22 декабря 2024

ДЕСТИ ÆФТАУÆГ РАВДИСТ

03.02.2024 | 12:46

КЪОРНАТИ Владимир

Адæймагмæ æрдзæй искурдиадæ ку уа, уæд абони уа, исон уа, уæддæр ин еу афони æнæрайхалæн нæййес. Хулуй согтæ цийфæнди бæрцæ ку фæссодзонцæ цъис-цъисгæнгæ, уæддæр еу афони ба испæрт кæнунцæ æма ниггупп ласунцæ арти æвзæгтæ. Донæн æ сæр цийфæнди бæзгин ех дæр ку æрæхгæна, уæддæр уой бунæй дæр æ хæл-хæлæй нæ банцайдзæнæй. Уотæ ’й искурдиадæгин адæймаги гъуддаг дæр. Лæг æ медуод фæрримæхсуй дзæвгарæ рæстæгути æ цæхæрзæрди æрдæфæнтæ, фал син еу усми ба æндæмæ æнæ ратонæн нæбал фæууй.

Æцæгæйдæр уотæ ке æй, уомæн æвдесæн, нæ республики Национ наукон киунугæдони равдистити зали æрæги ци аййевадон мадзал арæзт æрцудæй, е дæр. Ами байгон æй хумæтæг хузæгæнæг ке фæххонунцæ, фал Хуцауи æцæг зингæй ба æнæхай ка нæ фæууй, уæхæн хузæгæнгутæй еу, Къорнати Владимири кустити персоналон равдист «Хуарæн цъæпой алæмæтдзийнадæ».

Къорнай-фурт аййевадæуарзгути тæрхонмæ рахаста æртиндæс æма дууинсæй хузæконди. Ами байеу æнцæ аллихузи жанртæ: æрдзи нивтæ, портреттæ, натюрморттæ æма къохæй амайгæ куститæ.

Хузæгæнæг кутемæй исдæ, зæгъгæ, Къорнати Владимири ку бафарстан, уæд нин дзуапп равардта: дæс æма æртинсæй анзи мæбæл ку исæнхæст æй, уæд пенсимæ рацудтæн æма мæхе рахаттон мудибиндзитæ даруни кустмæ. Уæдæй нурмæ мæ цардиуаги фæткæ еугæндзон æй: сæрди мудибиндзити хæццæ архайун, зумæги ба – хузтæ кæнун.

Æ рæстæги Къорнай-фуртæн косгæ рауадæй идард Африки (Гвинейи), уомæ гæсгæ ба африкайнаг темæ æ зæрдæмæ уæлдай хæстæгдæр лæуд æй. Африкæ цæруй айдагъ æ хузти нæ, фал ма æ къохæй амайгæ кустити дæр. Хузæгæнæг аразуй аллихузон игъодитæ гъæдæй.

– Æ куститæ кæд асæй уоййасæбæл устур нæ ’нцæ, уæддæр æнцæ берæвæрсугон, – зæгъуй аййевадæртасæг Остъати Татьянæ. – Еу хузæгонди байеу унцæ цалдæр теми. Зæгъæн, еци-еу хузи фæууинæн ес хуæнхти рæгътæ, къæдзал-мудзултæ рауæн уайæг цæугæдон, деденвæлуст игуæрдæн, бæлæстæ, цæрæгойтæ… Алли дзаумауи дæр – дор уа, кæрдæг уа, е бæласæ уа – æ бон æй уоди рохсдзийнадæ бауадзун.

Равдисти Къорнай-фурти исфæлдистади туххæй сæ гъудитæ загътонцæ аййевадæртасæг Гæздæнти Зарæ, скульптор Дзбойти Михал, Уæрæсей адæмон хузæгæнæг Келехсати Магрез, хузæгæнгути Цæдеси сæрдар Мæргъити Таймураз, Уæрæсей хузæгæнгути Академий кадгин иуонг Николай Хлынцов, хузæгæнгутæ Гасинти Жорж, Цогъойти Эльбрус æма иннетæ.

Къорнати Владимир айдагъ хуæдахур хузæгæнæг нæй, фал ма æй æхсæнади разæнгардæй архайгутæй еу. Уомæ гæсгæ мадзали архайдтонцæ Дзæуæгигъæуи бунæттон хеунаффæйади администраций æма районти администрацити минæвæрттæ дæр. Ка си радзубанди кодта, уонæй еу адтæй Дигори райони культури управлений сæргълæууæг Наталья Магомедова. Мадта Дзæуæгигъæуи ахуради управлений сæргълæууæги хуæдæййевæг Къорнати Арсен ба сæрустурæй куд баханхæ кодта, уотемæй Къорнати Владимир муггагæн нуртæккæ æй сæ хестæр,  уомæ гæсгæ нин уæлдай æхцæуæндæр æй, аци равдист ке байгон æй, е.

Равдист байгон кæнуни рæстæг адæми зæрдитæ сæ аййевадæй барохс кодтонцæ Дигорай адæмон инструментти ансамбль. Адæмон музыкалон аййевадæ дæр комкоммæ баст ке æй Къорнати Владимири исфæлдистади хæццæ, уомæн еци цæгъдтитæ адтæнцæ уæлдай хуæздæр æвдесæн.

«АДÆМ БА ДИН ЗÆРДИАГÆЙ ТАБЕДЗÆ КÆНÆНТÆ!..»

ДЗБОЙТИ Михал, Цæгат Иристони адæмон хузæгæнæг


Киристонгъæуи Къорнати Валоди кæми цардæй, еци цæрæнбунати тургъæмæ бафтуйгæй, адæймаг дести бацæуй: ами хумæтæг лæг нæ цæруй, æ тургъæ ’й фæлладуадзæн парки хузæн! Валоди æ рæстæг дзæгъæли не ’сафуй. Берæ косуй æ уадзимистæбæл. Дессагæй æвдесуй нæ адæми уодигъæдæ, нæ алфамбулай æрдзæ, Нарти кадæнгитæ! Адæми зæрдæмæ æ куститæ хъæбæр цæунцæ. Нур цалдæр равдисти исаразта æ куститæй. Еу си иннемæй дессагдæр!.. Уотæ, мæнæ ин æрæги Дзæуæгигъæуи Национ наукон киунугæдони ци равдист байгон æй, е дæр.

Хъæбæр æхцæуæн мин адтæй, равдистмæ берæ адæм ке ’рбацудæй, никки æхцæуæндæр ба мин е адтæй, æма етæ еугурæйдæр цæмæдестæгæнгæй зонгæ кодтонцæ Къорнай-фурти хузти хæццæ, зæрдхæлар аргъ син кæнгæй. Æма исфæлдистадон адæймаги ба уомæй хуæздæр ма ци гъæуй!..

Валодий хæццæ лимæн ан. Æ уадзимистæй мин еу «Уасгергий хузæ» балæвар кодта. Мæ хадзари еу уати фарсбæл ауигъд æй. Равдисти алли куст дæр зæрдæмæдзæугæ ’й, фал си æз мæхецæн тæккæ хуæздæрбæл банимадтон сæ еуей «Идиллия», зæгъгæ, æ ном. Кæсæ имæ æма уотæ æнгъæлдзæнæ,  цума дæ алливарс дæр идилли ес!

Валодий хузæнттæ ку уиуонцæ адæм сæ еугурдæр, уæд тугъдæн, æма æндæр цардихалæн фудбæлæхтæн сæ кой дæр нæ уидæ. Дуйнебæл уидæ дзенет æма сабурдзийнадæ.

Нæуæг анз ралæудтæй, æма, Валоди, мæ зæрдæ дин зæгъуй берæ хуарздзийнæдтæ, æнæнез, æнæфидбилиз уæд дæ цард. Берæ ма дин бантæсæд! Адæм ба дин зæрдиагæй табедзæ кæнæнтæ! Берæ цæрæ!..

Дæ лимæн Дзбойти Михал.