ИСАРАЗУЙНАГ ГЪУДДАГ ЦÆУА АФОЙНАДÆБÆЛ ÆНХÆСТГОНД!..
Нæ Республики Хецауадæн æрæги ци радон æмбурд адтæй, уоми архайдта Цæгат Иристони Сæргълæууæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Сергей МЕНЯЙЛО.
Æмбурди райдайæни радзубанди кæнгæй, е Хецауади иуонгти æргом раздахта, хæстæгдæр рæстæг кæронмæ æнхæсткæнуйнаг ка ‘й, уæдта, куд æнхæстгонд цæунцæ, еци цæстæй ракæсгæй, зæрдæ хъæбæрдæр кæмæ дзоруй, ахсгиагдæр еци нисантæмæ: хъæбæр бугъти полигон аразунмæ, инвестицион проекттæ фæббæлвурддæр кæнунмæ æма се ’нхæст кæнунмæ, архитектурон æгъдауæй сахар Дзæуæгигъæуи æндаг бакаст æма æ арæзтæдти фарстамæ, республики еумæйаг райрæзтмæ, транспорти, республики районтæ ниуазуни кæдзос донæй æфсадуни, райдайæн кълæсти скъоладзаути ба гъар хуæруйнагæй æфсадуни æма æндæр фарстатæмæ.
Сæ алкæбæл дæр дзуапдæттæг бæрнон адæймæгутæн сæ размæ Сергей Меняйло исæвардта бæлвурд æма, цубур æмгъудмæ æнхæсткæнуйнаг ихæстæ.
Идарддæр æмбурд амудта Хецауади Сæрдари ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Тускъати Таймораз.
Цæгат Иристони ахуради къабази райрæзти сæйраг фæззелæнти туххæй радзубанди кодта республики Сæргълæууæги æхсæнадон бундорбæл унаффæгæнæг, Цæгат Иристони паддзахадон университети ректор Огъуати Алан.
Куд радзурдта, уотемæй ахургæнæги кадæ Цæгат Иристони бæрзонд адтæй рагæй дæр.
Нури доги уавæртæмæ гæсгæ еци цитгиндзийнадæ никки фæббæрзонддæр кæнуйнаг æй, уой нимайгæй, æма ахуради къабази берæ агъазиау нæуæгдзийнæдтæ фæззиндтæй. Æма гъæуй инновацион фæрæзнитæй парахатдæрæй пайда кæнæн, республики экономикæн дæсни специалисттæ цæттæ кæнун, скъолатæ, астæуккаг-профессионалон æма уæлдæр ахургæнæндæнтти æма адæмон хæдзаради еугур къабæзти ‘хсæн бастдзийнадæ никки фенгомдæр кæнун, се ‘мгуст фæгъгъомусгиндæр кæнун, цæмæй æригæнттæ кустагор æндæр регионтæмæ ма цæуонцæ, фал син кусти бунæттæ уа нæхе республики – атæ ‘нцæ ахуради къабази райрæзти сæйраг нисантæ.
Æмбурди архайгути æргом е раздахта абитуриентти цæттæдзийнади фарстамæ, уæдта республики Сæргълæууæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæгæй корæг адтæй, цæмæй æ гъос æрдара Цæгат Иристони уæлдæр ахургæнæндæнтти бюджетон бунæтти нимæдзæ фæффулдæр кæнунмæ.
– Уой туххæй ба гъæуй федералон центри агъаз, – загъта дзубандигæнæг.
«Сувæллон фæддарунæн æ евгеддарæгæн ци федун æнгъезуй, уомæн æ бæрцæ фæффулдæр кæнуни туххæй фарстай фæдбæл фæллойнæ æма социалон ирæзти министри ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Хубиати Барис куд радзурдта, уотемæй, седзæрæй кенæ æвæгæсæгæй ка байзадæй, уæхæн сувæллæнттæй 183 гъомбæл кæнунцæ се ‘вгеддартæ, 534 æнцæ бийнонтæн хæсгæ сувæллæнттæ æма 433 седзæр сувæллонемæй бийнонтæ сæхецæн искодтонцæ биццеу, кенæ кизгæ. Евгеддартæн мæймæ фист цæуй 4 мин соми, æма еци æхца 2004 анзæй фулдæргонд не ’рцудæй. Хæсгæ сувæллон кæмæн ес, етæ есунцæ 4 200 соми, æхецæн биццеу кенæ кизгæ ка искодта седзæр сувæллонæй, етæ ба – 2 625 соми мæйæмæ. Аци дууæ бафисти ба æййивд не ’рцудæнцæ 2014 анзæй. Ай размæ нæ республики Парламент фиццаг бакасти исфедар кодта 4 мин соми бафист фæффулдæр кæнун æма сæ 8 мин сомемæ исхъæртун кæнуни туххæй закъони проект. Иннæ дууæ категориемæн си сæ кой нæ адтæй. Е, радзубандигæнæги гъудимæ гæсгæ, раст нæй.
«Етæ дæр æнцæ фæффулдæргæнуйнаг, цæмæй хъæртонцæ фæццæруни тæккæ минкъийдæри бæрцæмæ. Уотæ ку уа, уæд е, æнæмæнгæ, хуарзæрдæмæ фæззиндзæнæй седзæр æма æвæгæсæгæй байзайæг сувæллæнтти нимæдзæ зингæ фæмминкъийдæр кæнунбæл», – загъта радзубандигæнæг. Тускъати Таймораз куд бафеппайдта, уотемæй социалон æгъдауæй ахсгиагдæр мадзæлттæн алкæддæр гъæуй сæ фарс рахуæцун.
Республики финансти министри фиццаг хуæдæййевæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Оксанæ Карова Хецауади æмбурди радзубанди кодта 2020 анзи Цæгат Иристони республикон бюджет исæнхæст кæнуни фарстай фæдбæл. Куд загъта, уотемæй бюджет æнхæстгонд æрцудæй 97,8 процентемæй, уæдта, ци бæрæггæнæнтæ ин нисан кодтонцæ, уонæмæ гæсгæ. Уотæ æнхæстгонд æрцудæнцæ еугур социалон ихæстæ дæр. Хæрзтæ рауадæнцæ 43 миллиарди æма 634 миллион соми, паддзахадон ихæс байзадæй, 2019 анзи куд адтæй, уотемæй, гъома, 8 миллиарди æма 417 миллион соми, минкъийдæр ба уомæ гæсгæ нæ фæцæй, æма пандемимæ гæсгæ æ федунæй 2020 анзи республикæ адтæй уæгъдæ. Æма, ке нæ фæффулдæр æй, еци æууæлæн банимайæн ес хуарз бæрæггæнæнбæл.
Уомæй уæлдай, Хецауади иуонгтæ хатдзæгтæ искодтонцæ, 2020-2021 æнзти фæззигон-зумæгон гъаргæнæн рæстæг куд рацудæй, уой фæдбæл, уæдта 2021-2022 æнзти гъаргæнæн рæстæгæн исбæлвурд кодтонцæ исæнхæсткæнуйнаг нисантæ æма ихæстæ. Аци фарстати фæдбæл æмбурди радзубанди кодта республики цæрæнуатон-коммуналон, артаг æма энергетики министри ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Тамати Майрæн.