26 декабря 2024

ХЕСТӔРИ КАДӔ КӔСТӔРТӔН НИФСИ ЦӔГИНДЗӔ ‘Й!..

17.02.2021 | 15:08

Адӕймаг тугъдонӕй кӕд игургӕ нӕ ракӕнуй, уӕддӕр, ӕвӕдзи, бӕгъатӕрдзийнадӕ ба, куд фӕззӕгъунцӕ, ӕ мади губунӕй рахӕссуй. Ӕма уӕхӕн фарнӕй нӕ Исфӕлдесӕг ке фӕххайгин кӕнуй, гъе уонӕбӕл Фидибӕстӕ, тӕссаг уавӕри ку бахауй ӕма ’й ӕ хъӕболти сӕрӕндзийнадӕ ку багъӕуй, уӕд ӕхе бафӕдзӕхсуй, ӕ нифс уӕхӕн лӕгдӕртӕй федар фӕууй. Уӕхӕн разагъди лӕгӕй гъуди кӕнунцӕ нӕ Иристони дзиллӕ Гулути Темурхъани фурт Хизири. Уой цардвӕндагмӕ ку ӕркӕсӕн, уӕд ни алкедӕр балӕдӕрдзӕнӕй, ӕцӕг лӕгдзийнадӕ ци ‘й, уой. Уӕдта айдагъ лӕдӕргӕ нӕ, фал ма имӕ алкедӕр ни хицӕ дӕр ӕркӕндзӕнӕй – ӕгайтима адӕймаги бон ӕй уотӕ рӕсугъд ӕма кӕдзосзӕрди, курухон зунди хецау ун, уоди федардзийнадӕ царди берӕ лӕгӕвзарӕнти уотӕ гъӕддухӕй ӕвдесун…

 

Гулути Хизир райгурдӕй 1927 анзи 21 июни Чиколай. Ӕ фидӕ Темурхъан нимад адтӕй гъӕуи дзурддзӕугӕ, ездон ӕма зӕрдхӕлар лӕгбӕл, кадгин фӕллойнӕгӕнӕгбӕл, косгӕ ба кодта колхози механизаторӕй. Уомӕн ӕ цардӕмбал Хӕбебӕ ба Нарти Сатанай хузӕн курухон силгоймаг, адтӕй Иристони ӕма Кӕсӕги зундгонд муггаг Хъубадтӕй. Ӕ фидӕ Абисал адтӕй уруссаг ӕфсади афицер, архайдта Дунайи, уӕдта уруссаг-япойнаг тугъдтити. Е ’скъуӕлхтдзийнӕдти туххӕй хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕй Геуӕргий дууӕ дзиуаремӕй, уӕдта Сугъдӕг Анни ӕма Сугъдӕг Владимири ордентӕй. Хӕбебӕ зудта берӕ адӕмон таурӕхътӕ, кадӕнгитӕ, аргъӕуттӕ, хуарз зудта Фиццаг дуйнеуон тугъди иристойнаг ӕма кӕсгон бӕгъатӕрти хабӕрттӕ дӕр, ӕма се ’скъуӕлхтдзийнӕдти туххӕй ахид дзоридӕ ӕ сувӕллӕнттӕн. Бийнонти медӕгӕ уӕхӕн фӕткӕ ӕвӕрд адтӕй, ӕма си хестӕртӕмӕ кӕсгӕй, кӕстӕртӕ ахур кодтонцӕ нӕ адӕми ӕгъдӕуттӕ хуӕздӕр хузи ӕнхӕст кӕнунбӕл, фӕллойнӕ уарзунбӕл, хестӕртӕн кадӕ кӕнунбӕл, Фидибӕстӕбӕл еузӕрдиуон унбӕл.

Бийнонтӕ берӕ адтӕнцӕ – ирӕзтӕй си аст сувӕллони. Кӕд сӕ царди уавӕртӕ, куд иннетӕн дӕр, уотӕ уоййасӕбӕл хиццаг нӕ адтӕнцӕ, уӕддӕр си алкедӕр ӕ гъуддаг, куд гъудӕй, уотӕ ӕнхӕст кодта, сувӕллӕнттӕй алкедӕр ахур кодта скъолай, алкедӕр си бӕлдтӕй фулдӕр зонундзийнӕдтӕ ӕма сӕ цардарӕзти ка бабӕздзӕнӕй,  уӕхӕн дӕсниадӕ райсунмӕ. Хизир адтӕй цӕуӕти хестӕр, ӕма уомӕ гӕсгӕ ба хӕдзари гъуддӕгути фулдӕр уӕзӕ уой усхъитӕбӕл ӕнцадӕй, сабийбонтӕй фӕстӕмӕ ӕнӕзийнадӕй агъаз кодта ӕ фидӕ ӕма ӕ мадӕн. Скъолай ахуртӕй уӕгъдӕ рӕстӕги ба куста колхози, карста хуасӕ, ӕфснайдта тиллӕг…

Хизир 1941 анзи ӕнтӕстгинӕй каст фӕцӕй Чиколай фиццаг астӕуккаг скъолай авд къласи ӕма бацудӕй комбайнскъӕрӕгӕн агъазгӕнӕги мӕйон къурситӕмӕ Дзӕуӕгигъӕуи. Ами ’й ӕрӕййафта, Устур Фидибӕстон тугъд ке райдӕдта, еци уӕззау хабар. Еугур къурсанттӕ дӕр рандӕ ’нцӕ сӕ райгурӕн гъӕутӕмӕ ӕма уоми, нӕлгоймӕгтӕй тугъдмӕ ка рандӕй, уони раййивтонцӕ, ӕнхӕст кодтонцӕ, уӕди рӕстӕги цидӕриддӕр куститӕ кӕнун гъудӕй, уони, сӕ бон ци адтӕй, уомӕй агъаз кодтонцӕ фронтӕн хуайрагӕй.

Еци анз октябри Гулути Хизир нӕ республики иннӕ цӕргути хӕццӕ ӕрвист ӕрцудӕй Мӕздӕги райони Винограднойи гъӕуи размӕ, уоми Терки рахесфарс арӕзт цудӕй гъӕуайкӕнуйнадон федӕрттӕ, баррикадитӕ, акъоппитӕ.

Еци куститӕ фӕууни фӕсте Хизир фӕстӕмӕ исӕздахтӕй Чиколамӕ ӕма ӕ ахури хабар идарддӕр кодта фӕсевӕди изӕйрон скъолай, бонӕй ба куста колхоз «Большевик»-и.

ГУЛУТИ Хизир æма æ цардæмбал Тамарæ

Фал ӕригон патриот ӕ сӕрмӕ нӕ хаста тугъди фӕскъилдуни бадун, еугур мадзӕлттӕй дӕр тундзтӕй фронтмӕ. Ӕма ин, адтӕй нӕ адтӕй, уӕддӕр ӕ фӕндӕ исӕнхӕст кӕнун бантӕстӕй – рандӕй тугъдмӕ Гулути биццеу дӕр, бахаудтӕй 271-аг фестӕгӕфсӕддон дивизий пулеметон взводмӕ.

– Хуарз ма ‘й гъуди кӕнун, уӕледарӕс нин куд лӕвардтонцӕ, уой, – имисидӕ Хизир. – Ӕз асӕй къӕсхуртӕ адтӕн, мадта карӕй дӕр ци адтӕн, цудӕй мӕбӕл ӕдеугурӕй финддӕс анзи. Уӕледарӕс ӕма къахидарӕс мин сӕ бон иссерун нӕ бацӕй, ӕма мин уӕд нӕ старшинӕ равардта, ци гӕнӕн ма ин адтӕй мӕн ка гъудӕй, уомӕй ӕртӕ размери устурдӕр уӕледарӕс ӕма къахидарӕс. Етӕ мин уотӕ устуртӕ ке адтӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ ба ме ’мбӕлттӕ, сӕ фӕсте бабузи лигъд ке кодтон, уобӕл фурходӕгӕй мардӕнцӕ. Полкки командирмӕ дӕр кӕд ходӕг фӕккастӕй, уӕддӕр федарӕй бардзурд равардта, цӕмӕй мин иссеронцӕ мӕхе аккаг дзаумӕуттӕ. Минкъий ке адтӕн, уой туххӕй мӕ полкки тугъдонтӕ худтонцӕ сӕ хъӕболӕ.

Уӕдмӕ, 1942 анзи ноябри кӕрони 271-аг дивизи рарвистонцӕ Мӕздӕги ’рдӕмӕ ӕма гъӕуайкӕнуйнадон федӕрттӕ ӕрахӕста станицӕ Ищерскайи… Тугъдонтӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ размӕмпурстмӕ, Мӕздӕг иссӕребарӕ кӕнунмӕ, знаги уордигӕй фӕссорунмӕ.

Хизир ци тугъдтити архайдта, етӕ кӕд карз ӕма уӕззау адтӕнцӕ, ӕма сӕ еугурей ӕ зӕрдӕбӕл бадардта, уӕддӕр уӕлдай хъӕбӕрдӕр ба багъуди кодта 1942 анзи 26 ноябри тогкалӕн тох. Фашистти батальон, фараст танки ӕ хӕццӕ, уотемӕй тухгин артиллерион ӕхсти фӕсте исаразта размӕмпурст, махонти 865-аг фестӕгӕфсӕддон полкки тугъдонти ’рдӕмӕ. Немуцаг танкитӕ, еци ӕхсӕги ӕхстонцӕ, уотемӕй ӕмпурстонцӕ размӕ, советон ӕфсӕддонтӕ кӕми ӕрбунат кодтонцӕ, еци федӕрттӕмӕ. Взводи командир лейтенант Васильеви бардзурдмӕ гӕсгӕ нӕ тугъдонтӕ федар нихкъуӕрд лӕвардтонцӕ гитлеронтӕн. Фал знаги танкитӕ ӕмпурстонцӕ ӕма ӕмпурстонцӕ, бустӕги хӕстӕг бацудӕнцӕ нӕ гъӕуайкӕнуйнадон федӕрттӕмӕ.

Аци тугъди туххӕй Гулуй-фурт уотӕ дзоридӕ:

– Фашистон танкитӕ нӕ гъӕуайкӕнуйнадон федӕртти сӕрти ку ӕрбайервазтӕнцӕ, уӕд си еу танк февзурдӕй, ӕз кӕми адтӕн, еци акъоппи рази. Ӕз ниххаудтӕн бунмӕ, мӕ къӕхтӕ сикъити буни фӕцӕнцӕ, танки фӕсте цудӕнцӕ фашисттӕ, ӕз марди хузӕн мӕхе искодтон. Еу немуцаг мин топпи кӕронӕй мӕ фӕсонтӕ рарӕхуста, фал мӕ мард бангъалдта ӕма идарддӕр ӕ цуд кодта. Уой фӕсте минкъий мӕ сӕр ку исдардтон акъоппӕй, уӕд рауидтон ӕртӕ немуцагей, фехстон сӕ пулеметӕй, ӕртӕ дӕр ӕрхаудтӕнцӕ. Ӕма бабӕй фӕстӕмӕ акъоппи мӕхе раримахстон. Изӕрӕрдӕмӕ нӕ тугъдонтӕ исаразтонцӕ размӕмпурст ӕма уӕд немуцӕгтӕ фӕстӕмӕ ледзун райдӕдтонцӕ. Нӕ тугъдонтӕ ку ӕрбахӕстӕг ӕнцӕ, уӕд сӕ хӕццӕ байеу дӕн. Изӕри мин роти командир, хестӕр лейтенант Дорохов хъӕбӕр зӕрдиагӕй  арфитӕ ракодта мӕ лӕгдзийнади туххӕй. Уӕд хуӕрзеугутӕ уоййасӕбӕл ахид нӕ лӕвардтонцӕ, ӕма мин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй, цӕрӕнбонтӕмӕ багъуди кодтон мӕ фиццаг тохи туххӕй еци арфӕ.

Ӕ зӕрдӕбӕл Гулуй-фурт бадардта 1943 анзи 1 январи ӕхсӕви карз тугъдтитӕ дӕр – ӕнӕвгъауӕй ӕ пулеметӕй кунӕг кодта фашистти, уотемӕй дзармадзани нӕмуги ӕрхъезӕй ӕ тӕрних уӕззау цӕф фӕцӕй, фӕццӕф ӕй ӕ астӕуистӕг дӕр. Дуйне ибӕл раталингӕ ‘й. Ӕрискъиттӕй медсанбати, фал неци игъуста, ӕ бон дзорун дӕр нӕ адтӕй, галеу цӕстӕ неци уидта, бӕрзӕй ристӕй, ӕ цӕсгон ниррӕсудӕй. Ӕ хӕццӕ санитарон батарейи адтӕнцӕ ӕ тугъдон ӕмбӕлттӕ, етӕ дӕр уӕззау цӕфтӕй. Ами Хизир базудта Мӕздӕги бунмӕ ци тогкалӕн тугъдтитӕ адтӕй, уоми 867-аг фестӕгӕфсӕддон полкки тугъдонтӕй берӕ ке фӕммард ӕй, уой. Хизирӕн искодтонцӕ операци, фӕййервӕзун ин кодтонцӕ ӕ цӕстӕ дӕр. Фиццаг медицинон агъаз ин ка бакодта, уонӕй  еу разиндтӕй е ’мзӕнхон, ӕфсӕддон фельдшер Реуазти Александри кизгӕ Верӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ ‘й Хизир нимадта ӕ ервӕзунгӕнӕгбӕл, ӕ лӕггадӕ ин цӕрӕнбонтӕмӕ дӕр арфиагӕй дардта ӕ зӕрдӕбӕл.

Фидибæстæ гъæуайгæнгутæ – нæ сæрустурдзийнадæ!

Еу мӕйӕ ӕма ӕрдӕги бӕрцӕ Махачкалай 3187-аг госпитӕли фӕууогӕй, Гулуй-фурт рандӕй нӕуӕгӕй фронтмӕ, иссӕй 392-аг фестӕгӕфсӕддон дивизий тугъдон, идарддӕр архайдта нӕ Фидибӕстӕ фашисттӕй иссӕребарӕ кӕнунбӕл тугъдтити сауӕнгӕ 1944 анзи уӕнгӕ… Цалинмӕ уӕди уалдзигон тугъдтитӕй еуеми бабӕй нӕуӕгӕй нӕ фӕццӕф ӕй. Берӕ рӕстӕг фӕцӕй Еревани госпитӕли. Дохтиртӕ бабӕй кӕрӕй-кӕронмӕ исӕнхӕст кодтонцӕ сӕ арфиаг ихӕс, ӕ къӕхтӕбӕл ӕй ислӕуун кодтонцӕ. Фал тугъдон лӕгӕн нӕбал исбӕзтӕй, иссӕй дуккаг къӕпхӕни инвалид, исуӕгъдӕ ’й кодтонцӕ е ’фсӕддон ихӕсӕй.

Е адтӕй 1945 анзи… Ӕ тугъдон карнӕ уотӕ ке рауадӕй, е Хизирӕн хъӕбӕр зин адтӕй: ӕ тугъдон цӕфтӕй хъӕбӕрдӕр ристӕй ӕ зӕрдӕ, уомӕн ӕма, куд ӕ тугъдон ӕмбӕлттӕ еугурӕйдӕр, уотӕ е дӕр бӕлдтӕй Берлини уӕнгӕ бахъӕртунмӕ, уоми ӕ тугъдон надӕн кӕронбӕттӕн искӕнунмӕ, фал… Ӕ хеуӕнттӕ куд имисунцӕ, уотемӕй еци тухст нӕ нидӕн кодта ӕ сагъӕсти, сауӕнгӕ каргунӕй дӕр разӕрдхъурмӕ уидӕ, ӕ еци бӕлдӕ ин исӕнхӕст кӕнун ке нӕ бантӕстӕй, уомӕй…

Цидӕр адтӕй, уӕддӕр 1945 анзи январи Гулути Хизир исӕздахтӕй Иристонмӕ, ӕ райгурӕн гъӕу Чиколамӕ. Бийнонтӕ, синхбӕстӕ ӕма хеуӕнттӕ хъӕбӕр цийнӕ кодтонцӕ, сӕрӕгасӕй ӕ фидиуӕзӕгбӕл ке исӕмбалдӕй, уобӕл, уӕлдай цийнӕ ба кодтонцӕ ӕ мадӕ, ӕ хуӕртӕ, ӕ кӕстӕр ӕнсувӕртӕ. Сувӕллӕнттӕ ин дестӕгӕнгӕй кастӕнцӕ ӕ реумӕ, уобӕл ци хуӕрзеугутӕ ӕрттивтонцӕ – цалдӕр ордени ӕма майдани,  уонӕмӕ.

Куд нӕ цийнӕ кодтайдӕ Хизир ӕхуӕдӕг дӕр, ӕ хӕдзарӕбӕл сӕрӕгасӕй ке исӕмбалдӕй, уобӕл… Фал ӕ цийнӕ ӕгӕр нидӕн кодта зӕрдристӕй дӕр – ӕ фиди цардӕгасӕй нӕбал исӕййафта, немуц Чикола рӕстӕгмӕ ку байахӕстонцӕ, уӕд уони къохӕй фӕммард ӕй…

Дзæуæгигъæу. Цитгин Уæлахези бæрæгбони фæдбæл мадзали кадгин президиуми.

Ристӕнцӕ Хизирӕн ӕ тугъдон гъӕдгӕнттӕ, сауӕнгӕ ӕнӕ еске агъазӕй ӕ дарӕс ӕхебӕл искӕнун дӕр нӕ фӕразта. Ристӕй ӕ бийнонти царди уӕззау уавӕртӕй ӕ зӕрдӕ, ӕ берӕ кӕстӕртӕ (уонӕй сӕ хестӕрбӕл ӕдеугур ӕртиндӕс анзи цудӕй) къӕбӕргъӕуагӕ ӕма бӕгънӕггомау ке адтӕнцӕ, стонг ке ӕййафтонцӕ, уобӕл. Уогӕ куд нӕ лӕдӕрдтӕй уой дӕр ӕма тугъд цӕуй, адӕм еугурӕй дӕр тухст уавӕри ӕнцӕ, сӕхецӕй сӕ, куд фӕззӕгъунцӕ, сӕ фӕстаг къӕбӕр дӕр ратонун багъӕуй, уомӕн ӕма фронти, фашистон ӕрбалӕборгути нихмӕ тохгӕнӕг Советон Ӕфсади берӕ цидӕртӕ гъӕуй, цӕмӕй знаги тагъддӕр ниддӕрӕн кӕна… Лӕдӕрдтӕй уой дӕр, ӕма еци уавӕрти фӕскъилдуни дӕр алкедӕр уодуӕлдаййӕй архайун гъӕуй. Ӕма уомӕ гӕсгӕ, кӕд ӕ тугъдон гъӕдгӕнттӕ ӕнӕуагӕ хъӕбӕр ристӕнцӕ ӕма ин тухӕй куст кӕнун ӕгириддӕр не ’нгъизтӕй, уӕддӕр ӕ исӕздӕхуни дуккаг бон колхози правленимӕ бацудӕй ӕма, кӕд куд тугъди инвалид, уотӕ ин тӕрегъӕд кодтонцӕ, уӕддӕр, фронти амӕй кӕмити зиндӕр адтӕй, зӕгъгӕ, ӕхецӕн куст ракурдта. Зин ин адтӕй, фал бухстӕй ӕхсаргин тугъдон. Еуцӕйдӕрбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте ӕй иснисан кодтонцӕ бригадирӕй…

Тугъди фӕсте Гулуй-фурт каст фӕцӕй Дзӕуӕгигъӕуи ӕртӕанзон гъӕууонхӕдзарадон къурситӕ ӕма дӕргъвӕтийнӕ рӕстӕг куста Ирӕфи райони бӕрнон бунӕтти, адтӕй колхози сӕрдари хуӕдӕййевӕг, агроном, колхози сӕрдар, Чиколай гъӕуӕнхӕсткоми сӕрдар, райӕнхӕсткоми хайади сӕргълӕууӕг.

Цардарӕзтмӕ ци берӕ менеугутӕ ес, уонӕй еу е ӕй, ӕма ӕхе циуавӕрдӕр фӕткитӕмӕ гӕсгӕ ӕхе ӕййивддзийнӕдтӕ бахӕссуй адӕймаги карнӕмӕ. Уомӕ гӕсгӕ уотӕ рауадӕй, ӕма 1968 анзи Хизир ӕ бийнонти хӕццӕ ӕрцардӕй Дзӕуӕгигъӕуи. Куста аллихузон бӕрнон бунӕтти. Ӕма кӕмидӕриддӕр куста, еци коллективти ‘хсӕн ин алкӕмидӕр адтӕй устур кадӕ. Цалдӕр хатти ӕвзурст ӕрцудӕй советон оргӕнтӕмӕ, ӕхсӕнадон организацити разамундмӕ.

Еци гъуддӕгутӕ ахсгиаг куд нӕ ‘нцӕ, фал уонӕй ахсгиагдӕр ба е иссӕй, ӕма Гулути Хизир ӕма ӕ цардӕмбал Тамарӕ (Золойти Аслӕнбеги кизгӕ) хӕццӕ исаразтонцӕ дессаги федауцӕ бийнонтӕ,  сӕ цӕуӕт сӕхе хузӕн рауадӕнцӕ ӕгъдаугин, зӕрдхӕлар ӕма фӕллойнӕуарзагӕ. Сӕ фурт Олег ӕнтӕстгинӕй каст фӕцӕй Цӕгат Иристони Хетӕгкати Къостай номбӕл паддзахадон университет ӕма ӕнтӕстгинӕй фӕккуста берӕ бӕрнон бунӕтти, сауӕнгӕ хецауадон къабази дӕр, абони ба ӕ куст баст ӕй финансон къабази хӕццӕ. Сӕ кизгӕ Людмилӕ дӕр каст фӕцӕй Цӕгат Иристони паддзахадон университет, ӕма е дӕр ӕй дӕсни финансон косӕг.

… Иристон гъӕуама сӕрустур уа Гулути Хизири хузӕн кӕдзосзӕрдӕ ӕма ӕхсаргин адӕймӕгутӕй, уомӕн ӕма етӕ рӕстзӕрдӕй хъиамӕт кодтонцӕ Фидибӕсти сӕрбӕлтау, уодуӕлдаййӕй цудӕнцӕ знаги нихмӕ тохи, сӕ бӕгъатӕрдзийнадӕй устур кадӕ искодтонцӕ нӕ Райгурӕн бӕстӕн сӕ сагъӕсти сӕйрагдӕр сагъӕс – цӕмӕй нӕ кӕстӕртӕн хиццагдӕр уа сӕ исонибон. Гулути Хизир ӕма уой хузӕн лӕгти туххӕй ке дзорӕн, е уонӕн сӕхе уойбӕрцӕ нӕ гъӕуй, фулдӕр нӕ ирӕзгӕ фӕлтӕрти гъӕуй – цӕмӕй сӕ Фидибӕстӕ нимайуонцӕ, ӕ сӕрбӕлтау архайунмӕ уодигъӕдӕ ӕма зӕрдӕй цӕттӕ уонцӕ. Гулути Хизир ӕма уой хузӕн нимади хестӕрти цардвӕндаги хабӕрттӕ гъӕуама ӕнхӕстӕй зононцӕ, уонцӕ син фӕнзуйнаг сӕ арфиаг гъуддӕгутӕй ӕма се ’гъдауӕй, сӕ лӕгигъӕди дӕнцӕй.

Хизир, абони дин дӕ рохс ном имисӕн ӕма нӕ Исфӕлдесӕгӕй дин корӕн дзенети тӕккӕ уодӕнцойнӕдӕр рауӕн – уой дин гъӕуама исаккаг кӕна, уомӕн ӕма дӕ уӕлзӕнхон царди, дӕ ӕгӕрон берӕ арфиаг хъиамӕттӕй дӕмӕ хауй еци барӕ…

Дууæ хъиамæтгун тугъдони: КУЧИТИ Эльбрус æма ГУЛУТИ Хизир. Гъулæггагæн, дууемæй дæр абони не’хсæн нæбал æнцæ… Рохсаг уæнтæ

Ӕрмӕг бацӕттӕ кодта Сакъити Эльбрус.