22 декабря 2024

КÆМÆЙ ЦИ ФÆРРЕСУЙ, УОЙ КОЙ КÆНУЙ…

21.09.2024 | 22:53

Нæ абони дзубандийæн сæргондæн хумæтæги не ’рхастан нæ рагфидтæлтиккон загъд – æцæгæйдæр, алкедæр ни фиццагидæр фæдздзоруй, хъæбæрдæр цæмæй тухсуй, уой туххæй. Æма нæ абони цардарæзти ба нæ берæ цидæртæ тухсун кæнунцæ, уæлдайдæр ба æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади къабази аллихузон нæхъæртондзийнæдтæ. Раст зæгъгæй, фæстаг рæстæгути си агъазиау зæрдæмæдзæугæ æййивддзийнæдтæ æнхæстгонд æрцудæй, уæддæр си гъæндзийнæдтæ æгæр берæ ма ’нцæ.

Уавæр æцæгæй куд æй, æвæдзи, уой базонуни зæрдтæй æрæги Цæгат Иристон бабæрæг кодта Уæрæсей æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министр Михаил Мурашко. Æ хæццæ ма нæ республики Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис, æ хуæдæййевæг Александр Реутов, æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министр Тебиати Сослан, уотемæй æ балци райдæдта Беслæнæй. Ами фиццагидæр бацудæй, инсæй анзей размæ Беслæни фиццаг скъолай террористон фудбæлахи ка бастъалдæй, етæ кæми æвæрд æнцæ, еци уæлмæрдтæ «Изæдти сахар»-мæ, зæрдхъурмæй бахъонц кæнгæй, деденгутæ исæвардта циртдзæвæн «Хъонци бæласæ»-йи фарсмæ.

Беслæни уогæй, федералон министр базонгæ ’й Цæгаткавказаг берæкъабазгин медицинон центри архайди хæццæ. Аци дзæбæхгæнæни ахедундзийнадæ агъазиау æй – пайда си кæнунцæ айдагъ нæ республики цæргутæ нæ, фал еугур Цæгат Кавкази æма бæсти регионти сæйгитæ дæр.

Михаил Мурашко ма бабæрæг кодта  Дзæуæгигъæуи 1-аг поликлиникæ. Æ равналæнтæмæ гæсгæ си еу кезуй рæстæги агъазгонд цæуй 1200 сæйгæй фулдæремæн. Амбулаторон-поликлиникон агъаз кæнуй 111074 адæймагемæн. Поликлиники сæйраг дохтир Мецъати Зæринæ куд радзурдта, уотемæй фæстаг æнзти национ проекттæ æма паддзахадон программити фæрци сæ медицинон ефтонггадæ зингæ фæххуæздæр æй, берæ нæуæг фæрæзнитæ сæмæ фæззиндтæй

Федералон министр фембалдæй медицинон академий студентти  æма ахургæнгути хæццæ. Æрдзубанди кодтонцæ æнæнездзийнади къабазæн хуарз специалисттæ цæттæ кæнуни хæццæ баст фарстатæбæл. Министри дзубандимæ гæсгæ, цæгатиристойнæгтæн фулдæр дæттунцæ нисанмæарæзт бунæттæ бæсти ахургæнæндæнтти. Бунæттон академий ба араздзæнæнцæ фулдæр лекцитæ, нæ бæсти номдзуд дохтиртæ си ахурдзаутæн амондзæнæнцæ сæ арæхстдзийнадæ.

Михаил Мурашкой дзубандимæ гæсгæ, нæ регион национ проекттæмæ гæсгæ æ ихæстæ æнхæст кæнуй. Уони фæрци ами медицинон косæндæнтти бундорон цалцæг æма ефтонггадæн лæвæрд æрцудæй 600 миллион соми.

Федералон министр уæлдай æргом раздахта диспансеризаци æма незтæ ма ’руадзуни мадзæлттæ æнхæстæй æма афойнадæбæл аразуни гъуддагмæ. Куд загъта, уотемæй нуриуæнгæ балхæдтонцæ гриппи нихмæ вакцинæ, хестæр кари, хроникон незтæй сæйæг адæм æй гъæуама æвæстеуатæй искæнонцæ.

Федералон министр нæ республикæ ке бабæрæг кодта, е бæргæ хуарз æй, фал никки хуæздæр ба е уодзæнæй, æма æ балций фæрци кæдимайди ба нæмæ æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади къабази уавæртæ адæми хуарзæн зингæ фæррæвдзæдæр уиуонцæ, абони си ци гъæндзийнæдтæ ма ес, етæ æндæгонд æрцæуиуонцæ.

 

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта БИЧИЛТИ Алетæ.