21 ноября 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ…

29.09.2020 | 19:48

Еу лæг, дан, æртæ боней æмгъудæй кæмидæр   командировки адтæй. Æртæ боней дæргъи æй æ хæстæгутæ, е ’мбæлттæ æма зонгитæ фæррахинцæ-бахинцæ кодтонцæ. Æ фæстæмæ цæуни афонæ ку æрхъæрттæй, уæд косгæ бон нæ адтæй æма æ командировки фæдбæл гæгъæдитæ æ зонгæмæ ниууагъта, хецаумæ сæ бахъæртун кæнæ, цæмæй си е æ къохфинст ниввæра æма ’й мухурæй исфедар кæна, зæгъгæ.

Хецау командировки æрцæуæги хабæрттæ зудта æма, гæгъæди ка бахаста, уомæн уотæ: «Уадзæ ’й. Нæхуæдтæ ’й рарветдзинан».

Æцæгæйдæр уотæ бакодтонцæ: æ гæгъæдитæ ин рарвистонцæ. Айдагъ æхемæ нæ, фал æ хецаумæ. Финсгæ ба си ни никкодтонцæ уотæ: «Прибыл, выпил, убыл»…

Аци хабар æ  публицистикон новеллити æмбурдгонди ракодта Дзасохти Музафер. Мах ба й уомæ гæсгæ æримистан, æма нæмæ уæхæн «командировочныйи» хузæн косгутæ, гъулæггагæн, æгæр исберæ ’нцæ. Ке си косун нæ фæффæндуй, ка ба си арæхсгæ дæр уоййасæбæл нецæмæ фæккæнуй, уотемæй еу бæрнон бунати фæббаддзæнæнцæ, уæдта сæ æндæр, хаттæй-хатт бæрзонддæр бунатмæ раййевунцæ. Æма сæ еци бунæтти уотид ку бадиуонцæ, уæд, ка й зонуй, сæ нецæййагдзийнадæн бабухсийанæ, фал æ бæлах дæр е æй, æма сæхе равдесуни зæрдтæй цитæ исаразунцæ, зæрани зæран е исуй. Уæхæнттæн сæ «лæгигъæдти» æвдесæни гæгъæдий гъæуама финст цæуа: «Прибыл, нагадил, ушел…»

 

Владимир Толстой, Уæрæсей Президенти унаффæгæнæг культури фарстатæбæл: «Коррупцийæн культури неци хузи уæн ес. Еци адæми меддуйней æлхой син барæ нæ дæттуй хе пайдабæл гъуди кæнун…»

– Гъо, уæхæнттæ ’нцæ Толстойтæ!.. Е дин Лев Николайи фурт – уруссаг революций айдæнæ. Владимир Ильич ба – культури æлхой! Фал иннетæ ба? Кæд культури коррупци нæййес, уæд, нæ аййевади, уæлдайдæр ба эстради еци-еу цалдæр адæймаги, адæми зæрдæ си исцъæх æй, уотемæй æдзæсгонæй æлдареуæг кæнунцæ, ци æхцатæ си зелдох кæнунцæ, уони айдагъдæр сæхе дзиппитæмæ исаразтонцæ, уотемæй. Е коррупци нæй, зæгъис? Мадта – мафи? Æма уæд коррупци æма мафийæй ба ци уæлдай ес? Еу дæр æма иннæ дæр – æхца, æхца, æхца…

Дмитрий РОГОЗИН, «Роскос-мос»-и сæргълæууæг: «Уоми адтæй мах аппарат, е си æсгарæнтæ кодта, еузагъдæй, уоми бунтон дзаханама æй. Уотæ нимайæн, æма, цийфæнди ку уа, уæддæр Венерæ æй уруссаг планетæ…»

– Цо æма ’й балæдæрæ, Венерæ уруссаг планетæ ’й, уотæ цæмæн гъæуама нимайæн: Гъома уотæ зæгъуйнаг æй, æма, куд уоми, уотæ Уæрæсей дæр уавæр дзаханамай хузæн æй, зæгъгæ, уомæ гæсгæ æви?.. Æма уæд еци дзаханама нæмæ Рогозин æхуæдæг æма уой хузæн «хецауеуæггæнæг аразгути» фудæй нæ фæззиндтæй?.. Уогæ дзаханай цæрун, уой хæццæ ба ма си æсгарæнтæ кæнунмæ исарæхсун махæй, уæрæсейæгтæй, уæлдай ка бафæраздзæнæй!.. Уомæ гæсгæ ба Венерæ, æцæгæйдæр, уæрæсейаг планетæ ’й.

БЕГИЗАТИ Кермен (1898-1937), финсæг, публицист: «Нуртæккæй æрвонгдæр гъæуама макæд уонцæ нæ зунд, нæ куст, нæ миутæ, нæ архайд»

– Нæ разагъди лæг Бегизи-фурти аци зундгин фæдзæхст гъæуама зæрдтагон уа нæ дзилли еугур фæлтæртæн дæр. Уæлдайдæр ба нури рæстæгути, нæ адæмæн æгириддæр сæрмæхæссуйнаг ка нæй æма нæхецæн гъæуама ке нæ аккаг кæнæн, уæхæн «нæуæгдзийнæдтæ» нæмæ æгæр ку исберæ ’нцæ æма нин не ’хсæнади хелæдæрундзийнадæ сæ зæрандзийнадæй ку сахъат кæнунцæ, уæд. Тасдзийнадæ ба уæлдай карздæр уомæ гæсгæ кæнуй, æма еци уавæрмæ цийфæнди цæстæй ке кæсæн, нæ уодварни кодзосдзийнади сæрбæлтау карзæй ке нæ исдзорæн… Æцæгæйдæр, куд нæ гъæуй нæ зунди, нæ кусти, нæ архайди гъомусадæ рæстуодæй бавдесун…