26 декабря 2024

«ӔМА УӔД АДӔМИ ӔХСӔН УОДЗӔНӔ ТӔККӔ АМОНДГУНДӔР!..»

22.10.2021 | 10:39

ЦÆЛИККАТИ Аннæ. ХЕТÆГКАТИ Къостай конд хузæ. 1898 г.

Уотӕ финста Хетӕгкати Къоста ӕ уарзон кизгӕ Цӕликкати Аннӕмӕ ӕ  финстӕгутӕй еуеми. Ӕма аци хабар абони хумӕтӕги не ‘римистан. Евгъуд къуӕрей Иристони ӕма ма сауӕнгӕ Уӕрӕсей дӕр берӕ рауӕнти аллихузон цитгингӕнӕн мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцудӕй Къостай райгурди 162 анзей фӕдбӕл. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, арфиаг гъуддаг ӕй. Фал никки федауцӕдӕр ба иссайдӕ, еци мадзӕлтти хӕццӕ ма ку  ‘ргъуди кодтайуонцӕ еума, махмӕ гӕсгӕ, ахсгиаг, Къостай карни хабӕртти хӕццӕ ӕнгонӕй-ӕнгондӕр баст цау.

Цӕветтонгӕ, аци анз фондз ӕма авдинсӕй анзи ӕнхӕст кӕнуй Цӕликкати Александри кизгӕ Анни райгурдбӕл (1876-1914). Нӕ еугурдӕр ӕй хуарз зонӕн, аци силгоймаг цӕйбӕрцӕбӕл зӕрдтагон ӕма хъазар адтӕй Къостайӕн. Ӕхецӕн ӕй цардӕмбалӕн бӕргӕ равзурста, фал ин кизгӕ аразий дзуапп нӕ равардта. Уой фӕдбӕл нӕ адӕми намусгин фурти царди туххӕй кадӕриддӕр финста, уони цӕстингас фӕйнӕхузон ӕй: кадӕртӕ си кизгӕн е ‘нӕразидзийнади туххӕй уайдзӕфтӕ кӕнунцӕ, кадӕртӕ ба ин ӕ зӕрдихатт балӕдӕрунбӕл байархайдтонцӕ

 Фал уонӕбӕл нӕ дзордзинан. Сӕйрагдӕр ӕй, Къоста ӕ уарзон кизгӕмӕ ци зӕрдихатт дардта, е. Ӕ финстӕгутӕй еуеми имӕ уотӕ финста: «Ехх, Аннӕ Александровна! Дӕуӕн ци  ‘й. Ду нурма хуӕрзӕригон дӕ, дӕ тог  фицуй, хъаурӕ дӕмӕ берӕ. Ду нӕма зонис, ӕфсӕрмӕ ӕма аллибони домӕнти ‘хсӕн ци игъаугидзийнадӕ ес, уой. Ӕз дӕмӕ хицӕ кӕнун. Сар дӕ сӕр кӕнуй, дӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма дӕ искурдиади хӕццӕ ку фӕссӕйгӕ уай, аллибони царди домӕнти незӕй, уӕд… Исфедар кӕнӕ дӕ уарзондзийнадӕ фӕллойнӕ кӕнунмӕ ӕма адӕммӕ, дузӕрдугдзийнадӕ дӕмӕ ку нӕбал уа, уотӕ хъӕбӕр, ӕма уӕд адӕми ‘хсӕн уодзӕнӕ тӕккӕ амондгундӕр…»

Зӕгъун ма гъӕуй уой дӕр, ӕма Цӕликкати Аннӕ зингӕ бунат ахӕста айдагъ ӕ цардиуаги нӕ, фал ӕ исфӕлдистади дӕр: ӕ номбӕл ниффинста ӕмдзӕвгитӕ, ахид имӕ ӕрвиста дессаги зӕрдӕмӕдзӕугӕ финстӕгутӕ, исхузӕ ин кодта ӕ сорӕт… Еугур еци хабӕрттӕ сӕрмагонд бундорон дзубандий ӕримисуйнаг ӕнцӕ, абони ба цубурӕй зӕгъдзинан Цӕликкати Анни туххӕй. Зундгонд ирон финсӕг Уанети Владимир кӕддӕр ниффинста уац, Къостай царди зингӕ бунат ка ахӕста, еци силгоймӕгти туххӕй. Уордигӕй исистан, мӕнӕ дӕлдӕр ци ӕрмӕг мухур кӕнӕн, уой дӕр.

***

Пятигорски сахари зӕронд уӕлмӕрдти, Лермонтови фиццаг хатт кӕми байвардтонцӕ, еци ревӕд ингӕнӕй минкъий дӕлдӕр ес ингӕн, ингӕни дорбӕл хузи ӕригон силгоймаг лӕууй, ӕ рази ба бадунцӕ ӕ ахургӕнуйнӕгтӕ. Хузи буни финст «Цаликова А.А. учительница». Аннӕ, кенӕ ‘й хӕдзари куд худтонцӕ Анютӕ, зӕгъгӕ, адтӕй Цӕликкати Александри кӕстӕр кизгӕ. Иристони хуарз зундгонд ӕй саугин Александри ном, е зонадон куститӕ неци ниффинста, нӕдӕр поэт адтӕй, фал Къостай хӕццӕ еумӕ ӕмзундӕй рацудӕй Терки облӕсти хецау инӕлар Каханови нихмӕ, е силгоймӕгти ирон гимнази ке ӕхгӕнун кодта, уой туххӕй. Рацудӕнцӕ ӕ нихмӕ, багъӕуай кодтонцӕ скъола, фал  фӕцӕнцӕ карз инӕлари амӕттӕгтӕ – Александри ӕ бунатӕй исистонцӕ, Къостай дӕр ӕнӕфхуӕрдӕй нӕ ниууагътонцӕ.

ЦÆЛИККАТИ Аннæ. 1888 г.

Дзӕуӕгигъӕу еци рӕстӕги минкъий сахар адтӕй. Минкъий си адтӕй интеллигенци, уӕлдай кадавар адтӕнцӕ ирон интеллигенттӕ, уомӕ гӕсгӕ хуарз зудтонцӕ кӕрӕдзей ӕма кӕми бӕзтӕнцӕ, уоми цӕстуарзонӕй лӕггадӕ кодтонцӕ сӕ адӕмӕн. Уотӕ фӕллимӕн ӕнцӕ Къоста ӕма Александр дӕр. Александрӕн адтӕй ӕртӕ кизги – Еленӕ, Улянӕ ӕма Аннӕ. Къостайӕн Цӕликкати бийнонтӕ иссӕнцӕ  ӕ хӕстӕгдӕр адӕймӕгутӕ, ӕ цийнӕ ӕма гъиги сахатти дӕр алкӕддӕр ӕ фарсмӕ лӕудтӕнцӕ. Финстонцӕ кӕрӕдземӕ финстӕгутӕ, уӕлдайдӕр ба Къостай Херсонмӕ ку рарвистонцӕ, уӕд. Поэт уарзта аци ездон хуӕртӕн сӕ кӕстӕр Анни ӕма куд уарзӕгой адӕймаг, уотӕ финста ӕмдзӕвгитӕ ӕ номбӕл, аразта ин ӕ портреттӕ. Аннӕ Поповайи хузӕн дууердӕмӕ нӕ кодта, фал комкоммӕ загъта,  Къостамӕ лӕгмӕ ке некӕд ӕрцӕудзӕнӕй, кӕд ин устур аргъ кӕнуй, уӕддӕр.

Къостай рамӕлӕти фӕсте Дзасохти Гиго ку исфӕндӕ кодта нӕ фиццаг устур поэти туххӕй киунугӕ рауадзун, уӕд ӕрмӕгутӕ ӕмбурд кодта Цӕликкатӕмӕ дӕр. Аннӕ имӕ ӕ еу финстӕги финсуй: «У меня к нему было особенное отношение, впрочем не буду этого касаться». Аци «особенное отношение» ӕнхӕст лӕдӕрдгонд нӕй. Аннӕ уарзта Дзахсоратӕй еу афицери, лӕгмӕ дӕр имӕ цудӕй, фал еци лӕхъуӕн еу бӕхти догъи бӕхӕй рахаудтӕй ӕма фӕммард ӕй. Еци лӕхъуӕнмӕ ӕцӕгӕй лӕгмӕ цӕунмӕ ке гъавта, уой зудта Къоста ӕхуӕдӕг дӕр, уой туххӕй финсуй номдзуд хузӕгӕнӕг Туйгъанти Махарбег ӕ имисуйнӕгти Къостай туххӕй.

Царди ци адӕймаг адтӕй Аннӕ, Цӕликкати Александри хъал кизгӕ? Хъӕбӕр хуарз бӕрӕггӕнӕнти хӕццӕ каст фӕцӕй гимнази ӕма куста ахургӕнӕгӕй. Адтӕй имӕ алливӕрсуг цӕттӕдзийнадӕ: хуарз кафта, зардта, рӕсугъд цагъта пианинобӕл ӕма адтӕй дӕсни актрисӕ. Пятигорски ку ‘рцардӕнцӕ (ӕ фиди ин уордӕмӕ рарвиста Каханов), уӕд активонӕй архайдта аллихузон гъазтизӕрти, ӕма уӕд ӕ ном еугур сахарбӕл дӕр райгъустӕй. Еу рӕстӕги ӕвдистонцӕ спектакль, Аннӕ си гъазта сӕйраг роли.   Гъазт хъӕбӕр фӕццудӕй сахари нӕуӕг прокурори зӕрдӕмӕ, спектакли фӕсте имӕ кулисӕмӕ бацудӕй ӕма ин арфитӕ кодта. Еци рӕстӕги Пятигорски ахӕстдони бадтӕй Дзасохти Гиго. Аннӕ ӕхе бахадта прокурормӕ, цӕмӕй ӕй ахӕстдонӕмӕ бауадза, ӕма фӕууина Гигой. Прокурор исарази ‘й. Ӕма арази нӕ, фал иннӕ хатт барӕ равардта Гигойӕн, цӕмӕй иуазӕгуати цӕуа Цӕликкатӕмӕ ӕма уоми бауолӕфа ӕхе фӕндон. Е ба уобӕл  дзорӕг ӕй, ӕма Аннӕ цардӕй айдагъдӕр ӕхе туххӕй нӕ, фал агъаз кодта тухст адӕймӕгутӕн дӕр, уотӕ Дзасохти Гигой хузӕн гъӕугӕ адӕймӕгутӕн. Гъулӕггагӕн, Аннӕ неци ниффинста Къостай туххӕй ӕма уомӕй зиан ӕрхаста не ‘стур финсӕги биографийӕн. Ӕхуӕдӕг дӕр амондгун нӕ фӕцӕй царди – Дзахсорати лӕхъуӕни фӕсте лӕгмӕ цӕуни дзурд некӕмӕнбал равардта. Куста ахургӕнӕгӕй, 14-аг анзи уӕззау сӕйгӕ фӕцӕй, операци ин искодтонцӕ Петербурги, фал нӕбал фӕййервазтӕй ӕма ин ӕ мард ӕрластонцӕ Пятигорскмӕ.

Кӕд Къоста дзӕбӕх хӕларӕй цардӕй Цӕликкати хӕццӕ, уӕддӕр Херсонӕй ку ӕрӕздахтӕй фӕстӕмӕ, уӕд сӕ рахастдзийнӕдтӕ дзӕвгарӕ фӕллӕгъуздӕр ӕнцӕ ӕма кӕрӕдземӕ уазал цӕстӕй кӕсун райдӕдтонцӕ.

Еци рӕстӕги ци ‘рцудӕй, уомӕн абони уӕнгӕ неке неци зонуй, фал уӕдӕй фӕстӕмӕ Къоста сӕ кой некӕдбал искодта, Цӕликкатӕ имӕ не ‘рцудӕнцӕ, ӕ нигӕнӕн бони дӕр. Уотемӕй ба Пятигорскӕй Дзӕуӕгигъӕумӕ цанӕбӕрӕг цӕун гъудайдӕ. Ӕнӕмӕнгӕ се ‘хсӕн цидӕр ӕрцудӕй. Къоста бонуг нӕ финста, фал еуӕй-еу хатт рафинсидӕ блокноти ӕ зӕрди гъудитӕ, ке туххӕй нӕ дзоридӕ, уӕхӕн сагъӕстӕ. Мӕнӕ ци финст ес ӕ еу записки: «Аннӕ уехала 29-го во Владикавказ. Зачем она уехала? Ж. сегодня говорил, что как только она узнала, что я еду, так и говорит: ну, так я укачу во Владикавказ. Ах, как много портят эти… сестры! Изведут они меня окончательно». Ци амонунцӕ аци зӕрдӕдзоргӕ финститӕ? Ниффинста сӕ, Херсонӕй Пятигорскмӕ ку ӕрӕздахтӕй, уӕд.

Анни ӕ фӕууинун нӕ бафӕндӕ адтӕй ӕма рафардӕг ӕй Дзӕуӕгигъӕумӕ. «Что я пережил» финсуй Къоста еци записки. Ӕ устур цийни фӕсте ӕй ци маст баййафта ӕма цӕмӕн финсуй «как много портят эти сестры»… Аци фарстатӕн абони дзуапп некебал ратдзӕнӕй, фал бӕлвурд ӕй еу хабар – Къоста ӕма Цӕликкати ‘хсӕн нӕбал адтӕй хӕлардзийнадӕ, ӕрбайсавдӕй. Фал цӕй фудӕй, е ба бӕрӕг нӕй нӕдӕр ӕ финстити, нӕдӕр цъухи дзурдӕй Цӕликкати кой некӕдбал искодта ӕма нӕуӕгӕй ӕрӕздахтӕй ӕ зӕронд хӕлардзийнадӕмӕ, Поповти хӕдзарӕмӕ.

Аннӕ Къостамӕ лӕгмӕ ке не ‘рцудӕй, уой туххӕй ӕй фудгин кӕнун не ‘нгъезуй. Устур кадӕ ин кодта  куд поэт, уотӕ, фал ӕй бийнонти цардӕн нӕ гъудӕй, ӕфсӕрмӕй ба лӕгмӕ неке цӕуй.

Цӕликкати Аннӕй фӕцӕй гениалон поэти уарзондзийнади устур ӕма урух эпопейӕ, ӕ уарзти цӕхӕр рахустӕй ӕма ма кӕд уой фӕсте бийнонтӕ искӕнунбӕл архайдта, уӕддӕр ӕнӕ уарзгӕй, лӕдӕрдтӕй, ӕнӕ бийнонтӕ ин цӕрӕн ке нӕбал ес, уой ӕма уарзондзийнадӕбӕл нӕбал гъуди кӕнгӕй, арф сагъӕсти ниххаудтӕй. Зӕгъун гъӕуй уой, ӕма Дзасохти Гиго Къостабӕл киунугӕ ку цӕттӕ кодта, уӕд ин устур агъаз бакодтонцӕ Цӕликкати бийнонтӕ, уӕлдайдӕр ба Аннӕ ӕхуӕдӕг. Ӕ еу ӕмдзӕвги Цӕликкати Аннӕмӕ поэт мӕтъӕл зӕрдӕй финсуй:

«Благодарю тебя за искреннее слово, –

Прости, прости навек! – отвергнутый

тобой…»