ӔЦӔГ ӔРДХУАРДДЗИЙНАДИ УӔЗӔН ФӔРАЗОН РӔСТЗӔРДӔ АДӔЙМАГ ӔЙ!..
Аци бӕнтти Цӕгат Иристони иуазӕгуати адтӕй грекъаг делегаци, ӕ сӕргъи Греций Ӕнӕнгъӕлӕги ӕма Баргин минӕвар Уӕрӕсейи Екатерини Нассика, уотемӕй. Иуазгутӕ нӕ республики архайдзӕнӕнцӕ «Грекъаг культури бонти», е бӕрӕг кӕнуй Уӕрӕсе ӕма Греций ӕхсӕн историон бастдзийнӕдтӕ. Греций Республики хуӕдбарӕдзийнадӕбӕл дӕр исӕнхӕст ӕй 200 анзи.
НӔ ХӔЛАРДЗИЙНАДИ ГЪӔЗДУГДЗИЙНАДӔ БАГЪӔУАЙ КӔНУН ӔЙ НӔ СӔЙРАГДӔР ИХӔС!..
Кадгин иуазгути хӕццӕ сӕрмагондӕй фембалдӕй нӕ республики Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло. Зӕрдиагӕй син райарфӕ кӕнгӕй, е ӕ радзубандий куд баханхӕ кодта, уотемӕй Цӕгат Иристон ӕма Греций Республики ӕхсӕн берӕ ӕнзти дӕргъи исфедар ӕнцӕ хӕлар ӕма цӕстуарзон рахастдзийнӕдтӕ.
– Абони нӕмӕ ес грекъаг национ-культурон ӕхсӕнадӕ, е Уӕрӕсей ӕй фиццаг, ӕ ном «Прометей». Е ӕрбайеу кодта цӕгатиристойнаг грекъӕгти, архайуй ӕвзаг ӕма культурӕ багъӕуай кӕнунбӕл. Иннӕ уӕхӕн организацити хӕццӕ ин ес ӕмгустадӕ, республики царди архайуй, еугур социалон гъуддӕгутӕ ин ӕнцӕ ахсгиаг. Ци адӕмтӕ нӕмӕ цӕрунцӕ, уони еудзийнадӕмӕ турнуй. Еци гъӕздугдзийнадӕ багъӕуай кӕнун ӕй нӕ сӕйраг ихӕс.
Екатерини Нассика ба ӕ радзубандий райарфӕ кодта фусунтӕн, уотӕ зӕрдиагӕй сӕбӕл ке исӕмбалдӕнцӕ, уой туххӕй.
– Иссудтӕн уӕмӕ, цӕмӕй сумах хӕццӕ базонгӕ уон, фембӕлон. Ами ци грекъӕгтӕ цӕрунцӕ, етӕ кӕмифӕнди ку уонцӕ, уӕддӕр сӕ бон ӕй циуавӕрфӕнди гъуддаг дӕр райдайун. Нӕуӕгдӕр историй грекъӕгтӕ берӕ зиндзийнӕдтӕ баййафтонцӕ, ратӕрӕ-батӕрӕ сӕ кодтонцӕ се ‘знӕгтӕ, ӕфхуардтонцӕ сӕ, ӕверхъаудзийнӕдтӕ дӕр бавзурстонцӕ, ӕма уой туххӕй фӕххауӕццаг ӕнцӕ сӕ бӕсти. Иристонмӕ дӕр уотемӕй ӕрбафтудӕнцӕ. Мах Уӕрӕсейӕй арфиаг ан, не ‘мбӕстӕгтӕ ами сӕхецӕн дуккаг Фидибӕстӕ ке иссирдтонцӕ, уой туххӕй. Региони царди уотӕ сӕрӕнӕй ке архайунцӕ, е мин ӕхцӕуӕн ӕй.
Екатерини Нассика Цӕгат Иристонмӕ куддӕр иссудӕй, уотӕ бабӕрӕг кодта Беслӕни «Изӕдти Горӕт».
– Еу гъуддаг ӕй уони туххӕй кӕсун, фал сӕ фӕууинун ба ӕндӕр, – загъта Е. Нассика. – Еци ӕверхъау цаутӕ кӕми ӕрцудӕнцӕ, еци скъоламӕ дӕр бацудан. Ка си фӕммард ӕй, уони хӕццӕ адтӕй ахургӕнӕг Иван Каниди. Грекъи республикӕ агъази къох фиццаг ӕрбадардта Иристонмӕ, нӕуӕг скъола си исаразуни хъӕппӕрес равдиста. Нур нӕ фӕндуй алливӕрсуг агъаз ин кӕнун.
Уой фӕсте дзубанди рауадӕй идарддӕри ӕмгустадӕбӕл. Ӕнӕнгъӕлӕги ӕма Баргин минӕвар куд бафеппайдта, уотемӕй ӕмгустадӕн ес фадуӕттӕ, зӕгъӕн, сахарти ‘хсӕн ӕнсувӕрон бастдзийнӕдтӕ искӕнгӕй. «Технологон зонундзийнӕдтӕ кӕрӕдземӕн амонгӕй, базарадон-экономикон рахастдзийнӕдтӕ ирӕзиуонцӕ. Нӕ бӕстӕ ӕй гъӕууонхӕдзарадон, ес нӕмӕ, сумахӕн ке байамонӕн, уӕхӕн фӕлтӕрддзийнадӕ. Культури къабази дӕр еумӕйаг къахдзӕфтӕ ракӕнӕн ес, цалдӕр проекти цӕттӕ ‘нцӕ царди рауадзунмӕ. Грекъаг кинематографи фестиваль айдагъ Мӕскуй не ‘скӕнӕн, фал ӕндӕр сахарти дӕр. Иристони дӕр бантӕсидӕ», – фӕббӕрӕг кодта Екатерини Нассика.
Сергей Меняйло куд радзурдта, уотемӕй Цӕгат Иристон цӕттӕ ӕй пайдайаг ӕмгустадӕмӕ.
СУМАХ ХУЗӔН КАДГИН ИУАЗГУТӔ ИСИУАЗӔГ КӔНУН НИН ӔХЦӔУӔН ӔЙ!..
Аци бӕнтти ма Национ музейи цудӕнцӕ грекъаг ӕхсӕнадӕ «Прометей»-и равдиститӕ. Уоми архайдта Хецауади Сӕрдар Дзанайти Барис. Ӕ радзубандий загъта:
– Нӕ республики берӕ адӕмтӕ ӕма динтӕ ес, ан еу бийнонтӕ. Грекъӕгтӕ нӕмӕ цӕруй дууӕ минемӕй фулдӕр, етӕ дӕр нӕ бийнонти еу хай ӕнцӕ. «Прометей» хъӕбӕр сӕрӕн организаци ӕй, нӕ хӕлардзийнадӕ дӕргъвӕтийнӕ ке уодзӕнӕй, е ми ӕруагӕс кӕнуй. Арфӕ уин кӕнун, ке нӕмӕ исӕмбалдайтӕ, уой туххӕй уӕхӕн кадгин иуазгутӕ нӕмӕ ке ‘рцудӕй, е нин ӕхцӕуӕн ӕй.
Баргин минӕвар «Прометей»-йи разамонӕг Юрий Асланидийи хӕццӕ фӕууидта равдист. Уоми ӕригон грекъаг хузӕгӕнӕг, дзӕуӕгигъӕуккаг Георгиос Таксидис Греций республики хузӕгӕнӕг Костас Фотиядиси хӕццӕ сӕ куститӕ исивардтонцӕ. Уӕрӕсе ӕма Греций республики ‘хсӕн историон ӕма нуриккон хузтӕ адӕми ‘хсӕнмӕ рахастонцӕ ТАСС-и хузӕесгутӕ.
Равдист цӕудзӕнӕй 25 октябри уӕнгӕ.