ГЪУДДАГÆЙ БÆРНОН ДÆ, УÆД ИБÆЛ ДЗУАПП ДÆТТУНГЪОН ДÆР УО!..
Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло ци алликъуæреуон аппаратон æмбурд исаразта, уоми дзубанди цудæй, уой размæ къуæрей кусти бæрæггæнæнтæ циуавæр рауадæнцæ, уой фæдбæл, нисангонд æрцудæнцæ хæстæгдæр рæстæгмæ æнæмæнгæ исаразуйнаг фарстатæ.
Нæ республики евгъуд къуæрей зингисервæзти цаутæ ке исахид æнцæ, уой фæдбæл адтæй æ радзубанди Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Томайти Ирбегæн. Æнæнгъæлæги уавæрти министради цæгатиристойнаг сæйраг управлений игъосункæнуйнагмæ гæсгæ, æртиндæс æма æртинсæй рауæнеми ци зингисервæзтитæ ’рцудæй, етæ цубур рæстæгмæ еуварсгонд æрцудæнцæ. Дигори æма Мæздæги районти бацæттæ кодтонцæ зингисервæзтити нихмæ архайуни сæрмагонд фæткæ.
Сергей Меняйло районти разамонгутæн бафæдзахста æнæнгъæлæги уавæрти министради сæйраг управлений специалистти хæццæ цæрæнбунæтти зингисервæзтитæ ма ’руадзуни туххæй куст фæййахедгæдæр кæнун, уой туххæй еугур гъæугæ мадзæлттæ дæр афойнадæбæл æнхæст кæнун. Æ фæдзæхст адтæй:
– Уæ равналæнтæ еума хатт исбæлвурд кæнетæ, уæ бон куд уа зингисервæзтити нихмæ уайтæккæдæр рæвдзæй архайун, уотæ. Ахиддæр зингисервæзт æрцæуй адæймаги фудæй. Фулдæр дзоретæ адæми хæццæ, амонетæ син, æрдзи хе куд дарун гъæуй, уой фæдбæл. Фæдздзоретæ бархеуонтæмæ, æхсæнадон организацитæмæ, дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæмæ, уæ размæ балæууæнтæ, сæ равгитæ æма гæнæнти æмбæрцæ уин агъазгæнæг уæнтæ.
Сергей МЕНЯЙЛО:
«Абони ци фарстатæбæл æрдзубанди кодтан, уонæн сæ еугуремæн дæр ес ахсгиаг социалон-экономикон ахедундзийнадæ, уомæ гæсгæ ба сæ æнхæст кæнунмæ уæлдай æргом æздахун гъæуй. Циуавæрдæр цæлхдортæ æма нæхъæртондзийнæдтæ си ке фудæй фæззинна, еци бæрнон адæймæгутæ ба, баруагæс уи уæд, æфхуæрд баййафдзæнæнцæ!..»
Нæ республики абони агъазиаудæр социалон æма экономикон сагъæссаг фарстатæй еу æй, гъæууонхæдзарадон нисанеуæги зæнхитæй куд пайдагонд цæуй, е. Бунæттон хецаудзийнади разамонгутæ сæ фулдæр хæттити уæхæн зæнхи хæйттæ хаццони раттунцæ, сæ аргъ ци æй, уомæй берæ ниллæгдæр феддонтæбæл. Æма еци агъазиау фæзуæттæ ке къохти бафтуйунцæ, етæ ба сæ дæсгай хæттити фулдæр феддонтæбæл хаццони дæттунцæ. Уæхæн миутæ хъæбæр устур зæран хæссунцæ кустадæн, фæлхасгæнæгæн, бунæттон бюджетæн. Республики Сæргълæууæг аци фарстабæл дзоргæй, Хецауади Сæрдари фиццаг хуæдæййевæг Æгъузарти Муратæн байхæс кодта:
– Гъæуама бундоронæй бæлвурдгонд æрцæуа, æнæзакъонæй зæнхæ хаццони кæмæн равардтонцæ, уони, уæдта еци æнæзакъон гъуддæгути фудгин ка ’й, етæ циуавæр æфхуæрд баййафтонцæ, уой. Аци фарста Цæгат Иритонæн æй хъæбæр ахсгиаг, æдзæстуарзон фæсарæйнаг бæститæй беретæ нæ нихмæ ци экономикон гæрæнтæ исæвардтонцæ, уони нимайгæй. Къазнамæ къапеккитæ ка федуй, фал æ зæнхæ субаренди ка дæттуй, етæ цал æнцæ? Æвæстеуатæй исаразун гъæуй гъæууонхæдзарадон нисанеуæги зæнхити инвентаризаци…
Иннæ ведомствитæн дæр лæвæрд æрцудæнцæ æнæмæнгæ исæнхæсткæнуйнаг ихæстæ.
Æмбурди дзубанди цудæй нæ республики санитарон-эпидемиологон уавæри туххæй дæр. «Роспотребнадзор»-и цæгатиристойнаг управлений минæвæради дзубандимæ гæсгæ, КОВИД-19 æма карз вирусон инфекцийæй сæйгити нимæдзæ фæмминкъийдæр æй. Республики эпидемиологон уавæр фæххузæнондæр æй, ахурадон косæндæнттæй ма нерæнги карантини ’нцæ еу рæвдауæндонæ æма скъолати цуппар къласи.
Бунæттон продукциуадзгути товартæ тукæнтти куд уæйæгонд цæунцæ, уой туххæй ба радзубанди кодта экономикон ирæзти министр Кучити Заур. Куд фегъосун кодта, уотемæй уой фæдбæл арæзт бадзурдтæ æнхæстгонд цæунцæ. Дзæуæгигъæуи алли устур супермаркети дæр «Аланий сконд» продукци æвæрд цæуй. Фæззиндтæй нæмæ сæрмагонд тукан дæр Магкати Зураби гъæунги. Ведомствæн байхæс кодтонцæ товарти ассортимент фæппарахатдæр кæнун, æргътæмæ ба гъос дарун. Уой хæццæ ба ма республики разамонæг уой дæр баханхæ кодта, æма еунæг уæхæн тукан фагæ нæй бунæттон товартæ уæйæ кæнунæн, гъæуама уæхæн тукæнттæ фæззиннонцæ еугур районти дæр, уой хæццæ ба ма еудадзугдæр арæзт цæуонцæ фæлладуадзæн бæнтти сæрмагонд ярмаркитæ, цæмæй уоми дæр уæйæгонд цæуа бунæттон товаруадзгути продукци. Е амалгъонадæн фæййагъаз уодзæнæй.