30 декабря 2024

ЦӔРУНЦӔ ӔМА ИРӔЗУНЦӔ ЕУМӔЙАГӔЙ!..

27.08.2022 | 14:36

Идарддæр. Райдайæн уæлæфтауæн «царди айдæнæ»-йи 5-аг рауагъди (2022 анзи 29 июли).

АДÆМОН ИСФÆЛДИСТАДÆ ÆМА АЙЙЕВ ЛИТЕРАТУРÆ – ХУÆРЗУАГОН ÆМДЗÆУИНТÆ

ХЪАЗБЕГТИ Хъазбег, (1912-1966) финсæг, литературæртасæг

Уæди рæстæги ирон музыкæбæл ка куста, еци композитортæн сæ фулдæр базилдтонцæ сæхе Къостамæ, ирон адæмон исфæлдистадæ хуарз ке зудта, уомæ гæсгæ, цæмæй син фæййагъаз кодтайдæ хуæздæр адæмон зартæ равзарунмæ, уонæн сæ мелодикæ раст рартасунæн. Зæгъæн, зингæ гурдзиаг композитор Д. Аракешвили финсуй: «1902 анзи, Гурдзий берæ ку фæббалци кодтон, уой фæсте, æз мæ над ракодтон мæ райгурæн Дзæуæгигъæумæ, уоми мæ фæндадтæй ирон адæмон зартæ ниффинсун. Уоми мæ зонги хæццæ мæнæн мæ къохи бафтудæй Хетæгкати Къостай хæццæ исæмбæлун. Е адтæй, фудхузтæ, ниллæггомау, æ уæле цохъа. Не ‘рбацуд Къостайæн адтæй хъæбæр æхцæуæн, хъæбæр дессаг имæ фæккастæй, цæй туххæй имæ бацудтæн, уой ку базудта, уæд.

– Хъæбæр æхцæуæн мин æй, – загъта Къоста, – ирон адæмон зартæ æмбурд кæнун фæндæ ке искодтай, е.

– Уотæ ‘й, – равардтон дзуапп æз, – ирон адæми зартæ æнцæ гъæздуг æма мæ æлвасунцæ сæхемæ…

Еске ирон адæмон исфæлдистадæ, зартæ, музыкæ парахат кæнунбæл ку куста, уæд е Къостайæн алкæддæр уидæ æнæкæрон æхцæуæн æма уæхæнттæн Къоста алкæддæр цæттæ адтæй фæййагъаз кæнунмæ. Уой туххæй К.Атаров æ имисуйнæгти зæгъуй:«1902 анзи уалдзигон каникулти рæстæги Дзæуæгигъæуи гимназий хестæр кълæстæй еу къуар биццеуемæй, сæ разамонæг Петербурги консерваторий студент Павел Мамулов, уотемæй исаразтонцæ зарти къуар… Уони хъæбæр зæрдиагæй фæндадтæй сæ репертуармæ ирон зар бахæссун. Мамулов ци æрмæг æрæмбурд кодта, уомæ гъудæй æркæсун. Еци рæстæги, æрвистæй исæздæхгæй, сахари цардæй Хетæгкати Къоста, æма мах агъазагор  бацудан уомæ. Къоста мах курдиадæбæл куд зæрдибунæй бацийнæ кодта, уой ку фæууидтан, уæд имæ кæсгæ байзадан. Куд хъæбæр уарзта Къоста æ адæми! Ирон зарти мотивтæ ку зардта, уæд æ цæсгон куд ниррохс уидæ, уой нур дæр не ‘ронх кæнун, мæ цæститæбæл рагъазуй. П.Б. Мамулов ниффинста адæмон зартæ, уæдта сæ цуппар гъæлæсемæй нотитæмæ раййивта, æма сæ уæд мах æнтæстгинæй ахур кæнун райдæдтан. Нæ репетицитæмæ ахид цудæй Къоста æма нин лæвардта хъазар амундтитæ. Тагъд рæстæгмæ хор адтæй цæттæ концерт дæттунмæ, æма концерти эстради ирон зарти зæлланг райгъустæй 1902 анзи сæрди… Уотæ фæййагъаз кодта ирон зартæ парахат кæнунæн Хетæгкати Къоста».

КАЛМАНТИ Батыри конд хузæ «Къоста хуæнхæгти æх сæн».

Хетæгкати Къоста æ уадзимисти исфæлдистадон æгъдауæй пайда кодта ирон кадæнгити, аргъæутти, зæрти, таурæхъти, æмбесæндти медесæй, сæ формæй, сæ композицион арæзт æма сæ аййевадон мадзæлттæй.

Профессионалон кадæнгæгæнгутæн æма зартæгæнгутæн  Къоста кодта хъæбæр устур аргъ. Худта сæ, сæ кадæнгитæ æма сæ зартæй мæгур адæми цард ка ‘вдесуй, сæ зæрдити син тохи арт ка уадзуй, уæхæн адæмон поэттæ. Уæхæн профессионалон зартæгæнæги – фæндурдзæгъдæги хузæ Къоста равдиста æ кадæнгæ «Хъубады»-й.

Адæмон таурæхъгæнæг мæгур зæронд лæги хузæ Къоста исфæлгонц кæнуй дæсни хуарæнтæй æ иннæ уадзимис «Уæлмæрдты» дæр.

Къоста устур аргъ кодта Нарти кадæнгитæн, лæдæрдтæй син сæ историон æма аййевадон ахедундзийнадæ æма сæ æмбурд дæр кодта. Къостайæн æ дзиппидаргæ финсæн киунуги цубур финстæй æнцæ Нарти кадæнгитæ, фулдæр ба сæ сæйраг архайгутæ: Урузмæг, Батраз, Сатана, Сирдон. Е Нарти эпосæй иста хецæн кадæнгитæ æма си пайда кодта сюжетон æма æвзаги гъæздугдзийнади æгъдауæй. Зæгъæн, æ кадæнгæ «Уæлмæрдты» финст æй «Сослан мæрдты бæсты», зæгъгæ, уомæ гæсгæ.

Нарти æма Даредзанти кадæнгитæмæ гæсгæ Къоста ниффинста æ тухгин уадзимис «Лæскъдзæрæн» дæр. Адæмон легендитæмæ гæсгæ финст æнцæ Къостайæн æ кадæнгитæ «Хетæг» æма «Кæуæг айнæг».

Рагон номдзуд грекъаг финсæг Гомери эпоси дзурди дæсний, зартæгæнгути минæвар æй Арфей. Уой зарти муртæ уотæ тухгин адтæнцæ, æма денгизти ка накæ кодта, етæ дæр еци муртæмæ игъосгæй бафунæй æнцæ. Нарти кадæнгити уæхæн æмбесонди уадиндзæуарзæг адтæй Ацæмæз. Уой зартæй райгъал уиуонцæ æрдзи еугур цæргутæ дæр, кафун байдайиуонцæ сирдтæ, мæргътæ, сауæнгæ ма бæлæстæ дæр. Нарти Ацæмæзи уадиндзи муртæ, Арфейи фæндури хузæн, фунæй нæ кодтонцæ, фал адтæнцæ тухгин æма царддæттæг. Уæхæн æмбесонди гъæлæсмæ бæлдтæй Къоста дæр æма æ еу строфайон æмдзæвги финста:

Рагон нæртон лæгау
зарын ку зонин,

Арвмæ ку хъуысид мæ
фæндыры хъазт, –

Дунеты се ‘ппæт мæхимæ
æрхонин,

Радзурин уыдонæн зæрдæйы
маст.

Къостай исфæлдистади уадзимистæн сæ дзæвгарæ хай баст æй адæмон исфæлдистади хæццæ. Уæлдайдæр ба зиннуй æ уæхæн финститæбæл: «Хъуыбады», «Фсати», «Лæскъдзæрæн», «Хетæг», «Уæлмæрдты», «Кæуæг айнæг», «Саг æмæ уызын», «Лæг  æви ус», «Ахуыр», «Рувас æмæ зыгъарæг», «Булкъ æмæ мыд», «Марходарæг», «Æрра фиййау» æма æндæрти.

Зæгъун гъæуй уой, æма Къостайæн æхе исфæлдистадæй дæр берæ циргъ дзубандитæ ке бахизтæнцæ адæмон исфæлдистадæмæ. Уæхæнттæ æнцæ, зæгъæн:

«Лæппуйæ рæдийаг

нæ вæййы æвзæр!..»

«Цы мæгуыр дæ иунæг,

дæ мад амæла».

«Ма худ аууонмæ æвзæрыл,

 Хорзы-иу йæхи цур бафау!»

«Дунетæй хуæздæр куы
фестай,

Гъе уæддæр дæхи уд
ма стау!»

«Бирæгъ зыд кæй кæны, –

Чидæрид зоны».

«Дæ фыдæлтæ рухсаг,

Дæхæдæг мын бæзз!»

«Хивæндмæ дæ уайдзæф

Худæгау кæсдзæн».

Æма уотæ идарддæр.

Къоста хъæбæр берæ уарзта ирон адæми зартæ æма сæ æхуæдæг дæр хъæбæр дæсни зардта. Уæхæн зартæ адтæнцæ «Онай», «Чепена», «Тауыче», «Сагъæстæ» æма æндæртæ. Уони ритмикон арæзт æнæмæнгæ фæббæрæг æй Къостай уадзимисти бæрцбарстбæл.

Зæгъун гъæуй уой, æма ирон зартæ æма мелодитæ ке исæвардтонцæ бæлвурд уагæ бæрцбарстæн. Е æй силлабо-тоникон бæрцбарст. Æрхæссæн дæнцæнтæ:

«Онай, ой, аууæрдут,
уæрдджытæ.

Онай, ой, аууæрдут, аууæрдут!

Онай, ой, усгуры нымæт у,

Онай, ой, усгур та ахæм у,

Онай, ой, цæхæрцæст лæппу у!»

(Онайы зарæг).

Аци зари ес бæлвурд бæрцбарст амфибрахи. Райсæн æндæр ирон адæмон зар «Цола». Аци зарæн æ бæрцбарст æй хорей. Æркæсæн имæ:

«Ой, Цола, Цола, хъазтмæ нæ цæуы, гъей!

Уæрæйдæ, уæллаг сыхы ыстыр хъазт, гъей!

Уæрæйдæ, дæллаг сыхы тымбыл симд, гъей!

Аци бæрцбарст никки фулдæр бæлвурд кæнуй ирон адæмон зар «Таучей»-й.

«Цыллæ, дзыкку, Тауче,

Уой уæрæйдæ, Тауче!

Нарæг астæу, Тауче,

Уой, уæрæйдæ, Тауче!

Ирон фольклорæн устур аргъ кодта поэт Къубалти Александр. Е берæ бакуста Нарти кадæнгитæ æма ирон адæми зартæ æмбурд кæнунбæл. Хецæн киунугæй æмдзæвгитæй финстæй уруссагау рауагъта Нарти эпосæй цалдæр кадæнги: «Рæсугъд Дзерассæ», «Уырызмæг æмæ Хæмыц», «Хуыцæутты куывд», «Æфсæроны фырт Алæф æмæ Созырыхъойы мæлæт».

Еци кадæнгитæ сюжетон æгъдауæй сæ еугур дæр æнцæ æмхузон, айдагъдæр сæбæл Александр бакуста исфæлдистадон æгъдауæй. Ирон зар «Æфхæрдты Хæсанæ»-мæ гæсгæ Александр ниффинста кадæнгæ, исхузæ кодта кадæнгæгæнæги хъæрæу Бибой сорæт:

Гъе, хъæздыг куырм Бибо!

Гъе цытджын зæронд лæг!

Радта дын Уастырджи сау хъисæй хуыйысæр,

Радта зæрдæргъæвд, радта дын дзырдæргъæвд.

Фыдæлты кадджытæ се ‘ппæт дæр куы зоныс,

Се ‘ппæт дæр куы цæгъдыс сау хъисын фæндырæй!

Аци кадæнгæй уæлдай ма Александр ирон фольклорæй райста сюжеттæ æ иннæ кадæнгитæ «Чермен», «Æлгъузы куывд» æма æндæртæй.

Ирон фольклори тæвагæ бахъæрттæй Гурдзибети Блашкай исфæлдистадæмæ дæр (е дæр æ поэтикон куст кæнун райдæдта Хетæгкати Къостай рæстæги).

Блашкайæн е ‘сфæлдистади зингæдæр уадзимистæй еу æй кадæнгæ «Сахи рæсугъд». (Мухури хецæн киунугæй рацудæй 1903 анзи Дзæуæгигъæуи). Æ темæ æй хуарздзийнадæ æма лæгъуздзийнади ‘хсæн тох; силгоймæгти лæдæрундзийнади нихмæ тох.

Раст аци уадзимиси сюжети хузæн æй «Даредзанты Хъараманы фырт куыд фесæфтис», еци кадæнги арæзт дæр. Бæлвурд æй, Гурдзибети Блашка æ уадзимиси сюжет Даредзанти кадæнгитæй ке райста æма ибæл поэтикон æгъдауæй ке бакуста, е.

Уомæй уæлдай ма æ комеди «Æдули» æма е ‘мдзæвгити дæр ахид пайда кодта адæмон æмбесæндтæй.

Устур аргъ кодта адæмон исфæлдистадæн финсæг Цæголти Геуæрги дæр. Е лæдæрдтæй ирон адæми аргъæутти Нарти кадæнгити æма бæгъатæрдзийнади зарти оптимистон хъаурæ, се ‘цæгдзийнадон бæллец æма тугъдон седт нæуæг æрцæугæ рохс æма сæребарæ цардмæ.

Цæголти Геуæргийæн æ еугур исфæлдистади дæр æнцон рартасæн æй ирон фольклори тæвагæ. Е дæр, Къостай хузæн, устур кадæ кодта æма ахсгиаг бунат лæвардта адæмон зарæн, уидта, е фæллойнæгæнгути разæнгардгæнæг ке ‘й сæ бартæбæл тохи, размæ æмпурсуни надбæл.

Адæмон исфæлдистадæ зиннуй е ‘мдзæвгитæ, «Прометей», «Песнь Кудайната», «Рассказ дигорца» æма иннетæбæл дæр. 1912 анзи Цæголти Геуæргийæн мухури рацудæй æ киунугæ «Край беспросветной нужды», зæгъгæ. Аци киунуги дæр автор дзоруй Нарти æма æндæр кадæнгити ахедундзийнади туххæй.

(Уодзæнæй ма.)