ЦÆГАТ ИРИСТОНИ РАЗАГЪДИ ЛÆГТÆ ÆМА АХСГИАГ ЦАУТÆ
Финддæс æма цуппаринсæй анзей размæ (1927 анзи 27 сентябри) Хъобангоми арфи, Къæхтисæри дæлвæзи, æхсæрдзæн Пурти дæнтти гур-гурæй тухгиндæр ке цийнæ иссæй, уæхæн бæрæгбон арæзт æрцудæй. Арæзт ба æрцудæй агъазиау цауи фæдбæл – аци рауæн Цæгат Иристони дзиллæ бавналдтонцæ, уæди рæстæги нæ бæсти тæккæ бæрзонддæр хуæнхон рауæни дони тæккæ тухгиндæр æфсæрсти Гизæлдони гидроэлектростанций арæзтадæмæ. Е иссæй нæ бæсти тæккæ хъазауатондæр арæзтæдтæй еу æма фæррæстмæ ’й – абони дæр ма æнтæстгинæй косуй.
Гизæлдони гидроэлектростаций арæзтади туххæй æрмæг кæсетæ 6-7 –аг фæрстæбæл.
Не ’мзæнхон номдзуд тугъдон, Советон Цæдеси Бæгъатæр Хъибизти Николайи фурт Александри райгурдбæл 27 октябри æнхæст кæнуй дæс æма фондзинсæй анзи (1912-2001). Æхсаргинæй архайдта Мæску багъæуай кæнуни, Курски, Днепри сæрти бахезуни, немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй Украинæ æма Польшæ исуæгъдæ кæнуни æма Устур Фидибæстон тугъди æндæр агъазиаудæр тугъдтити.
Хъибизти Александри цардвæндаги туххæй æрмæг кæсетæ 4-5-аг фæрстæбæл.