22 декабря 2024

«ГЪÆУАМА СÆРУСТУР УÆН, ÆГАЙТИМА НÆ МАДДÆЛОН ÆВЗАГ ГЪОМУСГИН ÆЙ Æ ДУУÆ ÆМТУХГИН КЪАБАЗЕЙ ФÆРЦИ!..»

14.05.2022 | 15:10

Васо Абаев

(1901-2001), академик:

Говоря о роли музыки и музыкантов в романтической поэзии Малиева, не могу не сказать о музыкальности самих стихов поэта. Она – уникальна в дигорской поэзии. Именно Малиев, и только он, сумел раскрыть и показать во всей полноте, какие красоты ритма, напевности, свободного и плавного течения таит в себе дигорская речь.

Вот несколько наудачу взятых отрывков.

Ци кæнуй, цума, ме ‘лхуйнæ,

Ку нæбал зелуй дзæбæх?

Мæ цæститæбæл гъазунцæ

Сау нимæт æма сау бæх.

                              (Æлхуйнæ)

Или:

Нæй Дзулей зæрдæ æнцойнæ,

Йе æ фагæ нæ хуссуй, —

Æд æхсæвæ æд-æ-бонæ

И мæсугæй фæлгæсуй.

                                    (Дзуле)

Или:

Куд ниххаудтæй мард и донмæ,

Уой æстъалутæ уидтонцæ…

Уой цæхъалтæ кæрæдземæн

Десæ-дзорæ фæккодтонцæ…

                           (Дзандзирахъ)

Или:

Сах не ‘ркалдзæнæй хебари

Кедæр кизгæ цæстисуг, —

Дæ фæсмæрдæ номи кадæн

Гъæу не сдасдзæнæй мæсуг.

                                  (Гудзуна)

Или:

И фарни тунæ

 Æрфелауидæ, —

Уарзондзийнадæ

Æрфедар уидæ.

                           (Тæходуй, æна…)

Вслушайтесь в эти стихи. Раньше чем доходит до сознания их смысл, они уже покоряют своим чарующим ритмом и звучанием. Когда читаешь такие стихи, невольно приходят на память слова Белинского, сказанные им о стихе Пушкина:

«Что это за стих! Он нежен, сладостен, мягок, как рокот волны, тягуч и густ, как смола, ярок, как молния, прозрачен и чист, как кристалл…»

***

РЕДАКЦИЙÆЙ. Абони дигорон æвзаг æма литератури нихмæ ка дзоруй, етæ номдзуд Абайти Васойæй зундгиндæр кенæ зонагæдæр æнцæ? Баруагæс уи уæд, æгириддæр нæ ‘нцæ!.. Уомæн æма етæ сæ сæргъæн дзубандитæй хилкъахæнтæ аразунцæ нæ дзилли медастæу. Æма сæ æведауцæ миути Къостай рохс номæй æдзæсгонæй пайда кæнуни бæсти сæ зæрдæбæл бадарæнтæ æма æнхæст кæнæнтæ уомæн æ фæдзæхст: «Ме ‘фсымæртæ, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!..»

 

ХЪОДЗАТЫ Æхсар (1937–2021),

Цæгат Ирыстоны адæмон поэт

Дыууæ ныхасы дыгурон æвзаджы тыххæй. Мæнмæ гæсгæ йын ирон æвзагимæ æмхуызон бартæ раттын хъæуы, афон у æнæсæрфат дискусситæн кæрон скæнынæн. Дæ нацийы арфдæр, фидардæр уидæгтæй  иу барæй лыг кæн – уымæй æдылыдæр ми ма цы уа! Дыгуримæ иу туг, иу стæг стæм. Гъемæ бинонтæй искæцыйæн йæ дзыхыл цъутта куы æвæрай, дæлдзиныг æй куы кæнай, уæд бинонтæн æнгом уæвæн и? Искæцы дзырды истори нæ раиртасын куы фæфæнды, уæд ын йæ уидаг дыгурон æвзаджы куы агурæм æмæ йын йæ апмæ уый фæрцы куы баххæссæм, уæд цæмæн æвæрæм цæлхдуртæ нæхицæн? Уæдæ ныууадзæм дыгуры «сæ адыл» (Къостайы ныхас)! Уадз æмæ иримæ иумæ æмсæр-æмдыхæй аразой сæ цард!

Телеуынæны æмæ радиойы программæтæм уæлæмхасæн фæйнæ сахаты æрдæджы куы бафтауæм (дыгурон æвзагæн), уæд ныл уымæй дæр ницы æрцæудзæни, хъæздыгдæр цы фæуæм, æндæр.

Нæ маддæлон æвзаги ирисхъæбæл, уомæн æ дууæ къабазей æмбарæдзийнади туххæй дзоргæй,  Хъодзати Æхсарæ дæнцæн ахид æрхæссидæ, “Дигорон æвзаг”, зæгъгæ, ци æмдзæвгæ ниффинста, уой. Бакæсайтæ ‘й, цæйбæрцæбæл зундгин гъудитæ си райгъустæй:

Сæууон æртæхы сатæг рухсæй дæу

ысфæлдыстæуыд, сæнтыстæ нæ уарзтæй.

Дæ дзырдтæ мын – дзындзытæ ‘мæ æргъæу,

куыд буц вæййын сæ тæмæнтæ,

сæ хъазтæй.

Мæ ныфсы уидаг, Уазайау мын лæуу

æнæцудгæ! Тъымы-тъыматы цъастæй

дæ фарн сыгъдæгæй абонмæ æрхастай.

Куынæ уай ды – мæнæн цæргæйæ нæу.

 

Хуыдуг дæ кодтой – райгуырдтæ-иу ногæй.

Дæу бахызта тыхгæнджыты æрдонгæй

Нæртон Нана, йæ бадæн уæд дзæнæт.

 

Дæ хурвæлыст æрвон зæлтæ куы хъусон,

уыдзынæн уæд Ирæф-донау æнусон,

уыдзæн цæлæт, нæ уыдзæни мæлæт!

ДЗАСОХТЫ Музафер,

Цæгат Ирыстоны адæмон поэт

Рæгъмæ цы нæ рахæсдзыстæм, ахæм нæй. Дыууæ Ирыстоны ис, дыууæ диныл хæст стæм, дыууæ ‘взагыл дзурæм. Ирыстонтæ æмæ динты кой æндæр ран æндæр уавæрты кæндзыстæм, фæлæ æз цалдæр ныхасы зæгъынмæ хъавын не ‘взæгты тыххæй. О, дзурæм дыууæ ‘взагыл æмæ цæмæй æвзæр у? Цæуылнæ хъуамæ дзурæм дыууæ ‘взагыл, кæд Хуыцауы афтæ бафæндыд, уæд? Нæ адæмы æвзаджы рагондæр хуыз цардæгас кæй у æмæ ирон æвзагимæ æмцыд кæй кæны, уый кæй бахъыгдардта?

Ирæттæй-ма исчи йæхи дыгуроны бынаты авæрæд æмæ-ма йын ирæттæй исчи афтæ зæгъæд, мах иууылдæр иу адæм куы стæм, уæд цæмæн хъæуы дыгурон театр, дыгурон газет æмæ афтæ дарддæр, кæддæра йæ зæрдæмæ фæцæуид? Нæ фæцæуид. Уæдæ зæрдæмæ чи нæ цæуы, уыцы хъуыддаг кæнын дæр нæ хъæуы.

Мæнæн иу адæймагæй тынг æхсызгон у, дыгурон æвзаг æрдæгфæндагыл кæй нæ баззад æмæ æнусты сæрты махмæ кæй æрхæццæ, уый.

Не ‘взаджы рагондæр хуыз зындзинæдтыл кæй фæуæлахиз, уый руаджы нæ ивгъуыдæй бирæ сусæгдзинæдтæ раиртасæн ис. Уый иттæг афтæ æмæ уырнинагæй равдыстой ирон æвзаг æмæ истори иртасджытæ, уæлдайдæр та Всеволод Миллер æмæ Абайты Вассо.

Цæмæй, дыгурон æвзаг кæй ис, ууыл цин кæнæм, уый тыххæй æрхæссæн ис бирæ æвдисæнтæ… Уæдæ афтæ: дыууæ ‘взаджы нæм кæй ис, уымæй тæрсын нæ хъæуы. Тæрсын хъæуы, иу æвзаг дæр нын куынæуал уа, уымæй. Уымæн æмæ уымæй æцæг тæссаг у.

***

Дзасохти Музафери аци новеллæ исистан æ документалон уацау «Мæйты дæргъæн азтæ»-й. Мухургонд æрцудæй журнал «Мах дуг»-и 2010 анзи (№№8-9). Нæ маддæлон æвзаги карни туххæй нæ абони дзубандимæ гæсгæ ма си еума новеллæ уин уæ зæрдæбæл æрлæуун кæнæн.

«Цин æмæ маст æфсымæртæ сты. Хорз æвзæр, фыд æмæ кард дæр… Ацы ранымад дарддæр ахæццæ кæнæн ис…

Мæ къах рысти, æмæ мæ мæ зонгæ афарста:

– Дæ къах куыд у?

– Куыд уыди, афтæ: хуыздæр нæ фæци, фыддæр дæр.

Хорз æмæ æвзæр ам дæр баиу сты, æфсымæртæ кæй сты, уый ма ноджыдæр иу хатт рабæрæг. Хорз уый у, æмæ мæ къахы рыст кæй нæ фæтынгдæр, æвзæр та – йæ рыст кæй нæ фæкъаддæр».

***

РЕДАКЦИЙÆЙ. Уотæ уæмæ нæ кæсуй, цума абони нæ маддæлон æвзаги ирисхъæбæл æнæуойдæр нæ зæрдитæ ке ресунцæ, е кæмæдæрти фагæ нæ кæсуй æма цидæр æнæбунати ардауæнтæй нин нæ рист æзгелунцæ, хиц-хиц нæ кæнунцæ. Уой бæсти рæстуодæй уавæрбæл ку батухсиуонцæ æма, кæд уоййасæбæл лæгигъæдгун æнцæ, уæд уой бæлвурд гъуддæгутæй ку бавдесиуонцæ, зеууонæй ку бавналиуонцæ, нæ маддæлон æвзаги цæрæнбонæн хуарзæй ка фæппайда уодзæнæй, уæхæн мадзæлттæ аразуни фæдбæл хъæппæресдзийнадæй ку æскъуæлхиуонцæ.