26 декабря 2024

ФУЛДÆР ÆРГОМ – ФУЛДÆР БÆРНОНДЗИЙНАДÆ

27.01.2024 | 14:02

Уæрæсей Президент Владимир Путин берæсувæллонгин бийнонтæн социалон феддонтæ æма æндæр мадзæлттæй фæййагъаз кæнуни фæдбæл ци Указ бафинста, е адæми зæрдæмæ хъæбæр фæццудæй. Уомæн æвдесæн æй, дзиллон хабархæссæг фæрæзнити берæ аразий æрмæгутæ ке фæззиндтæй, е дæр. Уой фæдбæл дзубанди кæнгæй, Уæрæсей бийнонти Цæдеси сæрдар, авд сувæллоней фидæ Владислав Гриб уотæ загъта:

– Мæнмæ гæсгæ аци бардзурди сæйрагдæр ахедундзийнадæ е æй, æма Уæрæсей Федераций еугур регионти дæр берæсувæллонгин бийнонти бартæ æнхæстæй гъæуайгонд ке цæудзæнæнцæ. Нурæй фæстæмæ алли берæсувæллонгин ниййерæгмæ дæр уодзæнæй сæрмагонд еумæйаг æвдесæндар. Раздæр ба уæхæн бийнонтæн уæлбарæ мадзæлттæй агъаз кæнуни гъуддæгутæ æнхæстгонд цудæнцæ, етæ ци рауæни цардæнцæ, уоми син куд исаккаг кæниуонцæ, уомæ гæсгæ. Нурба еугуремæн дæр федаргонд æрцудæнцæ федералон стандарттæ æма нисангонд æрцудæй еци агъаздзийнæдти федералон номхигъд.

Уæлдай ахсгиагдæр æй е дæр, æма ниййергутæй æртæ сувæллони кæмæн ес, уонæн аллихузи лæггæдтæ конд ке цæудзæнæнцæ айдагъ Уæрæсей федералон æмвæзадæбæл нæ, фал регионалон æмвæзадæбæл дæр. Алли региони сæргълæууæг дæр анзмæ еухатт дзуапп дæтдзæнæй, еци бардзурд бунæтти куд æнхæстгонд цæуй, уобæл.

Берæсувæллонгин ниййергутæн лæвæрд цæудзæнæй уæлæнхасæн фæлладуадзæн рæстæгутæ (отпусктæ), уолæфæн бæнттæ, куст син ка дæттуй, уони ’рдигæй, цæмæй сæ сабийти хæццæ фулдæр рæстæг æрветонцæ. Лухгонд æрцудæй сæйгæ сувæллæнттæн хуастæ есуни фарста дæр. Нурæй фæстæмæ, æхсæз анзей уæнгæ кæбæл цæуй, еци сувæллæнттæн хуастæ лæвæрд цæудзæнæнцæ лæвар рецептæмæ гæсгæ.

Цæрæнуатбæл федуни лæггæдтæ дæр фæййасландæр уодзæнæнцæ, берæсувæллонгин бийнонти ахурдзау сабийтæ скъолати сехуар æма рæфтад кæндзæнæнцæ лæвар. Уотæ техникумтæ æма колледжти дæр. Уогæ еци гъуддаг Укази уотид фæндони (рекомендаций) хузи амунд цæуй, фал æй мах зонæн, Президент ци зæгъа, е æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг ке ’й æма æнхæстгонд дæр ке цæудзæнæй, уой. Куд æнгъæл дæн, уотемæй аци фæткæ федаргонд æрцæудзæнæй регионалон закъонти хузи.

Уотæ дæр ма зæгъуйнаг дæн, æма адæмæн Мæскуй ци уæлбарæ агъаздзийнæдтæ лæвæрд цæуй – Мæскуй ба, баруагæс уи уæд, берæсувæллонгин бийнонтæн хъæбæр хуарз агъазгонд цæуй, – етæ урухдæргонд æма æнхæстдæргонд æрцæудзæнæнцæ Уæрæсей субъектти дæр. Æма еци гъуддаг арæзт ку ’рцæуа, уæд е уодзæнæй зингæ размæцуд.

Куд берæсувæллонгин фидæ, уотæ мин æхцæуæн æй, æгайтима ниййерæг мадæн дæр рагацау пенси фист ке цæудзæнæй.

Раст зæгъгæй, бæргæ хуарз уидæ фидæн дæр æ кустæй раздæр, гъома, пенсий рацæуни барæ  ку уидæ. Уогæ уой дæр лæдæрун, æма мадæ фулдæр архайуй сувæллæнтти гъомбæлкæнуйнади. Мæ зæрдæмæ цæуй, фæллойнадон рахастдзийнæдти дæр берæсувæллонгин ниййергути пайдайæн нæуæгдзийнæдтæ хаст æрцæудзæнæй, е дæр. Берети ахид багъæуй хе харзæй фæлладуадзæн рæстæг (отпуск) райсун. Æма син уæхæн фадуат дæр уодзæнæй. Никки ба ма еу æхцæуæндзийнадæ: берæсувæллонгин бийнонти бон уодзæнæй культури уагæдæнттæмæ лæвар бацæун. Е исуодзæнæй агъазиау фæрæзнæ ирæзгæ фæлтæрти гъомбæлади.