21 декабря 2024

ФИДИБÆСТИ ЕВГЪУДАДÆ НИН ÆЙ ЗУНДАМОНÆГ ÆМА НИФСДÆТТÆГ

28.09.2024 | 20:23

… Еу лæхъуæн, дан, кæддæр исфæндæ кодта æндæр рауæнтæмæ балций фæццæун. Æма æ мади бафарста:

– Мæ хæццæ фæндаггагæн ци райсон?

– Дæ фиди ном, дæ фиди фарнæ, – адтæй мади дзуапп.

Æма лæхъуæн æ фиди ном, æ фиди фарни хæццæ ранæхæстæр æй балци. Кумæ, цит,  бафтуйидæ, уоми æй зæрдиагæй исиуазæг кæниуонцæ – æ фиди цитгиндзийнадæмæ гæсгæ.

Аци хабар, ка ’й зонуй, фегъустаййайтæ, фал уин æй уæддæр еума хатт дæр ма æримистан – алкæмæн дæр æ фиди ном æма фарнæ куд агъазгæнæг æнцæ, уотæ æнæгъæнæ адæмæн дæр æ фидтæлти намус цардгъонгæнæг æй. Уомæ гæсгæ ба, нæ фидтæлтæ цæмæй адтæнцæ тухгин æма уæлахезон, уой æнхæстæй гъæуама зонæн, бæрзонд цæстиварди нæмæ уа æма ’й гъомусæй-гъомусгиндæр кæнæн. Уой фæдбæл нуртæккæ не ’хсæнади медæгæ ци архайд цæуй, уомæн æвдесæн иссæй Дзæуæгигъæуи æрæги арæзт ке ’рцудæнцæ Æхсæндуйнеуон историон скъолай ахуртæ, е дæр. 

 

Æхсæнадæмон историон скъолай аллианзони ахуртæ арæзт цæунцæ æстæймаг хатт. Еци рæстæги дæргъи  исбæлвурд æй аци мадзали агъазиау ахсгиагдзийнадæ. Арæзт ба цæуй нæ бæсти Президент Владимир Путини унаффæй, е ’нхæстгæнæг ба ’нцæ Уæрæсей ахурадæ æма науки Министрадæ, Уæрæсейаг историон æхсæнадæ, фонд «История Отечества», Уæрæсей Федераций Æхсæнадон палатæ. Мадзали нисантæ ба истори æма гуманитарон наукити дæсниæдтæ ка ахур кæнуй, еци фæсарæйнаг æма фидибæстаг студенттæ æма аспиранттæн се ’ргом бундорондæрæй æздахун Уæрæсей алли адæмти культурæ æма уодварни хæзнатæмæ, æртасæн-проектон куститæ æнхæст кæнунмæ, Фидибæсти историй туххæй лæмбунæгдæр æма арфдæр зонундзийнæдтæй сæ ефтонг кæнун.

Историон скъолайæн Дзæуæгигъæуи ци ахуртæ арæзт æрцудæнцæ, уоми архайунмæ æрæмбурд æнцæ студенттæ æма аспиранттæ, куд Уæрæсей берæ регионтæй, уотæ дуйней дууинсæй паддзахадемæй – дæс æма авдинсæй адæймагемæй фулдæр.

Уæрæсейаг историон æхсæнади сæрдар Сергей Нарышкин Форуми архайгутæн райарфæ кæнгæй, уотæ баханхæ кодта:

– Историон скъолай æстæймаг хатт ахуртæ Дзæуæгигъæуи арæзт ке цæунцæ, е хумæтæги нæй. Аци сахарæн 240 анзей размæ бундор æвæрд æрцудæй, куд Уæрæсей хонсайраг федар, уотæ. Уомæн устур æма ахсгиаг ахедундзийнадæ адтæй нæ бæсти хонсайраг арæнтæ исфедар кæнун æма хуæнхаг адæмти медастæу хæлардзийнади рахастдзийнæдтæ æрфедар кæнуни фæдбæл. Адтæй нацистон тухгæнгутæй багъæуай кæнуни федар фæзæ. Дзæуæгигъæуи гъæздуг истори æма культури бунтæ хаст æрцудæнцæ скъолати программæмæ дæр.

Нури рæстæги не ’хсæнадæ ци вазуггин рæстæгути цæруй, историон наукæ фæстаг рæстæгути цитæ ’взаруй, уой фæдбæл Уæрæсей Президенти цори истори имисундзийнади националон центри разамонæг Еленæ Малышева уотæ загъта:

– Нуртæккæ Уæрæсей историон æхсæнадæ нимад цæуй тæккæ устурдæр æма ахедгæдæртæй еуебæл рохситауæн архайди.

Истори æй нæ бæсти исонибон, уомæн æма абони ирæзгæ фæлтæр евгъудæй ци зонундзийнæдтæ райсонцæ, уой хæццæ баст уодзæнæй сæ федæни архайд, уомæй хатдзæгтæ кæнгæй араздзæнæнцæ сæ цард.

Еци гъудимæ гæсгæ ба зæгъун гъæуй уой, æма аци форуми архайуни барæ кæмæн лæвæрд æрцудæй, уомæ каст цудæй хъæбæр лæмбунæг æма бæрнон цæстингасæй. Уой фæдбæл Цæгат Иристони паддзахадон университети историон факультети декан Плити Зæлинæ уотæ загъта:

– Тæккæ сæйрагдæр бæрцбарæнæн нимад цудæй уæрæсейаг историмæ уарзондзийнадæ, нæ регионмæ цæмæдесдзийнадæ.

Форум игон кæнуни рæстæг æ архайгутæн зæрдиагæй райарфæ кодта нæ республики Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз.


АХСГИАГ ГЪУДИТÆ

ТУСКЪАТИ Таймораз, Цæгат Иристони Парламенти Сæрдар

– Аци мадзал махмæ арæзт цæуй фиццаг хатт. Е æхцæуæн хабар æй, уæлдайдæр ба ма уомæй, æма аци анз нæ республикæн уæлдай ахсгиаг æй – 250 анзи исæнхæст æй Иристон Уæрæсей хæццæ ку байеу æй, уобæл, исæнхæст æй сæдæ анзи Цæгат Иристони автономибæл, 240 анзи ба Цæгат Кавкази агъазиаудæр культурон æма промышленнон центртæй еу – Дзæуæгигъæуи равзурдбæл. Еци æнзтæн сæ ахедундзийнадæ алæмæти бæрзонд æй, уомæн æма етæ иссæнцæ нæ райгурæн Иристони зæрдæмæдзæугæдæр райрæзти æвдесæнтæ. Æма абони нæ ихæс æй, историй фæлтæрддзийнадæ кæстæртæмæ рахъæртун кæнун, цæмæй зононцæ евгъуди бундорбæл сæхе ирисхъæ дæр æма нæ фидиуæзæги исонибон дæр аразун.


 

Уæрæсей Федераций Президенти Æнхæстбаргин  минæвар Цæгат Кавкази федералон зилди Юрий Чайки номæй ба форуми архайгутæн райарфæ кодта Цæгат Кавкази сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров:

– Абони еугурадæмон политики ци фæззиндтитæ цæуй, етæ нæ еума хатт баууæндун кодтонцæ, дуйней бæстити адæмти хæццæ нин хæлар бастдзийнæдтæ цæмæй уа, уой туххæй архайун гъæуй кæстæр фæлтæрти хæццæ. Нæ еумæйаг фæрнугадæн аци æмгустадæ хуарз бæрæггæнæнтæ ратдзæнæй исонибони. Адæмтæ кæрæдзей историон-культурон фарстатæ ку зононцæ, уæд е уодзæнæй еугæнæг фæрæзнæ, сабурдзийнадæбæл дæр архайун æнцондæр æй, историй евгъуд куд æвдесуй, уотæ – исонибон дæр. Уæрæсей историон скъолайæн устур ахедундзийнадæ ес, цæмæй еумæ æмзундæй аразæн сабур цардæй цæрунгъон дуйне…

Форум цудæй цалдæр боней дæргъи.  Æригон ахургæндтæ архайдтонцæ Уæрæсей культурæ æма историй туххæй син сæ зонундзийнæдтæ фæббундорондæр кæнунæн агъазгæнæг аллихузон секцити. Скъолай программæмæ хаст æрцудæнцæ Устур Фидибæстон тугъди, Уæрæсей экономики райарæзти, Уæрæсейаг Хонсари интеграций процесс æма историон-культурон бунтæ багъæуай кæнуни фæдбæл темитæ: арæзт цудæнцæ цæлхæмбурдтитæ, æмдзубанди, фембæлдтитæ æма студентти проектти конкурс.

Нæ абони радзубандий кæронбæттæни уин ракæнуйнаг ан мæнæ ауæхæн хабар. Цæветтонгæ, еу хъиамæтгун лæг æрзæронд æй, куд фæззæгъунцæ, æ мæлæти къахбæл ниллæудтæй. Æхе цæуæт дæр æма уони зæнæг дæр ин ауодунæй ци ба нæ кодтонцæ. Уогæ зæруай нихмæ неци хуасæ ес. Уой еци лæги кæстæртæ дæр куд нæ лæдæрдтæнцæ, фал ин уæддæр  рæвдудæй неци æвгъау кодтонцæ. Лæг, курухон лæг сæмæ игъуста æма ’й кæд зудта, æ адзал æрцудæй, уæддæр æ медбилти баходидæ æма æ сæр аразий тилд бакæнидæ, гъома,  дзоретæ – дзоретæ, æз мæ уавæр сумахæй хуæздæр зонун. Сумах мæнæн нифситæ æвæретæ, æз ба сумахбæл ауæрдун.

Уæд дин еууæхæни зæрондæн æ зæрдæ исунгæг æй, æ цæстисуг нæбал бауорæдта. Цæуæт уой ку рауидтонцæ, уæд æ алливарс æрбамбурд æнцæ, дзорунцæ ин, ма тухсæ, уæлæ устур сахарæй дæмæ уайсахат дæр тæккæ зундгонддæр дохтиртæ æркæндзинан æма дæ етæ фæууиндзæнæнцæ, радзæбæх дæ кæндзæнæнцæ, зæгъгæ. Фидæ сæ дзубандитæмæ æхебæл фæххуæстæй, æхе фæхъхъæбæрдæр кодта æма син уотæ:

– Гъо, мæ уарзон кæстæртæ, зонун æй, тухсетæ мæбæл… Фал зæрондæн хуасæ нæййес… Ка райгуруй, е мæлгæ дæр кæнуй, æма мæнæн дæр æрцудæй мæ адзал… Фал æз мæхебæл нæ кæун… Мæ фидæбæл кæун!.. Цалинмæ цардтæн, уæдмæ æ ном цардæй мæ хæццæ – мæ фиди фурт мæ худтонцæ… Нур мæ ном байзайдзæнæй сумах хæццæ, мæ фиди ном ба цæуй мæ хæццæ…

Еци лæги гъенцъун лæдæрд æй – æхе нæбал унæй дæр ин зиндæр æй æ фиди ном æ фæсте ке æрбасатар уодзæнæй, е.  Гъе уотæ сагъæссаг уа нæ адæмæн, нæ фидтæлтæмæ цитгийнагæй цидæриддæр адтæй, еци хæзнатæ багъæуай кæнуни гъуддаг – нæ ихæс æй уони багъæуай кæнун, федауцæй сæ еу фæлтæрæй иннемæ хъæртун кæнун. Лæдæрд нин уæд: исонибони зæрдæмæдзæугæдзийнадæ исаразунæн тæккæ федардæр бундор æй нæ Фидибæсти евгъудади фарнæ.

 

Æрмæг бацæттæ кодта БИЧИЛТИ Алетæ.