр уой номмæ гæсгæ финст æрцудæй. Æй уæхæн:

Скъуыдтæ баслыхъ

Й’ астæуыл æрбаста,

Урс нымæтхуд алы бон хæссы.

Мæнæ та лæууы.

Нæзы бæласау,

Æмæ хæхты цъуппытæм кæсы.

Рагæй дæр пыррыкк рихитæ дары,

Стæйаздзыд, уæвгæ, зæронд кæд уыд?

Радта йын кæддæр зынаргъ лæварæн

Здыхт сыкъа рæхысимæ йæ фыд.

Бауарзта уый цыргъ къæдзæхты тигътæ,

Ссис ын адджын райгуырæн уæзæг.

Дымгæйы фæскъаугонд хъулон мигътæ.

Уой цæмæй йæ зæрдæмæ хæстæг.

Хæхтæм-иу æдзух цæмæй фæлгæса,

Уа къæрцхъус æмæ уынаг сырдау.

Иу æхстæн-иу акъаха цæргæсы,

Ма хала йæ фыдæлты æгъдау.

Цард уый афтæ:

Ирд суадонæй цырддæр,

Хæхтæ æмæ рог дæтты зыдта.

Зонгæ йын уыд алы маргъ дæр, сырд дæр,

Кæмтты алы къудзи дæр уыдта.

Цæй, Васо,

Дæ мард сырдтæн сæ цæрмттыл

Фидардæр дæ дыууæхстон æвæр.

Топпы хос фæйлау æхсидгæ кæмттыл

Æмæ тау мæ зæрдæйы цæхæр.

Уадз, æз дæр

Дæуау гæпп кæнон хъазгæ

Суадæттимæ дурæй-дурмæ цырд.

Банкъарон сырды тæф иутæй раздæр,

Иу гæрахæн-иу куыд марон сырд.

Нур ба мæ фæндуй нæ адæмæн бæрæгбони туххæй еу-дууæ дзурди гæгъæдибæл ниффинсун.

 

Мæ хъазар иристойнаг æмбæлттæ!.. Мæхæн нæ еугуремæн дæр хъæбæр цитгийнаг ка æнцæ, уæ еци еугурадæмон бæрæгбæнттæ фæдбæл арфæ кæнгæй, зæрдæхцæуæнæй уин æрветун мæ ленинградаг салам, мæ зæрдæ уин зæгъуй амонд, социалистон культури æма адæмон хæдзаради устур æнтæстдзийнæдтæ!