«ФÆЦЦÆУН АТАКИ!..»
Дууæ бони æма æхсæви – дæлдон надбæл. Лодки æ базæмæ бахъæртунмæ уоййасæбæл берæ нæбал гъудæй. Уоми бабæй гъæуама райсонцæ торпедитæ, хуæлцæ артаг, æма сæ фæллад еуминкъий исуадзуни фæсте, нæуæгæй денгизи хурфити сæ тугъдон балций ранæхстæр уодзæнæнцæ – Севастополи сæрбæлтау знаги нихмæ ка тох кодта, уонæн фæййагъаз кæнунмæ.
НИЙЙЕРГУТИ ХÆЦЦÆ ДЗУБАНДИТÆ – ÆХЦÆУÆН ÆМА НИФСДÆТТÆГ
Сауденгизон флоти базитæ нур адтæнцæ æндæр рауæнти – Новороссийски, Туапсей, Очемчирий, Потий, Батумий. Сæйраг базæ – сауденгизонти федар Севастополь сугъдæй тугъди цæхæри, æ намусгин гъæуайгæнгути бæгъатæрдзийнади кой райгъустæй Устур Фидибæстон тугъди фронтти алли акъопмæ дæр, еугур дуйнебæл фæххæлеу æй сæ кади æма тугъдон цити кой. Астан æма æ командæ, кæд Очемчиримæ цудæнцæ, уæддæр сæ тухст сагъæстæ ба адтæнцæ Севастопольбæл тохгæнгути хæццæ, сæ зæрдитæ уони хæццæ фунхтæнцæ цъæх арти…
Очемчирий билгæронæй дзæбæх зиннун райдæдтонцæ дæлдондзæуæг лодкитæ, пирсбæл бæрæгбони дарæси лæудтæнцæ денгизонтæ. Сæ уорс ходтæ æма оркестри æрхи дзаумæуттæ хормæ æрттивтонцæ: бази зудтонцæ, «М-117» денгизæй цийни хабари хæццæ ке ’рбаздæхуй, уой, æма цæттæ адтæнцæ бæгъатæртæбæл цитгин æгъдауи хæццæ исæмбæлунмæ.
Командæ, ка куд хестæр адтæй, уотæ ралæудтæнцæ лодки сæрбæл. Минкъий дзармадзани гæрах фæццудæй æма цъæх арви исфардæг æй ракетити хузæн æрттевагæ къубулойнæ. Билгæронæй дæр райгъустæй кади салют.
Лодкæ оркестри цагъдмæ арæхстгай базилдæй, æма кæми ин лæугæ адтæй, уоми æ бунат æрахæста. Астан æргæпп кодта лæууæнтæмæ, бацудæй бригади командирмæ, æма, æ къох тæрнихбæл райвæргæй, рапорт равардта. Комбриг райарфæ кодта командæн, уæдта зæрдиагæй нихъхъури кодта Астани…
«Малютки» фиццаг фескъуæлхти фæдбæл цитгингæнæн мадзал æма мийнаси бабадт берæ нæ рахастонцæ, куддæр фæцæнцæ, уотæ денгизонтæ рандæнцæ сæ фæллад уадзунмæ…
Фал Астани, кæд хъæбæр бафæлладæй, уæддæр хуссæг нæ ахæста. Вали финстæгутæ æма Славикки хузист Астани æрбаздæхунмæ лæудтæнцæ штаби æфснайдæй. Нур сæмæ кастæй æма æ цæститæбæл уадæнцæ æ бийнонтæ. Æ биццеуи къарæн нибба кодта æма бабæй нæуæгæй райдæдта финстæгутæ кæсун. Уотæ имæ кастæй, цума бийнонтæ æ алливарс бадтæнцæ æма сæ уингæ кодта, уотемæй дзубанди кæнуй сæ хæццæ. «Мæ фидæ, Никъала, цæй куд æнцæ колхози мудтæ? Къосидзаг си куд не ’рбалæвардтай нæ фингæмæ!..»
«Гъо, гъо! Муд уодгоймаг ервæзунгæнæг хуасæ ’й: дзæгъæл лæвæрттæн æвгъау æй…» – рафæнзта Астан æ фиди.
«Мæ мадæ, Даккæ, дæ цæститæ расæрфæ: Гитлер цæстисугтæбæл не ’ууæндуй!..» Æма æ зæрдæбæл æрбалæудтæй, æ мадæ ин кæддæр еци тарстхузæй куд дзурдта: «Уолæн дæ ку фæббунæй кæна!.. Денгизи уолæни фудуаг хонунцæ… Дæхе си гъæуай кæнæ!.. Нур дони бунти ба куд фæццæуис? Еци лæгъуз кæсалгæ, кит ке хонунцæ, е дæ ку искъуæра… Дæ-дæ-дæй, еци сирд кæсæлгити дæр фудуаг хонунцæ!..»
ТУГЪД АЛЛИ ТУГЪДОНÆЙ ДÆР УÆЛДАЙ ФУЛДÆР ДОМУЙ
Æ меддзубандити æ цардæмбалæн дæр нифситæ райвардта: «Валя!.. Косис? Е хуарз æй! Нуртæккæ мадта æнæ косгæй кæми ес! Нæ сабий, нæ хори тунæ! Уой мин барæвдауæ! Багъæуай æй кæнæ тугъди фидбилизæй!.. Гитлери сæргъæнтæ æмпурсдзæнæнцæ Кавказмæ дæр…»
Гъе уотæ ма, ка ’й зонуй, хебарæй берæ кæмæндæрти ракодтайдæ æ сагъæсти хабæрттæ, фал ин фесхъæтæг æнцæ, еци рæстæг ин æ дуар кадæр ке ’рбахуаста, уомæй. Астан æ хуссæнæй фæггæпп кодта:
– Ка дæ?.. Медæмæ…
Уатмæ ’рбацудæнцæ комбриг æма комдив. Цидæр тухстхузæй æрбадтæнцæ диванбæл æма дууемæй дæр кастæнцæ Астани фæллад цæсгонмæ.
– Флоти командæгæнæг дин арфæ кæнуй дæ фиццаг æскъуæлхтдзийнади туххæй æма дæмæ æхемæ дзоруй, – æрæгиау загъта комбриг.
– Севастополмæ? – фæррохсдæр æй Астани цæсгон.
– Гъо, Севастополмæ, – дзуапп равардта комдив. – Уæдта ревæдæй нæ: дæ лодкæ гъæуама Севастополмæ фæлласа бензин, медикаменттæ, гилдзитæ…
– Æма лодкæ танкер кенæ уæзласæн науæ ’й? – æ медбилти тæргай идзулд бакодта Астан. – Дæлдондзæуæг минкъий лодкæ – бензин ласæн!.. Æнæрцæугæ æма æнæфегъосгæ хабар!
– Уотæ, уотæ, Астан Николайи фурт! – фæлмæн цæстингасæй имæ бакастæй комбриг. – Лæгъуз æй уавæр Севастополи, хъæбæр лæгъуз. Уоййасæбæл лæгъуз, æма цума Ставки дзубанди цæуй уордигæй не ’фсæддонти эвакуаци кæнуни туххæй…
«Эвакуаци», зæгъгæ, дзурдмæ Астани цæсгонбæл тог рабадтæй.
– Гæрр! Севастополь знагæн ниууадзунбæл цæуй дзубанди?! – æ бунатæй фесхъиудтæй Астан. – Е куд æй?!
– Уæллæгтæ мах уомæй нæ фæрсунцæ, – арф нийнæфтæй комбриг. – Уавæртæ Ставкæ хуæздæр зонуй…
Астан балæдæрдтæй æ размæ æвæрд ихæс æма ма рафарста:
– Мæ лодкæ еунæгæй цæуй?
– Еунæгæй, – цубур дзуапп равардта комбриг. – Дууебæл æй, байервæздзинайтæ ма æви нæ, е. Фал æнæ бахъæртæн нæййес…
«Æнæ бахъæртæн нæййес!..» – уæхæн адтæй бардзурд. Фал дæлдондзæуæг лодкæ – бензин ласæг!.. Уой хæццæ ба ма æ хурфи никкидæр гилдзитæ, гранаттæ, снарядтæ… Лодки æнæ уонæй дæр дæлдон цæугæй адæймагæн æ фагæ исуолæфæн дæр нæ фæууй, кислород сæ хæццæ фæлласунцæ. Бензини æсмагæй ма ку байдзаг уа, уæдта куд? Зинг имæ бахъæрттæй, зæгъгæ, уæд ниггупп ласдзæнæй æма ин е ’схъестæ дæр некебал иссердзæнæй… Фал тугъдон уавæр домуй!..
Тугъд алли æфсæддонæй дæр домуй, ка некæдма æрцудæй, уæхæн гъуддæгутæ æнхæст кæнун. Астан зудта, Севастополмæ ци надбæл цæудзæнæй, уобæл алли къахдзæфи дæр мæлæт ке бадуй…
Мæйдар… Фæсæмбесæхсæвæ. Астани «Малютка» цудæй дони бунти, фал си медæгæй ба адтæй инод æма тæвдæ. Матростæ æма афицертæ хедæй адтæнцæ донласти хузæн. Бензини смаг фиййи хъæлтæ æхгæдта. Рæстæгæй-рæстæгмæ иссæуидæ лодки æндон фарси хæр-хæр æма зæрди тогдадзинттæ скъудæнцæ æ ниудæй, сæрихъанз радор уидæ, цæститæ фæцъцъундæ уиуонцæ.
«ГЪЕ, МÆ АМОНД ЦИ ФÆДТÆ?..»
Цæй хæр-хæр адтæй е? Лодкæ къæдзæхти астæу цудæй æма, æвæдзи, айнæг дортæбæл æхе хафта? Нæ, е ма уойбæрцæ тасдзийнадæ нæ уагътайдæ иуæнгти, кæд уæхæн бунат дæр лодкæн фидбилиз æй, уæддæр. Мадта цæй хæр-хæр æй? Цанæбæрæг гъудæй уой балæдæрунæн – е адтæй, минитæ баст кæмæй адтæнцæ, минрептæ ке хонунцæ, уони хæр-хæр. «Малютка» бахаудтæй денгизи римæхст минити астæумæ. Астанмæ уотæ кастæй, цума уонæй алкедæр уотæ æвзиста: «Нуртæккæ, еу минутти фæсте æз ниггупп кæндзæнæн æма уæ кой дæр нæбал уодзæнæй!..» Командæ игъуста, минреп куд хæр-хæр кодта лодки фæрстæбæл, уой, æма æнгъæлмæ кастæй æ адзали минутмæ.
Еци тæссаг уавæри акустик Сосновский, æ ихæс къæрцгъосæй æнхæст кæнгæй, командирæн фæд-фæди игъосун кодта:
– Минæ рахес борти рази… Минæ галеу борти рази…
Еугурæй дæр истухстæнцæ акустикæй æма æгириддæр ку неци дзурдтайдæ, уæд си фæббоз адтайуонцæ. Астан игъосгæ дæр нæбал кодта, – перископи кæсæнæй æнæсцохæй кастæй, цума æгириддæр нецæмæй тарстæй, уæхæн сабурхузæй æма сау мæйдари агурдта Севастополи рейдмæ бацæуæн. Фал фæууинæн неци адтæй цирти хузæн талингити. Прибортæ куд амудтонцæ æма æ зæрдæ куд дзурдта, уотемæй лодкæ хæстæг адтæй æ нисан бунатмæ. Минити будуртæ дæр фашисттæ фулдæр бацæуæнти искодтонцæ æма уотемæй кæрæй-кæронмæ æртухстæнцæ бæгъатæр сахарбæл.
Командир зæрдæй лæдæрдтæй, Херсонеси тегъæ фæстеггæй ке райзадæй, уой. Фал Константиновски равелин ба ци фæцæй? Хæстæг кæмидæр æй, æма ’й ку исуинидæ, уæд…
Минрепи хæр-хæр бабæй иссудæй рахес бортбæл. Е нæма фæмминкъийдæр æй, уотæ уайсахат иннæ минреп дæр æхе рахафта галеу бортбæл. Астан фæгъгъæр кодта машинисттæмæ: «Хуæрзсабур!» – æма ма лодкæ зинна-нæзинна змалдæй. «Уæхæн номер си нæма адтæй: дууæ миней астæути бабурæ! Гъе, мæ амонд, ци фæдтæ!..» – æ меднимæр рагъуди кодта Астан æма ниндæгътæй перископи кæсæнбæл, мæстгун разелæ-базелæ ’й кодта, цума уой фуд æй, уой хузæн. Уæхæн нæдтæбæл Астани размæ Севастополи рейдмæ бацудæй æ тугъдон æрдхуард Грешилови лодкæ. Уордигæй райервæзгæй, Михаил Василийи фурт уой фæсте е ’мбæлттæн ку дзурдта, минити «будури» астæу куд бахаудтæй, уой, уæд ибæл неке æууæндтæй, худтæнцæ ибæл, уотемæй дзурдтонцæ: «Цауæйнони аргъау!» Лодкæ минрептæбæл æхе хафа æма минæ ма фехæла, е аргъау æй! Дор ку нæй, миййаг, минæ минкъий бакъуæрдæй дæр ку фехæлуй!..»
Нур еци хабар Астанæй æруагæс кæнун райдæдта. Хуарз адтæй, е ’мбали радзурдмæ афойнадæбæл лæмбунæг ке байгъуста, е. Грешилови фæлтæрддзийнадæ ’й нуртæккæ багъудæй уоди хуаси хузæн æхсицгæ æма ’й фæнзта, уотемæй уодуæлдайæй адзали æгъатир дзæмбутæй ервæзун кодта æ лодкæ, æ командæ æма æ ласуйнæгтæ.
– Игъосун дзармадзани гъæр, бомбити исрæмугъдтитæ, – фегъосун кодта акустик Сосновский.
Астан раздохæ-баздохæ кодта перископ æма ’й æ зæрдæ балæдæрдтæй, Малахови обауæй æрвнæрди хузæн дзармадзантæ ферттевæ-ферттевæ кæнунцæ, уой.
«АГОРÆ ЗНАГИ ИССЕРУНÆН ÆМА ‘Й ФÆДДÆЛДОН КÆНУНÆН РАВГИТÆ!..»
Минкъий фæстæдæр Константиновски федари цæхæртæ дæр фæззиндтæнцæ перископи кæсæни, батарейти нæрунæй низзир-зир кодта лодки корпус. Астан бæлвурд базудта, Севастополи бухтæмæ ке фæххæстæг кæнунцæ, уой, æма дзурд равардта лодкæ уæлдонмæ иснакæ кæнуни туххæй.
Экипаж, цума мæрдти бæстæй райервазтæй, уой хузæн сæ цийнæн кæрон нæбал адтæй матростæ æма афицертæн. Лодки берæ механизмтæ искустонцæ æма Астани зæрдæ дæр куд нæ барохс адтайдæ!..
Лодкæ æрæнцадæй Хонсар бухти фæрсрæбун.
– Дизелтæ бауораметæ! Командæ – уæлдæфмæ! – загъта Астан.
Æма æхуæдæг дæр æрхизтæй – билгæрон лæууæнмæ. Æ фæсте рагæппитæ кодтонцæ иннетæ дæр æма уæлдæф зудæй нихъуардтонцæ. Уогæ 1942 анзи сæрдигон бонти Севастополи рæбун ци тугъдтитæ цудæй, уони фудæй уæлдæф дæр ами кæдзос кæми адтайдæ: топпихуасæ æма сугъдæнтти смаг фиййи хъæлтæ æхгæдта.
Мæйдари морякти алливарс рамбурд æнцæ циуавæрдæр сауæндæргтæ. Хъуритæ, батæ, арфитæ… Кæми ма адтæй кæрон цийнæн!
– Ка айтæ? – рафарста сæ Астан.
– Болкъон Потапови матрости бригадæй, – æмгъæлæсæй сæхе байамудтонцæ цалдæремæй. – Нæ уодбæл хуæцгутæ, æгас нæмæ цотæ, æгас!..
– Кæми ’нцæ гилдзитæ æма гранаттæ? Тагъддæр! – еци æнæбухсонæй рафарстонцæ, Къесай-фурти лодки размæ ка рацудæй, уонæй еуетæ æма лодкæмæ бакалдæнцæ.
– Мах ба снарядтæ гъæуй. Кæми ’нцæ? Тагъддæр змæлетæ, æмбæлттæ, фриц сахаргæронмæ æрбайервазтæй… Цæмæй хуæцæн сæ нихмæ, е нæмæ нæбал ес, – тагъд кодтонцæ иннетæ.
– Бензин!.. Бензин байгон кæнетæ!.. Танкитæ лæугæ кæнунцæ! – фæдесхузæй агурдтонцæ иннетæ.
– Æрсабур бал уотæ, ма хæлæф кæнетæ! – мæйдарæй æрбайгъустæй Астанмæ кедæр фæллад гъæлæс. – Раст байуарун гъæуй хæзна!..
Фал ма интенданти дзурдмæ ка игъуста! Кæмæн æ бон цæйбæрцæ адтæй, уойбæрцæ гилдзитæ æма гранаттæ æнтъухта.
Бон цъæхтæ кæнун райдæдта, уотæ Астани рази февзурдæй ниллæггомау, фал бæзæрхуг афицер ругæйдзагæй æма лолæ цъиргæй.
– Арфæ дин кæнун, мæ хæлар! Фæййервæзун мин кодтай мæ цæргæсти! – зæгъгæ, Астани æ хъури никкодта æма ин батæ кæнуй, цума ’й мæлæтæй раздахта.
Æ ругæйдзаг, æнæдаст цæсгони гъестæ цъостæ кодтонцæ Астани ростæ, фал уой гъуди дæр нæ кодта уоййасæбæл æхцæуæн ин адтæй, Севастополи бæгъатæртæн афойнадæбæл ке фæййагъаз кодта, е…
Тугъди фиццаг анз раргом кодта дæлдондзæуæг флоти берæ гъæндзийнæдтæ æма рæдудтитæ, берæ фæгъгъæздугдæр æнцæ флоти тактикон фадуæттæ. Астанæн, лодкæ ремонтгæнгæй, рæстæг адтæй уонæбæл арф рагъуди кæнунæн, дæлдон тугъди фæлтæрддзийнадæ исахур кæнунæн. Айдагъ æхуæдæг нæ, фал æ команди дæр исахур кодта нæуæгдзийнæдтæ агорунбæл.
Æрбабон æй, уотæ лодкæ бахъæрттæй нисангонд районмæ æма нур цудæй дони буни, перископæй уæлдон будуртæ сгаргæ.
Цудæнцæ сахæттæ… Æмбесбон иссæй, фал знаги наутæн сæ хъуæцæ дæр некæцæй ма зиндтæй. Астан сагъæси бацудæй: «Цума фæррæдудайнæ? Æви нæхе сгарæг хуæдтæхæг раст нæ байамудта район, кенæ ба знаг цирдæмæ рандæй, уой нæ равзурста?»
Нур лодки командиртæн сæ бартæ фæффулдæр æнцæ тугъди фиццаг анзи хæццæ рабаргæй. Агъаз нин кодтонцæ тъасхæгæнæг хуæдтæхгутæ, амудтонцæ син знаги наутæ кæбæлти цæуиуонцæ, еци рауæнтæ. Командирæн æ бон адтæй амунд районæй идарддæр цæун дæр: агорæ æма знаги кæмифæнди дæр иссерæ, бампурсæ имæ атаки æма ’й фæддæлдон кæнæ.
Астани куд ахур кодтонцæ, уотемæй акустикон прибортæ нæ, фал перископæй идарддæрмæ ес исуинун. Теори æма практики уойбæрцæ аргъ нæ адтæй пеленгаторæн, унæр шумопеленгаторæй æрахæссунæн. Раст уа е? Ахургæндтæ бæлвурд базудтонцæ гидрологий æууæлтæ æма раст ралух кодтонцæ визуалон æма пеленгаторæй архайуни мадзæлттæ? Равзарун гъæуй гидрологий ахургæндти рæстдзийнадæ. Уæхæн æй Астани зæрдихатт: алци фæлварун дæр имæ хуарз кастæй æма бабæй нур дæр æ теоретикон гъуди гъæуама равзара практики.
НÆУÆГДЗИЙНАДÆ ÆРГЪУДИ КÆНУНГЪОН БАЛХОН УÆЛАХЕЗ КÆНУЙ
Командир фæдздзурдта акустикмæ, дзæвгарæ фæдздзубанди кодтонцæ гидрологий туххæй, денгизи знагæн куд иссерæн ес, уой федаргонд æгъдæуттæбæл, уæдта Астан загъта:
– Мæ цæнгтæ фæрристæнцæ перископ раздохæ-баздохæ кæнунæй, мæ цæститæ ниррæсудæнцæ денгизмæ кæсунæй, фал… Гъо, фал знаги наути фæд ку нæ ерæн, уæд ци киндæуа? Нæ ми æруагæс кæнуй, тæхæг фæррæдудайдæ, е. Мадта ци район байамудта, уомæ дæр раст æрбацудайанæ. Иссерун гъæуй знаги… Цæйбæрцæ дæ бон æй, уомæй архайæ наути гъæр æрахæссунбæл, Сосновский.
Лодкæ цудæй æма цудæй. Астан æ цæстæ нæ иста перископæй. Сахат, дууæ сахатти… Æртиккаг сахат ку рацудæй, уæд акустик Сосновский хуæрзæнгорæггаг фæцæй æ командирмæ.
– Ес! Æрахæстон винтти унæр! – цийнæгæнгæй загъта Василий æма байамудта градус.
– Хуарз, хъæбæр хуарз! – исдзурдта командир æма лодкæ исаразта пеленгаторæй æрахæст унæри курсбæл.
Фæццудæнцæ бабæй сахат æма æрдæг. Астан æма æ агъазгæнæг кæрæдземæй истонцæ перископ, уотемæй кастæнцæ денгизи лигъз будурмæ. Цъеу тæхæг дæр нæ уидтонцæ. Никкидæр ма фæццудæнцæ сахат – дууæ сахатти… «Гæрр, раст нæ уа пеленгатори амунд? Нæ, кæронмæ ’й равзарун гъæуй!..»
Фал мæнæ Астан перископæй исуидта хъуæцæхуз къубулойнæгæндтæ.
– Сосновский, ци зæгъуй дæ пеленгатор? – фæрсуй Астан акустики.
– Винтти унæр хъæбæрдæр игъусуй… Знаг идард нæбал æй! – дзуапп равардта акустик.
Командир æууæндтæй æ акустикбæл. Пеленгатор нæ амонуй, зæгъгæ, уæд хъуæцæхузæ къубулойнити гъуди дæр не ’ркодтайдæ. Фал абони Астан лух кæнуй еумæ баст дууæ ихæси: фиццаг, перископæй идардмæ фæууинæн ес æви унæр идарддæрмæ æрахæссæн æма дуккаг ба знаги иссерун, уæдта æй фæддæлдон кæнун. Фиццаг ихæс – æ наукон, теоретикон фæлтæрæн имæ минкъийдæр нæ кастæй дуккаг ихæсæй – знаги иссерун æма уомæ атаки бацæунæй. Æ фæлтæрæн ку фæррæстмæ уа, уæд е уодзæнæй нæуæгдзийнадæ, еугур флот кæмæй пайда кæндзæнæй, уæхæн нæуæгдзийнадæ, æноси дæргъи си теоретикон амундæй пайдагонд цæуй, уой ка раййевдзæнæй, уæхæн нæуæгдзийнадæ!
Цудæнцæ æма цудæнцæ пеленгатори амунд курсбæл. Рацудæй бабæй сахат. Дзæгъæли уонцæ уойбæрцæ гъезæмæрттæ? Нæ, уæртæ æрбазиндтæнцæ наути трубатæ! Лодки штурмæн исбæрæг кодта бæлвурд курс. Мæнæ цийни хабар! Пеленгатори амунд æма перископæй исбæлвурд курси астæу хецæндзийнадæ ’й айдагъдæр градуси æрдæг. Хуарз, хъæбæр хуарз! Къохи бафтудæй нæуæгдзийнадæ æма ’й Астан ниффинста вахти журнали. Сосновскийæн дæр бардзурди финстæй зæрдиаг арфæ!..
«ТÆХОДУЙ, ÆМА ДÆ УАРЗОН ХЕУÆНТТÆБÆЛ БАЦИЙНÆ КÆНÆ!..»
…«Малютка» æ идард балцийæй базæмæ ’рбаздахтæй дууæ уæлахездзийнадей хæццæ: командæ атаки бацудæй æма знаги æртæ науемæй еуей фæддæлдон кодта. Фашисттæ ци тугъдон техникæ æма æфсæддонтæ ластонцæ Кавкази фронтмæ, уони æртиккаг хай нæбал бахъæрттæй сæ бунатмæ: торпедитæ æмгупп ибæл исæмбалдæй æма ’й знаг зонгæ дæр нæ бакодта, кæцирдигæй æй ниццавтонцæ, уой…
Къесати Астан æма æ акустик Василий Сосновский, сæ уæди тугъдон фæлтæрддзийнадæй хатдзæгтæ искæнгæй, советон гидрологи фæгъгъæздугдæр кодтонцæ мæнæ уæхæн нæуæгдзийнадæй – æргъуди кодтонцæ мадзал пеленгаторæй берæ изолдæрмæ знаги наути цуд базонунæн æма сæ æзгулимæ гæсгæ дæр сæ нихмæ æнтæстгинæй атакæ исаразунæн… Фал ма нæ дæлдондзæуæг лодкитæмæ торпедитæ фулдæр ку уайдæ. Тæходуй, æма «Малютка»-мæ еу æхсæз-аст торпеди уæддæр ку уайдæ!.. Уæд Астан знæгти разæй нæ раздахтайдæ – иннæ науи нихмæ дæр бацудайдæ атаки æма, ка ’й зонуй, уой дæр, цидæриддæр си адтæй, уони хæццæ рарвистайдæ фиццаги надбæл. Фал гъулæг æй, хъæбæр гъулæг, æ лодки бун фулдæр торпедитæ ласунæн равгæ ке нæййес, е. «Малютка» дæр æй, æвæдзи, уой туххæй хонунцæ.
Тæходуй, æма нур æ цийнæдзийнæдтæ æ хеуæнттæн ку радзоридæ, æ еунæг бæдолæ Славикки ку нихъхъури кæнидæ, æ мадæ, æ фиди, æ хуæрти æма е ’нсувæрти рази ку рабадидæ, фæндурæй син кæддæри хузæн, еуминкъий ку рацæгъдидæ… Фал е ке къохи æфтуйуй!..
ДЗАДТИАТИ Тотурбег (1910-1984), финсæг
РЕДАКЦИЙÆЙ:
Къесати Астани цардвæндаги хабæрттæ, уæлдайдæр ба æ тугъдон æскъуæлхтдзийнæдтæ уоййасæбæл æгæрон берæ адтæнцæ, æма сæ радзорунæн газети еу æрмæг не ‘сфагæ уодзæнæй. Уомæ гæсгæ бал абони фæууодзинан нæ дзубанди, фæстæдæр ба нæ газети æндæр номерти мухур кæндзинан, куд нисан кæнæн, уотемæй æхе имисуйнæгтæ дæр.