21 ноября 2024

«КУ ИСТÆХУЙ ЦÆРГÆС…»

04.06.2021 | 09:02

Поэт, публицист, литературон критик, финсгути æма журналистти Цæдеси иуонг Хохойти Сæлафири фурт Энвербæл 25 майи исæнхæст æй фондз æма æртинсæй анзи. Уой фæдбæл ин зæрдиагæй арфæ кæнæн, федарæй ни æруагæс кæнуй, æ абони исфæлдистадон бæркадæ никки бæркадгиндæр ке кæндзæнæй, сæйрагдæр ба – æнæнез æма зæрдæрохс уо, Энвер.

КОЛИТИ Витали, Уæрæсей финсгути Цæдеси иуонг

Адæми размæ æргомæй зæрди уайтæ æрдзорун æнцон гъуддаг нæ ‘й, уомæн æма етæ алци æстæфæг æнцæ. Нæдæр син расайæн ес мæнгæ дзубандитæй, нæдæр мæлгъæвзагæй зæрдæвæрæн таустæ ракæнæн, нæдæр ба сæбæл гадзирахаттæй рацæуæн. Устур ацъагъуæ æма искурдиадæ гъæуй дзиллити – кæсгути зæрдитæмæ фæндаг иссерунæн. Уонæн сæ ристæй ку нæ ресай, сæ зиндзийнадæбæл зин ку нæ кæнай, сæ мастбæл – гъæрзгæ, сæ цийнæдзийнадæбæл – цийнæ, уæд дин еумæйагæй неци ес сæ хæццæ. Еци уæззау ихæс хауй алли дзилли ‘хсæн цæрæг адæймагмæ дæр, уæлдайдæр ба финсæгмæ.

Уоци гъуддаг хуарз лæдæруй Хохойти Энвер, æхецæн æй ихæсбæл ке нимайуй, е ба бæрæг æй æ уадзевзитæй, Хохойти Сæлафири фурт Энвер (Биркъисати Тебо) æй, фæстаг æнзти аййевадон литератури даргъ ауæдзи уæлдай искурдиадæгиндæрæй æхе ка равдиста, уоци æригон фæлтæри мийнæвæрттæй еу. Хохой-фурти уадзимистæ ахид фæззиннунцæ периодикон мухури: газетти æма журналти.

Æрæги бабæй Энвер (Тебо) киунугæкæсгути зæрдитæ барохс кодта е ‘мдзæвгити дуккаг æмбурдгонд «Амонди æрдæфæнтæ»-й. Къæрцгъос киунугæкæсæг алкæддæр æнгъæлдзау æй нæуæг киунугæмæ. Фæндуй нæ, автор æ кæсгути – аййевадон дзурдуарзгути размæ ци хунæ рахаста аци хатт, уобæл минкъий лæмбунæгдæр æрлæуун. Фиццагидæр бал мæ ци зæгъун фæндуй?

Аци киунугæ кæрæй-кæронмæ ка бакæса, е æнæбафеппайгæ нæ фæууодзæнæй, райдайæнæй фæстаг рæнгъи уæнгæ поэт ке лæууй еци-еу ханхæбæл, уой. Адæмæн – сабур цард, уарзæг зæрдæн – уарзт. Алли темæн дæр Хохой-фурт æ къума райгон кæнунæн иссеруй æхе дæгъæл.

Киунугæ райдайуй æмдзæвгæ «Ду – нæ дарæг, нæ – Мадæ, нæ – Зæнхæ»– й. Рагон Зæнхæ рахæнгин ке адтæй, уой нæ еугур дæр хуарз зонæн. Берæ æгъатир тогкæлдтитæ ниццудæй ибæл. Фал уонæн уидæ историон, объективон, кенæ ба субъективон бундор.

Нуртæккæ зæнхæбæл ци лæгмарæн тугъдтитæ цæуй, уоми ба еунæг бундор дæр нæййес тогниккалдæн, – содзгæ арт еу рауæн ку ‘ссодзуй, æма ку басабур уй, уæд ин иннæ рауæн æнæ исциренгæнгæ нæ фæууй мадзал. Æма поэт дзоруй:

Æма бабæй искæсис итигъд арвмæ,

Ахид, мадау, фестъæлфис тæссæй.

Æма зæнхæ æ нидздзинæзти коруй æ реубæл исхаст зæнæгæй еу ахсгиаг гъуддаг:

Мабал ‘рхауæд цард тугъди ехуардмæ.

Дуйне сцох уæд уодесæг хъуæцæй!..

Хъазар Фидибæстæмæ æнæкæрон уарзт идарддæр федаргæнгæ цæуй, рæхиси цæгау, æ иннæ уадзевзæ «Хорæн арвæй», зæгъгæ, уоми дæр:

Хорæн арвæй кæд ескæд ес фæххецæн,

Æрвæрттивдæй кæд æртæсуй арви гъæр,

Гъе уæд дæуæн дæр ес зæрдæй фæххецæн,

Æма иссерæн ниййерæг Мадæ ‘ндæр!

Энвери киунуги ци аййевадон уадзимистæ ес, уони фулдæр хай æхе цардбæл финст æнцæ, куд монолог, авторæн æхе хæццæ, растдæр зæгъгæй ба, медзæрди хæццæ монолог, уотæ. Царди медæгæ зин æма стонг, еххуаст æма хори тæвдæ, гадзирахатдзийнадæ æма сайд. Фæливддзийнадæ æ рагъбæл кæд еске бавзурста, уæд Хохой-фурт дæр. Гъуддаг æнæнгъæлæги уотæ рауадæй æма Энвер царди æ берæ нифситæй æнæ нецæмæй райзадæй.

Фал уæддæр зин уавæрти дæр æ цæрæццаг зæрдæ фæууæлахез æй хорхбæлхуæцæг пессимизмбæл. Æ царди гакъон-макъон фæндæгтæбæл, гъудитæ нивæндгæй, поэт бабæй дзоруй:

Нæййе – хуæцæг – мæнгбазуртæ,

Дæн козбауæй зæрдæцъæх …

Мæ цард – зин, гургъахъ, къузуртæ,

Нæ мæ скъæфуй царди тæх.

Уæлдæр куд загътон, уотæ æ нифсдæттæг оптимизм фæууæлахез уй:

Ци еунæг дæн, аци бонæ,

Куд мæ гъæуй зæрди гъар!..

Цард, кæнæ мæн ристæнсонæ,

Уæддæр кæндзæн мæ цæлхъ зар!

Нæ зонун, æвæдзи, ирон-дигорон литератури еугур науæргиндæр аййевадон уадзимистæн æз, ка ‘й зонуй, се ‘мбес дæр нæ байаргъудтон, фал си ци бакастæн, уони ‘хсæн ба æрæвæрун æмбæлуй æд зæрдæнифс мæнæ аци æмдзæвгæ куд æ фæлгонцæй, уотæ аййевдзийнадæй дæр. Уадзевзæ хæссун еугурæй дæр, уомæн æма си дууæ стъæлфи кæми ниввæрай, уæхæн фæццох гæнæн нæййæс:

Мегътæ – арви дунст фæздонæ,

Хори тунтæ сæ доцæг.

Æбакæнæг – хуæдидонæ

Мегътæй – думгæ æмпъозæг.

Сæгъи цæстау арви цъæхæн

Цæмæн гъæуй æмбæрзæн?

Сухæ зæнхи фæлмæртæхæн

Деденгутæ – нивæрзæн.

Мегътæ – арви дунст фæздонæ,

Уомæйлади фæххуæцæн.

Цума думгæ цауæйнон æй,

Уотæ кæнуй æскъæрæн.

Æ нæрæг тæрсæн гæрæхтæй –

Къадзол-мадзол æрттевæн.

Уотемæйти фæууй мегътæн

Арви реубæл сæ цæуæн.

Ци ма уа цума уонæй аййевдæр æма зæрдæбæл, цæститæбæл уайгæдæр фæлгонцтæ?

Поэт æма æцæг поэзий ахедундзийнадæ æхсæнади, еци мотив нæуæг нæй аййевадон литератури, фал имæ Энвер ба кæсуй æхе цæстингасæй, æхе зæрдæй аргъ кæнуй уоци нисанеуæгæн. Зæрди ци зар сæвзура, уобæл цийфæнди æхгæнæнтæ ку сæвæрай, уæддæр æндæмæ над агордзæнæй, на ма ин рацæуæнвæтгæ нæййес, зæгъгæ, уæдта адæймагæн æ фæрстæ дæр ратондзæнæй.

Бæмпæгæй дæр рæуæгдæр æй,

уæнгбуройнæ,

Æнафони давæгау гъузуй цума …

Бæхау ибæл неке бакæндзæй идонæ,

Дуарау ибæл нæ ниввæрдзæнæ къума.

Тъæрау мæнæн дæр мæ реуи уарзт

исзинг æй,

Мæ нидæн зар кæд ескæмæ фегъуса …

Æцæг Поэзи – устур нифси мæсуг æй,

Седуй мæнмæ куд салдатмæ туруса!


Хохойти Энверæн æрæги ци исфæлдистадон фембæлдтитæ адтæй, уонæй еуей архайгути уинетæ аци къари (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): Кæсæг-Балхъари журнал «Мингитау»-и («Эльбрус»-и) сæйраг редактор Аскер Додуев, Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон университети ахургæнæг Джусойти Клавдия, Хохойти Энвер, Кæсæг-Балхъари республикон газет «Заман»-и уацхæссæг, финсæг Хыйса Османов, журнал «Ирæф»-и сæйраг редактори хуæдæййевæг Колити Витали.


Зæнхи агъазиау тумбулæгбæл ци берæ æнæраст гъуддæгутæ цæуй, етæ поэти зæрди арф никъæттæй изайунцæ, сарсийнæй фæлсодзæгау сæ фæлсодзуй æ раст уоди цъаймæ. Хæрандзийнадæ æвгæрдуй рæстдзийнади, æма си æвзурун кæнуй ристадæ. Уотæ цъусунæги бахауй æма ‘й æ цард дæр нæбал фендавуй, донадæ кæнун ин райдайуй. Фал имæ фæззиннуй размæхонæг нифс æма ‘й е нæ уадзуй фæккеун. Уоци нифс ба ‘й æ ниййерæг мадæ – зæнхæ.

Зиндзийнæдтæй уæхерий сау хонхмæ,

Амуранау бæттæнтæ – рæхистæй.

Гъе уæддæр цæудзæнæн царди тонхмæ,

Нæ фæттæрсдзæн æппун неци ристæй.

Дуйней Фарнæ! Æз нецигор дæн,

Æррæстæдæр цардæн æ рæстадæ

Нихъулуй лæхъумай …

Еци уæззау катай хуæруй нæрæмон поэти зæрди уедæгтæ. Хохой-фурти исфæлдистади сæйраг менеугутæй еу æй е, æма цийфæнди темæ ку райса, уæддæр имæ гъæуама ести оригиналон гъуди бахæсса.

Уæхæн финсæг нæ зонун æма æ ниййерæг мадæбæл гъар рæнгъитæ ка нæ исфæлдиста. Фал сæ ку аргъауай, уæдта сæ фулдæр райдайунцæ «фехсуд», трафаретон, еци-еу гъудитæй. Зæгъæн: «Мади фарнæ», «Мади фæлмæн къохтæ», «Мади табедзæ» æма уотæ идарддæр. Энвер æхе хезуй еци гъуддагæй. Уой хигъд æ къохи æфтуйуй еумæйаг теми æхе сæрмагонд æнæ еске бафæнзгæ фæлгонцтæ исаразун. Æхе уодау адгин æма ин хъазар æнцæ ниййерæг мади куствæллад къохтæй лæмбунæг худ дзабуртæ. Кæд хецæнтæй фæйнæ рауæнеми цæрунцæ, кæрæдзей æстæнмæ уинунцæ, уæддæр ин æ дзабуртæ ба дæттунцæ имонау гъардзийнадæ, зæнхон хор – мади къохти фæлмæн бамбæлдау. Дууæ дзабури фестадæнцæ мадæ æма æ хестæр бæдоли ‘хсæн уарзти хед:

Дзабуртæн гъе нур раевгъудæй

                                    сæ радæ,

Æма бафехсудæй кæддæри лигъз уафс …

Адтæй мæ дзабурти уарзти

                                    гъардзийнадæ

Æма мæ кæд уомæн кæнуй фæлмæн тафс?!

Аци киунугæмæ Хохой-фурт бахаста цалдæр прозæй финст уадзевзий. Æнцæ æлвæст æма арфгъудитæгин. Автор æхе хезуй уæлдай нæгъæугæ фæззелæнтæй. Прозæй финст æмдзæвгитæй киунуги хъаппæ кæнуй тухгиндæр. Сæргæндтæн син ахиддæр райсуй рагон æмбесæндтæ: «Деденæги æ рæсугъдбæл тундæуй», «Нифс мæсуг æй», «Агорагæ – ерагæ ‘й», «Æргом дзурди къæмæ нæййе» æма уотæ идарддæр.

Е, ке зæгъун æй гъæуй, æй автори фæххуæцæн, уонæй сæ гъудитæ кæнунцæ, саздахъи къæлæтау, æлвæстдæр.

Сæрмагонд хаймæ рахæссун æмбæлуй, поэт уарзтбæл ци уадзимистæ ниффинста, уони.

Уæлдæр куд банисан кодтон, уотæ Энвери цард мæхе дууæ цæстей рази ку нæ цудайдæ, уæддæр ми баруагæс адтайдæ, цæбæл финсуй, е æцæгдзийнадæ ке ‘й, е. Уобæл мæ æууæндун кæнунцæ æ ристæфхуæрд зæрдæй ратæдзгæ рæнгъитæ дæр. Кæд æй царди мæнгарддзийнадæ, куд не ‘мбæлуй, уотæ рауурститæ кодта, уæддæр поэти нифс нæ басастæй, æ зæрди гъигæ æ зæрди зари байвæрун бацæй æ бон. Мæнмæ гæсгæ ин æнтæсгæ дæр минкъий нæ бакодта. Уогæ раст нæ уодзæнæн, еуцалдæр феппайуйнаги мæмæ исæвзурдæй æма уонæбæл ку не ‘рлæууон, уæд. Зæгъун ин цæстуарзонæй.

Энвер ахид пайда кæнуй архаизмтæй, фал ин алкæд бунати æвæрд ба нæ рауайунцæ. Хаттæй-хатт уотæ низдохуй гъуди æма ‘й киунугæкæсæги бон райхалун нæбал фæууй, æгæр мæрзæздугъд æма зин лæдæрæн ин рауайунцæ. Зæгъæн: «Ахид уалдзæги тæмæни фæууинæн еу уæхæн гъуддаг: хори лæфинттæй къæбæл тахт, имонау, нæуæгхунд ностау» æма уотæ изолдæр.

Лæдæрун æй, автор æ гъуди нивæфтуддæрæй равдесунмæ ке гъавуй, уой, фал, Энвер, ду гъæуама зонай, ду финсæг дæ, киунугæсæг ба кæсæг ке ‘й, уой. Ду æй куд лæдæрун кæнис, уадзимистæкæсæг дæ æнхæст уотæ нæ балæдæрдзæнæй. Уой гъæуй хуæрзхумæтæг æнæ здухст фæлгонц, цæмæй ин уа æнцон кæсæн æма æнцон багъудигæнæн.

Аййевадон литературæуарзæг æ зæрдæбæл ци нæ бадара, еци уадзимисæн æ ниффинсун дæр æма мухури æ рауадзун дæр неци ‘й.

Никки ма – еу тæхсгæ нез. Айдагъ дæумæ е нæ хауй, фал нæ еугуремæ дæр. Æмдзæвгæн æ цифуддæр æзнаг æй дзурди разæй апостроф. Æма си, æвæдзи, фæййервæзæн дæр нæййæс, фал си гæнæн æма амалæй пайда кæнун гъæуй, æнæбæрæгдæр кæми уа, уæдта ин æнæ байвæргæ кæми нæбал уа, уæхæн рауæнти. Дæумæ ба зæгъæн: «Мабал ‘рхауæд цард тугъди ехуардмæ…» Æма идарддæр еци уадзевзий аргъауæн: «‘Нæуинон фæууæнтæ тугъди ностæ…»

Байамунд киунугæ æнаййеп нæ разиндтæй корректорон æма орфографион рæдудтитæй дæр. Уогæ уонæбæл нæбал дзорæн, уомæн æма æгæр берæ бунат ахæссунцæ.

Æрлæуун ма мæ фæндуй еума гъуддагбæл дæр. «Фиццагидæр бал дæ бакаст», зæгъгæ, фæззæгъунцæ адæм. Киунугæ «Амонди æрдæфæнтæ»-йи æз æ «бакастæй» неци æрæстæфтæн хиццагæй. Киунуги æндаг цъарæ гъæуама æ кæсæги фиццагидæр æхемæ æлваса æ «бакастæй». Идардæй бакæсгæй, гъæуама зиннонцæ – муггаг, ном, уæдта æ сæргонд.

Ами ба киунуги сæргонд бакæсунмæ гъæуй лупæ, цалинмæ имæ хæстæг нæ бацæуай, уæдмæ ‘й нæ равзардзæнæ …

Æндаг цъарæ гъæуама дзора киунуги медесбæл. Ами ба си уæхæнæй неци фæууидтон. «Ку истæхуй цæргæс», зæгъгæ, дзæгъæли хумæтæги не ‘схудтон мæ уацхъуди сæргонд. Цæргæс ку стæха арви ирд æма итигъд гъæбесмæ, уæд имæ гъæуама цæстæ кæсунæй дæр ма ‘фсæда. Нифсхаст хуæнхаг цæргæсау истахтæй поэт Хохойти Энвер дæр. Æрмæст уомæн æ арвон итигъдадæ æй дзилли зæрдæ, æ киунугæкæсгутæ ба – æ итигъд æма федар базуртæ.

Рæствæндаг кæнæнтæ дæ уоди æрдæфæнтæй исфæлдист рæнгъитæ еци æнæбун рæсугъд денгизи, Энвер!

 


Абони ба мухур кæнæн ХОХОЙТИ Энвери æмдзæвгитæй цалдæр.

 

МÆ ЗÆРДÆ –

ÆРТТЕВАГÆ ÆРЦЪИНКДОР

Мæ зæрдæ – фур зæронд æрттевагæ
æрцъинкдор,
Æрцъинкдорбæл æрхаудтæй….
Æривадæй бон.
Æ фæррохси уинун. Ниууодæнстæн
æ цæфæн,
Низзæронд дæн. Тæходуй ку уидæ
æздæхæн!
Æнзтæ мæнбæл… цал зумæги рацудæй
æрцъинкбæл,
Уой бæрцæ æфтудтæн уарзонади
сурх зингбæл.
Гъе, фалæ æгас, – ка фæттундзуй
пеллон артмæ,
Уони фудæй фицун ‘рцъинкдори
цæфи гъармæ.
Цæфæн бафæразон инддуг рауæн
æз мæ дзуапп,
Фал нæ дуйней ирд рохсмæ æртиккаг
уинуй арт.
Цæуй нæ цард, цæхæр калуй æрцъинкдор –
æрцъинк,
Ма ервæзун кæнуй мæ кæддæри
тæвдæ зинг.
Систадтæн нæуæгæй, ку нæбал
адтæй гæнæн…
Адæймаг – гъæуайгæнæг ирд рохс
æма зингæн!

ДУУÆ БÆРЗИ

Нæ серабæл фурзæрдесгæ
Дууæ бæрзи ирæзуй,
Мадæ-хор ба тунæлвесгæ…
Хаугин хизтæ, резгæ-резгæй,
Сæ гуртæбæл ивæзуй.

Гæггогуасæн æнхъуæт бони
Листæг цæнгтæ – бунмæ серф.
Раст цума дууæ киндздзони,
Дууæ содзгæ боц уарзони
Никкæнунцæ сæхе пъерф.

Нæ серабæл, гъазгæ-уозгæ,
Дууæ бæрзи ирæзуй…
Ци дессаг æй уарзти догæ?!
Æрмæст думгæ зуст рæтъозгæ
Сæ тæмæн уарзт æздирвуй.

Ирд æхсæвæ фусумуати
Фæцæйзиндтæй, фæ, ахъуз.
Сифтæр ‘скафуй æ бунати,
Цума кизгæ – æ курдуати,
Фестуй тæрхон сæ къус-къус.

Æстъалутæ ходæзмолтæ –
Мийнæвари æвдесæн.
Исберæ ‘нцæ мæйтæ-хортæ.
Ку ‘ркæнидæ хуæздæр бонтæ,
Куд уа уонæн æресæн!

ÆРГОМ-ÆРГОМÆЙ

Нæ зæрдити нæ уарзт
куд рамарæн
Нæ фуддæр фудæзнагау æваст?!
Рæстуоддæр сарсенæй
ниллæуарæн
Нæ нивгун амæнтæнмæ нæ уарзт.
Исфицæн си киндзи
бор губорæ
Хизесæнмæ зæрддаг нанатæн.
Фæстаг хатт бахезинæ
уосгорæй
И къæсæрæй дæ кизгон уатæн.
Нæ нæртон Æрфæнифæд
фестидæ,
Кафæн фæзæ фестидæ симдæн.
Боц киндзхонтæ – стъалутæй
‘рветинæ,
Мæйи тунтæй уфт хизæ киндзæн.
Ходæн ба – æрттевагæ
уорс дарий, –
Ирд камари – Сослани ‘нгурæй.
Нæ, нæййес зæрди уарзтæн рамарæн,
Æ рамарæг сæрæй мæгур æй!

МÆ НИСАН

Нæ мæ фæндуй хапæлери,
Зулун цæстæ цард кæнун.
Нæ цард иссæй æмæнтъери…
Есге рагъмæ куд фæлери
Æз, кедæртау, нæ бурун.

Есге артмæ мæхе тавон?
Есге цийнæй рохс цæсгом…
Æз есгæмæй ести давон?!
Резгæй цард мæ нæ æндавуй,
Къинзгæй цæун нæй мæ бон!

Мæ готони финсæн дзиргъа
Кæд къумух æй – мæ нисан:
Мæ гъудий здæх цæмæй циргъ уа,
Багъæуаги – инсад хирхау,
Е ба ‘й кæсæг имиса!

ФÆЛТАУ…

Нæ нури цард – æмæнтъери:
Хæмпæл, къозæ ‘ма фæлери…
Кæцирдæмæ ци гæнгæ ‘й,
Цæмæй цума æхсæдгæ ‘й?
Нæ, не ‘суодзæн æз фæлери,
Кедæр рагъмæ исбургæй,
Есге хæрзтæй нæ дæн боц,
Фæлтау кæндзæн æз ухери,
Фæлтау тæдзæд тог зæнгæй,
Мæ дзилли рист æй мæ хъонц.
Фæлтау неуæд мæ бауæри
Тæккæ рази зуст бурдæн,
Фæлтау ласæд карз ахæри
Уарун къанау мæн сирдæн.
Фæлтау къахæд мæ дингæсæн
Хуалиагор хъæрццигъа,
Фæлтау лæудзæн уазал кирсæн
Уæгъдбунати æд хъаугъа.
Фæлтау хауæд геруз гурæй
Тогæй æхснад цæф гæппæл,
Фæлтау бадæд цæндæ, хурæй
Тæлфгæ уодбæл цъæх тæппал.
Фæлтау мæ зунд медæхсæвæ
Æрвгау цъирæд хамасхуар,
Фæлтау Хуцау мæн æрцæвæд
Æд хъæзелæ, æд азар!

***

Ку мæ гъæуи,
Куд сифтæр бæласи,
Уæд ми дæхе
Еуварсмæ ци ласи?!

Ку мæ гъæуи,
Куд мæйæ цъæх арви,
Уæд ми дæ уарзт
Цума… кумæ дави?

Ку мæ гъæуи,
Куд къумæл хорбони,
Уæд ми дæхе
Цума цæмæ тони?!

Ку мæ гъæуи,
Куд маргъи астъонæ…
Корун кизгай,
Сайун ма бакомæ…

Ку мæ гъæуи,
Куд зæнхи фæлмæн хор,
Уодзйан еумæ
«Къæсæр æма Бундор!»

***

Мæ сосæг гъудитæ зæгъун дин
нæй мæ бон,
Мæ сонти зæрди хæццæ
схилæ уй нифс.
Вулкани рæмугъдау
исрæцогъуй бунтон,
‘Сбæттуй мæ евгъуди
имисти рæхис.
Фуни дæр ку фæттавун мæ
къохтæ, бæлгæй,
Мæ кæддæриккон уарзти
нидæн гъармæ.
Æма фурæхцæуæнæй,
хæкъурццæй кæугæй,
Æдта, куд неци фефтуйуй
мæ арми!
Кæддæриккон устур
уарзти æхседæрфтæй
Есгæд ма ниггупп
кæндзæнæй цума арт!
Мæ зæрдисуг-фæрдгутæ
мæ зæрди бунæй,
Ци бон уæ фæууодзæнæн
дуйнемæ калд!?

***

Ехх, уогæ ба, цардау, ду куд еунæг дæ,
Æносмæ – уарзон, кедæр сувæллæнтти мадæ…
Уæд æз ба ма цæбæл иселлæг дæн?!
Кæми ‘й дæ дзиуарæ, рохс изæдбадæн?

Уодихуасæ – дæ уотид фæууиндæ,
Меддуйне – денгиз, идзаг – цæхъалæй…
Поэти æфхуæрд зæрдæ, ци нин дæ, –
Фелаугæ фæлхъæзæнтæй исхъал æй!..

КÆДДÆР ÆМА НУР…

Скъодтати Беллæн

Нæ мадæн мæ кæддæри авдæни уæлгъос
Мæ хæкъурццæй кудмæ нæ уидæ нигъгъос:

Заридæ: «Уо, мæ мингий бæлæу, мæ ирд бон,
Идард надмæ тæхун кæд исуодзæй дæ бон…»

Исустур дæн æма ци? Нæдæр – мади дзурд,
Нæдæр ба – æ фæлмæн нифсдæттагæ рæвдуд.

Нæбал ес мин авдæнæ – аргъæутти астъонæ,
Некебал æвæруй мæ росбæл æ уадолæ.

Ратадæй мади цийнæ æма æ зарун.
Уо, уæууæй, уæ мæ бон! Нецибал æнкъарун.

Мæ мадæн мæ кæддæри авдæни уæлгъос
Мæ хæкъурццæй кæунмæ нæ уидæ нигъгъос…

Ци кæнон нур? Æ гъæрзгæ, æ цирти уæлгъос
Зæрдæскъунæн кудæн нæбал ес нигъгъос.