22 декабря 2024

Ӕ КАДӔ ӔМА Ӕ НАМУСӔЙ АБОНИ ДӔР МА СӔРУСТУР АН!..

11.11.2020 | 17:33

Хуӕрзӕрӕги, 29 октябри дууӕ ӕма фондзинсӕй анзи исӕнхӕст ӕй Ленинон фӕскомцӕдеси исарӕзтбӕл.

Ӕма еци цауи фӕдбӕл абони мухур кӕнӕн цалдӕр ӕрмӕги. Ка ’й зонуй, кадӕртӕ уотӕ дӕр зӕгъдзӕнӕнцӕ, гъома, фӕсбӕрӕгбон ба ма цӕмӕн гъӕуй сӕ кой. Е раст гъуди нӕй, уомӕн ӕма фӕсевӕди гъомбӕлади фарстатӕ еубониккон нӕ ’нцӕ.

Ӕма аци ӕрмӕгутӕ дӕр уомӕ гӕсгӕ мухур кӕнӕн, цӕмӕй нуриккон ирӕзгӕ фӕлтӕртӕ зононцӕ, сӕ фидтӕлтӕ, ӕригӕнттӕ уогӕй, цӕйбӕрцӕбӕл ӕновуд адтӕнцӕ нӕ Фидибӕстӕбӕл, цӕйбӕрцӕбӕл бӕрзонд цӕстиварди сӕмӕ адтӕй ӕма куд хъазауатонӕй архайдтонцӕ ӕ кадӕ ӕма ӕ намуси бӕрзонддзийнадӕбӕл. Зононцӕ ӕма сӕ фӕнзонцӕ уоди кӕдзосдзийнадӕй, сӕ царди федауцӕ нисантӕй.

Нуриккон ирӕзгӕ фӕлтӕрти фауни койтӕ кӕнунмӕ ӕгириддӕр нӕ гъавӕн – алли догӕн дӕр ӕхе фӕткитӕ ес, алли фӕлтӕртӕн дӕр уонӕмӕ гӕсгӕ аразгӕ уайуй ӕ цардиуагӕ. Уотӕ ’й нур дӕр.

Фал нин гъӕуама лӕдӕрд уонцӕ, абониккон уавӕртӕ циуавӕр ӕнцӕ, е. Етӕ ба, ӕргомӕй ку зӕгъӕн, уӕд берӕ цӕмӕйдӕрти бустӕги зӕрдӕмӕдзӕугӕ нӕ ‘нцӕ, кӕцидӕртӕ ба си комкоммӕ тасдзийнадӕ зӕрдитӕбӕл ӕфтаунцӕ, нӕ кӕстӕрти сӕризунд ку исдзӕгъӕлтӕ кӕнонцӕ, рӕдуд нӕдтӕмӕ сӕ ку расайуонцӕ, сӕ исуйнаг цард син ку ниххӕлхъойтӕ кӕнонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ ба уӕхӕн ӕнӕраст ӕма дзурдтаг ӕгъдӕуттӕ ӕма фӕткити барӕ ӕнӕсдзоргӕй ӕнӕгъӕнӕй дӕр куд бакӕнӕн нӕ зӕрдӕдарӕн ирӕзгӕ фӕлтӕрти! Е ӕгириддӕр раст нӕ уодзӕнӕй. Етӕ нӕ исонибон ӕнцӕ, ӕма нин гъӕуама абони нӕ сагъӕсти сагъӕссагдӕр уа, циуавӕр зундирахастбӕл хуӕст ӕнцӕ, циуавӕр ӕнцӕ сӕ нисантӕ ӕма бӕлдитӕ, ку рабайлӕгъ уонцӕ, уӕд циуавӕр уодзӕнӕй сӕ цӕстингас…

Уомӕ гӕсгӕ ба гъӕуй, цӕмӕй ирӕзгӕ фӕлтӕртӕ хуӕздӕр зононцӕ сӕ хестӕрти ӕригондзийнади доги хабӕрттӕ, уони фӕлтӕрддзийнадӕй сӕхецӕй дӕр ӕма ӕхсӕнадӕн дӕр пайдахӕссӕг ци ӕй, уомӕй сӕ фӕнзонцӕ.

Еума хатт ма ’й зӕгъӕн, нӕ абониккон кизгуттӕ ӕма лӕхъуӕнтӕй сӕ фулдӕри-фулдӕр ӕвдесунцӕ сӕрӕндзийнадӕ, се ’скъуӕлхтдзийнӕдтӕй цитгин кӕнунцӕ нӕ Иристон. Уомӕн берӕ ирд ӕвдесӕнтӕ ес, фал нӕ равгитӕ куд амонунцӕ, уомӕ гӕсгӕ уин си ракӕндзинан сӕ еуей кой.