26 декабря 2024

ГЪӔУӔН ӔХЕ КУВДТИТӔ ДӔР ФӔУУЙ!..

13.08.2021 | 18:05

Нӕ бӕсти историй фиццаг гъӕууонхӕдзарадон минкъий исфинст райдӕдта 1 августӕй фӕстӕмӕ ӕма цӕудзӕнӕй 30 августмӕ. Е рахъӕртдзӕнӕй еугур регионти аграрон кустуӕттӕ ӕма фермерон хӕдзарӕдтӕбӕл, уӕдта агъазадон хӕдзарӕдти зингӕ хӕйттӕбӕл дӕр.

Цӕхуӕн фарстатӕ лухгонд ӕрцӕудзӕнӕнцӕ, раздӕри гъӕууонхӕдзарадон исфинст – 2016 анзи цӕмӕй хецӕн кӕнуй, уӕдта бӕрӕггӕнӕнти сосӕгдзийнадӕ куд гъӕуайгонд цӕудзӕнӕй ӕма ӕндӕрти туххӕй ӕрӕги дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнити минӕвӕрттӕн радзурдтонцӕ «Росстат»-и разамонӕг Павел Малков ӕма Уӕрӕсей Федераций гъӕууон хӕдзаради гъӕууон зӕнхити райрӕзти департаменти директор Ксения Шевелкина.

Фиццаг хатт исфинст нӕ бӕсти цӕуй, раздӕри хузӕн дӕс анзей нӕ, фал фондз анзей фӕсте. Уотӕ ‘й ке фӕрраздӕр кодтонцӕ, е баст ӕй, технологитӕ ӕма аграрон сектори ӕййивддзийнӕдти хӕццӕ, уӕдта бӕсти экономикӕ райрӕзун кӕнуни фарстати хӕццӕ. Нимӕдзон исфинсти фӕрци бӕлвурд аргъгонд ӕрцӕудзӕнӕй фӕрӕзнити бундорӕн ӕма бӕсти аграрон сектори гъомусадӕн, уӕдта гъӕууон хӕдзаради фӕстаг структурон ӕййивддзийнӕдтӕн. Идарддӕр ба куст цӕудзӕнӕй гъӕуӕн, устур аграрон ӕма фермерон кустуӕттӕн, минкъий агъазадон хӕдзарӕдтӕн агъаз кӕнуни программитӕ исаразунбӕл.

– Гъӕууон хӕдзарадӕ ӕй экономики ахсгиаг къабӕзтӕй еу, – баханхӕ кодта ӕ радзубандий Павел Малков. – Евгъуд анз продукци уагъд ӕрцудӕй 6,1 трлн. сомемӕй фулдӕри аргъ. Ӕмбурдгонд ӕрцудӕй 133,5 миллион тонни хуар, 20 миллион адӕймагемӕй фулдӕр ба гъӕууонхӕдзарадон продукци уадзунцӕ нӕ бӕсти. Мадта ци лӕууй аци сор нимӕдзти фӕсте? Е ба ӕй, экономикон ӕма хуаллаги ӕдасдзийнадӕ, уӕдта хуӕдбарӕдзийнадӕ дӕр ӕма бӕсти федӕнбӕл зӕрдӕдарундзийнадӕ.

Нæ гъæууонхæдзарадон къабази фарнæ агъазиау æй.

Куд ма загъта, уотемӕй нимӕдзон минкъий исфинсти фӕрци, микроскопӕй сӕмӕ кӕсуни хузӕн, хуӕрзбӕлвурдӕй фӕууинӕн уодзӕнӕй еугур листӕг хӕйттӕ дӕр, бӕлвурддӕр аргъгонд ӕрцӕудзӕнӕй бӕсти гъӕууон хӕдзаради структурӕн, хуӕздӕр товаруадзгути уавӕрӕн. Ӕртасӕн куститӕ рахъӕртдзӕнӕнцӕ еугур 41,9 мин гъӕууонхӕдзарадон организацитӕбӕл, 144,9 мин зӕнхкосӕг-фермерон хӕдзарӕдтӕбӕл ӕма хесӕрмагонд амалгъонтӕбӕл, уӕдта 82,6 мин ӕнӕкоммерцион ӕмбаладӕбӕл ӕма 16,5 миллион агъазадон хӕдзарадебӕл.

Уомӕй уӕлдай, исфинсти бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ исбӕлвурд уодзӕнӕй бӕсти ӕма регионти хумгӕнди зӕнхити бӕрцӕ ӕма фонси нимӕдзӕ 2021 анзи 1 августи уӕнгӕ. Исфинсти бӕрӕггӕнӕнтӕй ба пайда кӕнун ӕнгъездзӕнӕй эксперттӕн, ахургӕндтӕн, аграрон къабази косгутӕн ӕма ӕндӕртӕн. Еугур ӕрмӕг ӕмбурд кӕнуни туххӕй ба пайдагонд ӕрцудӕй дуйнеуон фӕлтӕрддзийнадӕй. Уой хӕццӕ, Уӕрӕсей минкъий исфинст бацудӕй Еугонд Нацити Организаций гъӕууонхӕдзарадон исфинсти Дуйнеуон программӕмӕ.

Росстати разамонӕг ма баханхӕ кодта уой дӕр, ӕма нимӕдзондзийнади фӕрци исфинсти хӕрзтӕ рауайдзӕнӕнцӕ ӕртӕ хатти минкъийдӕр – раздӕр ци исфинст арӕзт ӕрцудӕй, уой хӕццӕ рабаргӕй, 4 миллиард сомемӕй асландӕр, 2016 анзи исфинсти хӕццӕ рабаргӕй ба ӕнцӕ 13 миллиард сомемӕй минкъийдӕр. Хӕрзти фулдӕр хай багъӕудзӕнӕй ӕрфинсгутӕн кусти мизд бафедунӕн. Етӕ ‘нцӕ 34,6 мин адӕймагемӕй фулдӕр – бунӕттон цӕргутӕ. Еугурӕйдӕр рацудӕнцӕ ахуртӕ ( е цудӕй онлайн-уагӕвӕрди), лӕвӕрд син ӕрцудӕй электронон планшеттӕ, уӕледарӕс ӕма санитарон гъӕуайкӕнуйнади фӕрӕзнитӕ, сӕ мизд ба ӕй 18 мин соми.

Ксения Шевелкина ба ӕ радзубандий уотӕ загъта:

ТУСКЪАТИ Таймораз гъæууонхæдзарадон равдисти Елхотти.

– Хесӕрмагонд агъазадон хӕдзарӕдтӕ дӕттунцӕ еугур гъӕууонхӕдзарадон продукций ӕртиккаг хай. Уомӕ гӕсгӕ етӕ ‘нцӕ къабази ирӕзти ахсгиаг гъомус. Минкъий исфинст арӕзт ке ‘рцудӕй, уой фӕрци ба ӕмбӕлгӕ хузи пайдагонд цӕудзӕнӕй нӕ фӕрӕзнитӕй, исбӕлвурд уодзӕнӕй гъӕууон хӕдзаради абони уавӕр, фонс ӕма мӕргъти нимӕдзӕ ӕма берӕ ӕндӕртӕ. Нуртӕккӕ мах косӕн хесӕрмагонд хӕдзарӕдтӕн агъаз кӕнуни мадзӕлттӕ исаразунбӕл, фал нӕмӕ бӕлвурд бӕрӕггӕнӕнтӕ ке нӕййес, уой фудӕй нӕ архайд къулумпи кӕнуй. Ӕз уотӕ ӕнгъӕл дӕн, ӕма, аци анзи кӕрони ке райсдзинан, еци минкъий исфинсти бӕрӕггӕнӕнтӕ хуарз агъаз фӕууодзӕнӕнцӕ хӕдзареуӕггадӕ раст надбӕл ӕрӕвӕрунӕн, уӕлӕнхасӕн мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцӕудзӕнӕнцӕ уони гъӕууонхӕдзарадон кооперативтӕмӕ бакӕнуни туххӕй.


Аци исфинсти ахедундзийнади уӕлдай ахсгиаг ӕй Цӕгат Иристони – фӕстаг рӕстӕги нӕмӕ зингӕ фулдӕр ӕргом ӕздӕхт цӕуй нӕ гъӕууонхӕдзаради къабазӕмӕ, арӕзт цӕуй берӕ аллихузон гъомусгин мадзӕлттӕ е ‘нтӕстгин райрӕзти фӕдбӕл.

Е бӕлвурдӕй рабӕрӕг ӕй, айразмӕ Елхотти арӕзт ка ӕрцудӕй, еци сӕрмагонд равдист «Будур-2011». Уой игон кӕнгӕй, нӕ республики Хецауади Сӕрдари ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Тускъати Таймораз ӕ радзубандий загъта:

– Зӕрдиагӕй арфӕ кӕнун аци равдист исаразгутӕн, иуазгутӕн. Нӕ бӕсти регионти ӕма нӕ республики социалон-экономикон ирӕзтмӕ аккаг ӕвӕрӕн ке хӕссетӕ, уой туххӕй уи алкедӕр арфи аккаг ӕй. Уӕ фӕллойни ӕма ӕнтӕстити фӕрци нӕ бӕстӕ цох нӕй базарадон продукттӕй, ирӕзунцӕ гъӕууон хӕдзарадӕ ӕма экономики алли къабӕзтӕ. Уӕ фӕрци ӕнтӕстгинӕй царди уагъд цӕунцӕ гъӕууон хӕдзаради ирӕзти паддзахадон программитӕ. Мӕ зӕрдӕ уин зӕгъуй нӕуӕг кустадон ӕма коммерцион ӕнтӕститӕ.

Гъӕууонхӕдзарадон равдист «Будур-2021» фиццаг хатт арӕзт ӕрцудӕй дууӕ анзей размӕ. Аци анз си архайдтонцӕ гъӕууонхӕдзарадон товаруадзгутӕ нӕхе республикӕ ӕма синхаг регионтӕй. Уомӕй уӕлдай ма си фӕууинӕн адтӕй тауӕн, хумгӕнӕн, гъӕууонхӕдзарадон культуритӕ аллихузон зианхӕссӕг цӕрӕгойтӕй гъӕуайгӕнӕн хуастӕй пурфгӕнӕн, фонсдарунади къабази кустади нуриккон техникӕ ӕма трактортӕ.