ФУРЦЕВАЙ ЛÆВАР
Мæнæ дæлдæр ци æрмæг бакæсдзинайтæ, уой мухур кæнæн дууæ цауемæ гæсгæ.
Аци анз номдзуд советон партион-паддзахадон архайæг Екатеринæ Александри кизгæ Фурцевай райгурдбæл исæнхæст æй дæс æма фондзинсæй анзи (1910-1974). Берæ æнзти дæргъи адтæй Компартий разамунди тæккæ бæрзонддæр бунати бадгутæй еу, адтæй Центрон Комитети Президиуми иуонг. Фæстæдæр ба куста ССР Цæдеси культури министрæй.
Иннæ цау – аци анз Иристони номдзуддæр лæгтæй еу, искурдиадæгин партион-паддзахадон архайæг Гапбати Александри фурт Ивани райгурдбæл исæнхæст æй фондз æма фондзинсæй анзи (1915-1975). Куста бæрзонд паддзахадон бунæтти, еу рæстæг ба адтæй нæ республики культури министр. Æма ин æ кустмæ гæсгæ æмбæлгæ рауадæй цæдесон министр Екатеринæ Фурцевай хæццæ дæр, кæци устур аргъ кодта, куд дæсни разамонæгæн, уотæ. Уомæн æвдесæн – мæнæ уин дæлдæр ци хабар ракæнуйнаг ан, е.
Мæнæ уин нуртæккæ ци хабæрттæ ракæнуйнаг ан, етæ æрцудæнцæ Мæскуй 1964 анзи сентябри мæйи кæрони. Уой размæ Советон Цæдеси Коммунистон партий Центрон Комитети Пленум сæрмагонд унаффæ рахаста фидибæстон культури райрæзти фæдбæл, кæцими бæрæггонд æрцудæнцæ аллихузон бæлвурд нисантæ. Æма уæди партион-паддзахадон фæткитæмæ гæсгæ еци къабази разамунд гъæуама исбæрæг кодтайуонцæ, етæ куд хуæздæр æнхæстгонд æрцæуонцæ, уой туххæй бæлвурд мадзæлттæ. Уой фæдбæл баунаффæ кæнуни туххæй уæд Мæскумæ фæдздзурдтонцæ Советон Цæдеси еугурцæдесон æма автономон республикити, крайти, облæстти æма иннæ регионти культури министртæмæ. Еци æмбурди сæрдареуæг ба кодта нæ бæсти культури уæди министр Фурцева Екатеринæ Александри кизгæ.
РАСТ УЕС КА ФÆХХÆССУЙ, ХУАСГÆРДÆГ Е ФÆУУЙ!..
Æмбурд цубур радзубандийæй райгон кæнуни фæсте, е федар гъæлæсиуагæй загъта:
– Абони нæ куст гъæуама уæхæн уагæбæл рахæссæн, цæмæй алли министрæн дæр æ доклад фондз минуттемæй фулдæр куд нæ уа, уæ зæгъуйнæгтæ гъæуама уонцæ бæлвурд, гъуддагхузон, еумæйаг дзубандити «дон» æгириддæр куд нæ уа… Дзорун гъæуй тæккæ ахсгиагдæр фарстатæбæл, царди бунат ка иссера æма уомæ гæсгæ ба æнæмæнгæ исаразуйнаг ка æй, уæхæнттæбæл. Ци мадзæлтти пълан ниффедар кæнуйнаг ан, уомæн гъæуама уа паддзахадон ахсгиагдзийнади тæккæ устурдæр уæзæ, æнæмæнгæ исуа царди рауадзуни аккаг æма уомæ гæсгæ ба хаст æрцæуа еумæйаг паддзахадон пъланмæ, уæдта финансти министрадæ радех кæна, финансон фæрæзнитæ цæйбæрцæ багъæудзæнæй, уойбæрцæ. Уомæ гæсгæ ба ци фæндитæбæл æрдзорунмæ гъаветæ, уонæн гъæуама уа гъæугæ проектон-сметон гæгъæдитæ дæр…
Министри еци дзубандитæ райгъосгæй, зали бæдгутæй кадæртæ исдугъ-дугъ кодтонцæ:
– Е ба куд æй! Æмбурди размæ нин рагацау цæмæннæ фегъосун кодтайдæ? Уæхæн цубур рæстæгмæ ба циуавæр проектон гæгъæдитæ рацæттæ кæнун æнгъезуй?!.
Фурцева сæмæ лæмбунæг байгъуста, уæдта еци мæстгунæй исдзурдта:
– Мах министрадæй, ци гъуди кæнун, уотемæй мæйи размæ алли республикон министрадæмæ дæр æрвист æрцудæнцæ сæрмагонд циркулярон финстæгутæ, кæцитими лæмбунæг финст æрцудæй, аци æмбурдмæ циуавæр гæгъæдитæ гъæунцæ, е. Уомæ гæсгæ ба мæ хъæбæр деси æфтауй, неци ин зудтан, зæгъгæ, уæ хъур-хъур. Раст мæнæ нуртæккæ бардзурд дæттун нæ организацион хайадæн, цæмæй лæмбунæг равзаронцæ аци гъуддаг. Æма уæбæл кæд мах фудæй афойнадæбæл нæ исæмбалдæнцæ нæ еци финстæгутæ, уæд фудгин карз æфхуæрд æрцæудзæнæй. Кæд сæ афойнадæбæл райстайтæ, уотемæй ба, уоми ци амунддзийнæдтæ нисангонд æрцудæй, уони нецæмæ æрдаргæй, æнæ гæгъæдитæй уи ка æрбацудæй, етæ сæхуæдтæ æрцæудзæнæнцæ æфхуæрд.
Æмбурд фæццудæй сæуми дæс сахаттемæй изæри фондз сахаттей уæнгæ. Фиццагидæр дзурди барæ лæвæрд цудæй цæдесон, уæдта автономон республикити культури министртæн. Алли доклади фæсте дæр сæ гъудитæ зæгъиуонцæ Советон Цæдеси культури министри хуæдæййевгутæ, сæрмагонд эксперттæ, уæдта министради хайæдти сæргълæугутæ.
Гапбати Иванæн ба дзурди барæ лæвæрд æрцудæй еугурей фæсте. Æ радзубанди адтæй цубур, рæсугъд, æ алли дзурд дæр адтæй бунати. Зали бадгутæ имæ цæмæдесæй игъустонцæ, уæлдайдæр ба Фурцева æхуæдæг дæр.
– Цæгат Иристони культурон райрæзти фарстатæмæ цидæр еумæйаг геппмæ гæсгæ кæсун æгириддæр не ’нгъезуй, – загъта Гапбай-фурт. – Кæсун сæмæ гъæуй, мах республикæ цæмæй хецæн хуз æй, уомæ – æ геополитикон уавæртæмæ гæсгæ, уæдта уой хæццæ ба ма æ берæнациондзийнадæ дæр нимайгæй.
Уæлдай устур æргом раздахун гъæуй сахар Орджоникидземæ (уæд ма Владикавказ уотæ хундтæй – Ред.). Цæгат Иристон æма æ сæйраг сахарæн ес стратегион ахедундзийнадæ Уæрæсе æма Кавкази æхсæн рахастдзийнæдти. Етæ Уæрæсе æма æнæгъæнæ Цæдес еу кæнунцæ Кавкази хæццæ алли фæззелæнти дæр – географион, политикон-экономикон, тугъдон, социалон-барадон, культурон æма ма берæ æндæр гъуддæгути. Дзæуæгигъæу хумæтæги хъæбæр устур цæстиварди нæ адтæй раздæриккон Уæрæсемæ, хумæтæги имæ уæлдай устурдæр æргом не ’здахта, уæдта нæ устур зундгонд финсгутæ, поэттæ, ахургæндтæ, æхсæнадон æма паддзахадон архайгутæ дæр.
Мадта æ рæстæги дæр, Советон хецаудзийнади фиццаг æнзти рæстæг Цæгат Кавкази Хуæнхон республикæ арæзт ку ‘рцудæй, уæд æ сæйраг сахар дæр хумæтæги нæ иссæй Дзæуæгигъæу. Еугур еци хабæрттæ нимайгæй, нæ республики æма æ сæйраг сахари культурон райрæзти æмвæзадæ æй, куд не ’нгъезуй, гъе уотæ хъæбæр ниллæг, фæрсæй бакæсгæй æй хъæбæр мæгурхуз æма æдзæллаг уавæри.
Нуриккон домæнтæн дзуапп ка дæтта, уæхæн еунæг культурон артдзæстæ дæр – кенæ культури Галауан, кенæ кинотеатр – нерæнгæ нæма ес Орджоникидзей. Хъæбæр ниддæргъвæтийнæ æнцæ, культурон-дзиллон нисанеуæг кæмæн ес, еци объектти арæзтæдтæ. Æнæмæнгæ кæронмæ фæуун гъæуй ами металлургти Галауан, завод ОЗАТЭ-й культури Галауан, кинотеатр «Октябрь»-и, культури Галауан «Электрон»-и арæзтæдтæ. Æведауцæ æдзæллаг уавæри æнцæ фæлладуадзæн парктæ æма сквертæ дæр. Иснисан кодтан исаразун æма исефтонг кæнун «Фæскомцæдесон парк», Пушкини æма Горькийи номбæл сквертæ, Штыби, Бæгъатæрти, Уæлахездзаути номбæл фæзитæ. Нæ пълани ма ес Беслæни, Мæздæги, Дигорай, Чиколай, Хæзнидони, Толдзгуни, Секери, Сурх-Дигори дæр культури аллихузон артдзæститæ исаразун.
Мах республикæ иннæ республикити хæццæ ку рабарæн, уæд æ цæргути бæрцæмæ гæсгæ еугуремæй фулдæр Фидибæстæн равардта, Советон Цæдеси Бæгъатæри ном ка хæссуй, уæхæн тугъдонтæ. Еци Бæгъатæрти цæдесон номхигъди лæууæн фиццаг бунати. Нури уæнгæ ба си еунæгемæн дæр циртдзæвæн æвæрд нæма æрцудæй.
Кенæ ба дуйнебæл еунæг уæхæн сахар кенæ æндæр цæрæнбунат, æвæдзи, нæййес иссерæн æма си рацудæй Советон Цæдеси æхсæз Бæгъатæри. Махмæ ба Иристони ес уæхæн гъæу – Дигора. Фал уонæн дæр сæ номбæл нæййес еунæг циртдзæвæн дæр æма фæзæ дæр. Цидæриддæр фарстатæ ниввардтон æма цæбæл æрдзурдтон, уонæй мæмæ алке туххæй дæр ес бæлвурд проектон-сметон гæгъæдитæ.
ÆУУÆНКАГ ДЗУРД ÆВДАДЗИ ХУАСÆ ’Й!..
Гапбати Иван æ радзубанди ку фæцæй, уæд ин Фурцева загъта:
– Æмбал Гапбай-фурт, корун æма абони æмбурди фæсте мæмæ президиуммæ æрбацæуай!
Еугур еци хабæрттæ имисгæй, уой фæсте Гоце æхуæдæг мæнæ куд радзурдта:
– Куд мин бафæдзахста, уотæ бацудтæн Фурцевамæ æмбурди фæсте æма мæ æ фарсмæ æрбадун кодта. Хæстæгдæр мæмæ æрбацудæнцæ æ хуæдæййевгутæ, уæдта цалдæр хайадей сæргълæугутæ дæр. Фурцева ми ракурдта мæ проектон-сметон гæгъæдитæ. Æз дæр, ци бæзгин папкæ мæмæ адтæй мæ хæццæ, уордигæй сæ исистон æма ин сæ æ размæ æрæвардтон, уой хæццæ ба ма ин ме ’нгулдзæй амудтон схемитæ æма нимæдзтæ. Лæмбунæг мæмæ игъуста, фал дин еу рæстæг ку æрæстæфинæ: мæнмæ уотæ хъæбæр нæбал игъуста, фал мин мæ дæрдгун пиджаки дустæмæ æдзинæг кастæй. Æма, æцæгæйдæр, еци дустæ уотæ хъæбæр бафехсудæнцæ, æма ма си хæлттæ дæр разиндтæй, мадта дзиппити сæртæ дæр уотæ. Мæ зæронд галстук, хæлаф, уæдта финддæс сомей аргъ туфлитæбæл дæр мин æ цæстæ æрдардта. Ку зæгъун, игъосгæ дæр мæмæ æнхæст нæбал кодта, фал мæмæ лæмбунæг кæститæ кодта, æ меднимæр сагъæс кæнгæй. Æз æй, гъай-гъай, æрлæдæрдтæн æма нецибал дзурдтон. Куд мæ не ’рлæдæрдтайдæ, уотæ сабургай мæ къохтæ гæгъæдитæй рандæ кодтон æма си мæхе еу минкъий райеуварс дæр кодтон. Ка ’й зонуй, еуцæйбæрцæдæр фæкъкъех дæн, æма ма силгоймаги ци базонун гъудæй, æз ин е ’дзинæг каст ке балæдæрдтæн, уой. Æма, æвæдзи, цæмæй ма фефсæрми уон, уой туххæй мæ рафарста:
– Дæ дзубанди фæдтæ? Алцидæр байамудтай?
– Нæ, еуминкъий ма æрлæуун гъæуй еуæй-еу фарстатæбæл, зæгъгæ, ин дзуапп равардтон.
– Ци уой зонис, Иван Александри фурт, æз алцидæр балæдæрдтæн æма дзæгъæли нæ рæстæг нæбал исафдзинан. Рахæссай мæмæ уæ республики министради финстæг – бæрæггæгъæди.
ЗУНДГИН ЛÆГИ Æ ДАРÆСМÆ ГÆСГÆ НЕ ’ВЗАРУНЦÆ…
Æз папкæй исистон финстæг нæ фæндæнтти хæццæ. Е æй райста æма си сæрæй галеуæрдигæй агъазиау къохдзæфæй бафинста: «Пъланмæ хаст æрцæуæнтæ æнæ неци раййевгæй»,– зæгъгæ. Æз, гъай-гъай, хъæбæр бацийнæ кодтон, еци зæрдиагæй ин райарфитæ кодтон æма ранæхстæр дæн. Фал мæ е ба фæууорæдта æма мæ фæрсуй:
– Кæми æрфусун кодтай, кæци фусунуати?
Цæмæн мæ рафарста, уой нæ балæдæрдтæн æма имæ цæмæдес каст бакодтон, фал ин уæддæр дзуапп ба равардтон:
– Культури министради сæрмагонд фусунуати, дуккаг уæладзуги, 25 уати…
Фурцева æхемæ рафинста цидæртæ, æвæдзи, ци ин загътон, уони, æма мин фæлмæн гъæлæсиуагæй загъта:
– Дзæбæх уо, исон бабæй фембæл-дзинан.
Æз мæ над ракодтон фусунуатмæ, куд гъæуй, уотæ мæ фæллад исуагътон, сæумæй бабæй рандæ дæн æмбурдмæ. Аци хатт æмбурд рахаста æдеугур дууæ сахатти. Уой фæсте ба Фурцева, цубур хатдзæгтæ искæнгæй, райарфæ нин кодта, устур уæлахезтæ уæ къохи æфтуйæнтæ, нæ иннæ фембæлдмæ, зæгъгæ, нæ рафæндараст кодта æма мах, æмбурди архайгутæ, фæххæлеу ан.
Æз уайтæккæдæр фæрраст дæн фусунуатмæ, мæ дзаумæуттæ райсунмæ. Уат байгон кодтон, бацудтæн медæмæ æма кæсун: уоми къелай къохбæл дзихъирт нæуæг, æ уиндæмæ гæсгæ хъазар, цъæх костюм ауигъд, æ хæццæ ба ма уорс-уорсид хæдонæ, сау галстук æма цъиндатæ, уотемæй. Къелай фарсмæ пъолбæл ба морахуз туфлитæ, етæ дæр дзихъирт нæуæг. Æз рагъуди кодтон, æвæдзи, аци дзаумæуттæ, мæ фæсте аци уати ка цæрдзæнæй, уой æнцæ, зæгъгæ. Фал мæмæ уæдмæ уатмæ æрбацудæй фусунуати комендант æма мæмæ финстæг æрбалæвардта, кæцими финст адтæй:
«Дæуæн, хъазар Иван Александри фурт, костюм – ССР Цæдеси культури министрæй лæвар дæ агъазиау æма гъæддух фæллойни, дæ рæстуоддзийнади туххæй.
Фурцева Е.А.»