ФÆСНОМУГÆЙ ÆЙ «БАБА» ХУДТОНЦÆ
Абони ма мухур кæнæн æрмæг номдзуд уруссаг финсæг Крылов Иван Андрейи фурти туххæй дæр. Уой дæр уомæ гæсгæ, æма, еуемæй, 13 феврали æ райгурдбæл исæнхæст æй 255 анзи (1769-1844), иннемæй ба, цæйбæрцæ рæстæгутæ райевгъудæй, уæддæр æ уадзимистæ дессаги нуриккон æнцæ: æ рæстæги æхсæнади гъæндзийнæдтæй цæбæл финста, етæ нæмæ нерæнгæ дæр ма «цардæгас» æнцæ, нæ цардарæзт нин æнадæ кæнунцæ. Аци загъдæй раст ке ан, е ба баруагæс уодзæнæй, абони нæ газети ци æрмæг мухур кæнæн, уой бакæсгæй.
БОНАПАРТ БА ИН ЦИ КОДТА?
Зундгонд литератор Дмитриев Иван Крылови уайдунти хæццæ фиццаг хатт базонгæ ’й, XIX æноси райдайæни, æма уæд æ десæн кæрон нæбал адтæй, уотемæй ин загъта: «Литератури иссирдтай дæхе над, дæ разæнгарддзийнади уæлтæмæн!..» Уотемæй Крылов æхуæдæг ба сæ нимадта, уотид рæстæг ерхæфсæнтæбæл.
Æцæгдзийнадæй ба æ дзурдигъæдæ, е ’взаг, дзурдбæститæ, гъудитæ уæхæн адтæнцæ, æма сæ æнхæстдæрæй зæгъæн дæр нæййес, лæдæрд æнцæ, мæнæ æвзаргæ æхсæнадон къуæрттæ ке хониуонцæ, айдагъ уонæн нæ, фал еугур хумæтæг адæмæн дæр, уайтæккæдæр фæххæлеу уиуонцæ се ’хсæн æма сæ цъухæй-цъухмæ кæрæдземæн дзурдтонцæ. И.А. Крылов æдеугурæй ниффинста 236 уайдуни, уонæй ба еу-инсæйей бæрцæ финст æнцæ номдзуд финсгутæ Эзоп æма Лафонтени финст уадзимисти медестæмæ гæсгæ. И.А. Крыловæн уайдунтæ иссæнцæ, цидæриддæр гъуди кодта æ дуйней цардиуагæбæл, уони тагъд, цубур æма циргъæвзагæй равдесуни фæрæзнæ. Рабарæн сæ ес трагикомедий æмвæзадæбæл. Ходæг цæйбæрцæ ’нцæ, æрхæндæг дæр уойбæрцæ ’нцæ. Римæхст гъудитæй финст кæд æнцæ, уæддæр си ци нæ балæдæрай, уæхæнæй ба неци ес.
Рæстæг ба уæди доги бустæги хумæтæг нæ адтæй. Дуйне рафæлхаттæй, зæгъгæ, хумæтæги нæ дзурдтонцæ æргомæй дæр æма сосæггай дæр. Франций революций фæсте раздæри цардарæзтмæ здæхæнтæ ке нæбал ес, уой еугурæйдæр лæдæрдтæнцæ. Æнæгъæнæ æфсæдтæ Европæн хастонцæ нæуæг хæзнадзийнæдтæ, ахидæй-ахиддæр игъусун райдæдта дзурд «Сæребарæ» – уой дæр мæнæ æнгурстауæнæй гъазуни куд фæууй, еци хузи: ка ’й иссера, е бахаудзæнæй деденæгкалгæ дзæхæрадонæмæ.
Æма уæд Уæрæсе ба – гъæддаг бæстихай адтæй, æнæлæдæргæ адæм? Нæ, еци рæстæг Уæрæсей раззагдæртæбæл сæхе ци адæм нимадтонцæ, етæ сæхе маддæлон æвзагæй французагау зингæ-зингæ хуæздæр дзурдтонцæ. Мадта зундгонд финсæг Николай Карамзини «Вестник Европы»-йæй ци циргъ гъудитæ истонцæ, еци ахургонд адæмтæн сæ сæртæ разелун кодтонцæ æмгъудæй æнæгъæнæ æнос раздæр. «Бонапарт уойбæрцæбæл уарзон æма гъæугæ ’й Франций амондæн æма айдагъдæр æррагонд райистдзæнæй уой хуæрзгæнæг хецаудзийнади нихмæ…»
Уогæ фулдæр ба бустæги æндæр хузи гъуди кодтонцæ. Уотæ Крылов дæр. Æма æ уайдунти «Бонапарти» хъозонтæ æвдист цæунцæ маймулити хузи. «Хуæрун нæмæ цæуа æма нин æнæмæнгæ хуæруйнаггæнæг уа французаг, уосæ ракорай æма дин зæнæг ку фæззинна – æнæмæнгæ син рæвдауæгæн англисаг силгоймаг агорæн; театри ести оперæ æвæрай, уæд, æнæмæнгæ, италиаг уа; къахидарæс дæ гъæуа, æма дин æй гъæуама Джонсон исараза, дæ тæрних дин гъæуама Дюфо раниха; адæймаг рамæла, æ кирæ ин гъæуама немуцаг исараза…»
Франци æма Уæрæсей ’хсæн тугъд æцæгæй ба райдæдта 1812 анзæй дзæвгарæ раздæр. Сæребарæ алкедæр æхердигонау лæдæрдтæй. Еуетæ Наполеони фарс – иннетæ æ нихмæ.
Еци рæстæг дæр финсгутæ нæ римахстонцæ, тугъди ке архайунцæ, уой. Æцæг – алке си архайдта æхе равгитæмæ гæсгæ. Французаг æфсади номи буни уогæй, Европæ æнæгъæнæй дæр, нæ раздæри æмцæдесонтæ дæр сæ хæццæ, уони медæги ба се ’фсади æртиккаг хай польшæйæгтæ, уотемæй Уæрæсемæ ку ’рбампурстонцæ, уæд еци фарста æвæрд дæр нæ цудæй. Уруссаг литературæ, тохæнгарзбæл хуæцунгъон уогæй, кæд си æ медхурфи цийфæнди нихмæвæрд ивулæнтæ цудæй, уæддæр равзурдæй архайæг æфсади. Сæ фулдæр хай цудæнцæ сæхе полкти рæнгъитæмæ, партизантæмæ. Еугур устур тугъдтити дæр архайдтонцæ поэттæ дæр, финсгутæ дæр.
Номдзуд поэт Василий Жуковский бацæттæ кодта «1812 анзи Фидибæсти тугъдмæ хаст ка цæуй, еци æмбурдгонд» æма ин æ фиццаг киунугæмæ бахаста 600 æмдзæвги (е адтæй сæ минкъийдæр хай). Мадта ин æхе ба нимадтонцæ «уруси æфсади зартæгæнæгбæл».
Тугъдмæ рандæй Михаил Загоскин – фæстæдæр еци тугъди туххæй фиццаг роман ка ниффинста, еци финсæг. Тугъдон рæнгъити адтæй Александр Грибоедов дæр, æма фæскъилдуни бæгъатæрти туххæй ниффинста æ уац «Кавалерийские резервы».
Денис Давыдов киунугутæ дæр финста æма знаги нихмæ тох кодта – фæскъилдуни адтæй бæгъатæр партизан.
Тугъдон цаути архайгæй, се ’руолæфти рæстæг æмдзæвгитæ финстонцæ Константин Батюшков, Александр Войейков, Федор Глинка. Глинки æнсувæр Сергей партизанти хæццæ дæр адтæй, еци рæстæг ба ма журнал «Русский вестник» дæр уагъта: губернатор Ростопчин ин уой туххæй равардта 300 мин соми. Уогæ Глинка харз кодта æхе фæрæзнитæ, æма ин æ еци æхца фæстугъд ба еугурæйдæр фæстæмæ равардта.
Профессор-филолог Андрей Кайсаров къохи хæсгæ типографий мухур кодта агитацион æрмæгутæ æма газет «Россиянин» уруссаг æма немуцаг æвзæгтæбæл. Бæгъатæрæй фæммард æй тугъди.
Композитортæ Дмитрий Бортнянский æма Алексей Верстовский финстонцæ тугъдон марштæ. Александр Алябьеви финст зар «Болæмæргъæ» бахъæрттæй сауæнгæ Парижмæ.
Æма уæд Крылов ба?
Уайдунтæ финсæг Иван Крылов æ гурикондмæ гæсгæ нæ бæзтæй æфсадмæ райсунмæ, фал уæддæр адтæй æфсæддон рæнгъити. Зæгъун æнгъезуй, адтæй æфсæддон уацхæссæг. Æ уайдунтæ ’нцæ тугъди æцæг хроникæ.
Е нæмæ нур еци цаутæ рæсугъд кæсунцæ, хуæрзуиндæ æфсæддон уæледарæс, бæрзонд ходтæ. Фал æцæгæй ба 1812 анзи тугъд дæр æверхъау адтæй – уруссæгтæй си фæммард æй еу миллиони бæрцæ. Материалон зæрантæ хъæртунцæ цалдæр миллиард сомей бæрцæмæ. Уæд уоми поэтти бон ци адтæй?
Финсæг Лажечников еци тугъдмæ рандæй хевæндонæй, æма æ имисуйнæгти куд финста, уотемæй тугъдонтæ цæмæдесæй кастæнцæ уруссаг финсгути уадзимистæ.
Батюшков ба финста æма курдта Крыловæй, цæмæй финсунмæ ма зийнадæ кæна, уомæн æма тугъдонти хъæбæр гъæунцæ æ уадзимистæ.
КРЫЛОВИ ТУГЪДОН ХРОНИКÆЙ
1808 АНЗ. БЕРÆГЪ ÆМА УÆРИККÆ
Аустерлици ку фæххуæрд æй, Тильзити сабур бадзурд æнæбаридæр бафинсун ку багъудæй, уæд Наполеон Европи никкæрдæнтæ кодта, тоги исæзманста бæститæ, раййевæ-баййевæ кодта син сæ разамонгути, уомæн гъæугæ «рæуагитæ» иссергæй.
Махмæ ба уæд уомæ ци цæстингас адтæй? Уруссаг «Вестник Европы» козбаутæ кодта Наполеонæн, худтонцæ ’й адæмти ервæзунгæнæг, гъома, е, Евроцæдес исаразта, зæгъгæ. Æма император Александр I ба хатир корæгау зæгъуй: «Фæстаг рæстæг нæ интерестæ махæй домунцæ Франций хæццæ æнгом бастдзийнæдтæ дарун». Уой фæсте ба ци?
Крылови уайдунти берæгъ уотид хумæтæги нæ бастъалуй, æ «рæсог дон ин ка лæкъун кæнуй», еци уæрикки. Æ фудмиуæн агоруй херастгæнæн рæуагитæ дæр. «Куд æндеуис, æдзæсгон, дæ цъумур къембуртæй?..», зæгъгæ ’й, фудгин кæнуй. Æнæзакъондзийнадæ – закъонадæбæл федар кæнун. Фал ин уæриккæ æ нихмæ ку исдзурдта, уæдта æ маст æ мастдони бустæги ратуппуртæ ’й берæгъæн æма, дæ фудгол уотæ, раскъафта мæгур уæрикки таргъæди арфмæ.
1812 АНЗ. МАРТЪИ. ТИКИС ÆМА ХУÆРУЙНАГГÆНÆГ
Наполеони æфсæдтæ лæуунцæ арæнти хуæдразмæ: æнгъæлмæ кæсунцæ бардзурдмæ. Махмæ ба нæ хецаудзийнади хецæн къуæрттæ, инæлартæ кæрæдзей гъун-гъес хуæрунцæ: сæ зæрдæмæ нæ цæуй Барклай де Толли.
Император Александр I бабæй дузæрдуг кæнуй. Æ алфамбулай, поэт Вяземский куд имиста, уотемæй æрæмбурд æнцæ тугъди нихмæ дзоргутæ: «Карамзини гъудимæ гæсгæ, мах тугъдмæ æнхæст цæттæ нæма ан, æ фæстеугутæ фудбæлæхтæ расайдзæнæнцæ. Кæмидæрти син гъæуй сæ домæнтæ исæнхæст кæнун æма уотемæй тугъд ма ’руадзун…»
Наполеон цæугæдон Неманбæл ке ’рбахизтæй, еци хабар Александрæн фегъосун кодтонцæ кæфтити изæри уогæй. Æ фæстаг мазуркæ кæронмæ кафт нæбал фæцæй. Ами дæр бабæй дузæрдуги уацари бахаудтæй: æ фæдздзурд адæммæ кæмæн бабарæ кæна, уобæл – либерал Карамзинæн æви Фидибæстæбæл æгæронæй æновуд Шишковæн. Æма фæстагмæ æрæнцадæй – дуккагбæл. Зæрдæмæгъаргæ рауадæнцæ фæдздзурди зæгъдтитæ: Тугъдонтæ! Сумах гъæуай кæнетæ Æууæнкæ, Фидибæстæ, Сæребарæ! Æз уæ хæццæ дæн!..»
Крылови уайдуни хуæруйнаггæнæг – кумæдæр рауадæй, æма тикис (кæций нимадтонцæ æууæнкгунбæл) уайтæккæ карк фæцъцъорт кодта. Хуæруйнаггæнæг ин уайдзæфтæ кæнуй, гъома, еумæ хæларæй цæрæн, синхагмæ лæборун ходуйнаг æй. Дуйне дæбæл фæззæрдихудт уодзæнæй: «Васькæ – давæг æй! Васькæ мæнгардæй цæуæг æй!.. Тикис ба игъосуй, æ хуæрун нæ ниууадзгæй».
Аци уайдун зундамонæни хузæн æй хуæруйнаггæнæгæн дæр æма паддзахæн дæр: «Кæми гъæуа, уоми дзæгъæл дзæнгæда цæгъдуни бæсти фæззуст кæнун пайдадæр æй…»
1812 АНЗ. СÆРДÆ. ИУАРУНДЗИЙНАДÆ.
Наполеон нифсгун æма тагъд къахдзæфтæй æфсардæй Уæрæсей зæнхæбæл æ размæцуди. Нæ райгурæн бæстæ бустæги тæссаг уавæри бахаудтæй. Историк Шильдер куд финста, уотемæй гъæздугути ’хсæн дæр кæрæдзей нæбал лæдæрдтæнцæ. Сауæнгæ ма æфсади Сæйраг штаби дæр, цалинмæ Кутузови нæ ниввардтонцæ Сæйраг командæгæнæгæй, уæдмæ кæрæдзей æфхуардтонцæ уæлдæр лæууæг афицертæ, инæлартæ, хъор кодтонцæ цийфæнди хуæрзгæнæг архайд дæр.
Кадæр уадæй æхе æфсади рæнгъитæмæ хе ниффинсунмæ. Кадæр тагъд-тагъдæй æ гъæздугдзийнæдтæ римахста. Волконскийи паддзах ку бафарста, адæм куд гъуди кæнунцæ, зæгъгæ, уæд ин дзуапп равардта: «Мах гъæуама сæрустур уæн нæ адæмæй, нæ алли зæнхкосæг дæр бæгъатæр æй, Фидибæстæбæл æновуд æй!..»
– Уæд нæ ездæнттæ ба?.. «Паддзах!.. Æфсæрми кæнун, уонæмæ ке хаун, уомæй…»
Уайдуни финст ес: «Хæдзарæ ке иссугъдæй, е си феронх уогæй, æ содзгутæ уотæ иселлæг æнцæ æма хъуæци амæттаг иссæнцæ, сæ мулки хæццæ басугъдæнцæ…»
Æ хатдзæг ба зундгонд æй: «Тухст рæстæги алке æхе сæр, æхе мулк фæййервæзун кæнунбæл гъæуама ма мæтæ кæна, фал сæ хъауритæ æрæмбурд кæнонцæ… Уой медæги æй сæ фæййервæзт…»
1812 АНЗ. ОКТЯБРЬ. БЕРÆГЪ КУЙДОНИ
Бородиной бунмæ тугъд адтæй, нæуæг нимадмæ гæсгæ 7 сентябри. Сентябри кæрони Кутузовмæ æ тарутинаг лагермæ (Мæскуйæй 80 километри идарддæр), æрбахастонцæ финстæг Наполеонæй. Финстæг æрвист адтæй Александр I номбæл, цæмæй сабурдзийнади туххæй бадзурд бафинсонцæ. Александр ин дзуапп дæр нæ равардта. Æхсæнади зундирахаст адтæй Наполеони бустæги ниддæрæн кæнун.
Еци рæстæг Крылов æ уайдун Кутузовмæ уой уоси фæрци фæхъхъæртун кодта. Берæгъ гъавта фусдонæмæ бабурун, фал рæдудæй куйдонæмæ бафтудæй æма нур ба уоми бадуй къуми, æ фæстаг фарсмæ нилхъевгæй, æма нур дæр ма бахуæрунмæ ке гъавуй, уонæй коруй, феронх кæнæн зæронд хабæрттæ æма, дан, бафедауæн. Фал егар куйтæ, дан, зин æрмахургæнæн æнцæ, нæбал сæ расайдзæнæ.
Ноябри, Смоленски облæсти гъæу Красноейи фалдзости ци тугъд æрцудæй, уоми, Наполеон фæстæмæ цæугæй, фесафта 6 мин æфсæддони мæрдтæй, 26 мини ба си фæгъгъудæнцæ, уацари бахаугæй, фенæхай æй æ еугур дзармадзантæ æма бæхгин æфсæдтæй. Кутузов еци уайдун æ инæлартæ æма афицертæн ку кастæй, уæд æ ходæ æ сæрæй исиста æма æ уорс сæригъунтæмæ байамудта.
Еугур афицертæ дæр ходæгæй мардæнцæ, уотемæй гъæр кодтонцæ: «Е дин Кутузов!.. Е дин Крылов!..»
1812 АНЗ. НОЯБРЬ. ХАЛОН ÆМА КАРК
Еугур адæми дæр æмхузон зундгин ка хонуй, уони зундирахаст нæ раййевдзæнæ. Хъазахъаг инæлари хуæрæ Аннæ Хомутова имиста: «Наполеони туххæй адæм дзурдтонцæ: цалдæр уæлахезей фæсте ни бадомдзæнæй сабурдзийнади туххæй бардзурд бафинсун, цалдæр облæсти ни ратондзæнæй, Польши арæнтæ фæстæмæ исфедар кæндзæнæй – æма еци гъуди нимадтонцæ растбæл, фурдессагбæл, æгириддæр æй ходуйнагбæл нæ нимайгæй…» Гъома, Уæрæсе æнæгъæнæйдæр фæййервæзун кæндзæнæй нецифæууинддзийнадæй æма цæрун байдайдзæнæнцæ, раст Парижи куд цæрунцæ, уотæ зæрдæмæдзæугæ.
Крылови уайдун уæхæн «æнгъæлмæкæсгути» туххæй æй. «Смоленски къниаз» – Кутузов Мæску æзнагæн равардта, еугур цæргутæ дæр сæхе райстонцæ сахарæй, мудибиндзитæ, дан, куд рагулф кæнунцæ, уотæ. Халон гъæр кæнуй ледзæг каркмæ: мах, дан, ами изайæн, уомæн æма æдас ан, мах сумах хузæн неке бахуæрдзæнæй. «Иуазгути» хæццæ еумæйаг æвзаг иссерун дæр æнгъезуй, сауæнгæ ма нæмæ кæд сæ уæлдæйттæй дæр еститæ кæд æрхауа. Фæстагмæ ба куд рауадæй? Æстонг «иуазгутæ» халонæн æхе дæр ма бахуардтонцæ. Адæймаг хатгай уотæ рæдуд гъудити уацари бахауй.
Адтæй ма уæхæн цау дæр. Глинка хæрхæмбæлд фæцæй, Карамзин Мæскуйæй куд лигъдæй, уотемæй æ хæццæ. Æма бадес кодта, уоййасæбæл нимади дæмæ ка ’й, еци Бонапартæй ледзис, зæгъгæ. Карамзинмæ хъæбæр гъулæг фæккастæй æ еци æхсилкъæ загъд..
1813 АНЗ. ХУЦАУБÆЛ НЕ ’УУÆНДГÆЙ, ТÆРЕГЪÆД ДÆР НÆ ЗУДТОНЦÆ…
Крылов динбæл не ’ууæндгути сауæнгæ æ сувæллони догæй фæстæмæ бадардта æ зæрдæбæл. Пугачеви рæстæги æ фидæ адтæй Яицки федари комендант. Пушкин æй лæмбунæг фæффæрститæ кодта æ уацау «Капитани кизгæ» ку финста, уæд. Фидæ æ бийнойнаг æма æ фурти рарвиста Оренбургмæ, фал уоми дæр сахар æрхъолай бахаудтæй. Пушкин æ имисуйнæгти уотæ финста: «Пугачевмæ алцидæр нисангонд адтæй: ке кæци гъæунги æрауиндздзæнæнцæ æма Крылов дæр æ фурти хæццæ еци номхигъдмæ бахаудтæнцæ».
Мадта 1812 анзи тугъди ба никки æверхъаудæр адтæнцæ лæгмæрдтитæ. Французаг æфсадæй ма ци æстæнтæ райервазтæй, етæ фæстæмæ цæугæй, уойбæрцæбæл фудмиутæ кодтонцæ æма син зæгъæн дæр нæййес. Цæбæлдæриддæр хуæст кодтонцæ хъæппæлæй, хуæруйнагæй, уой истонцæ, адæми æстъигътонцæ æнæхатирæй. Сæ еци миутæмæ гæсгæ ба сæмæ бунæттон адæми маст никки дувæрдæр кодта. Адæми æстъегъуни барæ син лæвæрд æрцудæй Наполеони бардзурдмæ гæсгæ. Мæскуй ниггаффетт кодтонцæ аргъауæнти гъæздугдзийнæдтæ, изæдти хузтæй æфтудтонцæ æвзестæ, рамкитæ, голлаггай хастонцæ дзиуæрттæ æма æндæр дзаумæуттæ. Новодевичьеви уæлмæрдти рази аргъауæндонæ исрæмугътонцæ, иннæ аргъауæндонæй исаразтонцæ фонсæвгæрдæн бунат, æртиккаги – фидуæйæгæнæн тукангонд. Изæдти гъæдин хузæгæндтитæ согæн æндзарстонцæ, сугътонцæ киунугæдæнттæ, мардтонцæ диникустгæнгути æнæтæрегъæдæй. Уой фæсте ба минитæ ниввардтонцæ Кремли алфамбулай. Сæ еу хай не ’срæмугътонцæ, фал си ка искуста, етæ ба дзæвгарæ азгъунститæ фехалдтонцæ. Ци си адтæй хъазарæй, уони фæддавтонцæ.
Наполеони адъютант де Сегюрай имисуйнæгти кой цæуй еу æверхъаудзийнади туххæй: французæгтæ Уæрæсейæй ледзгæй, сæхуæдтæ дæр зæрдрист фæцæнцæ, Гжатски рази сæ фудракæндтитæ фæууингæй: дууæ мин уруссаг æфсæддонемæн сæ сæртæ ниллихъæ кодтонцæ æма сæ сæри хъанз надгæрæнтти пурхитæй лæудтæй (сæ гъæуайгæнгутæ адтæнцæ польшæгтæ, португалийæгтæ æма испайнæгтæ). Де Сегюр уæддæр фæсмон нæ кæнуй, фал æхе рæститæ кæнуй, гъома, æндæр гæнæн нин нæ адтæй…
Крылов тугъди æнзти ци уайдунтæ ниффинста, уони устур цæмæдесдзийнади хæццæ кастæнцæ адæм, уомæн æма æхст фати хузæн комкоммæ сæ нисанбæл æмбалдæнцæ. Ами сæ кой цæуй, Кутузови нихмæ ка дзурдта фæлмæн къæлæтгинбæл бадгæй, уонæн дæр – сæхуæдтæ нецæмæн бæзтæнцæ, уотемæй ба кæмæндæр унаффитæ кодтонцæ. Æма си ци хузи сорæт ба не ’ссердзæнæ!..
ФÆСТУГЪД БА?
Фæстугъд ба, райдзаст æма рæсугъд салонти хуæргæй, ниуазгæй, кафгæй тугъди хабæрттæ хъæбæр рæхги феронх æнцæ. Цæстиварди нæбал адтæнцæ патриотизми туххæй дзубандитæ: цæйбæрцæ дзорун æнгъезуй уруссаг патриотизми туххæй. Еу рæстæгути ма журналти фæрстæбæл кодтонцæ Кутузови кой, уæдта е дæр царди нæуæг гулфæнти фæлми нихъулгæ цудæй.
Æндæр гъуддаг адтæй Крылов. Уой еугурæйдæр уарзтонцæ, фау æрхæссæн имæ некæцирдигæй адтæй.
Фал «æнæпартион» адтæй.
Се ’хсæн дæр хъор кодта æма ибæл аллирдигæй цъифæ калдтонцæ.
Батюшков: «Аци лæг махæн æнæлæдæрд æй».
Погодин: «Рæстдзийнадæ некæд загъта æхе æма æ зæнæги туххæй».
Булгарин: «Некæд некæмæн балæдæрун кодта æ уайдун ке туххæй, кенæ цæбæл финст уидæ, уой».
Вигель: «Хуæрззæрдæ адæймаг адтæй? Мæнмæ гæсгæ – нæ. Некæд неке хуарзбæл бацийнæ кодта».
Плетнев: «Æвуд нæй. Некæд неке хæццæ цардæй лимæнæй. Адæмæй æхе еуварс кодта».
Белинский: «Аци лæг æхе сувæллони хузæн даруй, æ зунд ба æхердæмæ хуарз косуй».
Еци дзубандитæмæ гæсгæ, æвæдзи, æхецæй райдард кодта е ’мбал финсгути.
Айдагъдæр си Пушкин загъта: «Махмæ ба Уæрæсей генийтæ куд нæййес: «Державин æма Крылов».
Махмæ гæсгæ ба Крылов адтæй æцæг æфсæддон уацхæссæг. Е ма берæ фæлтæртæн уодзæнæй зундамонæг.