ФÆЛТÆРÆЙ-ФÆЛТÆРМÆ НÆ АДÆМИ ФАРНÆН ÆВÆРДДАР
Алли адæмихатт дæр, æ адæми фарни хуæрзæвдесæнти фæлтæрæй-фæлтæрмæ багъæуай кæнунмæ куд исарæхса, уойбæрцæбæл цардгъон æй абони дæр æма уойбæрцæбæл тухгин уодзæнæй æ исонибони гъомусадæ дæр. Æма уомæн ба тæккæ æууæнккагдæр æвæрддар исуй музей.
Гъе уотæ мах адæмæн дæр рагæй-æрæгæмæ дæр нæ культури ахсгиагдæр артдзæститæй еу æй республики сæйраг хæзнадонæ – Национ музей. Ами хæзнати хæзнадæрти хузи æфснайд æнцæ рагон дзамантæй ба нури рæстæги уæнгæ нæ адæми цардвæндаги æвдесæнтæ.
Гъулæггагæн, райарæзти рæстæг музей ниххæллæттаг æй кедæрти æбæрнондзийнади фудæй, уой хæццæ ба ма, ке къох сæмæ хъæрдтæй, еци мулкдзæститæ сæбæл ке фæххæлæф кодтонцæ, уой бæлахæй дæр.
Хуарз æма еци знаггадæ афойнадæбæл уорæд æрцудæй. Багъудæй берæ рæстæг æма берæ хъауритæ, цæмæй уавæр гъæугæ хузи рæвдзæгонд æрцæуа. Арæзт æрцудæй мадзæлттæ музейи кустæн ак-каг уавæртæ исаразунæн. Уобæл уæлдай æновудæй байархайдта нæ республики нури разамунд. Е райста æхемæ музей нуриккон домæнтæмæ гæсгæ райаразуни агъазиау ихæс. Æма мæнæ нур æрцудæй, рагæй кæмæ æнгъæлмæ кастæй нæ дзиллæ, еци цау – нæ национ музей нæуæггон-дæй байгон кодта æ дуæрттæ.
Уой фæдбæл арæзт кадгин мадзали радзубанди кодта нæ республики Сæргълæууæг Битарти Вячеслав æма загъта:
– Нæ адæми историон хæзнати гъæуайгæнæг артдзæстæ æй нæ Национ музей. Е ’вæрæнти амæйфæстæмæ гъæуайгонд цæудзæнæнцæ нæ фидтæлти истори æма культури хæзнатæ. Уони фæрци ба дзиллæ зондзæнæнцæ бæлвурдæй нæ адæми евгъуд рæстæгути цаутæ æма хабæртти æцæгдзийнадæ. Берæ рæстæг багъудæй, цæмæй нæ фарни артдзæстæ нæуæгæй цалцæггонд æрцæуа, фал нин уæддæр бантæстæй еци агъазиау гъуддаг исаразун. Æма нур ба федарæй нифсгун уодзинан, уой фæрци гъæуайгонд ке æрцæудзæнæнцæ нæ фидтæлти дини æма культури хæзнатæ.