ФУДӔНХӔ
Таурӕхъ
Е, ӕвӕдзи, ӕцӕг хабар адтайдӕ. Царди ци нӕ фӕууй!.. Тӕргайдони билгӕрон еу бӕрзонд рагъбӕл гӕнахӕй дуйнетӕмӕ фӕлгӕстӕй еу хъал кизгӕ. Худтонцӕ ‘й Стан. Ӕ еугур ӕмгӕртти дӕр ӕ рӕсугъддзийнадӕй мулдта. Ӕ уиндӕ адтӕй ӕцӕг таурӕхъти финсуйнаг. Ӕ рӕсугъддзийнадӕ зин исфӕлгонцгӕнӕн адтӕй поэти дзурдтӕ ӕмӕ хузӕгӕнӕги хуарӕнтӕй. Сауӕнгӕ ма тар ӕхсӕвӕ дӕр идардмӕ лигъдӕй ӕ ракастӕй. Еудзурдӕй, ӕрдзӕ уомӕй рӕсугъддӕр некӕдма неци исфӕлдиста арвӕй зӕнхи ‘хсӕн.
Еци хъал ӕма хуӕрзконд кизгӕ ком некӕмӕн лӕвардта, уосгортӕй некӕбӕл ӕнвӕрстӕй. Адтӕй хевӕндӕ. Уарзта саргъи бӕхбӕл цауӕни цӕун.
Еу кӕми адтӕй, уоми ӕ фӕсдзӕуинтти хӕццӕ, сирди фӕдбӕл зелгӕй, бафтудӕй еу лигъз будурмӕ. Уоми ӕлдари бӕхӕргъӕуттӕ ӕ дивилти хизта еу мӕгур лӕхъуӕн. Ӕ усхъӕбӕл хизин ревӕдӕй ауигъд, ӕ къӕхтӕ дорӕфхуӕрд, ӕ цӕсгон думгити хуастӕй сау-сауид – еугурӕйдӕр етӕ дзорӕг адтӕнцӕ, сӕребарӕдзийнади рӕвдудӕй ке нецима фӕууидта, уобӕл. Фал рӕсугъд кизги куддӕр фӕууидта, уотӕ си ӕрбайронх ӕнцӕ ӕ хизини ревӕд, ӕ къӕхти рист, ӕлдари ӕхси цӕфтӕ. Ӕ зӕрдӕ радунстӕй. Уотӕ имӕ фӕккастӕй, цума арвбӕл сӕдӕ хори искастӕй ӕма имӕ етӕ сӕ тунтӕ ниддардтонцӕ.
Царди кӕддӕриддӕр уотӕ фӕууй. Еугур ӕцӕгдзийнӕдтӕ дӕр цардӕй ист ӕнцӕ. Ӕз уой зӕгъунмӕ гъавун, ӕма зӕрди кӕдзосдзийнадӕ мулкӕй нӕ, фал кӕдзос уарзондзийнадӕй баргӕ ке ‘й. Рӕсугъд кизги зӕрди дӕр цидӕр ӕнахур, уӕди уӕнгӕ ке некӕд бавзурста, уӕхӕн цӕхӕр иссугъдӕй. Рагъуди кодта: «Мӕнӕ ку дӕ, идардмӕ ке агурдтон ӕма хӕстӕги римӕхст ци уарзондзийнадӕ адтӕй, е». Бӕхи идонӕ ӕхе бӕрагӕ исуагъта. Цӕстихаути тӕбар-тубур фӕййахиддӕр ӕй. Ӕ цӕстингас нӕбал иста лӕхъуӕнӕй. Фӕсдзӕуинтти дӕр ма ци балӕдӕрун гъудӕй. Хъал кизгӕ бӕхгӕси ӕ зӕрдӕмӕ ке райста, е бӕрӕгӕй-бӕрӕгдӕр адтӕй.
Мӕгур бӕхгӕс нӕ ниббухстӕй кизги цӕстити комкоммӕ кастӕн ӕма ӕхе разилдта е ‘ргъауи ӕрдӕмӕ. Сӕргубур ӕма уӕнтӕхъелӕй ӕрлӕудтӕй дзӕгъар сурх байраги фарсмӕ. Бавналдта ин ӕ цубур барцӕмӕ. Ӕ бӕрзӕй ин ӕ гъӕбеси ӕрбакодта ӕма ин ӕ тӕрнихбӕл рӕвдаугӕ ӕрдаудта ӕ бугъзур къох. Раст цума нуртӕкки ӕ зӕрди ци ӕнӕкӕрон уарзондзийнади уолӕнтӕ райвулдӕнцӕ, уони байрагӕн лӕвардта, уоййау.
Ку зӕгъӕн, хъӕбӕр сӕрбӕрзонд ӕма хеуарзон адтӕй хъал кизгӕ, карз адтӕй ӕ кизгон зӕрди рахаст. Ӕхецӕн нӕбал ниххатир кодта мӕгур лӕги фурт, бӕгънӕг бӕхгӕси ке бауарзта, уой ӕма фелваста ӕ саздахъ ӕмӕ фат… Ратахтӕй ӕндон фий фат рӕсугъд кизги къохтӕй ӕма ӕхецӕн арф бунат иссирдта бӕхгӕси галеу уони буни. Ихуӕрст низзир-зир кодта. Ӕ уӕргутӕ фӕддудагъ ӕнцӕ. Ӕ реугудурӕй разиндтӕй ӕндон фати кӕрон тогӕй хурстӕй. Лӕхъуӕнмӕ уотӕ фӕккастӕй, цума фати кӕронӕй рӕсугъд кизги фӕлгонц ӕрттивта. Уӕдта ӕ цӕститӕ ратартӕ ‘нцӕ ӕма ӕ кӕдзос уод уӕларвмӕ бостӕгӕнӕгау фӕттахтӕй мӕнгарддзийнади тӕссӕй.
Еци бонӕй фӕстӕмӕ ӕ уадиндзи рӕсугъд муртӕ нӕбал игъустӕнцӕ ӕлдари бӕхти ӕргъаубӕл…
Бӕнттӕ еу инней ӕййивтонцӕ, къуӕретӕ тахтӕнцӕ къуӕрети фӕсте, ӕнзтӕ сурдтонцӕ кӕрӕдзей. Хуссӕг хӕстӕг нӕбал цудӕй хевӕндӕ Станмӕ. Ку рафунӕй уидӕ, уӕдта имӕ ӕ фуни фӕззиннидӕ бӕхгӕс. Е ‘скъудтӕ уӕледарӕси ӕрлӕууидӕ рӕсугъди дӕлфӕдтӕмӕ. Кастӕй, цит, кизги цӕсгонмӕ мӕтъӕл ӕма тӕрегъӕддаг цӕститӕй. Сабургай имӕ, цит, исдзоридӕ, цума ин райгъал кӕнунӕй тӕрсидӕ, уоййау: «Кӕд мӕн ӕвудӕй рамардтай, уӕддӕр дӕ бон нӕ бацӕй мӕ уарзондзийнадӕ рамарун. Мӕ тӕрегъӕд дӕбӕл ӕнӕрцӕугӕ нӕ фӕууодзӕнӕй…»
Исфӕлмастӕй кизгӕ. Ӕ цӕститӕбӕл уадӕй, саги фесунтӕбӕл амад ке фӕххонунцӕ, ӕ фиййи буни кӕмӕн фӕммела ӕй, ӕ цӕсгон ӕрхихуз кӕмӕн радардта хори содзгӕ тунтӕмӕ, еци сӕрӕнигурд. Сагъӕстӕ ‘й ӕнцад нӕбал уагътонцӕ, тухсун ӕй кодтонцӕ.
Фӕстагмӕ ӕхецӕн цардӕмбалӕн равзурста еци бӕстӕй идарди ка цардӕй, уӕхӕн гъӕздуг лӕги – Боргуйи. Станӕн райгурдӕй фурт – фудхуз ӕма ӕнгулдзи асӕ. Уоси хӕстӕгутӕ дзурдтонцӕ:
– Ӕвуд уоди тӕрегъӕди бацудӕй ӕма ин Хуцау нӕ ниххатир кодта…
Царди уотӕ ‘й, ӕма ӕнӕуинондзийнадӕ адӕймагӕн айдагъ ӕ зӕрдӕ нӕ ниффудӕнхӕ кӕнуй, фал ма марги хӕццӕ ин исхӕлӕмулӕ кӕнуй ӕ тог дӕр. Стани сувӕллони бон ирӕзун нӕ адтӕй, неке ′й уарзта, иронхуати изадӕй алкӕмӕй дӕр. Фӕстӕдӕр ба еуминкъий ку байрӕзтӕй ӕма ин ӕ мади хабӕрттӕ ку радзурдтонцӕ, уӕд ӕ ниййергутӕй ӕ уодхӕссӕг фӕууидта.
Еууӕхӕни ба ибӕл фембалдӕй Хуцауи минӕвар, зӕнхи скъудтӕ ӕмпъозӕг, еугур гъуддӕгутӕ зонӕг лӕг. Гуппурсар лӕг ӕ бӕзгин ӕрфгутӕ хӕрдмӕ исесгӕй, Стани фуртӕн радзурдта:
– Ду, ма ниммӕлӕггаг, нӕ зонис, дӕ мадӕ тӕрегъӕддзийнадӕ ке ӕрхаста, уой. Ӕ зӕрдӕ маргӕй идзаг ке ‘й, ӕ рӕсугъддзийнади хурфи сау хелагӕ ӕхе ке баримахста, уой. Дӕ фидӕ дӕр дӕ мадӕй фудзӕрдӕдзийнади изол нӕ рацудӕй. Мӕнӕ дин дон. Хъӕбӕр зин ерӕн ӕй. Ӕй мӕрдти кӕдзос сауӕдони дон. Къуӕре си фӕнниуазӕ ӕмӕ дӕ тухтӕ фулдӕр кӕндзӕнӕнцӕ.
Истухгин ӕй биццеу. Тухӕгӕнӕг ин тухӕ нӕбал кодта. Ӕ ниййергути ниууагъта. Еу рауӕн дони билӕбӕл ӕрбадтӕй. Цирдӕмӕ цудайдӕ, уой нӕ зудта. Ӕма исиста ӕ саздахъ. Фат си фехста. Е цӕхӕркалгӕ исевгъудӕй арвмӕ. Фат кӕми ӕрхаудтӕй, уордӕмӕ цардагор фӕрраст ӕй. Ниййерӕг зӕнхӕ имӕ ӕ фӕлмӕн армӕ дардта, рӕстдзийнадӕ ба ин рохс кодта ӕ развӕндаг. Сӕумон хори тунтӕ ин иссӕнцӕ хӕдонӕ ӕма хӕлаф. Мӕргътӕ ‘й сӕ зардӕй мӕтъӕл кӕнун нӕ уагътонцӕ. Етӕ лӕдӕрдтӕнцӕ, лӕхъуӕн амонд ӕхе хузӕн мӕгурти ‘хсӕн ке агоруй, уой. Ном ӕвӕрд дӕр ибӕл нӕма адтӕй, фал имӕ хуӕнхтӕ дзурдтонцӕ Бештау, зӕгъгӕ. Уӕдӕй нурмӕ Бештауи хонхи буни фӕууинӕн ес еци лӕхъуӕни къохти армдзӕф.
Гъе, уотӕ, райгуруй хуӕнхтӕй ӕцӕгдзийнадӕ. Мӕгур биццеу ку мардӕй, уӕд Хуцауӕй ракурдта, цӕмӕй хонхи хузи цӕргӕ байзайа дунейбӕл… Ӕма уӕдӕй нурмӕ сӕрустурӕй лӕууй Бештауи хонх Кавкази хуӕнхти ‘хсӕн, гуппурсар уӕйуги хузи.