21 декабря 2024

ИМИСУЙНАГ НИН ÆЙ ФÆЛТÆРÆЙ-ФÆЛТÆРМÆ

27.04.2024 | 22:38

Цоколати Дзантемури фурт Геннадий райгурдæй сахар Томски 1916 анзи 24 июли æфсæнвæндаги косæги хæдзари. Æ фидæ Дзантемур (олгинскаг) рамардæй, биццеубæл дууæ анзи ку цудæй, уæд. Геннадийи гъомбæл кодта æ нана Татунмæ Олгинскийи. Хумæтæг хуæдæфсармæ, зундгин силгоймаг æ фурти бæдоли ахур кодта нæ фидтæлтиккон æгъдæуттæ æма фæткитæ зонунбæл æма сæ федауцæй æнхæст кæнунбæл: рæстзæрдæ унбæл, фидиуæзæг æма Фидибæстæбæл æновуд унбæл, уарзун ин кодта фæллойнæ.

Геннадий ахур кодта Олгинскийи скъолай, уой фæсте каст фæцæй ФЗО æма рабфак Мæскуй, бæлдтæй æфсæддон дæсниадæ райсунмæ. Æма 1938 анзи каст фæцæй Ейски денгизон тæхгути скъола, рарвистонцæ ’й Балтий флотмæ.

Лейтенант Цоколай-фурт 1939 анзи архайдта уорсфиннæгти нихмæ тугъди. Лæгдзийнадæ æма æхсарæ си ке равдистонцæ, уой туххæй ин лæвæрд æрцудæй Сурх Стъалуй орден.

Устур Фидибæстон тугъд ку райдæдта, уæд не ’мзæнхон адтæй Сурхтурусагин Балтийаг флоти Æфсæддон-Уæлдæфон Тухти 61-аг авиацион бригади 4-аг гвардион кунæггæнæг авиацион полкки эскадрилий командир. Æма тугъди тæккæ фиццаг бæнтти тох кæнун райдæдта знаги авиаторти нихмæ. Æ эскадрили ба адтæй интернационалон – балхъайраг Алим Байсултанов, уруссаг Анатолий Кузнецов, украинаг Петр Гринько… Кæрæдзей лæдæргæй æма кæрæдземæн æнсувæреуæг кæнгæй, уодуæлдайæй архайдтонцæ сæ тугъдон ихæстæ æнхæст кæнунбæл. Аллибон дæр сæ багъæуидæ фондз-æхсæз хатти ратæхун тугъдон бардзурдтæ æнхæст кæнунмæ. Сæ еугур разагъди æскъуæлхтдзийнæдти туххæй радзорунæн нин нæ абониккон радзубандий равгæ нæййес, фал си кæцидæрти кой ба уæддæр ракæнæн.

Цæветтонгæ, 1942 анзи 14 мартъий Цоколай-фурт æма æ эскадрилий тæхгутæ æхсæземæй сæ хуæдтæхгутæбæл (И-16), 54-аг æфсади æфсæддон хæйттæ уæлдæфæй гъæуай кæнгæй, æрæстæфтæнцæ, уордæмæ хонсарæрдигæй куд æрбахæстæг æнцæ знаги финддæс хуæдтæхæги «Юнкерс-87». Цоколай-фурт æ къуар исаразта комкоммæ уони ’рдæмæ, æхсун сæ райдæдтонцæ. Советон тæхгути уæхæн æндиуд архайд знагæн уоййасæбæл æнæнгъæлти адтæй, æма фæккуддæр æнцæ, сæ бомбитæ кæмидæрти æркалдтонцæ. Фæййервæзунбæл архайгæй, райаразтонцæ дууæ гъæуайгæнæн рæнгъи. Цоколай-фурт æ къуар фæддугæйттæ кодта æма уотемæй знаги нихмæ сæхе раскъардтонцæ. Е ледзæги фæцæй, цуппар хуæдтæхæги си фæгъгъудæй, уотемæй.

Дууæ боней фæсте хестæр лейтенант Цоколай-фурт æ къуари хæццæ тахтæй не ’фсæдти уæлзæнхон хæйттæ гъæуай кæнунмæ станцæ Погостье-Жарони рауæни. Æма уотемæй исæмбалдæнцæ аст «Мессершмиттебæл». Байеудагъ син æй карз тох. Махонтæ знаги хуæдтæхгутæй æртæ æргæлстонцæ. Уæдта командир рауидта: финддæс «Юнкерс»-и гъавунцæ не ’фсæдтæ дæрæн кæнунмæ. Æма æ къуар «Мессер»-ти хæццæ тохгæй, фондз хуæдтæхæгемæй истох кодта знаги финддæс «Юнкерс»-и нихмæ. Æхсæзей си æргæлстонцæ. Фал уæдмæ бабæй фæззиндтæй знаги хуæдтæхгути агъазиау къуар – æртиндæс «Юнкерс»-и. Махуæнттæмæ ба тохæн фæрæзнитæ дæр нæбал адтæй, сæ артаг дæр фæуунтæбæл адтæй. Ци киндæ уа? Расагъæстæ-басагъæстæн рæстæг нæ адтæй, æма советон тæхгутæ знагбæл уæддæр сæхе ниццавтонцæ, фæттæрсдзæнæй, зæгъгæ, уобæл сæ зæрдæ дардтонцæ. Æма æцæгæйдæр уотæ рауадæй – немуцаг тæхгутæ фæлледзæги ’нцæ.

Еци бæнтти Геннадийи туххæй фæззиндтæй сæрмагонд листовкæ «Гордость Балтики». Æцæгæйдæр, нæ намусгин æмзæнхон адтæй Балтий флоти æма Ленингради фронти сæрустурдзийнадæ. Æ агъазиау тугъдон æскъуæлхтдзийнæдти туххæй хестæр лейтенант Цоколай-фуртæн 1942 анзи 5 июни лæвæрд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном.

Цоколати Геннадийæн 1944 анзи фæцæй равгæ æ райгурæн Иристонмæ иссæунæн. Дзæуæгигъæуи дæр æма æ райгурæн гъæу Олгинскийи, уæдта ма Мæздæги ин исаразтонцæ фæллойнæгæнгути хæццæ фембæлдтитæ. Мæздæги райони колхозонтæ дууæ дæрæнгæнæг хуæдтæхæгей аргъ æхцай фæрæзнитæ æрæмбурд кодтонцæ æма сæ равардтонцæ дууæ тугъдон æмбали, Советон Цæдеси Бæгъатæртæ, майортæ Цоколати Геннадий æма Михаил Клименкомæ.

Цоколати Геннадий Устур Фидибæстон тугъди æнзти тугъдон бардзурдтæ æнхæст кæнуни туххæй уæлдæфмæ æ хуæдтæхæгбæл истахтæй 510 хатти, æргæлста знаги æртæ æма инсæй хуæдтæхæги.

Æ тугъдон æскъуæлхтдзийнæдти туххæй Цоколати Геннадийи исхуарзæнхгин кодтонцæ Ленини æма Сурх Турусай дугай ордентæй, Сурх Стъалуй орденæй, берæ майдантæй.

Майор Цоколай-фурти 1944 анзи рарвистонцæ Æфсæддон-Денгизон академий Уæлдæр афицерон къурситæмæ ахур кæнунмæ. Уой фæсте идарддæр службæ кодта Æфсæддон-Уæлдæфон Тухти, æ тугъдон фæлтæрддзийнадæй хайгин кодта æригон тæхгути. Фал ибæл фæстагмæ æ цæфтæ, тугъди ци зиндзийнæдтæ фæууидта, етæ тæфсун райдæдтонцæ æма ’й 1958 анзи багъудæй æфсадæй рацæун.

Запаси дæлболкъон æрцардæй Кисловодски, цардæй Мæскуй дæр, фæстагмæ ба – Дзæуæгъæуи. Куста адæмон хæдзаради, æновудæй архайдта ветеранти кусти, фæсевæди æфсæддон-патриотон æма интернационалон гъомбæлади. Геннадийи некæд иронх кодта æ райгурæн гъæу, Рахесфарси райони хæццæ дардта æнгом бастдзийнадæ.

Гъулæггагæн, 1976 анзи 13 июли æрцудæй æверхъау бæлах – Цоколати Геннадий  фæммард æй автомобилон-транспортон фидбилизи. Республики тæккæ цитгиндæр бунæттæй еу – Ирон аргъауæни тургъæ – иссæй е ’носон бунат. Абони Дзæуæгигъæуи гъæунгтæй еу хæссуй Цоколати Геннадийи ном.

 

(Æрмæг ист æй редакций архивæй.)