30 декабря 2024

ЦӔГАТ КАВКАЗМӔ СӔРМАГОНД ӔРГОМ ӔЗДӔХТ ЦӔУЙ

28.01.2022 | 16:57

Паддзахадон сӕрмагонд программӕ «Цӕгаткавказаг федералон зилди райрӕзт»-и уагӕвӕрдтӕ 2021 анзи ӕнхӕстгонд ӕрцудӕнцӕ 94 процентей бӕрцӕй. Уӕхӕн хатдзӕг искодтонцӕ, Уӕрӕсей Федераций экономикон райрӕзти Министради ӕрӕги ци ӕмбурд адтӕй, уоми.

Еци ӕмбурди куд фегъосун кодтонцӕ, уотемӕй программи нисангонд мадзӕлттӕ ӕнхӕст кӕнунӕн анзи дӕргъи дехгонд ӕрцудӕй 18,4 миллиард сомей бӕрцӕ. Ӕма уой фӕрци 2021 анзи цӕгаткавказаг регионти арӕзт ӕма цалцӕггонд ӕрцудӕнцӕ 12 аллихузон социалон объекти – ахурадон, медицинон ӕма коммуналон косӕндӕнттӕ.

Зӕгъӕн, Кӕсӕг-Балхъари республики гъӕу Ново-Ивановски арӕзт ӕрцудӕй 440-бунатон нӕуӕг скъола, Пятигорски бундорон цалцӕг искодтонцӕ 252-бунатон гимнази (аци ахургӕнӕндонӕ ӕрбунӕттон ӕй ХХ ӕноси райдайӕни арӕзт бӕстихаййи, ӕ азгъунст нимад ӕй архитектури циртдзӕвӕнбӕл). Анзи дӕргъи Цӕцӕни республики программи фӕлгӕти арӕзт ӕрцудӕнцӕ 2 коррекцион скъола-интернати, Дагестайнаг гъӕу Гамиях ӕма цӕгатиристойнаг сахар Беслӕни ба фӕззиндтӕнцӕ нӕуӕг рӕвдауӕндӕнттӕ.

Программи уагӕвӕрдтӕ ӕнхӕст кӕнунбӕл архайӕг подрядчиктӕ уӕхӕн ӕма ӕндӕр куститӕ бакодтонцӕ федералон зилди иннӕ регионти дӕр. Уотӕ, зӕгъӕн Стъараполи крайи бундорон цалцӕггонд ӕрцудӕнцӕ Буденовски медицинон центри инфекцион хайадӕ. Уомӕй уӕлдай, ахсгиаг арӕзтадон ӕма цалцӕггӕнӕн куститӕ ӕнхӕстгонд ӕрцудӕнцӕ цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзаради къабази дӕр – цалдӕр региони базилдӕнцӕ донцъирӕнтӕмӕ, нӕугутӕй раййивтонцӕ донуадзӕн хӕтӕлтӕ ӕма уотӕ идарддӕр. Хъӕрӕсе-Черкесий ба фӕннӕуӕгдӕр кодтонцӕ хуӕнхон курорт «Архыз»-и инфраструктурон объекттӕ.

Уӕрӕсей Федераций экономикон ирӕзти министри хуӕдӕййевӕг Сергей Назаров (куд зонӕн, уотемӕй е бӕрнон ӕй Цӕгаткавказаг федералон зилди регионти райрӕзти фарстатӕбӕл), ӕ радзубандий куд загъта, уотемӕй федералон ведомствитӕ ахедгӕ мадзӕлттӕ аразунцӕ, цӕмӕй Цӕгат Кавкази идарддӕри ирӕзти паддзахадон программӕ афойнадӕбӕл ӕнхӕстгонд цӕуа. Амунд документи сӕйрагдӕр нисан ӕй Цӕгат Кавкази регионти царди ӕмвӕзадӕ хуӕрзгъӕдӕдӕр кӕнун. Ӕма еци нисанбӕл бӕлвурд куст райдарддӕр уодзӕнӕй.

Сергей Назаров ма куд загъта, уотемӕй 2021 анзи декабри федералон Хецауадӕ еуӕй-еу ӕййивддзийнӕдтӕ ӕма уӕлӕфтауӕнтӕ бахаста Цӕгаткавказаг федералон зилди идарддӕри райрӕзти программӕмӕ. Куд нисангонд цӕуй, уотемӕй 2030 анзи уӕнгӕ программи уагӕвӕрдтӕ ӕнхӕст кӕнунӕн дехгонд ӕрцӕудзӕнӕй 169 миллиард сомемӕй фулдӕр.