12 июня 2025

ХЪУРМАНТИ БÆРÆГБОН НИН НÆ УОДИГЪÆДÆ ФЕДАРДÆР КÆНУЙ!..

06.06.2025 | 14:58

Пусулмæнттæн сæ цитгиндæр бæрæгбæнттæ ’нцæ Комуадзæн (араббагау æй хонунцæ Ид аль-Фитр; тюркагау ба Ураза-байрам) æма Хъурмантæ (араббагау æй хонунцæ Ид аль-Адха, тюркагау ба – Курбан-байрам). Фиццаг бæрæгбон, Комуадзæн, пусулмæнттæ исбæрæг кодтонцæ æрæги (райдæдта 30 мартъий), нур ба ралæудтæй иннæ бæрæгбон, Хъурманти кезу. Райдайдзæнæй 6 июни æма бæрæггонд цæудзæнæй æртæ боней дæргъи.

Бæрæггонд цæуй куд нивондæрхæссуйнади Бон. Ралæууй пусулмон къæлиндари дууадæсæймаг мæйæ зуль-хиджи 10-аг бон. Уæрæсей официалон æгъдауæй ци еумæйаг граждайнаг къæлиндарæй пайдагонд цæуй, уомæ гæсгæ ба Хъурманти райдайæн алли анз дæр фæууй æндæр рæстæги, уомæн æма пусулмон æма еци къæлиндари еуæй-еу мæйти бæнтти бæрцæ фæйнæхузи æй. Уомæ гæсгæ аци анз Хъурманти райдайæн хауй 6 июньмæ.

Хъурмантæн сæ нисанеуæг æма сæ медес ци ’й, уобæл дзоргæй æнæмæнгæ зонун гъæуй, кæд æма кутемæй фæззиндтæй аци бæрæгбон, уой. Æ райгурци бундор æй хъæбæр идард евгъуд дзаманти, Хуцауæй æрвист лæгтæй еу, Ибрахими (Авраами) пахампардзийнади доги.

Цæветтонгæ, нæ Исфæлдесæг Ибрагимæй куд байагурдта, уомæ гæсгæ нивондæн гъæуама æрхастайдæ æ хестæр фурт Исмаили, кæци ин райгурдæй æ номбæлуосæ Хаджарæй. Игургæ ба ракодта æдзæрæг рауæни, æма мæгур силгоймаг ци рауæни равзурдæй, уоми уавæртæ уоййасæбæл æдзæллаг адтæнцæ, æма мадæ æ дзедзедай сувæллони хæццæ фуртухстæй ма ци кодтайдæ, уой нæбал зудта. Мæ минкъий фуртæн уæддæр дони хъурт иссерон, зæгъгæ, силгоймаг, кæд хъæбæр исæнæхъаурæ æй, уæддæр Сафа æма Марва, зæгъгæ, еци уобæутти рæбунти авд хатти ку æррауайæ-бауайæ кодта, уæд æнай-æнойти рауидта: æ сувæллон кæми ниууагъта, уоми уой хуæрзрæбун зæнхæй ниццавта сауæдонæ – кæций исхондзæнæнцæ Зæмзæм. Е дессаг куд нæ адтайдæ!.. Иннæ дессаг ба, е æй, æма, Зæмзæми дон разиндтæй уоди хуасæ: адæймаг си æфсес балæдæруй хуæруйнагæй æфсеси хузæн, агъаз кæнуй берæ аллихузон незтæй исдзæбæх унæн.

Исмаил ку райрæзтæй, уæд Ибрахим æ фуни фæууидта, Хуцау си ке домуй, цæмæй æ фурт Исмаили нивондæн æрхæсса. Фидæ куд нæ батухстайдæ: æнгъæл берæ кæмæ фæккастæй, берæ ке уарзта, æ еци фиццаг фурти ’й багъудæй нивондæн æрхæссун… Фурт æ фиди тухст куд нæ балæдæрдтайдæ æма, унаффæ рахæссун ин цæмæй фенцондæр адтайдæ, уомæ гæсгæ ин уотæ загъта:

– Хуцауи фæндæ куд æй, уотæ ’й бакæнæ…

Хуцауи размæ æргомзæрдæ æма коммæгæс уогæй, Исмаил æхуæдæг дæр æма æ фидæ дæр уобæл исарази ’нцæ. «Æма сæ дууæ дæр ку исарази æнцæ æма е ку æрæвардта (æ фурти) æ фарсбæл, уæд Мах имæ исдзурдтан…» (сурæ 37 «Æмрæнгъитæ ислæугæй», аят 104).

Еци лæгæвзарæнæн Ибрагим æма Исмаил ке бафæразтонцæ, æцæгæй æууæнкгун ке разиндтæнцæ, уомæ гæсгæ Хуцау æ раздæри фæндæ раййивта æма фидæн барæ равардта, цæмæй æ фурти бæсти нивондæн æрхæсса фус. Уомæ гæсгæ нивондхæссуйнади Бон нимад цæуй куд Хуцауи æцæгæй нимайундзийнади, уомæн табу кæнуни нисанеуæги бон. Цитгин Хъурани загъд ес: «Ковæ дæ Хуцаумæ (бæрæгбони намаз кæнгæй) æма æрхæссæ нивонд (нивондаг)».

Бæрæгбон бæрæг кæнун райдайунцæ сæумæраги. Пусулмæнттæ, сæ бауæр æнæгъæнæй дæр искæдзос кæнгæй, нæуæг кенæ федауцæ дарæс искæнгæй, рараст унцæ мæзгитмæ æма уоми еумæйагæй намаз кæнунцæ, кæсунцæ Хъуран, игъосунцæ имам-хатиби динамундтитæмæ (хутбу), кæцитими кадæ кæнунцæ Хуцауæн, дзубанди си фæццæуй нивондæрхæссуйнади æгъдауи равзурд æма уой ахедундзийнади туххæй. Дзубанди ма си фæццæуй, цæмæй алли адæймаг дæр архайа, зæнхæбæл царди сабурдзийнадæ æма хæлардзийнадæ, кæрæдзей нимайун æма уарзундзийнадæ ниффедар кæнунбæл.

Бæрæгбони намази фæсте райдайунцæ нивондæрхæссуйнади æгъдау æнхæст кæнун. Уотæ нимад цæуй, æма нивондæн ци фиртон æрхæссунцæ, е фæййагъаз кæндзæнæй зиндони дæлзæнхи сæрти сæригъуни хузæн листæг æма хъæмай хузæн циргъ ци хед Сират æвæрд ес, уобæл дзенетмæ бацæунæн. Хъиамæти бони хед Сиратбæл бахезæни лæудзæнæнцæ нивондæн ци фиртонтæ хаст æрцудæнцæ Хъурман-байрами рæстæг, етæ æма еци хедбæл бацæугутæй алкедæр си æнцонæй базондзæнæй æ хъурмайнаг.

Уотæ нимад цæуй, æма фагæ ’й, еу адæймаг нивондæн ку æрхæсса фус кенæ сæгъæ; бийнонтæ æнæгъæнæй ба – гал, гъог, кенæ къамбец (араббаг паддзахæдти ба ма теуа дæр æнгъезуй). Бийнонтæ берæ ку уонцæ, æма сæ бон ку нæ уа еугурей номæй нивондаг æрхæссун, уæд еци æгъдау æнхæст кæнунцæ еу анз еуей номæй, иннæ анз ба инней номæй æма уотæ идарддæр.

Уотæ дæр æнгъезуй, æма авд пусулмон лæги кенæ авд бийнонти, еумæ бадзубанди кæнгæй, нивондæн æрхæссунцæ еу фиртон, фид се ’хсæн æмдех ракæнунцæ, æма е дæр нимад æй æнхæстгонд æгъдаубæл. Нивондаг æнгъезуй сæрмагондæй Хъурмантæмæ исхæссун, кенæ ба ’й ескæмæй балхæнун.

Хъурмайнаг косæрттагæн бæззуй анзæй фулдæр кæбæл цæуй, уæхæн фус кенæ сæгъæ. Сторвонс ба, дууæ анземæй минкъийдæр кæбæл нæ цæуа, уæхæн. Хъурмайнаг косæрттагæн нæ бæззуй, ести сахъат кæмæ уа, æ иуæнгтæй ескæци лух кæмæн уа, ести незæй сæйгæ, кенæ ба фудхуз ка уа, уæхæн фонс. Нæ бæззуй хъæрæу, къулух, дæндæгутæ кæбæл нæ уа, æ еу гъосæн, æ къæдзелæн кенæ цæстæн æ фулдæр хай кæмæн нæ уа, уæхæн фонс дæр.

Косарт кæнгæй хъурмайнаги тог рауадзуни хуæдразмæ гъæуй зæгъун сæрмагонд ду’а: «БисмиЛляхи Аллаху Акбар» («Еунæг Хуцауи сæрбæлтау, Еунæг Хуцауи номæй бæрзонддæр неци ес…»). Æвгæрдун ба гъæуй дзæбæх циргъ кардæй, цæмæй фонс гъезæмарæ ма кæна, уæдта косартгæнæг ци хъурмайнаг æвгæрда, е гъæуама кард æ къохи æгириддæр ма фæууина, уæдта косартгæнæгæн агъаз ка кæна, уонæй уæлдай æ рази адæмæй маке уа.

Кæддæр Пахампар фæууидта, еу лæг фус æвгæрдунмæ багъавгæй цитæ кодта, уой: косæрттаг зæнхæбæл æрхъан кæнгæй, исиста æ кард æма ’й циргъ кæнун райдæдта. Хайуанмæ уæхæн æнæтæрегъæд зæрдæдард рауингæй, Пахампар загъта: «Гæрр, аци хайуани фæд-фæди цалдæр хатти рамарунмæ гъавис? Ци æрцудайдæ, уой зæнхæбæл æрхъан кæнуни размæ бал рагацау дæ кард ку исциргъ кодтайсæ, уæд?..»

Косарт кæнæн ес бæрæгбони æртæ боней дæргъи: æ фиццаг бони сæумæй (бæрæгбони намази фæсте) сауæнгæ æртиккаг бони фæссехуари намази райдайæни уæнгæ.

Хъурмайнаги фид еугурæйдæр дæхецæн ниууадзæ, зæгъгæ, уомæн неци хузи ес уæн. Фид гъæуй æртæ дехи ракæнун. Еу си æй дæхе, дуккаг гъæуама иурст æрцæуа мæгуртæн, уæззау сæйгитæн, фæккæсуйнæгтæн æфсапи хузи, æртиккаг хай ба – хъурманлæхъ искæнунæн, æрбацæугутæ, хæстæгутæ æма синхæгти баиуазæг кæнунæн. Нивондæн хаст косæрттаги фид уæйæ кæнун не ’нгъезуй, уотæ æ сæр, цар кенæ къæхтæ дæр – гъæуй сæ лæвар байуарун, кенæдта сæ дæхецæн ниууадзæ…

Еузагъдæй, Хъурманти бæрæгбони уагæвæрдтæй уæлдæр ке ранимадтан, етæ ’нцæ, дини æгъдаумæ гæсгæ æнæмæнгæ ’нхæстгонд гъæуама ка цæуа, уæхæн фæткитæ.

Нæ дзубандий кæронбæттæни ба нæ фæндуй уой зæгъун, æма Хъурманти æгъдæуттæ федауцæй æнхæст кæнгæй нæ Исфæлдесæгæй нæ еугурдæр ракорæн, цæмæй райдзаст æма зæрдрохс куд уонцæ Иристони цæрæг адæм – ка ци дин хæссуй, ка ци адæмихаттæй æй, уомæ нæ кæсгæй, – æнæгъæнæй дæр райдзаст æма зæрдрохс куд уонцæ, сæ еугурей бийнонтæн дæр амондгун æма фæрнæйдзаг куд уонцæ сæ царди бæнттæ. Хуцау нæ æмвæрстæ цæрунмæ исæнтæсун кодта, æма гъæуама æмзæрдæ-æмзундæй нæ цард аразæн федудæй, кæрæдзей лæдæргæй æма нимайгæй, кæрæдземæн, Хуцау ни арази цæмæй уа, уæхæн арфиаг гъуддæгутæй агъаз кæнгæй.

 

САКЪИТИ Эльбрус