«ЦИ АРАЗИС УÆЛАХЕЗИ СÆРБÆЛТАУ?..»
Зундгонд куд æй, уотемæй æрæги Дзæуæгигъæуи арæзт æрцудæй Фидибæсти тугъдонти бийнонти Комитети форум. Архайдтонцæ си Уæрæсей алли регионти минæвæрттæ. Дзубанди ба си цудæй сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæн æма сæ бийнонтæн агъаз кæнуни хæццæ баст фарстати фæдбæл.
Мадзал исаразæг Комитети сæрдар Юлия Белехова æ радзубандий куд баханхæ кодта, уотемæй форум иссæй хецаудзийнади, æхсæнади, бийнонти, волонтерти æма сæрмагонд операций архайгути еудзийнади æвдесæн еумæйаг арфиаг гъуддаги – нæ Фидибæсти сæрбæлтау архайгутæбæл зæрдиагæй ауодуни. Æ загъд адтæй:
– Нæ Комитети регионалон штабти разамонгутæ æма активисттæ æрбамбурд æнцæ. Нæ кусти нæмæ ци фæлтæрддзийнадæ фæззиндтæй, уой хæццæ кæрæдзей базонгæ кæнуни, бафæнзуйнагæй си ци ес, уомæй идарддæри архайди пайда кæнуни фæндæй никки – нæ сæйрагдæр ихæс æй, сæрмагонд æфсæддон операций архайгути бийнонтæн хуæрзгъæдæ æма ахедгæ агъазтæ бакæнун,уомæ гæсгæ ба нин ахсгиаг æй еци ихæс ахедгæдæр хузи кутемæйти æнхæстгонд цæуа, уой исбæлвурд кæнун.
Комитети разамонæгæн форуми размæ Цæгат Иристони Хецауади Сæрдар Дзанайти Бариси хæццæ ци фембæлд адтæй, уоми Комитети разамонæг устур аргъ искодта нæ республики хецауеуæггæнæг оргæнтæ, «Фидибæстæ гъæуайгæнгутæ»-йи фонд æма æхсæнадон организацитæн, сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæ æма ветерантæн разæнгардæй ке агъаз кæнунцæ, уой туххæй. Уордæмæ хаст цæунцæ, куд медицинон агъазтæ, уотæ син социалон зæрдæдарæнтæ дæттуни фарста дæр. Дзанайти Барис дæр æ радзубандий баханхæ кодта уой, æма фæннисан кодта нæ республики разамундæн, сæрмагонд æфсæддон операцийæй ка æрæздахтæй, еци тугъдонти ахсгиаг фарста тæ æнхæст кæнун сæ архайди сæйрагдæр гъуддаг ке æй.
…Кæддæр æ радзубандитæй Юлия Белехова уотæ загъта: «Еугурей дæр уотæ бафæрсун: «Ци аразис уæлахези сæбæлтау?..» Махмæ гæсгæ ба, нæ царди уаги абони уавæртæмæ гæсгæ, гъæуама ни алкедæр æхуæдæг æхе бафæрса: «Ци аразун уæлахези сæрбæлтау?..» Æма ибæл уæддæр æхецæн рæстзæрдæй дзуапп ратта…
ХЕКЪИЛАТИ Маринæ