21 ноября 2024

ХУÆРЗАУОДÆН КУСТ ÆНТÆСТГИНÆЙ ЦÆУЙ

23.03.2024 | 16:37

Куд зонæн, уотемæй фарæ республики мухур æма дзиллон  коммуникацити Комитет Цæгат Иристон-Аланий Экономикон ирæзти министради хæццæ рахуæстæнцæ социалон ахедундзийнади хæццæ æнæкоммерцион организацити архайди фарс. Организацитæн сæ куст баст æй социалон ахедундзийнади хæццæ лæггæдтæ, хуæрзауодæн æма бархеуон архайди хæццæ.

Раздæр, 2016 анзи, Уæрæсей Президент бафинста «Æхсæнадон пайдайаг лæггæдтæ кæнуни ахсгиагдæр рахуæцæнтæ исфедар кæнуни туххæй» Указ. Уомæ гæсгæ, гъæуама социалон æгъдауæй æнæкоммерцион организацитæ исуонцæ паддзахадон агъази хецæуттæ. Нурмæ проект «Зæрдхæлар адæм»-и фæлгæти агентадæ «Иринформ» искодта 23 телеуинунадон программи, «Осетия-Иристон» ба 3 сюжети бацæттæ кодта.

Сæ нисан адтæй хуæрзауодæн архайд рапарахат кæнун, сувæллæнттæн, инвалидтæн, рацæргæ адæмæн æма агъазгъæуагæ ка ’й, уонæн социалон агъаз кæнун. «Иринформ» алли мæйæ дæр уагъта дууæ сюжети. Æвдистонцæ организаци «Зæлти дуйне»-й æма хуæрзмæгуртæн агъаз кæнуни сæрмагонд проекти архайди туххæй æрмæгутæ.

Фарæ январæй декабрмæ республики дзиллон хабархæссæг фæрæзнити рацудæй æнæкоммерцион организацити архайди хæццæ баст 1455 æрмæги. Сæ лæггæдтæ, хуæрзауодæн куст, бархеуон архайд рæнгъæмæ хаст цудæнцæ. Сæ фулдæр фæззиндтæнцæ интернети сайтти, телеуинунади æма газетти.

Информацион æрмæгутæ, сюжеттæ, интервьютæ конд æрцудæнцæ æнæкоммерицон организацити раззагдæр специалистти хæццæ, сæ ахсгиагдæр хъæппæрести туххæй радзурдтонцæ. Ци адæм сæмæ косуй, уони ци разæнгард кæнуй, паддзахадон агъази мадзæлттæ циуавæр æнцæ, æнæкоммерцион организацитæ нуриккон æхсæнади циуавæр бунат ахæссунцæ – уонæбæл рауадæй лæмбунæг дзубанди.

Кæд æма социалон æздæхт æнæкоммерицон организаций минæвар дæ, уæд дæ бон æй мухур æма дзиллон коммуникацити Комитетмæ ’рбацæун, гъæугæ информацион агъаз райсун. Телефон (8672) 33-33-69(207).

 

Мухур æма дзиллон коммуникацити Комитети пресс-службæ