21 декабря 2024

ГЪӔУАМА УСТУРЗӔРДӔ МА УӔН!..

28.01.2022 | 16:45

Абони ци хъӕбӕр тӕссаг эпидемиологон уавӕр исӕвзурдӕй ӕнӕгъӕнӕ дуйней, уой хӕццӕ ба Уӕрӕсей дӕр ӕма Иристони дӕр, уой нӕхуӕдтӕ уинӕн. Уой дӕр уотид нӕ уинӕн, фал, гъулӕггагӕн, ӕ фудбӕлахӕй ни беретӕ фӕззӕрддзӕф кодта – карӕмӕ нӕ кӕсгӕй нин не ‘хсӕнӕй байста нӕ хеуӕнтти, зонгити…

Уӕхӕн уавӕри гъӕуама зингӕ бӕрнондӕр гъӕуама уӕн, нӕхе дӕр ӕма кӕрӕдзей дӕр гъӕуай кӕнӕн еци тӕссаг нези азарӕй, фал…

Куд алли хатт, уотӕ бабӕй нӕхе ӕгӕр устурзӕрдӕй ӕвдесӕн, коронавируси нихмӕ мадзӕлттӕ ӕнӕмӕнгӕ гъӕуама ӕнхӕст кӕнӕн, уонӕмӕ цийфӕнди цӕстӕй кӕсӕн, гъома, некӕд мин неци уодзӕнӕй, зӕгъгӕ, ӕнгъӕл уогӕй.

Ӕма е ба хъӕбӕр хесайди гъуди ӕй. Уӕхуӕдтӕ ‘й уинетӕ, цӕйбӕрцӕ адӕм ӕнай-ӕнойти ӕрбасӕйгӕ унцӕ.

Уой фӕдбӕл бабӕй дзубанди цудӕй коронавируси нихмӕ тохи фӕдбӕл арӕзт республикон оперативон штаби радон ӕмбурди. Разамунд ин лӕвардта Цӕгат Иристони Хецауади Сӕрдар Дзанайти Барис.

Уоми «Роспотребнадзор»-и республикон управлений разамонӕг Тибилти Алан куд радзурдта, уотемӕй ведомстви косгутӕ аллибон дӕр бабӕрӕг кӕнунцӕ аллихузон организацитӕ ӕма кустуӕттӕ, рӕвдауӕндӕнттӕ, уӕдта, адӕм берӕгӕйттӕй кӕми фӕуунцӕ, еугур еци бунӕттӕ. Уӕхӕн рейдти сӕйраг нисан ӕй рабӕрӕг кӕнун, санитарон-эпидемиологон ӕдасдзийнади мадзӕлттӕ куд ӕнхӕстгонд цӕунцӕ, уой. Тибили-фурти дзубандимӕ гӕсгӕ, управлений специалисттӕ зингӕ фӕккарздӕр кодтонцӕ эпидемиологон ӕдасдзийнади уагӕвӕрдтӕ ӕнхӕст кӕнунмӕ цӕстдард. Уотӕ, ӕ дзубандимӕ гӕсгӕ, уӕлдӕр амунд рейдти рӕстӕг специалисттӕ домӕнти бундорбӕл Дзӕуӕгигъӕуи исӕхгӕдтонцӕ сувӕллӕнтти хеерхӕфсӕн цалдӕр центри. Управлени ӕма иннӕ цӕстдарӕг ведомствити минӕвӕрттӕ уӕхӕн рейдтӕ идарддӕр дӕр ӕнхӕст кӕндзӕнӕнцӕ.

Управлений разамонӕг сӕ архайди туххӕй уоййасӕбӕл ахедгӕ хузи ке радзурдта, е, еуемӕй, лӕдӕрд ӕй – хе фаунӕй хе ӕстаун хиццагдӕр ӕй. Фал, иннемӕй ба, хъӕбӕр дузӕрдуггаг ӕй, сӕ куст уоййасӕбӕл ӕнтӕстгинӕй арӕзт цӕуй, е. Бацӕуайтӕ тукӕнттӕмӕ, базартӕмӕ ӕма адӕм дзиллонӕй кӕми бамбурд унцӕ, уӕхӕн ӕндӕр рауӕнтӕмӕ. Ӕма си эпидемиологон уавӕрмӕ гӕсгӕ мадзӕлттӕ ӕнхӕстӕй ӕнхӕстгонд цӕунцӕ? Баруагӕс уи уӕд, ӕгириддӕр нӕ, сауӕнгӕ ма маскитӕ ефстӕгутӕй уӕлдай некӕбӕл фӕууиндзинайтӕ. Уӕд циуавӕр карз цӕстдарди кой киндӕуй?

Тибили-фурт ма ӕмбурди уотӕ фегъосун кодта, гъома, сӕрмагонд ӕргом ӕздӕхт ӕрцӕудзӕнӕй ӕхсӕнадон транспорти кустмӕ дӕр. Кӕд ӕма кутемӕй? Аци фарста нӕмӕ хумӕтӕги нӕ фӕззиндтӕй – нерӕнгӕ бал ӕгириддӕр неци хузи бӕрӕггонд цӕуй, ӕхсӕнадон транспорти санитарон-эпидемиологон домӕнтӕ ӕгириддӕр ӕнхӕстгонд нӕ цӕунцӕ. Ци адӕм си фӕббадуй, уонӕй хъӕбӕр ефстӕгутӕбӕл фӕууй санитарон маскитӕ. Мадта ӕхсӕнадон транспорт берӕ маршрутти хъӕбӕр лӕгъуз ке косуй (хуӕдтолгитӕ хъӕбӕр ӕстӕн цӕунцӕ), уомӕ гӕсгӕ фулдӕр хӕттити адӕмӕй цъоппидзӕг фӕуунцӕ, сауӕнгӕ ма, кӕд ӕма не ‘нгъезуй, уӕддӕр си лӕугӕй дӕр фӕццӕунцӕ, уой дӕр ку зӕгъӕн, ӕнӕ маскитӕ, кӕрӕдзей комкоммӕ комуолӕфт кӕнгӕй.

Къуӕрей райдайӕни эпидемиологон уавӕрбӕл дзоргӕй, управлений разамонӕг куд фӕббӕрӕг кодта, уотемӕй уой размӕ къуӕрей райдайӕни хӕццӕ рабаргӕй, нуртӕккӕ коронавирусӕй сӕйгити нимӕдзӕбӕл бафтудӕй 35 процентемӕй фулдӕр. Эпидемиологон уавӕри фӕдбӕл дзоргӕй, «Роспотребнадзор»-и регионалон управлений разамонӕг Ольгӕ Давыдова куд фӕббӕрӕг кодта, уотемӕй аци бӕнтти республики ковид-стационарти сӕйгитӕн уӕлӕнхасӕн радех кодтонцӕ никкидӕр ма 50 бунати (30 хуссӕни – сувӕллӕнтти Республикон клиникон сӕйгдони, 20 ба – Рахесфарси райони центрон сӕйгӕдони). Ольгӕ Давыдова куд загъта, уотемӕй нуртӕккӕ ковид-стационарти ес 228 уӕгъдӕ бунати (коронавирусӕй сӕйгитӕн нисангонд бунӕттӕн сӕ 30 процентей бӕрцӕ).

Коронавируси нихмӕ тохи карзӕй архайунцӕ Цӕгат Иристони медицинон колледжи студенттӕ, еци куст хӕстӕгдӕр бӕнтти райдайдзӕнӕнцӕ Цӕгат Иристони паддзахадон медицинон академий студенттӕ дӕр. Еци ӕууӕл, республики ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министр Тебиати Сослани гъудимӕ гӕсгӕ, фадуат ратдзӕнӕй, цӕмӕй дзӕбӕхгӕнӕн-профилактикон медицинон косӕндӕнтти архайд ма фӕкъкъулумпи уа. Тебий-фурт идарддӕр ӕ радзубандий куд фӕббӕрӕг кодта, уотемӕй фӕстаг цалдӕр боней дӕргъи зингӕ исирӕзтӕй, Тагъд медицинон агъази службӕмӕ ка бадзоруй, еци адӕми нимӕдзӕ. Зӕгъӕн, нуртӕккӕ еу суткӕмӕ дохтиртӕмӕ агъазагор бадзорунцӕ 1130 хаттемӕй фулдӕр (уонӕй 643 – Дзӕуӕгигъӕуи). Министри дзубандимӕ гӕсгӕ, Тагъд медицинон агъази еугур дӕлхайӕдти нуртӕккӕ косунцӕ 82 радхӕссӕг бригади.

Ирӕзгӕ фӕлтӕри минӕвӕртти карз незӕфтауӕг куд гъигӕ даруй, уой туххӕй лӕмбунӕг радзурдта сувӕллӕнтти Республикон клиникон сӕйгӕдони сӕйраг дохтир Икъати Мурат.

– Фӕстаг сутки дӕргъи нӕ медицинон косӕндонӕмӕ ӕрбаластонцӕ 21 сӕйгӕ сувӕллони. Уой хӕццӕ, еци бони дӕргъи сӕйгӕдонӕй рафинстан 17 адӕймаги. Нуртӕккӕ нӕмӕ ес 67 сӕйгӕ сувӕллони. Еумӕ райсгӕй, коронавирусӕй сӕйгитӕн иснисан кодтан 100 хуссӕни. Ӕнӕзӕгъӕн нӕййес, фӕстаг рӕстӕг коронавирусӕй сӕйгӕ сувӕллӕнтти нимӕдзӕ зингӕ ке исирӕзтӕй, уой туххӕй дӕр. Абони уӕнгӕ республики ес уӕхӕн 566 сувӕллони. Еугуремӕй фулдӕр сӕйгӕ сувӕллӕнттӕ ес Мӕздӕги ӕма Горӕтгӕрон райони, – бафеппайдта Икъати Мурат.

Ӕмбурди архайдта ӕма радзубанди кодта Цӕгат Иристони сӕйраг федералон инспектор Келехсати Владимир дӕр, Цӕгат Кавкази федералон зилди Президенти Минӕваради бӕрнон косӕг Тебиати Сослани ‘ргом раздахта медицинон косгутӕн сӕ мизд афойнадӕбӕл федуни фарстамӕ:

– Гъӕуама лӕмбунӕг цӕстдард уа республики медицинон косӕндӕнтти специалисттӕн сӕ мизд афойнадӕбӕл федунмӕ. Аци гъуддаги къулумпитӕ ӕруадзӕн нӕййес.

Ӕмбурдӕн хатдзӕгтӕ кӕнгӕй, Дзанайти Барис уотӕ загъта:

– Нӕ республики ци санитарон-эпидемиологон уавӕр исӕвзурдӕй, е нерӕнгӕ ма карз ке ‘й, ӕма цӕмӕй еци уавӕр еуварсгонд ӕрцӕуа, уой фӕдбӕл республики Сӕргълӕууӕги амунддзийнӕдтӕ ӕнхӕст кӕнунбӕл еугур профилон ведомствити минӕвӕрттӕ дӕр гъӕуама бӕрнонӕй бакосонцӕ. Уой хӕццӕ, фиццаградон ӕргом ӕздӕхт гъӕуама ӕрцӕуа медицинон косӕндӕнтти курдиӕттӕмӕ.